СапÆ
1.17K subscribers
1.24K photos
285 videos
1.31K links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы йӕ куыст райдыдта ӕртыккаг медиафорум «PRO Кавказ»

🔻Ацы аз йӕ сӕйраг темӕ у «Трансформация медиасферы: вызовы и возможности». Дзӕуджыхъӕумӕ ссыдысты Цӕгат Кавказы республикӕты уацхӕсджытӕ. Хӕстӕгдӕр дыууӕ боны ныхас кӕндзысты, дзыллон информацийы фӕрӕзты цы ивддзинӕдтӕ фӕзынд ӕмӕ куыстыл куыд ахадынц, ууыл. Се 'мкусджытимӕ фембӕлынмӕ, семӕ аныхас кӕнынмӕ ӕмӕ сын дӕсныйадӕвдисӕг ахуыртӕ саразынӕн форуммӕ фӕхуыдтой федералон информацийы фӕрӕзты минӕвӕртты. Се 'хсӕн: ӕфсӕддон уацхӕссӕг Александр Сладков, фыццаг каналы амонӕг Александр Смол, RTVI-йы сӕрмагонд уацхӕссӕг Алексей Сочнев, театр ӕмӕ кинойы актер Михаил Пореченков.

💬 «Медиахызӕджы цы фарстатыл ныхас цӕуы, уыдон ахсджиаг сты. Арӕх сыл биноныгӕй ахъуыды кӕнын ӕмӕ бакусын фӕхъӕуы. Бирӕ зын темӕтӕ ӕмӕ тӕссаг уавæртӕ дзы ис. Ӕппӕт уыдæттыл ныхас кӕндзыстӕм форумы архайджытимӕ», — радзырдта Михаил Пореченков.

Форумы эксперттӕ бацамондзысты ӕрхъуыдыгонд зондæй пайда кæныны, уацхӕссӕджы куыст социалон хызӕгты парахат кӕныны ӕмӕ адӕмимӕ архайыны сусӕгдзинӕдтӕ. Хицӕнӕй ныхас кӕндзысты журналистикӕйы факультетты студенттимӕ.

💬 «Сӕ куысты цӕимӕ сӕмбӕлдзысты ӕмӕ сӕм цавӕр зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый сын радзурдзыстӕм. Уацхӕссӕджы куыст бирӕтӕм ӕнцон кӕсы, фӕлӕ зын, ахсджиаг ӕмӕ хъӕугӕ у. Уымӕн ӕмӕ информаци хъæуы алкӕйдæр æмæ кӕдфӕндыдӕр. Фидӕны специалисттӕ ныртӕккӕ цас фылдӕр базоной равзӕрст дӕсныйады тыххӕй, уыйбӕрц хуыздӕр», — радзырдта форумы эксперт Алексей Сочнев.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Южныйы цӕрджытӕ хъаст кӕнынц, поселочы спортивон фӕзы уавӕр ӕвзӕр кӕй у, уымӕй 

🔻Уӕвгӕ, иунӕг у, фӕлӕ уымӕ дӕр йӕ цӕст ничи дары. Ӕмткӕй, поселочы инфраструктурӕ дӕр бӕллиццаг нӕу. Цӕрджытæ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сӕ уый аххосӕй сӕ сывӕллӕтты бахъӕуы Дзӕуджыхъӕумӕ ласын.

💬 «Сывӕллӕттӕн хъазӕн ӕмӕ спортивон фӕзтӕ сты Бульварныйы уынджы. Нӕ хъаст республикӕйы разамындмӕ дӕр фӕхӕццӕ кодтам, фӕлӕ ницы аивта. Ӕрӕджы та нӕм Дзӕуджыхъӕуы администрацийӕ ӕрбарвыстой дзуапп, ома сӕ ацы аз сцалцӕг кодтой. Нӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Кӕд ацы фӕз цалцӕггондӕй уынут, уӕд мах дӕр. Стӕй кусджытыл дӕр никӕй цӕст ӕрхӕцыд», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн цӕрджытӕ.

«Спецэкосервис»-ы куыд ӕмбарын кӕнынц, афтӕмӕй ацы азы сӕрды Южныйы сывӕллӕттӕн хъазӕн фӕзмӕ базылдысты, фӕлӕ ӕрмӕст, саст ӕмӕ тӕссаг чи уыд, уыцы бынӕттæм. «Сапӕ»-имӕ ныхасы фӕстӕ та ногӕй ацыдысты поселокмӕ.

💬 «Саст дзы цы уыдис, уый скодтам, тӕссаг цы уыд, уый фӕфидар кодтам. Спортивон фӕзы саст уыд баскетболы цӕг ӕмӕ йӕ скодтой. Хъӕуы ма нӕ спортивон фӕзмӕ базилын, фӕлӕ йын фанер ӕлхӕд нӕма у. Куыддӕр нӕм уа, афтӕ алцыдӕр скӕндзыстӕм», — радзырдтой «Спецэкосервис»-ы.

Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ та сӕрды ногæй асастысты фӕзы иуӕй-иу хӕйттӕ ӕмӕ та сӕ ногтӕй раивтой, херытӕ сахуырстой, фӕзы алыварс быру раивтой.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — уацхӕссӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгатирыстойнаг скульпторты куыстытӕ равӕрдтой Мӕскуыйы равдыст «Тринадцать»-ы

🔻Уӕрӕсейы Аивӕдты академийы ӕрыгон скульпторты экспозицимӕ бахастой Хъотайты Азӕмӕт ӕмӕ Дзидзойты Сосланы куыстытӕ. Сфӕлдыстадон фӕз Serebro Space-ы ис Азӕмӕты дыууӕ куысты — «Фарн» ӕмӕ «Исход», Сослан та бацӕттӕ кодта «Телега» ӕмӕ «Мальчик с мечом».

💬 «Цыфӕнды равдыст циндзинад дӕр у, мӕт дӕр. Уӕддӕр адӕймаг фыццаджыдӕр йӕхицӕн фӕкусы. Ам та сӕ иннӕтӕн ӕвдисыс ӕмӕ, сӕ зӕрдӕтӕм фӕцӕудзӕн ӕви нӕ, ууыл тыхсыс. Зӕгъӕм, "Мальчик с мечом" у мӕ сабибонты мысинӕгтӕй, "Телега" та — цардвӕндаг куыд уынын, уый», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Дзидзойты Сослан.

Дыууӕ лӕппуйы дӕр каст фесты Дзанайты Азанбеджы номыл аивӕдты училищӕ ӕмӕ Суриковы номыл аивӕдты институт. Архайдтой алыхуызон ӕппӕтдунеон ӕмӕ ӕппӕтуӕрӕсеон равдыстыты. Сӕ дыууӕйы сфӕлдыстады дӕр ирдӕй зыны ирон уддзӕф.

💬 «Нарты кадджытӕ ӕмӕ ирон традицион культурӕ мӕм кӕддӕриддӕр цымыдисаг кастысты, ууыл схъомыл дӕн. Ныры онг дӕр мын уӕлкурдиат ӕмӕ тых уыдон дӕттынц. Ныртӕккӕ уал мӕ хуыздӕр куыстытыл нымайын мӕ дипломон куыст "Вертикаль" ӕмӕ скульптурӕты къорд "Башни". Аивадон ӕгъдауӕй, мӕнмӕ гӕсгӕ, хорз рауадысты», — зӕгъы Хъотайты Азӕмӕт.

➡️ Ӕдӕппӕтӕй равдысты ис 30 куысты. Экспозицийы иу хайы равдыстой Советон Цӕдисы сгуыхт нывгӕнӕг Владимир Цигалы куыстытӕ, дыккаг хайы та — йӕ ахуырдзауты. Равдыстмӕ бакӕсӕн уыдзӕн 18-ӕм ноябрмӕ.

Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Сокаты Мараты сфидар кодтой республикӕйы экономикон рӕзты министрӕй

🔻Уый тыххӕй уынаффӕ бафыста Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Документ мыхуыргонд ӕрцыд йӕ официалон сайты. Уый размӕ Сокаты Марат уыд Цӕгат Ирыстоны Равдыстыты ӕмӕ презентациты фонды хицау.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Йӕ къӕхтӕ саст кӕмӕн уыдысты, уыцы домбайы лӕппын йӕ къӕхтыл слӕууыд  

🔻Цӕрӕгой нырма ис парк «Земля прайда»-йы, ветеринартӕ йӕм сӕ цӕст дарынц. Йӕ къӕхтыл слӕууыд ӕмӕ уал сындӕггай цӕуын райдыдта. Знон та фыццаг хатт ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй бахордта.

💬 «Цалынмӕ реабилитацийы уыдис, уӕдмӕ йын хӕринаг мах лӕвӕрдтам. Ахӕм ӕвзӕр уыд, ӕмӕ йын тынг тарстыстӕм, алы ӕхсӕв дӕр мӕт кодтам. Фӕлӕ знон хӕринагмӕ куы бацыд, уӕд нӕ цинӕн кӕрон нал уыд, йæ къӕхтыл куы слӕууыд, уӕд та бынтондӕр», — радзырдтой нын парчы специалисттӕ.

Домбайы лӕппынӕн фӕзынд ном дӕр. Схуыдтой йӕ Назир.

💬 «Йӕ гыццыл уд бирӕ бавзӕрста. Нӕ специалисттӕ алцыдӕр аразынц, цӕмӕй сдзӕбӕх уа», — зӕгъынц «Земля прайда»-йы кусджытӕ.

Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, домбайы лӕппын цӕстӕй дӕр ӕвзӕр уыны. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг ӕм офтальмологтӕ ӕркӕсдзысты.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй йӕ ӕрбацӕуджыты ирхӕфсынӕн дардтой Грознæйы кальян-бары. Уырдыгӕй йӕ раласта ӕмӕ йӕ домбайтӕн сӕрмагонд паркмӕ арвыста дзӕуджыхъӕуккаг волонтер.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Транспортон фарстатыл бакусынӕн Цӕгат Ирыстоны хъӕуы 160 автобусы

🔻Уыцы фарстайыл ныхас рацыд форум «PRO Кавказ»-ы Сергей Меняйло пресс-конференцийы. Фарста радта журнал «Ногдзау»-ы сӕйраг редактор Сӕлбиты Дианӕ. Дзуапп дӕтгӕйӕ, республикӕйы разамонӕг сразы, бӕлццӕттӕ ласджыты куысты бирӕ аиппытӕ кӕй ис, ууыл. Фӕлӕ бафиппайдта, иу боны фарстатӕ кӕй не сты ӕмӕ сыл бирӕ азты кӕй ничи куыста, уый. Бакусын хъӕуы трамвайты хӕдзарадимӕ дӕр.

Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтӕмӕй, хи маршрутон такситыл чи кусы, уыдонӕй сӕ машинӕты валидатортӕ ӕмӕ ГЛОНАСС ӕвӕрын никӕй фӕнды, уымӕн ӕмӕ сӕ се 'фтиӕгтӕ ӕргом кӕнын нӕ фӕнды. Уавӕр аивынӕн республикӕ архайы транспорт балхӕныныл.

💬«Субсидитӕ райсыны фӕткӕвӕрд нырма кӕронмӕ конд нӕу. Хъӕуы ма нӕ 130 автобусы. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, хи машинӕтыл чи кусы, уыдоны айсдзыстӕм, фӕлӕ кусдзысты иумӕ», — загъта Сергей Меняйло.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Зӕххы къорийыл рагондӕр горӕт цавӕр у?
Anonymous Quiz
22%
Иерихон
32%
Вифлеем
13%
Дамаск
33%
Иерусалим
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — сызгъӕрин.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Йӕхи онкологон низӕй сдзӕбӕх кӕныны тыххӕй Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг адавта йе 'фсины сызгъӕринтӕ

🔻Ивгъуыд сентябры дохтыртӕ Ч. Вероникӕйыл онкологийӕ фӕгуырысхо сты. Хъуыдис ӕй бӕстон медицинон иртӕстытӕ, анализтӕ ӕмӕ операци скӕнын. Уый нӕ, фӕлӕ ма маммологтимӕ алы фембӕлд дӕр лӕвар нӕу. Сылгоймаг йӕ сӕрӕн нал уыд, ӕхца кӕм ссара, уый нӕ зыдта. Афтӕмӕй йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, йе 'фсин йӕ сызгъӕринтӕй ӕндӕр аивгӕнӕн дзаумӕттӕ кӕнынмӕ кӕй хъавыд, уый. Йӕ ныфс бахаста, йе 'фсины сызгъӕринтӕ райста ӕмӕ сӕ ломбарды ауӕй кодта. Бафыстой йын 45 мин сомы ӕмӕ сӕ Вероникӕ медицинон иртӕстытыл схардз кодта, стӕй йӕхи операцимӕ цӕттӕ кӕнын райдыдта.

Сызгъӕринтӕ кӕй нал сты, уый ӕфсин базыдта йӕ лӕппуйы гуырӕн боны агъоммӕ. Йӕ зӕрды уыд йӕ фыртӕн къухдарӕн балӕвар кӕнын. Фӕлӕ нӕдӕр къухдарӕн, нæдæр зынаргъ дзаумӕттӕ сӕ бынаты нал уыдысты. Сӕ иумӕйаг аргъ уыд 286 мин сомы. Пъӕлицӕ хъуыддаг иртасын куы райдыдта, уӕд Вероникӕ йӕ мийыл басаст.

➡️ Горӕтгӕрон районы тӕрхондоны Вероникӕйӕн рахастой дзырдӕй дыууӕ азы ахӕстоны тӕрхон ӕмӕ афӕдз фӕлварӕн ӕмгъуыды тӕрхон.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Цхинвалы скъола-интернаты сывӕллӕттӕ сарӕзтой армукъа

🔻Ахуыргӕнджыты ӕххуысӕй сӕ сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг скодтой. 30 хъомылгӕнинаджы бацӕттӕ кодтой ӕмӕ дзы равӕрдтой алыхуызон сфӕлдыстадон куыстытӕ, аивгӕнӕн дзаумӕттӕ ӕмӕ хӕринӕгтӕ.

Мадзал аразӕг у интернаты специалист Беппиты Миланӕ. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй, йе 'нӕниздзинад цудыд кӕмӕн у, уыцы сывӕллӕттӕн ахӕм мадзӕлтты архайын уӕлдай ахсджиаг у. Цы ӕхца сӕмбырд кӕной, уыдонӕй та сывӕллӕттӕн сараздзысты бӕрӕгбон.

💬 «Фӕнды мӕ сывӕллӕттӕн бӕрӕгбон саразын. Исты ирхӕфсӕн центрмӕ ацӕудзыстӕм. Мӕнмӕ гӕсгӕ, сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕмӕ сын хъӕлдзӕг уыдзӕн. Ацы сывӕллӕттыл узӕлын хъӕуы, буц дарын, цӕмӕй нын нӕ уарзондзинад банкъарой. Уӕд амондджын уыдзысты», — радзырдта Беппиты Миланӕ.

➡️ Ахӕм мадзӕлттӕ скъола-интернаты арӕх саразынц. Уалдзӕджы сбӕрӕг кодтой урсы къуыри, арӕх сӕ аласынц ӕрдзы хъӕбысмӕ ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм. Афтӕмӕй сывӕллӕттӕ алфӕмблай дунеимӕ хуыздӕр зонгӕ кӕнынц.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Белоруссийы ерысты цӕгатирыстойнаг теннисист Мӕргъиты Георгий рамбылдта дыууӕ сызгъӕрин майданы

🔻Кубок Солнечныйы рамбулыны ерыстæ цыдысты 22-ӕм октябрӕй 27-ӕм октябрмӕ. Архайдтой дзы, 17 азы онг кӕуыл цӕуы, уыцы спортсментӕ. Финалы Мӕргъиты Георгий рамбылдта Илья Крюковы Балашихӕйӕ.

3-ӕм ноябрӕй 10-ӕм ноябрмӕ та ерыс кодтой, 19 азы онг кӕуыл цӕуы, уыцы спортсментӕ. Ам дӕр ын ӕмбал нӕ уыд. Финалы фӕуӕлахиз мӕскуыйаг Александр Селивановыл.

Турниры архайджытӕй не 'мзӕххон уыд ӕппӕты ӕрыгондӕр спортсменты 'хсӕн. Ӕрӕджы йыл сӕххӕст 16 азы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уырнӕнтӕм гӕсгӕ, дыргъбæлас калæгыл цы хæцы?
Anonymous Quiz
58%
Тæригъæд
22%
Низ
11%
Зындзинад
9%
Къӕппӕг
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — знӕм.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM