СапÆ
1.17K subscribers
1.24K photos
285 videos
1.31K links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
«Нӕ хистӕртӕн ма нӕ бон у уыцы кад скӕнын»: Хуссар Ирыстоны газеты кусджытӕн сӕ бон нӕу 1000 ветераны къамтӕ сӕмбырд кӕнын

🔻Дыууӕ азы размӕ газет «Республикӕ»-йы рауагътой Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты мин ветеранты къамтӕ. Уӕд сӕ редакцийы кусджытӕ «Ӕнӕмӕлгӕ полчы» архайджытимӕ иумӕ ӕмбырд кодтой. Афтӕ сӕм каст ӕмӕ адӕм сӕ хӕстонты хуызистытӕ разӕнгардӕй хӕсдзысты, фӕлӕ фыдӕнхъӕл фесты. Бӕрӕгбоны фӕстӕ акци цӕрджытӕй айрох ӕмӕ куыст фӕкъуылымпы.

💬 «Ныртӕккӕ дыккаг рауагъд цӕттӕ кӕнӕм, цӕмӕй та ног 1000 къамы рауадзӕм. Фӕлӕ нын зынтӕй уайы. Вӕййы афтӕ ӕмӕ нӕм дыууӕ къуырийы иу къам йеддӕмӕ не 'рбахӕссынц. Адӕм разӕнгарӕй нӕ архайынц», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн рауагъдады сӕйраг редактор Коцты Андрей.

«Ӕнӕмӕлгӕ полчы» бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонӕй хӕстмӕ ацыд 21 мин адӕймаджы. Алы аз дӕр Уӕлахизы бон адӕм рацӕуынц сӕ ӕдзард хӕстонты къамтимӕ, вӕййынц 1,5 мин адӕймаджы бӕрц. Афтӕ куы зӕгъӕм, кӕмӕ дӕр йӕ хиуӕтты хуызистытӕ нӕ баззад, уддӕр тынг гыццыл сты.

Ветеранты хуызистытӕ ис ӕрбахӕссӕн, социалон хызӕгмӕ кӕнӕ та электрон постмӕ ӕрбарвитын. Ӕппӕт бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕрвыст ӕрцӕуынц мӕскуыйаг «Ӕнусон полкмӕ». Андрейы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы куыст хъуамӕ паддзахадон ӕмвӕзадыл цӕуа.

💬 «Хъӕуы нӕ кусджытӕ. Уымӕн ӕмӕ Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ветерантӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕхи хӕсты хъӕбатырты тыххӕй ӕрмӕг сӕмбырд кӕнӕм. "Ӕнусон полк"-мӕ ӕхцайӕ ничи кӕсы. Фӕлӕ нӕ бон у ӕмӕ йӕ хӕсыл нымайӕм, цӕмӕй сӕ нӕмттӕ ӕмӕ сӕ хъӕбатырдзинад ма ферох кӕнӕм. Мӕ зӕрдӕ дарын адӕм дӕр уый кӕй бамбардзысты ӕмӕ нӕм сӕ хиуӕтты хуызистытӕ кӕй хӕсдзысты, ууыл», — зӕгъы Коцты Андрей.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕумӕ хӕстӕг автобусимӕ фӕндаггон фыдбылызы хъыгдард баййӕфтой 13 адӕймаджы

🔻Фӕндаггон фыдбылыз ӕрцыд федералон трассӕйы 12-ӕм километрыл. Светофоры цур кӕрӕдзийы скъуырдтой Беслӕнӕй Дзӕуджыхъӕумӕ цӕуӕг автобус ӕмӕ «Луидор». Автобус скъӕрдта 59-аздзыд шофыр, машинӕ та 75-аздзыд нӕлгоймаг.

«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй дзы хъыгдард баййӕфтой 13 адӕймаджы, уыдонӕй 3 уыдысты сывӕллӕттӕ. Медицинон ӕркасты фӕстӕ автобусы ӕртӕ бӕлццоны ауагътой хӕдзармӕ: сӕ риуыгуыдыр ӕмӕ сӕры къуыдыр рог цӕф уыдысты. Хистӕр бӕлццӕттӕ уыдысты алыхуызон цӕфтимӕ. Шофыртӕ хъыгдард нӕ баййӕфтой.

➡️ Автобусы шофыр кусы компани «Октябрьскӕйы».

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгатирыстойнаг фирмӕйы топ-менеджер музейы стъолы сӕримӕ бакодта 2 милуан сомы аргъ цӕстфӕлдахӕн митӕ

🔻Компани «Премиум сервис»-ы 48-аздзыд генералон директорыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй Тугъанты Махарбеджы номыл музеймӕ товартӕ ласгӕйӕ, кодта фӕлывд митӕ.

Топ-менеджер музеимӕ бафыста бадзырд, цӕмӕй сын национ проект «Культурӕ»-мӕ гӕсгӕ ӕрбаласа тӕрхӕджытимӕ скъӕппытӕ ӕмӕ реставрацион стъол. Сӕ иумӕйаг аргъ уыд 2,4 милуан сомы. Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, йӕ бон сӕ ӕрбаласын кӕй нӕ бауыдзӕн, уый директор зыдта. Ома, йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ нӕ хъавыд.

➡️ Цӕстмӕ митӕ кӕнгӕйӕ, фирмӕйы разамонӕг музеймӕ ӕрбаласта 100 мин сомы аргъ реставрацион стъолы сӕр. Иннӕ 'хца та йӕ дзыппы сӕвӕрдта. Заказ ӕххӕстӕй музеймӕ афтӕ дӕр не рхӕццӕ, фирмӕйы директоры фӕлывд митӕ та Цӕгат Ирыстоны Ӕдасдзинады федералон службӕйы кусджытӕ рабӕрӕг кодтой.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕстфӕлдахджытӕ фӕкомкоммӕ сты тамако уӕйгӕнджытӕм ӕмӕ сӕ Роспотребнадзоры сӕргълӕууӕджы номӕй сайынц ӕхца

🔻Фӕлывд адӕм сӕ митӕ нӕ уадзынц. Фӕзынд сӕм ног ӕрхъуыдыдзинад. Тыбылты Аланы номӕй бадзурынц тамако уӕйгӕнджытӕм ӕмӕ сӕ курынц йӕ банчы хи хыгъдмӕ ӕхца ӕрбарвитын. Уый тыххӕй амалхъом адӕм Роспотребнадзормӕ сӕхӕдӕг фӕхабар кодтой. Ведомство та хъаст балӕвӕрдта барадхъахъхъӕнджытӕм.

💬 «Адӕмӕй тынг курӕг стӕм, цӕмӕй цӕстфӕлдахджытимӕ ма ныхас кӕной ӕмӕ ӕхца макӕмӕн ӕрвитой», — фехъусын кодтой «Сапӕ»-йӕн управленийы.

➡️ «Сапӕ» ма уый размӕ куыд фыста, афтӕмӕй ведомствойы специалисттӕ тамакоты дуканитыл аразынц рейдтӕ. Скъолатӕм хӕстӕг чи базариуӕг кӕны, уыдоныл тӕрхондонмӕ бахъаст кӕнынц, цӕмӕй сӕ сӕхгӕной, уый тыххӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Нӕ адӕм кӕсын уарзынц»: Цхинвалы кафетӕй иуы хицау радзырдта йӕ библиотекӕйы тыххӕй

🔻Чингуыты ӕппӕтдунеон бон «Сапӕ» бабӕрӕг кодта горӕты кафетӕй иу. Иннӕтӕй уымӕй хицӕн кӕны ӕмӕ дзы библиотекӕ кӕй ис. Цымыдисаг кафе байгом кодта цхинвайлаг Джиоты Сӕрмӕт.

💬 «Чингуытӕ кӕсынц, семӕ къамтӕ исынц, ӕндӕр хаттмӕ сӕ ныууадзын кӕнынц, цӕмӕй сӕ дарддӕр бакӕсой, уый тыххӕй. Тынг ӕхсызгон мын у. Адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн, уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн. Уымӕн ӕмӕ йӕ мӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ скодтон. Фӕлӕ йӕ адӕм бауарзтой», — радзырдта нын кафейы хицау.

Фыццаг рӕстӕг кафейы уыд ахӕм фӕтк: адӕм истой чингуытӕ, сӕ бӕсты та-иу ӕндӕртӕ ӕрбахастой. Фӕлӕ ныр афтӕ нал у.

💬 «Иу афон бафиппайдтон, хорз, рагон ӕмӕ зынаргъ чингуытӕ кӕй сӕфынц, уый. Сӕ бӕсты-иу ӕндӕр чингуытӕ фӕзынд, арӕхдӕр ахуыргӕнӕн литературӕ. Уыдон дӕр чингуытӕ сты, фӕлӕ кӕй ахастой, уыдон дзӕвгар хуыздӕр ӕмӕ цымыдисагдӕр уыдысты», — зӕгъы Сӕрмӕт.

Чиныгдон рӕзы. Уазджытӕй бирӕтӕ кафейӕн балӕвар кӕнынц чингуытӕ. Сӕрмӕт куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ тынг фӕндыд чингуытӕ ӕрбахӕссӕн кӕдӕм ис, ахӕм бынат байгом кӕнын.

💬 «Цалдӕр хатты мӕхӕдӕг федтон адӕм чингуытӕ бырондоны цур куыд ныууадзынц, уый. Ӕппаргӕ сӕ нӕ кодтой, фӕлӕ-иу сӕ сӕвӕрдтой, цӕмӕй кӕй хъӕуынц, уыдон сӕ ахӕссой. Бирӕ хатт-иу къӕвдайы бын ныххуылыдз сты ӕмӕ фесӕфтысты», — бафиппайдта амалхъом нӕлгоймаг.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Гӕздӕнты Аврорӕ куы райгуырд, уӕд ыл цавӕр ном сӕвӕрдтой?
Anonymous Quiz
28%
Дзерассæ
24%
Агуындæ
38%
Алокка
11%
Асиат
🔻Къостайы Кубанмæ куы ахастой, уӕд ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты сусӕгӕй ссыд Ирыстонмӕ. Цардис йе 'мбӕлттӕм, Шредерстӕм. Варварӕ уыдис Дзӕуджыхъӕуы прогимназы хицау, йӕ сӕры хицау та тӕрхонгӕнӕг. Сӕ хӕдзары арӕх уазӕг уыд инӕлар Каханов дӕр. Иу ахӕмы инӕлар уазӕгуаты ӕрбацыд Шредерстӕм. Ӕнхъӕл дӕр нӕ уыд ӕмӕ Къоста иннӕ уаты ис, уый.

Уыцы рæстæджы поэт уыди рынчын. Шредерс æй аласта дохтыр Городовскимæ, зылдис ӕм ӕмӕ йӕ дзӕбӕх кодта. Йӕхиуыл куы фӕхӕцыд, уӕд Къоста Шредерсæн балæвар кодта йӕхи конд ныв: хæхтæ, хæхты ирон чызг, йæ сæрыл та кæлмæрзæн. Нывы бын ныффыста: «Нæ талынг хъæутæм рухсы тын фыццаг ды бауагътай, фыццаг ды æрсидтæ ирон хæххон сылгоймагмæ ахуырмæ». Нывæн сарæзтой фæлгæт æмæ йæ прогимназы сӕвӕрдтой.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — цӕстфӕлдахӕг.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Акци «Посмотри на их лица»-йы архайын кӕй фӕнды, уыдоны бон у 26-ӕм апрелмӕ курдиат бадӕттын горӕты администрацийы ӕмӕ бирӕвӕрсыг центрты. Бӕлвырддӕр информаци ис ам.

🔸 Фӕткмӕ гӕсгӕ абон электрон тых ахуыссын кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуы. Уынгты номхыгъд базонӕн ис ам.

🔸 Абон 9 сахатӕй 17 сахатмӕ Мӕздӕджы Полевойы уынджы ӕфсӕнвӕндаджы сӕрты ахизӕн нӕ уыдзӕн. Цӕудзысты дзы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Алывӕрсты ацӕуӕн куыд ис, уыцы маршрут базонӕн ис ам.

🔸 Райсом Национ библиотекӕйы фембӕлӕн уыдзӕн ахуыргонд ӕмӕ поэт Абайты Зауыримӕ. Афӕдз уыд Японийы, куыста сейсмологийы ӕмӕ сейсмологон арӕзтады ӕппӕтдунеон, стӕй арӕзтады наукон-иртасӕн институтты. Зауыр радзурдзӕн хурыскӕсӕйнаг бӕстӕйы царды фӕткыл ӕмӕ сейсмологийы домӕнтӕ хынцгӕйӕ, дунейы арӕзтады цавӕр ногдзинӕдтӕ ис, уыдоныл. Фембӕлд райдайдзӕн 18 сахатыл. Бӕлвырддӕр ам.

Къам: Букуылты Андрей

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны 543 зӕххы хайы куыд дихгонд ӕрцыдысты, уый сбӕрӕг кӕндзыстӕм — Сергей Меняйло

🔻43 зӕххы хайӕ ӕнӕзакъонӕй кӕй пайда кӕнынц, уый тыххӕй Прокуратурӕ бацӕттӕ кодта сӕрмагонд гӕххӕттытӕ. Уымӕй уӕлдай республикӕйы алы районты 543 зӕххы хайы радих кӕныны хъуыддаджы рабӕрӕг кодтой аиппытӕ. Дзӕуджыхъӕуы сты парк Нӕртоны, Доны станцӕйы, Терчы былгӕроны зӕххы хӕйттӕ. Уый тыххӕй пресс-конференцийы фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.

➡️ «Сапӕ» раздӕр куыд хъусын кодта, афтӕмӕй паддзахадон исбоны республикон министрад прокуратурӕмӕ арвыста 11 курдиаты — 292 зӕххы хайы кадастры куыд ӕвӕрд ӕрцыдысты, хи исбоны, кӕнӕ хаццоны куыд февзӕрдысты, уый сбӕрӕг кӕныны тыххӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Нӕртоны зӕххытыл чи фӕхӕлоф кодта, уыдоныл байгом кодтой 43 хъуыддаджы

🔻Сергей Меняйло фехъусын кодта парк Нӕртоны, цӕхӕрадӕтты ӕмбалад «Учитель»-ы 'рдыгӕй, зӕххы хӕйттӕ ӕнӕзакъонӕй йӕхи чи бакодта, уыдоныл 43 хъуыддаджы кӕй байгом кодтой, уый тыххӕй.

💬 «2015 азы зӕххытӕ хаццоны райстой, 19-ӕм азы та сӕ хи исбоны бакодтой. Советон тӕрхондон арендаторы фарс рахӕцыд», — фехъусын кодта Сергей Меняйло.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзуарыхъӕумӕ хӕстӕг фӕдзӕхст бынаты 90 гектары адих кодтой

🔻Уыцы хъуыддаг 2013-2014-ӕм азты ӕрцыд — радзырдта уацхӕсджытӕн Сергей Меняйло. Йӕ ныхасмӕ ма бафтыдта ӕрдз хъахъхъӕнӕн бынӕтты уымӕн уӕвын кӕй нӕй, уый.

💬 «Хъӕдтӕ бахъахъхъӕнын ӕмӕ закъоны домӕнтӕ ӕххӕст кӕнын — прокуратурӕмӕ ахӕм курдиатимӕ фӕсидтыстӕм. Куыд ӕй ӕмбарын, афтӕмӕй хӕстӕгдӕр рӕстӕг фендзыстӕм тӕрхондоны уынаффӕтӕ ӕмӕ ӕвдисӕн уыдзыстӕм аххосджынты ӕфхӕрдӕн», — загъта Меняйло.

Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, Алагиры районы разамынд бар кӕй радта Фыййагдоны хи фермерон хӕдзарад саразынӕн. Фӕлӕ 2022 азы бафыстой зӕххытӕ ауӕй кӕныны бадзырд.

💬 «Уый тыххӕй ӕфхӕрд ӕрцӕудзысты, уый хъусын кодтон. Уыцы ран лӕбырдтытӕй тӕссаг у. Цыфӕнды архайд дӕр дзы нӕй кӕнӕн. Фыдбылызмӕ расайынӕн дзы бирӕ нӕ хъӕуы. Кӕддӕр ма афтӕ Южныйы поселочы бакодтой», — загъта Сергей Меняйло.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
СапÆ
Дзӕуджыхъӕумӕ хӕстӕг автобусимӕ фӕндаггон фыдбылызы хъыгдард баййӕфтой 13 адӕймаджы 🔻Фӕндаггон фыдбылыз ӕрцыд федералон трассӕйы 12-ӕм километрыл. Светофоры цур кӕрӕдзийы скъуырдтой Беслӕнӕй Дзӕуджыхъӕумӕ цӕуӕг автобус ӕмӕ «Луидор». Автобус скъӕрдта 59-аздзыд…
Александр Бастрыкин бадомдта автобус цы фӕндаггон фыдбылызы бахауд, уый тыххӕй доклад

🔻Уӕрӕсейы Слестгӕнӕн комитеты разамонӕг Александр Бастрыкин Валерий Усовӕн бахӕс кодта автобус цы фӕндаггон фыдбылызы бахауд, уыцы хъуыддаг куыд иртӕст цӕуы, уый тыххӕй доклад бацӕттӕ кӕнын.

💬 «Социалон хызӕгты ис 2024 азы 22 апрелы цы фӕндаггон фыдбылыз ӕрцыд, уый тыххӕй ӕрмӕджытӕ. Дзӕуджыхъӕуӕй Беслӕнмӕ федералон фӕндаджы 12-ӕм километрыл автобус ӕмӕ машинӕ кӕрӕдзийы скъуырдтой. Хъыгдард дзы баййӕфтой цалдӕр адӕймаджы, се 'хсӕн 3 сывӕллоны. Аластой сӕ медицинон уагдӕттӕм», — фехъусын кодтой Слестгӕнӕн комитеты.

➡️ Ныртӕккӕ хъуыддаг цӕуы бӕрӕггонд бӕлццӕттӕ ласыны домӕнтӕ ӕмбӕлгӕ уагыл кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Нартæй хъӕздыгдӕр чи уыди?
Anonymous Quiz
27%
Алæгатæ
48%
Борæтæ
4%
Быцентæ
20%
Æхсæртæгкатæ
Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ис 175 кандидаты, сӕ цыппӕрӕм хай сты сылгоймӕгтӕ

🔻Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстыты чи архайдзӕн, уыдон сарӕзтой съездтӕ ӕмӕ сбӕлвырд кодтой кандидатты кӕронбӕттӕн номхыгъдтӕ. «Сапӕ» сӕм ӕркаст ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй 175 кандидатӕй 133 сты нӕлгоймӕгтӕ, 42 та сылгоймӕгтӕ.

Партион номхыгъдтӕм ӕмӕ иумандатон зылдтӕй ӕппӕтӕй фылдӕр сылгоймӕгтӕ ис парти «Ныхас»-ы номхыгъды. Сӕ раздзог у Бесаты Зитӕ. Йемӕ ма уыдзӕн ноджы фондз сылгоймаджы. Фондз сылгоймаджы ис Коммунистон партийы, цыппар — «Фыдыбӕстӕ»-йы номхыгъдты. Иннӕ партитӕй фӕйнӕ дыууӕ сылгоймаджы. Хицӕн кӕны Мулдарты Гаррийы парти «За справедливость». Сӕ кандидатты 'хсӕн иунӕг сылгоймаг дӕр нӕй.

➡️ Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны парламенты 3 сылгоймаджы йеддӕмӕ нӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хаццон.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 25-ӕм апрелы Мӕздӕджы доны хӕдзарады цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кӕй цӕудзысты, уый аххосӕй 9.30-10.00 сахатмӕ Садовыйы уынджы ӕмӕ 14.00-14.30 сахатмӕ Крупновайы уынгты дон нӕ уыдзӕн. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Фӕткмӕ гӕсгӕ абон 10 сахатӕй 17 сахатмӕ электрон тых нӕ уыдзӕн Дзӕуджыхъӕуы Чапаевы уынджы 17-ӕм хӕдзары. Ӕппӕт фарстаты фӕдыл ӕрбадзурӕн ис «Россети»-йы комкоммӕ телефоны номырмӕ: 8-800-220-0-220.

🔸 Цӕгат Ирыстоны бирӕвӕрсыг центр ныммыхуыр кодта бӕрӕгбӕтты сӕ куысты фӕтк. 29-ӕм апрелы филиалтӕн у кусгӕ бон, 30-ӕм апрелы — цыбыр бон, 1-ӕм майы та улӕфӕн бон.

🔸 Интеллектуалон клуб «Альбус» ӕххӕст кӕны проект «Это наша победа». Уыдзӕн хъазт «Что? Где? Когда»-йы хуызы конд. Хонынц ӕм ӕнӕкоммерцион ӕмӕ коммерцион куыстуӕтты, ведомствоты, ахуыргӕнӕндӕтты командӕты. Хъазты фарстытӕ баст уыдзысты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстимӕ. Зонадон ерыстӕ уыдзысты 3-ӕм майы ресторан «Ирыстоны», райдайдзысты 16 сахатыл.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цхинвалы дыууӕ ӕфсымӕрыл хӕцӕнгарз чи систа, уыцы ӕфсӕддон операцийы архайӕг йӕхӕдӕг ӕрбацыд милицӕмӕ

🔻30-аздзыд Г. Вадим ӕрбацыд милицӕмӕ ӕмӕ барвӕндонӕй йӕ дамбаца радта. Ныртӕккӕ нӕлгоймагимӕ кусынц барадхъахъхъӕнджытӕ.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй къуыри размӕ ӕфсӕддон операцийы архайджытӕй иу, йӕ хӕдзармӕ отпусчы 'ссӕугӕйӕ, дамбацайӕ фехста 33 ӕмӕ 46-аздзыд дыууӕ ӕфсымӕры. Ахӕм мийы аххоссагыл банымадтой ӕфсӕддон йӕ маст иста, зӕгъгӕ. Ома, цалынмӕ службӕ кодта, уӕдмӕ йын ӕфсымӕртӕ йӕ фыды бафхӕрдтой.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы кӕй амардтой, уыцы Дыгъуызты Русланы бинонтӕ домынц ног экспертизӕ

🔻Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2023 азы 2-ӕм июны Доваторы уынджы хӕдзары кӕрты Сӕлбиты Олег йӕ сыхаг Дыгъуызты Русланы кардӕй барӕхуыста. 10 хаттӕй йӕ фылдӕр ныццавта. Цалдӕр боны фӕстӕ нӕлгоймаг рынчындоны амардис. Сӕлбийы-фыртыл та байгом кодтой уголовон хъуыддаг, азымджын ӕй кӕнынц адӕймаг амарынӕй.

Уыцы рӕстӕг кӕрты хъазыд Русланы цыппар сывӕллоны кӕстӕр — 12-аздзыд Николай. Лӕппумӕ йӕ райгуырдӕй зӕрдӕйы низ ис. Йӕ фыды йын амардтой, уый куы федта, уӕд йӕ уавӕр фӕфыддӕр. Чызджытӕй иумӕ та ӕвзӕр низ ис, сӕ фыды куы бавӕрдтой, уый фӕстӕ йӕ уавӕр февзӕрдӕр.

💬 «Сывӕллӕтты ӕнӕниздзинад тынг фӕцудыдта. Цард цыма дыууӕ дихы фӕцис, уыйау. Психиатрион рынчындоны экспертты къамис сын сывӕрдта диагноз — посттравматическое стрессовое расстройство, зӕгъгӕ. Сӕ фыдимӕ цы 'рцыд, уый фӕстиуджытӕ сты. Фӕлӕ цас уӕззау сты, уый специалисттӕ нӕ ныффыстой», — зӕгъынц хъыгдардбаййафджытӕ.

Афтӕмӕй та специалистты хатдзӕгтӕй аразгӕ у уголовон хъуыддаджы ма дыууӕ фыдракӕнды фӕзындзӕн ӕви нӕ, уый: дыууӕ сывӕллоны ӕнӕниздзинадӕн уӕззау зиан ӕрхӕссыны тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ, зианджынтӕ домынц дыккаг экспертизӕ скӕнын, фӕлӕ слестгӕнӕг нӕ разы кӕны.

💬 «Кӕй нӕ разы кӕны, уый раст нӕу. Федералон закъоны домӕнтӕ халы. Психикӕ куы фӕцуды, уӕд уый ӕнӕниздзинадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзыны. Хъӕуы ног экспертизӕ саразын, фӕлӕ ӕндӕр медицинон уагдоны», — зӕгъынц Дыгъуызтӕ.

➡️ Ӕрмӕг цӕттӕгӕнгӕйӕ, Слестгӕнӕн комитетӕй «Сапӕ»-йӕн сӕ хъуыдытӕ нӕ фехъусын кодтой.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM