СапÆ
1.08K subscribers
703 photos
165 videos
798 links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
Сывӕллӕтты республикон рынчындоны операци скодтой йӕ ӕйчытӕ гуыбыны кӕмӕн баззадысты, ахӕм сывӕллонӕн

🔻5-аздзыд лӕппу райгуырдис дыууӕрдыгӕй дӕр абдоминальный крипторхизм кӕй хонынц, ахӕм низимӕ. Уыимӕ йын ӕппӕты уӕззаудӕр патологийы хуыз ис. Куы райгуырд, уӕд йӕ ӕйчытӕ мӕхстӕттӕм не 'рцыдысты, фӕлӕ йӕ гуыбыны баззадысты.

💬 «Мах рахиз айкыл куыстам. Цӕмӕй йӕ мӕхстӕттӕм бакӕнӕм, уый тыххӕй лапароскопийӕ спайда кодтам. Гуыбыны цъар ӕртӕ раны хӕрзгыццыл алыг кодтам, эндоскопон камерӕ дзы бакодтам ӕмӕ афтӕмӕй архайдтам хирургион инструменттӕй. Уый фӕстӕ рахиз айк мӕхстӕттӕм ӕрластам», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн рынчындоны урологийы хайады сӕргълӕууӕг Асхаб Шидаев.

Асхаб Шидаев спайда кодта ног сӕрмагонд хирургион ӕрхъуыдыдзинадӕй. Йӕ фӕрцы айк мӕхстӕттӕм ӕрласын тагъддӕр ис. Сӕйрагдӕр та адӕймагӕн йӕхи дадзинтӕй пайда кӕнгӕйӕ. Хуымӕтӕджы операци куы кӕнай, уӕд тӕссаг у сывӕллоны ӕйчытӕ бахъыгдарынӕй (15%-20%). Чи зоны, фидӕны ӕнӕзӕнӕг суа. Хи дадзинтимӕ операцитӕ лӕппутӕн дзӕвгар къаддӕр зиан хӕссынц.

💬 «Ахӕм операцитӕ арӕх не 'мбӕлынц. Мах спайда кодтам адӕймаджы тынг чи нӕ хъыгдары, лыг кӕнын кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм методӕй. Уый руаджы цалдӕр сахаты фӕстӕ лӕппу йӕхӕдӕг сыстад ӕмӕ йӕ бон уыд ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй цӕуын», — радзырдта нын уролог.

Уый размӕ сывӕллонӕн йӕ галиу айк ӕруадзынӕн операци скодтой Санкт-Петербурджы. Фӕлӕ сын дадзины дӕргъ кӕй не сфаг, уымӕ гӕсгӕ йын ӕй дӕлӕмӕ ӕххӕстӕй не 'руагътой.

💬 «Фӕстӕдӕр ын нӕ дохтыртӕ йӕ галиу айкыл дӕр скӕндзысты операци. Раздӕр иу ахӕм диагнозимӕ сывӕллӕтты ӕрвыстам федералон клиникӕтӕм. Ныр рынчындоны урологон хайады лапороскопийӕ пайда кӕнын райдыдтам ӕмӕ рынчынтӕн нӕхӕдӕг ӕххуыс кӕнӕм. Нӕ фӕндты ис ног кусӕнгӕрзтӕ балхӕнын ӕмӕ уый руаджы нӕ авналӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнын», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн сывӕллӕтты республикон рынчындоны.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — мӕхстӕттӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Абон 10 сахатӕй 17 сахатмӕ Дзӕуджыхъӕуы электрон тых нӕ уыдзӕн Гастеллойы уынджы 156-170-ӕм, Гончаровы уынджы 139-161-ӕм, Налцыккаг уынджы 38-48-ӕм, Тургеневскийы уынджы 110-122-ӕм хӕдзӕртты. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Абон цалцӕггӕнӕн куыстыты аххосӕй 9 сахатӕй 17 сахаты онг дон нӕ уыдзӕн Беслӕны, Мӕздӕджы ӕмӕ станицӕ Луковскойы уынгты. Сӕ номхыгъд базонӕн ис ам.

🔸 Республикӕйы дарддӕр исынц Цӕгат Ирыстоны номӕй нысангонд бадзырдмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнынмӕ кӕй ӕрвитдзысты, уыдон 'хсӕн конкурсмӕ гӕххӕттытӕ. Кусгӕ бонты сӕ 14 сахатӕй 17 сахаты онг ӕрбахӕссӕн ис Бутырины уынджы 7-ӕм хӕдзармӕ 22 ӕмӕ 23-ӕм кабинеттӕм. Хъӕугӕ гӕххӕттыты номхыгъд фенӕн ис ам.

🔸 20-ӕм апрелы Дзӕуджыхъӕуы уыдзӕн «Библионочь». Национ чиныгдон бацӕттӕ кодта сӕрмагонд программӕ «Читаем всей семьей». Бацӕттӕ кодтой сывӕллӕттӕн ирхӕфсӕн мадзал «Наукомания», «Hikond»-ы армукъа ӕмӕ дӕсныйадӕвдисӕг ахуыртӕ. Программӕ ӕххӕстӕй бакӕсӕн ис ам.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны хъалонисӕн службӕйы инспекторы азымджын кӕнынц амалхъом адӕмӕй гӕртам исынӕй

🔻Федералон хъалонисӕн службӕйы хайӕдтӕй иуы раздӕры инспекторыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг гӕртам исыны тыххӕй, хъусын кӕнынц республикӕйы Слестгӕнӕн комитетӕй.

Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2019-ӕм азӕй 2023 азы онг инспектор амалхъом адӕмӕй домдта ӕхца, цӕмӕй сӕ хъалонтӕй суӕгъд кӕна, уый тыххӕй. Афтӕмӕй уыцы рӕстӕгмӕ бакуыста 330 мин сомы. Хъуыддаджы та рабӕрӕг авд цауы.

➡️ Хъалонисӕн инспекторы ӕрцахстой.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Прокуратурӕйӕ курынц Цӕгат Ирыстоны 300 зӕххы хайы куыд дихгонд ӕрцыдысты, уый сбӕрӕг кӕнын

🔻Паддзахадон исбоны министрад прокуратурӕмӕ арвыста 11 фыстӕджы иу курдиатимӕ — 292 зӕххы хайы кадастры закъонмӕ гӕсгӕ сӕвӕрдтой ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕныны тыххӕй. Уымӕй уӕлдай дихгонд, хаццоны лӕвӕрд ӕмӕ уӕйгонд куыд ӕрцыдысты, уыцы фарста. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдта министр Тедеты Руслан.

💬 «Зӕххы хӕйттӕ сты Дзӕуджыхъӕуы, стӕй Алагиры, Дыгуры, Горӕтгӕрон, Кировы ӕмӕ Мӕздӕджы районты. Ӕппӕт гӕххӕттытӕ балӕвӕрдтам прокуратурӕмӕ, дарддӕр сыл уыдон кусдзысты. Республикӕйы сӕргълӕууӕджы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, бӕрӕг кӕнӕм зӕхх куыд дихгонд ӕрцыд, уыцы фарста. Ныры онг кӕй рабӕрӕг кодтам, уыдон сӕ гыццыл хай сты», — загъта министр.

➡️ Ацы азы 1-ӕм январӕй йӕ тыхы бацыд бӕлвырд закъон. Йӕ домӕнтӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны районты администрацитӕн зӕххы хӕйттӕ уарыны бар нал ис. Уыцы хӕс сӕвӕрдтой паддзахадон исбоны министрадыл. Республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло ведомствойӕн бахӕс кодта прокуратурӕимӕ иумӕ зӕххыты ревизи скӕнын.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Тӕрхонгӕнӕгимӕ фембӕлды фӕстӕ Цхинвалы цӕрӕгыл бахъаст кодтой

🔻Цхинвалы тӕрхонгӕнӕг горӕты цӕрджытӕй иуыл милицӕмӕ ныффыста хъаст. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй нӕлгоймаг уыд мӕстыгӕр ӕмӕ йӕ бафхӕрдта. Ныр барадхъахъхъӕнджытӕ бӕрӕг кӕнынц нӕлгоймаг тӕрхонгӕнӕгимӕ йӕхи куыд дардта, уый — фехъусын кодтой «Сапӕ»-йӕн.

Нӕлгоймаг «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй тӕрхонгӕнӕджы уынаффӕмӕ йӕ адвокатимӕ бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кастысты, фӕлӕ дзӕгъӕлы. Уымӕ гӕсгӕ йӕм ӕрбацыдысты. Ныхасгӕнгӕйӕ йын бауайдзӕф кодта, йӕхи семӕ ӕвзӕр кӕй дары, уый тыххӕй. Уыцы ныхасыл тӕргонгӕнӕг смӕсты ӕмӕ сыл милицӕмӕ бахъаст кӕнынӕй ӕртхъирӕн кӕнын райдыдта.

➡️ Барадхъахъхъӕнджытӕ нӕлгоймагимӕ фембӕлдысты ӕмӕ сын ӕмбарынгӕнӕн гӕххӕт ныффыста.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Йӕ адӕмы сӕрыл Абхазовы ӕфсӕдты ныхмӕ чи сыстад?
Anonymous Quiz
39%
Алыккаты Хазби
14%
Тлаттаты Чермен
23%
Кочиты Бега
24%
Томайты Мæхæмæт
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Фыццаг сортыл мӕ хӕрӕфырты ном сӕвӕрдтон»: цӕгатирыстойнаг агрономмӕ дидинджыты 500 хуызӕй фылдӕр ис ӕмӕ ӕрхъуыды кӕны ног хуызтӕ

🔻Камбилеевкӕйы цӕрӕг Музаты Сергей зайӕгойтимӕ 20 азӕй фылдӕр архайы. Йӕ хъармуӕтты фенӕн ис бӕлӕстӕ ӕмӕ гагадыргътӕ дӕр. Фӕлӕ сӕйраг бынат ахсынц дидинджытӕ — 500 хуызӕй йӕм фылдӕр ис. Ныртӕккӕ Сергейы дидинджытӕ канд республикӕйы цӕрджыты зӕххы хӕйттӕ нӕ аив кӕнынц. Фенӕн сӕ ис дуканиты, ресторанты ӕмӕ фысымуӕтты. Баиу ма кӕны алы хуызтӕ, афтӕмӕй ӕрзайын кӕны ногтӕ. Йӕ хъармуаты ис ӕмбал кӕмӕн нӕй ахӕм петуниты ӕмӕ гортензиты хуызтӕ.

💬 «Ай мӕ цард у. Бирӕты бӕллиц вӕййы цӕмӕй сын сӕ уарзон хъуыддаг ӕфтиаг хӕсса. Ӕз уымӕй амондджын дӕн. Исты куы нӕ фӕуайы, уӕд ахъуыды кӕнын алцыдӕр ныууадзон, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мӕ маст тагъд ссӕуы ӕмӕ та ногӕй дысфӕлдӕхтӕй кусын райдайын», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Сергей.

Зайӕгойты куыст Сергей ӕвдӕм къласӕй кӕны. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ уымӕ биологийы ахуыргӕнӕг сразӕнгард кодта. Дидинджыты тыххӕй афтӕ цымыдисагӕй дзырдта ӕмӕ ӕвзонг лӕппуйы зӕрдӕ нал фӕлӕууыд. Фӕлӕ уӕды скъоладзаумӕ дидинджыты ӕвзартӕн ӕхца кӕцӕй уыд?

💬 «Фӕсурокты-иу ӕфснайынмӕ барӕй баззадтӕн. Мӕхи фӕстиат кодтон ӕмӕ-иу ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ куы ацыдысты, уӕд ӕз та кълӕстыл зылдтӕн ӕмӕ дидинджыты ӕвзартӕ ӕмбырд кодтон», — зӕгъы Сергей.

Скъолайы фӕстӕ Сергей сахуыр кодта агрономыл. Уыцы-иу рӕстӕг хӕдзары зайын кодта алыхуызон дидинджытӕ. Фӕстӕдӕр сфӕнд кодта йӕ зӕрдӕйӕн уарзон хъуыддаг йӕ куыст куыд суа. Балхӕдта бирӕ талатӕ ӕмӕ ӕвзартӕ.

💬 «Алцы уайтагъд нӕ рауад. Иуӕй-иу дидинджытӕн нӕ ӕрдзон уавӕртӕ нӕ бӕззадысты, иннӕтӕ адӕмы зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты. Ахъуыды кодтон ӕмӕ сабыргай мӕ бӕллиц ӕххӕст кӕнын райдыдтон. Мӕхӕдӕг петунитӕй цы фыццаг ног хуыз рауагътон, уый тар хъӕдабӕйы хуызӕн уыдис. Мӕ хӕрӕфырты ном ыл сӕвӕрдтон. Уӕдӕй бирӕ рӕстӕг рацыд, фӕлӕ уыцы петуни, раздӕрау, мӕ уарзон у», — радзырдта нын Сергей.

➡️ Хӕстӕгдӕр рӕстӕг Сергей фӕнд кӕны дидинджыты хуызтӕ ӕмӕ сӕ нымӕц фӕфылдӕр кӕнын.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: урс мӕсыджы бур ӕхсин. Цы у?
Anonymous Quiz
16%
Хур æмæ мигътæ
72%
Айк
7%
Дидинæг
4%
Мыды чыргъæд
Æмбисондмӕ гӕсгӕ, алчидæр кӕй гуылы бын æндзары?
Anonymous Quiz
20%
Йæ сыхаджы
3%
Йæ хойы
9%
Йæ мады
68%
Йæхи
«Сапӕ» дарддӕр ӕххӕст кӕны рубрикӕ «Уӕлейы бадын — дардмӕ уынын»

🔻Ацы хатт къуырийы хъайтартыл банымадтам нӕ редакцийы кусджыты. О, уацхӕсджытӕ дӕр бӕрнондзинады хайыл нымад сты. Рубрикӕмӕ та бахаудыстӕм нӕ хъусынгӕнинӕгтӕй иу раст кӕй нӕ разынд, уый тыххӕй.

Цалдӕр боны размӕ «Сапӕ» ныммыхуыр кодта хъусынгӕнинаг Беслӕны скъолайы джигул уыдис, зӕгъгӕ. Цалдӕр сахаты фӕстӕ та мӕнггӕнӕн ныффыстам. Уӕвгӕ, йӕхи рӕстдзинад фыссӕг уацхӕсджытыл чи нымайы, уыцы дӕсны журналисттӕн рӕдыдӕн бар нӕй. Фӕлӕ хабар базонгӕйӕ, ӕмӕ ӕвдисӕнтӕ нӕ фенгӕйӕ, хъусынгӕнинаг ныммыхуыр кодтам. Ӕмбисонды цау.

Ахӕм уавӕрыл сӕмбӕлгӕйӕ, бирӕтӕ фӕзӕгъынц, ома, уацхӕсджыты сенсацитӕ хъӕуы. Уый ӕцӕгӕйдӕр афтӕ у. Цауы тыххӕй фыццаг чи ныффысса, уый хуыздӕрыл нымад у. Фӕлӕ ис иу сӕйраг домӕн — цыфӕнды хъусынгӕнинаджы алы ныхасӕн дӕр хъуамӕ, ӕнӕмӕнг, уа ӕвдисӕйнаг. Уыцы домӕн ацы хатт ӕххӕстгонд не 'рцыд.

➡️ Бӕрнондзинады цыппӕрӕм къалиу, кӕд закъоны фыст нӕй, уӕддӕр ӕхсӕнадыл тынг ахады. Ӕмӕ йын ӕхӕм рӕдыдтытӕн бар нӕй. Хорз уаид, уацхӕсджытӕ сӕ куысты сӕйраг домӕн иууылдӕр куы ӕххӕст кӕниккой, уӕд.

«Уӕлейы бадын — дардмӕ уынын» у нӕ цӕстӕнгас хицауад ӕмӕ бӕрнон адӕмы архайдмӕ. Иу хатт ма нӕ бон зӕгъын у: сӕ куысты фӕдыл цы дзурынц ӕмӕ кӕнынц, уый регионы цӕрджытӕ сӕхиуыл банкъарынц.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 24-ӕм апрелы Цӕгат Ирыстоны культурӕйы министр Фидараты Сослан фембӕлдзӕн Мӕздӕджы районы цӕрджытимӕ. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 10 азӕй 16 азы онг кӕуыл цӕуы, уыдоны йӕхимӕ хоны иугонд «Знатоки математики». Ахуырдзаутӕ предмет биноныгӕй ахуыр кӕнынц, фӕархайынц алыхуызон конкурсты ӕмӕ олимпиадӕты. Иугонды ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны аныхас кӕнынмӕ ӕрбацӕуын хъӕуы Тамайы-фырты номыл уынгмӕ 15-ӕм хӕдзармӕ. Ахуыртӕ сты лӕвар.

🔸 25-ӕм апрелы Национ библиотекӕйы уыдзӕн фембӕлд ахуыргонд ӕмӕ поэт Абайты Зауыримӕ. Афӕдз Японийы цардис, куыста сейсмологийы ӕмӕ сейсмологон арӕзтады ӕппӕтдунеон, стӕй арӕзтады наукон-иртасӕн институтты. Зауыр радзурдзӕн хурыскӕсӕйнаг бӕстӕйы царды уавӕртыл ӕмӕ, сейсмологийы домӕнтӕ хынцгӕйӕ, дунейы арӕзтады цавӕр ногдзинадтӕ ис, уыдоныл. Фембӕлд райдайдзӕн 18 сахатыл, ӕрбацӕуӕн ис лӕвар.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Цхинвалы хистӕркъласонтӕ сарӕзтой рок-къорд

🔻Ӕвзонг артисттӕ цӕгъдынц рок-музыкӕ, уымӕй дарддӕр ма ӕххӕст кӕнынц ирон зарджытӕ. Сӕхӕдӕг дӕр фӕлварынц фыссын. Зӕгъӕм, ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой Гӕбуты Викторийы ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ сӕ ныммыхуыр кодтой журнал «Фидиуӕджы».

Ныртӕккӕ рок-къорды ис 8 адӕймаджы: цыппар лӕппуйы ӕмӕ цыппар чызджы. Се 'ппӕт дӕр сты скъола «Альбион»-ы хистӕркъласонтӕ. Ӕрӕджы сфӕлдыстадон фӕзуат «Южный Портал»-ы уыд сӕ фыццаг концерт.

Фӕлӕ Sasari канд рок-къорд нӕу — ӕнӕхъӕн ӕхсӕнад, ӕмӕ ӕрбангом кодта нывгӕнджыты, поэтты, музыкантты. Ӕрыгӕттӕ се 'змӕлд ныхмӕлӕуддзинадыл нымайынц, фӕлӕ бӕрнондзинад ӕмӕ культурон хӕзнаты ныхмӕ не сты. Фӕнды сӕ ӕрмӕст культурӕ заууатӕй ракӕнын ӕмӕ йӕ рӕзты фӕндагыл сӕвӕрын.

💬 «Культурӕ размӕ цӕуы. Фӕлӕ мах куыд фӕнды, афтӕ тагъд нӕ. Мах та йӕм фӕнды исты ногдзинад бахӕссын», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн къорды разамонӕг, йӕ фӕсном у Сырдон.

Ууыл дзурӕг у къорды ном дӕр. Ирон ӕвзагӕй ратӕлмац кӕнгӕйӕ, sasari амоны хирургион кард. Ахӕм хуызы фӕсивӕд дзурынц культурӕйы размӕцыды ногдзинӕдтыл ӕмӕ йӕ барынц хирургийӕ медицинӕмӕ цы ӕвӕрӕн хӕссы, уыимӕ.

Ис сӕм сӕхи Telegram-канал, адӕмы дзы зонгӕ кӕнынц сӕ куыстимӕ. Афтӕ хӕстӕгдӕр рӕстӕг бацӕттӕ кӕндзысты ӕрыгон нывгӕнджыты равдыст. Сфӕлдыстадон куыст кӕнын кӕй фӕнды, уыдонимӕ ӕмгуыстадмӕ лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ цӕттӕ сты

💬 «Нӕ дарддӕры рӕзтӕн нӕ фӕнды бындур скӕнын. Цӕмӕ бӕллӕм, уый ӕрмӕст сфӕлдыстадон куыст кӕнын ӕмӕ рӕзын. Уыдон хъӕр ныхӕстӕ не сты», — зӕгъынц Sasari-йы уӕнгтӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Таксийы сервис Цӕгат Ирыстоны цӕрӕгӕн иу цыдӕн банымадта хӕс 10 мин сомы

🔻Бӕлццон бадзырдта Uber-мӕ ӕмӕ бынатмӕ куы бахӕццӕ, уӕд таксийӕн бафыста 117 сомы. Фӕлӕ дыккаг бон чырӕ телефоны уӕлӕфстуаны ауыдта йӕ хӕс 10 400 сомы кӕй у, уый. Ома, таксийыл 19 сахаты цыдис.

➡️ Бӕлццон фӕлвӕрдта шофырмӕ ӕмӕ таксийы службӕмӕ бадзурын, фӕлӕ йын йӕ хъаст ницӕмӕ ӕрдардтой. Уӕд рӕстдзинад агурӕг ӕрбацыд Роспотребнадзормӕ. Йӕ специалисттӕ Uber-мӕ бадзырдтой, тӕрхондоны агъоммӕ баныхас кодтой. Бӕлццонӕн йӕ хӕс систой.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕ фӕуӕлахиз сты стъолыл хъазгъӕ теннисӕй Дзӕуджыхъӕуы

🔻Дзӕуджыхъӕуы уыдысты Къомайты Русланы номыл стъолыл хъазгъӕ теннисӕй ерыстӕ. Сӕ кармӕ гӕсгӕ уӕлдӕр бынӕтты аккаг систы цыппӕрӕмкъласонтӕ Лалыты Азӕ, Гӕбуты Илонӕ ӕмӕ Хъуылымбегты Виктория. Чызджытӕ ахуыр кӕнынц иу къласы гимнази «Альбион»-ы, теннисӕй хъазынц 4 азы.

18 азы онг кӕуыл цӕуы, уыдоны 'хсӕн хуыздӕр уыдысты Майя Касрадзе ӕмӕ Къуылыхты Зӕринӕ. Ӕдӕппӕтӕй Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй турниры архайдтой дыууӕ кары 50 спортсмены.

Сывӕллӕтты сӕйраг тренер Уалыты Иринӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм турниры фыццаг хатт архайынц. 2-ӕм майы сын Приэльбрусьейы уыдзӕн радон турнир. Цӕгат Ирыстоны иугонд командӕйы уӕнгтӕ уӕвгӕйӕ дзы бацархайдзысты цыппар чызджы ӕмӕ дыууӕ лӕппуйы. Уый фӕстӕ та ацӕудзысты Цӕгат Кавказы кубок рамбулыны ерыстӕм.

💬 «Хуссар Ирыстоны спортсментӕ хицӕн командӕйӕ фыццаг хатт ерыс кӕндзысты. Ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ нын уый сӕххӕст кӕнын бантыст. Ныртӕккӕ ерысты архайдзысты 2011 азы гуырд ӕмӕ хистӕр кары сывӕллӕттӕ. Сӕ тыхтӕ фӕлвардзысты куыд командӕйы, афтӕ дыгӕйттӕй ӕмӕ хи бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвдисгӕйӕ», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Хуссар Ирыстоны стъолыл хъазгъӕ теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Кавказы фыццаг Tesla ӕмӕ Evolute электротакситӕ фӕзындзысты Цӕгат Ирыстоны

🔻Электрон тыхӕй чи кусы, уыцы машинӕтӕ республикӕмӕ сласдзысты абон. Мӕйы кӕрон та сӕ чырӕ телефоны уӕлӕфтуан Яндекс Go-йы ӕххуысӕй уыдзӕн пайда кӕнӕн. Нырма уал сты 11 Evolute ӕмӕ Tesla машинӕйы, фӕстӕдӕр суыдзысты 40.

💬 «Яндекс Go-имӕ бадзырд бафыстам. Сӕ программӕйы бындурыл кусдзыстӕм. Фӕлӕ машинӕтӕ баххуырсӕн уыдзӕн алыхуызон туристон балцтӕм бӕр», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн проекты разамонӕг Къубалты Алыксандр.

Ныртӕккӕ ифтонг кӕнынц машинӕтӕ электрон тыхӕй ӕфсадыны системӕтӕ. Къуырийы кӕронмӕ сцӕттӕ уыдзӕн. Шофыртӕй хъуаг дӕр не сты.

💬 «Электротакситӕ кӕм фӕзындысты, уыцы регионтӕй Цӕгат Кавказ у фыццаг. Мӕхи хъӕппӕрис у ӕмӕ алцыдӕр мӕхи хардзӕн кӕнын. Иуырдыгӕй ахӕм машинӕтӕ ӕрдзӕн зиан нӕ хӕссынц, иннӕрдыгӕй та сыл цӕуын удӕнцой ӕмӕ ӕхсызгон у. Уый та бӕлццӕттӕн пайда у», — зӕгъы проекты разамонӕг.

Алыксандр ма фӕнд кӕны каршерингӕн уӕлӕфтуаныл бакусын. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй туристты нымӕц фылдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг фарста у.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕмбисондмӕ гӕсгӕ, фидар адӕймаг цӕй нуæрттæй конд у?
Anonymous Quiz
36%
Домбайы
9%
Стайы
31%
Арсы
24%
Бирæгъы
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ӕмгуыстад.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Цалцӕггӕнӕн куыстыты аххосӕй абон Дзӕуджыхъӕуы, Мӕздӕджы ӕмӕ Ӕрыдоны иуӕй-иу уынгты дон нӕ уыдзӕн. Сӕ номхыгъд ӕмӕ бӕлвырд рӕстӕг базонӕн ис ам.

🔸 Абон Дзӕуджыхъӕуы электрон тых кӕм нӕ уыдзӕн, уыцы уынгты номхыгъд базонӕн ис ам.

🔸 Ацы аз ЦИПУ-йӕн педагогон дӕсныйӕдты факультеттӕн радих кодтой 308 бюджетон бынаты. Уыдонӕй 71 — квотӕтӕм гӕсгӕ. Нысанон гӕххӕттытӕ сфидар кӕнынӕн абитуриентты 30-ӕм апрелмӕ сӕ курдиӕттӕ ӕрбахӕссын хъӕуы Бутырины уынджы 7-ӕм хӕдзармӕ 23-ӕм кабинетмӕ, 14 сахатӕй 17 сахаты онг. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Дарддӕр ӕххӕстгонд цӕуы акци «Посмотри на их лица». Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджыты къамтӕ уыдзысты ӕппӕт баннертыл. Бацархайын дзы кӕй фӕнды, уыдоны сӕ курдиат ӕрбахӕссын хъӕуы Дзӕуджыхъӕуы Ватутины уынджы 17-ӕм хӕдзармӕ 311-ӕм кабинетмӕ, 14 сахатӕй 17 сахатмӕ. Ӕппӕт хъӕугӕ информаци базонӕн ис ам.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM