СапÆ
1.17K subscribers
1.24K photos
285 videos
1.31K links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
Цӕгат Ирыстоны тӕрхондоны агъоммӕ къотырты нымӕц 8 хатты фӕфылдӕр

🔻2024 азы фыццаг кварталы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, адӕймаджы тӕрхондоны агъоммӕ къотырыл банымайыны тыххӕй байгом кодтой 138 хъуыддаджы. Уый фаронимӕ абаргӕйӕ 8,1 хатты фылдӕр у — фыст ис Федресурсы бӕрӕггӕнӕнты.

«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй ӕмткӕй нӕ бӕстӕйы йӕхи тӕрхондоны агъоммӕ къотыртыл чи банымадта, уыдон 5 хатты фӕфылдӕр сты. Сӕ фылдӕр пенсиисджытӕ.

Федресурсы разамонӕг Алексей Юхтины ныхӕстӕм гӕсгӕ, къотырыл банымайыны фӕтк куы аивтой, уӕд дзы адӕм, уӕлдайдӕр та пенсиисджытӕ, фылдӕр пайда кӕнын райдыдтой.

💬 «Ногдзинады социалон нысаниуӕг бирӕтӕн фӕпайда. Ома, сын сӕ хӕстӕ лӕвар кӕй сисынц, уый сын ӕнцойдзинад у. Ног ӕрхъуыдыдзинад та ӕнтысджыныл банымайӕн ис», — зӕгъы Алексей Юхтин.

➡️ Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕй йӕхи тӕрхондоны агъоммӕ къотыртыл чи банымадта, уыдон дӕр 57,8% фӕфылдӕр сты ӕмӕ систы 756. Уӕрӕсейы та 18,2%. Ацы азы фыццаг кварталы юридикон уагдӕттӕй сӕхи къотыртыл банымайын кодтой 6 организацийы. Уӕрӕсейы 2023 азы фыццаг кварталы сӕ нымӕц 53,2% фӕфылдӕр. Уыимӕ 2012-2023 азты уыдысты къаддӕр.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
«Рухсгӕнӕнтӕ ис — рухс та нӕй»: Ольгинскӕйы сывӕллӕтты ныййарджытӕ курынц хъӕуы иунӕг спортивон фӕзы рухсгӕнӕнтӕм базилын

🔻Ольгинскӕйы ног спортивон фӕз фарон декабры байгом кодтой. Уый размӕ футболистты хъуыдис фӕндаджы иннӕ фарс зӕххы гӕппӕлыл тренировкӕтӕ кӕнын. 2-ӕм къласӕй 10-ӕм къласмӕ чи ахуыр кӕны, ахӕм 30 сывӕллоны тренировкӕтӕм къуыри ӕртӕ хатты ӕрбацӕуынц. Сӕ тренер Кокайты Арамы ныхӕстӕм гӕсгӕ, алы кары сывӕллӕттӕн хицӕн тренировкӕтӕ хъуамӕ уа. Фӕлӕ фӕзы рухс кӕй нӕй, уый сын сӕ архайд къуылымпы кӕны.

💬 «17 сахатӕй 18 сахатмӕ кӕстӕр къорды рӕстӕг у, 18-ӕй 19 сахатмӕ та хистӕрты. Фӕлӕ ныртӕккӕ хистӕртӕ кӕстӕртимӕ иумӕ сты, уымӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр талынг уыдзӕн. Раст зӕгъгӕйӕ, ахӕм куыстӕй бирӕ пайда нӕй — хъуамӕ алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕной», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Кокайты Арам.

Лыггӕнинаг фарстатӕ ууыл нӕ фесты. Зӕгъӕм, ӕвзонг спортсменты дзаумаивӕн уӕттӕ фӕндаджы иннӕ фарс сты, зӕронд фӕзы цур. Фӕндагыл та фистӕгцӕуджытӕн амонӕнтӕ нӕй.

💬 «Фӕндаджы сӕрты цӕуын сӕ бахъӕуы. Уым та машинӕтыл йӕхи ничи уромы ӕмӕ сӕ тагъд скъӕрынц. Тренеры сӕ бахъӕуы фӕндаджы сӕрты акӕнын», — хъаст кӕнынц ныййарджытӕ.

«Сапӕ» аныхас кодта Ольгинскӕйы бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Кокайты Тимуримӕ. Куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй официалон гӕххӕттытӕм гӕсгӕ, спортивон фӕз нӕма байгом кодтой. Цыдӕр хъуыддӕгтӕ дзы кӕронмӕ конд не сты. Сметӕйы та нӕ уыдысты.

💬 «Фӕзы ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуы змис ныккалын. Цӕттӕ фӕз та байгом кӕндзыстӕм майы, уӕдмӕ рухсгӕнӕнтыл дӕр бакусдзыстӕм. Фӕндаггон службӕты кусджытӕ нын амонӕнтӕ скӕнынӕй афӕдзы кӕронмӕ зӕрдӕ бавӕрдтой», — зӕгъы хъӕуы хицау.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Цас ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр кусджытӕ нӕм нӕй»: Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады радзырдтой ӕртыккаг хӕдивӕджы тыххӕй

🔻Президент Гаглойты Алан бафыста уынаффӕ 33-аздзыд Бигъуылаты Иннӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕгӕй сфидар кӕныны тыххӕй. Ныр Джиоты Ӕхсарӕн ис ӕртӕ хӕдивӕджы: Цхуырбаты Андрей, Коцты Алан ӕмӕ Бигъуылаты Иннӕ. Сылгоймаг райста экономикон ахуырад, раздӕр куыста республикӕйы финансты министрады.

Джиоты Ӕхсар «Сапӕ»-йӕн куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй ног хӕдивӕг фӕзынд министрады структурӕмӕ ивддзинӕдтӕ кӕй бахастой, уымӕ гӕсгӕ.

💬 «Нӕ министрады цас кусджытӕ хъуамӕ уа, уымӕй фылдӕн не стӕм. Фӕнды нӕ нӕ куыст фӕахадгӕ ӕмӕ фӕхуыздӕр кӕнын. Агурӕм алы гӕнӕнтӕ ӕмӕ мадзӕлттӕ. Иу хӕдивӕг ма кӕй фӕзынд, уым дӕр диссагӕй ницы ис. Ведомствойы иуӕй-иу хъуыддӕгтӕм хъӕуы фылдӕр цӕстдард ӕмӕ ӕргом аздахын. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый ахсджиаг у», — зӕгъы министр.

➡️ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: министрадӕн иннӕ бӕстӕты ис уагдӕттӕ ӕмӕ сӕм фылдӕр ӕргом аздахын хъӕуы. Уыимӕ финансон фарстаты дӕр.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны бюджетон къабазы кусджытӕ донӕн хӕс дарынц 50 милуан сомы

🔻Алы ӕмвӕзады паддзахадон организациты кусджытӕ доны хӕдзарадӕй ӕмткӕй хӕс дарынц 50 милуан сомӕй фылдӕр. Уый фарон февралӕй нымайгӕйӕ.

Ӕдӕппӕтӕй ивгъуыд азы февралӕй республикӕ доны хӕдзарадӕй фӕхӕсджын 620 милуан сомы. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн фехъусын кодта куыстуат «Водоканал»-ы хицау Хъараты Тимур.

💬 «Бюджетон организациты разамонджытӕм арвитдзыстӕм хъусынгӕнинӕгтӕ, цӕмӕй сӕ кусджытӕн бамбарын кӕной хӕстӕ афоныл фидын кӕй хъӕуы, уый», — бафиппайдта Хъараты Тимур.

Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзыстӕм, знон аппаратон ӕмбырды Сергей Меняйло бахӕс кодта донӕн чи нӕ фиды, уыдоны номхыгъд саразын ӕмӕ йӕ «Водоканал»-мӕ фӕхӕццӕ кӕнын.

💬 «Мӕ ныхас у ӕххӕстгӕнӕн оргӕнты разамонджытӕм, уӕ кусджыты номхыгъд доны хӕдзарадмӕ арвитут. Уӕ бӕрны чи ис, уыдон донӕн нӕ фидынц. Уыимӕ алы ӕмвӕзадыл ӕмӕ дзуаппдӕттӕг организациты. Кусджыты номхыгъд хъуамӕ сӕ адристимӕ уа. Кӕд кӕмӕ дӕр афтӕ кӕсы ӕмӕ йын коммуналон лӕггадӕн ма бафидыны бар ис, уӕд хъуамӕ уӕ организацийы ма куса», — загъта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Æмбисондмӕ гӕсгӕ, ӕфсинты армæй цы тæдзы?
Anonymous Quiz
31%
Бæркад
3%
Суадон
54%
Сой
12%
Мыд
🔻Хетӕгкаты Нико Къостайӕ дыууӕ азы хистӕр уыд. Уый дӕр Нарыхъӕуккаг уыдис. Стъараполы гимназы ахуыргӕнгӕйӕ уӕлдай тынг балымӕн сты.

Никойыл 30 азы куы цыд, уӕд бахъуыддаг кодта. Фӕстӕдӕр ын цот фӕзынд.

Къоста-иу сӕм хӕдзармӕ арӕх ӕрбацыд. Никойы сывӕллӕтты уӕлдай тынг уарзта. Уыдон дӕр-иу Къостамӕ цингӕнгӕйӕ тахтысты. Фӕлӕ искуы-иу хатт сывӕллӕттӕ пыхцылсӕр куы уыдысты, уӕд-иу Къоста мӕнг карз хъӕлӕсӕй сӕ мадмӕ бадзырдта: «Ратт-ма, Рахе, хӕсгард». Сывӕллӕттӕ-иу тӕсӕй сынтӕджы бын бабырыдысты, сӕ сӕрыхъуынтӕ алӕгъз кодтой, афтӕмӕй-иу фӕстӕмӕ Къостамӕ худгӕйӕ ратахтысты.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — къотыр.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Дзӕуджыхъӕуы трамвайтӕ ногӕй райдыдтой ОЗАТЭ-йы 'рдӕм цӕуын. Ныридӕгӕн дӕр ыл цӕуынц 2-ӕм ӕмӕ 10-ӕм маршруттӕ. Сӕрды трамвайтӕ цӕудзысты доны станцӕйы онг.

🔸 Абон цалцӕггӕнӕн куыстыты аххосӕй дон нӕ уыдзӕн Дзӕуджыхъӕуы 3-ӕм ӕмӕ 107-ӕм рӕвдауӕндӕтты. Уымӕй уӕлдай 14 сахаты онг донхъуаг уыдзысты Доваторы проспекты цӕрджытӕ. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Абон зонадон чиныгдоны байгом уыдзӕн Елена Ходоровайы хуызистыты равдыст. Райдайдзӕн 15 сахатыл, ӕрбацӕуӕн ӕм ис лӕвар.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны ӕнӕном бӕрзӕндӕн радтой «Альфӕйы» ӕфсӕддонты ном

🔻Уый тыххӕй уынаффӕ бафыста Уӕрӕсейы хицауады сӕрдар Михаил Мишустин. Хъӕппӕрис та бахаста регионалон парламент.

Кавказы хӕхтӕй иуы бӕрзӕнд у 3,2 мин метры, ис Цӕгат Ирыстоны Алагиры районы. Терроры ныхмӕ дӕлхайад «Альфӕ»-йы ветеранты ассоциацийы уӕнгтӕ республикӕйы парламентмӕ бахастой фӕндон, цӕмӕй хох хӕсса ӕфсӕддонты ном.

➡️ Беслӕны 1-ӕм скъолайы теракты амӕттӕгты ирвӕзынгӕнгӕйӕ, «Альфа» ӕмӕ «Вымпел»-ы ӕфсӕддонтӕй 10 фӕмард. Се 'хсӕн «Альфӕ»-йы ӕртӕ ӕфсӕддоны: майор Александр Перов, майор Вячеслав Маляров, ӕмӕ прапорщик Олег Лоськов.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны рауагъдонты ныййарджытӕ скъола фӕуыны бӕрӕгбоныл ӕппынкъаддӕр схардз кӕндзысты 50 мин сомы

🔻Скъола фӕуыны бӕрӕгбӕтты агъоммӕ «Сапӕ» банымадта, ныййарджыты хӕрдзтӕ цас сыстдзысты, уый. Рӕстӕмбис нымадмӕ гӕсгӕ, иу ахуырдзауӕн сӕ 50-60 мин сомы бахъӕудзӕн. Уый ахуыргӕнджытӕн лӕвӕрттӕ нӕ нымайгӕйӕ, уый гӕнӕн нал ис.

Цхинвалы цӕрӕг Зассеты Кристинӕ йӕ фыртӕн уӕлӕдарӕс рагацау балхӕдта. Уый уал 30 мин сомы. Уымӕй уӕлдай альбом, баннер, видео- ӕмӕ къамисджыты лӕггӕдтӕн ӕмӕ ӕндӕр лыстӕг хъуыддӕгтӕн алы рауагъдоны бахъуыд фӕйнӕ 25 мин сомы бафидын.

💬 «Организацион хъуыддӕгтӕ рауагъдонтӕ сӕхӕдӕг кӕй кӕнынц, уый мын ӕхсызгон у. Мах сӕм ӕрмӕст ӕхцайӕ фӕкастыстӕм. Фӕлӕ иннӕ скъолаты ныййарджытӕ алцыдӕр сӕхимӕ райстой. Ууыл та бирӕ рӕстӕг ацӕуы», — зӕгъы сылгоймаг.

Плиты Зӕлинӕ йӕ чызгӕн къаба Дзӕуджыхъӕуы бахуыйын кодта. Бахъуыд ӕй 20 мин сомы бафидын. Ныр ма сӕ хъӕуы къахыдарӕс, хи барӕсугъд кӕнынӕн дзаумӕттӕ балхӕнын, стӕй алыхуызон лӕггӕдтӕн бафидын.

💬 «Цӕсгоммӕ аив ахорӕнтӕй базилыны аргъ у 5 мин сомы. Сӕрыхъуынтӕ барӕсугъд кӕныны аргъ къаддӕр нӕ уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай фӕстаг дзӕнгӕрӕгмӕ балхӕдтам скъолайы формӕ урс раздарӕнимӕ», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Зӕлинӕ.

➡️ Бӕлвырддӕр ӕрмӕг кӕсут «Сапа Цхинвал»-ыл.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуккаг лицеисттӕ 9 ӕвзагыл сахуыр кодтой зарӕг «Катюшӕ»

🔻Сӕхи къуыримӕ бацӕттӕ кодтой. Алы бон дӕр физикон-математикон лицейы ахуырдзаутӕ зарӕг дыууӕ ӕвзагыл ахуыр кодтой, радзырдта «Сапӕ»-йӕн къласы разамонӕг Джиоты Лейлӕ.

💬 «Сӕ фонетикӕмӕ гӕсгӕ равзӕрстам ирон, уырыссаг, кӕсгон, хъалмыхъхъаг, тӕтӕйраг, тувинаг, удмуртаг, марийаг ӕмӕ чувашаг ӕвзӕгтӕ. Бацархайдтон цӕмӕй сывӕллӕттӕ ныхӕстӕ ӕнцонӕй бахъуыды кӕной, ууыл», — зӕгъы педагог.

Цӕмӕй скъоладзаутӕ ныхӕстӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ дзурой, уый тыххӕй Лейлӕмӕ фӕкастысты иннӕ регионты ахуыргӕнджытӕ. Семӕ базонгӕ ӕппӕтуӕрӕсеон конкурс «Учитель года»-йы финалы.

➡️ Сӕйраг цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ фесты. Ныртӕккӕ къласы разамонӕг кусы, цӕмӕй ахуырдзауты зард иттӕг хорз уа, ууыл. Зарӕг «Катюша» акӕндзысты ӕфсӕддон-патриотон фестивалы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Роспотребнадзор домы цӕмӕй тӕрхондон сӕхгӕна Дзӕуджыхъӕуы 11-ӕм скъолайы фарсмӕ тамакойы дукани

🔻Республикон Роспотребнадзоры управленийы специалисттӕ Дзӕуджыхъӕуы скъолатӕм хӕстӕг цы тамакоты дуканитӕ ис, уыдоныл сарӕзтой рейд.

Се 'хсӕн Чкаловы номыл уынджы 23-ӕм хӕдзары дукани. Ис 11-ӕм скъолайы фарсмӕ. Республикон Роспотребнадзоры управленийы специалисттӕ арвыстой гӕххӕттытӕ тӕрхондонмӕ, цӕмӕй дуканийы тамако ӕмӕ никотинхъӕстӕ продукци ма уӕй кӕной, уый тыххӕй курдиатимӕ.

Рейды рӕстӕг скъолатӕм хӕстӕг ма рабӕрӕг кодтой ноджы 3 дуканийы. Амалхъом адӕм фидарӕй зӕгъынц тамако кӕй нӕ уый кӕнынц, уый.

Роспотребнадзоры специалисттӕ сын сӕ куыстмӕ биноныгдӕрӕй ӕркастысты: хъалонисӕн оргӕнтӕй ӕмӕ барадхъахъхъӕнджытӕй бацагуырдтой бӕлвырд информаци. Тамако кӕй уӕй кӕнынц, уый кӕд рабӕрӕг уа, уӕд сӕ тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ, сӕхгӕнын кӕндзысты.

Дуканитӕй иу ис Пашковскийы уынджы сывӕллӕтты музыкалон скъолайы цур, иннӕ дыууӕ дуканийы та Гугкаевы уынджы 38-ӕм скъолайы фарсмӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
«Слепые кони Фортуны»: мӕскуыйаг театр «Эрмитаж» ирон театры равдисдзӕн Гӕздӕнты Гайтойы романмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакль

🔻24 апрелы Цӕгат Ирыстонмӕ гастрольтимӕ ссӕудзӕн театр «Эрмитаж». Гӕздӕнты Гайтойы роман «Призрак Александра Вольфа»-мӕ гӕсгӕ спектакль Уӕрӕсейы фыццаг хатт сӕвӕрдтой. Схуыдтой йӕ «Слепые кони Фортуны».

Аивадуарзджытӕ базонгӕ уыдзысты XX-ӕм ӕнусы райдианы Уӕрӕсейы ӕмӕ 30-ӕм азты Парижы цардимӕ. Эмигрант-уацхӕссӕг суанг Граждайнаг хӕсты рӕстӕгӕй йӕ зӕрдӕйы дары стыр сусӕгдзинад. Ӕдзух ӕй фӕдылдзу кӕны кӕй амардта, уыцы адӕймаджы сурӕт. Спектакль «Слепые кони Фортуны» ныртӕккӕ ӕвдисынц мӕскуыйаг сценӕйыл, фӕлӕ Дзӕуджыхӕуы цӕрджытӕ Александр Вольфы сурӕты фендзысты Уалыты Гивийы. 19-ӕм апрелы йӕ архайдимӕ спектакль равдисдзысты Мӕскуыйы дӕр.

Режиссер-ӕвӕрӕг Михаил Левитин Гӕздӕнты Гайтоимӕ базонгӕ республикӕйы культурӕйы раздӕры министр Атайты Мадинӕ ын фыссӕджы уацмысты ӕмбырдгонд куы балӕвар кодта, уӕд. Театр «Эрмитаж»-ы аивадон разамонӕг Левитин куыд зӕгъы, афтӕмӕй ацы уацмыс тынг бауарзта.

💬 «Пьесӕ куы ныффыстон, уӕд уайтагъд Вольфы рольмӕ Гивийы фӕхуыдтон. Уый нӕ, фӕлӕ мӕ фӕндыд цӕмӕй спекталь дӕр Гиви сӕвӕра, фӕлӕ ӕнӕвдӕлон уыд. Уӕд ыл мӕхӕдӕг бакуыстон. Вольфы ролы чи хъазы, уый ныртӕккӕ рынчын у ӕмӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ацӕуын йӕ бон нӕ бауыдзӕн. Гивийы ӕххуыс бацагуырдтон, Мӕскуымӕ ссыдис ӕмӕ тынг хорз репетици кӕны. Гиви — мӕ хуыздӕр студент у, хорз ӕрдхӕрдтӕ систӕм. Тынг хорз мӕ ӕмбары», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Михаил Левитин.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — фӕдылдзу.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 20 ӕмӕ 21-ӕм апрелы Дзӕуджыхъӕуы уыдзӕн къӕдзӕхтыл бырынӕй бӕлвырд хуыз «Боулдеринг»-ӕй гом чемпионат. Ерыстӕ цӕудзысты Rockstar-ы залы. 16 азы кӕуыл сӕххӕст, уыдонӕй дзы алкӕй бон дӕр у бацархайын. Хи срегистраци кӕнӕн ис ам.

🔸 Дзӕуджыхъӕуы аразынц трамвайтӕ скъӕрджытыл ахуыр кӕныны курсытӕ. Ахӕсдзысты 7 мӕйы. Уыцы рӕстӕг студенттӕн фиддзысты фӕцӕрынӕн ӕппынкъаддӕры бӕрцы ӕмхуызон стипенди. Ахуыры фӕстӕ сӕ мызд уыдзӕн 35 мин сомы, уыдзӕн сын уӕлӕмхасӕн отпуск ӕмӕ льготӕтимӕ пенси.

🔸 Цӕгат Ирыстоны 30 нӕлгоймаджы райстой ноггуырд сывӕллонмӕ кӕсынӕн отпуск. Уыцы бар ис сывӕллон кӕмӕн ис, уыцы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕндӕр. Йӕ мыздӕй уӕлдай ма йын фиддзысты пособитӕ дӕр. Ноггуырд сывӕллоны ныййарджытӕй дарддӕр ма сывӕллонмӕ зилынмӕ отпусчы ацӕуыны бар ис нанатӕн ӕмӕ дадатӕн. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Беслӕны йӕ бырӕттӕ контейнерты фарсмӕ чи ныууадзы, уыдоны райдыдтой ивар кӕнын

🔻Ивары бӕрц у 500 сомы. Ныридӕгӕн ӕфхӕрд баййӕфтой дӕсгай адӕймаджы. Сӕ фылдӕр контейнерты цур ныууагътой арӕзтадон, кӕнӕ ӕндӕр стыр бырӕттӕ.

💬 «Коммуналон службӕты кусджытӕ камерӕмӕ гӕсгӕ, сбӕрӕг кӕнынц ставд ӕмӕ стыр бырӕттӕ чи ӕрбаласы, уыдоны. Сӕ машинӕты номыртӕ сын барадхъахъхъӕнджытӕм арвитынц ӕмӕ афтӕмӕй фӕткхалджыты бӕрӕг кӕнынц. Рафыссынц сын ивар. Кӕд ӕмӕ адӕймаг йӕ бырӕттимӕ дзӕкъул контейнеры нӕ ныппӕрста, фӕлӕ йӕ йӕ фарсмӕ сӕвӕрдта, уӕд та бадзурынц участокӕн дзуаппдӕттӕг пъӕлицӕйагмӕ. Дарддӕр ӕгъдаухалджытимӕ уый фӕкусы», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Татраты Харитон

Бырӕттӕ ӕппарыны фӕтк дыккаг хатт чи фехала, уый бахъӕудзӕн ивар 1000 сомы бафидын. Фӕлӕ ахӕм цаутӕ нӕма рабӕрӕг.

💬 «Уый ма хорз уымӕй у ӕмӕ контейнертӕ байдзаг сты ӕви нӕ, уый камерӕтӕм гӕсгӕ зыны. Афтӕмӕй бырӕттӕ афоныл аласынц», — зӕгъы Татраты Харитон.

➡️ Ӕдӕппӕтӕй Беслӕны ис 25 быронкалӕн бынаты. Камерӕтӕ уал сӕвӕрдтой ӕртӕ контейнерӕйы фылдӕр кӕм ис, уым.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Милицӕ агуры Цхинвалы дыууӕ ӕфсымӕрыл хӕцӕнгарз чи систа, ӕфсӕддон операцийы уыцы архайӕджы

🔻Знон изӕрӕй милицӕйы радхӕссӕг хайадмӕ фехъусын кодтой: медицинон центры исӕн хайадмӕ ӕрбаластой зынгхъӕстӕ хӕцӕнгарзӕй цӕфтимӕ 33 ӕмӕ 46-аздзыд нӕлгоймӕгты. Хӕцӕнгарзӕй ӕхст уыдысты сӕ агъд ӕмӕ фад.

Рагагъоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ сыл ӕхсын райдыдта Цхинвалы цӕрӕг Г. Вадим. Ӕрӕджы ссыд сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийӕ, ис отпусчы. «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй ӕфсӕддон нӕлгоймӕгтӕй йӕ маст иста. Зӕгъгӕ, цалынмӕ службӕ кодта, уӕдмӕ йын йӕ фыды бафхӕрдтой.

➡️ Милицӕйӕ хъусын кӕнынц: фыдбылызы бынаты слестгӕнджытӕ ссардой дыууӕ гилдзы, чи зоны сты Макаровы дамбацайӕ. Чи ӕхста, уый агурынц.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM