IRON ARGHAW
927 subscribers
1.15K photos
416 videos
362 files
308 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
БАСТ УИСОЙ.
Иу лæгæн бирæ фырттæ уыдис, фæлæ хъæрмуд нæ уыдысты, æмæ сæ цард нæ цыд. Уæд сæм иуахæмы фыд фæдзырдта кæртмæ. Къуымæй сын уисой рахæссын кодта. Загъта:
— Абон хъуамæ уæ тых бафæлварат уисойыл. Чи йæ асæтта, уый уыдзæн æппæты хъаруджындæр.
Фырттæ иугай фæархайдтой баст уисой фæдыууæ кæныныл, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд. Уæд сын фыд афтæ:
— Æриут-ма йæ ардæм. Фыд уисой райста, райхæлдта йæ æмæ йæ уисгай сæттын райдыдта.
— Афтæ, мæ хуртæ, сымах дæр æнгом куы уат, уæд уын ничи ницы кæндзæн, уæ цард фæрныгдæр уыдзæн. Иугæйттæй та уыл алчидæр тых у, уæ хъомыс — къаддæр. Æмæ кæрæдзи уарзут.
Ацы цау æфсымæртæн зонды хос фæци.

#цгъойтыхазби
#ӕмбисонд
ЗÆЙÆ МАРД.
Хæппæй дæр чи тæрсы, ахæм лæг, йæ мæлæт цæмæй уыдзæн, уый базонын æмæ дзы йæхи бахъахъхъæныны тыххæй фæцыд дæсныфæрсæг. Дæсныйæн куы бамбарын кодта йæ курдиат, уæд уый бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ загъта:
— Дæ мæлæт уыдзæн зæйæ, æмæ дзы дæхи хъахъхъæн.
Хæппой лæг йæ хæдзарæй налдæр зымæг цæуын уæндыд, налдæр — сæрдыгон. Афтæмæй дзы фæныкгуыз рауад.
Иуахæмы йæ чысыл фырт пецæй фæнык ракалдта æмæ дзы обау аразы. Обау куы сбæрзонд, уæд фефсæрста æмæ иуырдæм æрлæбыры.
— Зæй! Зæй рацæуы! — фæнычы обаумæ кæсгæйæ, цъæхснаг хъæлæсæй хъæр кæны сывæллон.
Лæг, зæй рацæуы, зæгъгæ, куы айхъуыста, уæд фæтарст, йæ зæрдæ аскъуыд æмæ æрбамард!
Гъе, афтæ: чи цæмæй тæрсы, уый йыл цæуы, æмæ тæрсын ницæмæй хъæуы.

#цгъойтыхазби
ÆФСИС ЗОНЫН ХЪÆУЫ. Незаманты, дам, иу зæххъуаг мæгуыр лæг æрвылбон Хуыцаумæ куывта, хъуырыцъарæй дзы куырдта зæххы гæппæл. Хуыцау мæгуыр лæджы сагъæсмæ, хъынцъыммæ æрфæлмæн æмæ йæм Уастырджийы æрæрвыста. Загъта йын: «Фæцу уыцы лæгмæ æмæ йæ, зæхх цас хъæуы, уый бæрц ын радт».
Æртахт уæларвæй зæхмæ Уастырджи, бацыд мæгуыр лæгмæ, йæхи йын бацамыдта, загъта йын Хуыцауы фæндон дæр.
Лæг Хуыцау æмæ Уастырджийы аудындзинадæй фæкуыддæр, фæуыргъуыйау æмæ, сæ зæхх цас ракуырдтаид, уый нал зыдта. Уæд ын Уастырджи афтæ:
- Райсомы хурыскастæй изæры хурныгуылдмæ дæлæ тыгъд быдыры фæцу, цас зæхх дæ хъæуы, уымæн йæ алыварс æрзилын дæ къухы куыд бафта, афтæ.
Лæг æхсæвы фырадæргæй рæстмæ фынæй дæр нæ бакодта. Хурыскаст ын куы аирвæза æмæ стыр зæххы алыварс æрзилын йæ къухы куы нæ бафта, уымæй тæрсгæйæ. Æмæ куыддæр хурыскæсæны ’рдыгæй арвыл хур йæ был сдардта, афтæ атындзыдта размæ. Бон-изæрмæ куы згъоргæ, куы цæугæ, - иу уысм не ’рулæфыд, хæргæ дæр - цæугæ-цæуын къæбæрæй йæхи фæсайдта.
Фæсæмбисбон Уастырджи, лæг кæцæй араст, уым йæхи Цъæх нæууыл æруагъта, изæрмæ йæм банхъæлмæ кæсон, зæгъгæ. Хур æрвгæронмæ æрæввахс, фæлæ лæг зынæг нæй. Уастырджийы зæрдæ йæм фехсайдта, йе ’рткъахыг бæхыл абадт æмæ фæцагайдта йæ агурæг. Быдыры йæ лæф-лæфгæнгæ згъоргæ баййæфта æмæ йæм дзуры:
- Хур аныгуылынмæ бирæ нал ис, дæ фæндаг фæцæхгæр кæн. Фаг дын у.
- Нæу мын фаг! Нæу! Уæлæ ма тæрфытыл дæр æрзилон.
- Хурныгуылдмæ кæцæй рацыдтæ, уырдæм куы нæ бахæццæ уай, уæд дæ фыдæбон фæдзæгъæлы уыдзæн.
Лæг уæддæр нæ басаст, фæлæ ноджы тынгдæр атагъд кодта. Цы тæрфыты кой кодта, уыдоныл æрзилын дæр йæ къухы бафтыд. Æмæ мæнæ фæхæццæ кæны, кæцæй рацыд, уырдæм. Бирæ йæ нал хъæуы, бирæ нал хъæуы хуры æрныгуылдмæ дæр. Тыхсти, бафæллад, фæлæ уæддæр тындзы размæ. Йæ уд йæ хъуырæй схауы, фæлæ мæнæ.., мæнæ, ныртæккæ сæххæст уыдзæн йæ бæллиц.
Бахæццæ, кæцæй рацыд, уырдæм. Дыууæ къахдзæфы ма йæ хъæуы, æмæ хур дæр æрвгæрон фæаууон уыдзæн, фæлæ йæ къах айсын нал бафæрæзта æмæ размæ бахауд, йæ къух баивæзта, кæцæй рацыд, уый бæрæггæнæнмæ - баххæссыд æмæ сдзырдта:
- Æгъи. Ныр мын фаг у! - æмæ йæ уд систа.
- Фаг дын у, фаг. Дæ бæрцæй фылдæр дæ нæ хъуыд. Æфсис чи нæ зыдта, уый! - загъта Уастырджы мæстджынæй æмæ ныппæррæст кодта уæларвмæ.

#цгъойтыхазби
#таурӕгъ
ÆВЗАГ.
Паддзах, дам, йæ лæггадгæнæгæн бафæдзæхста:
- Ацу æмæ мын æрбахæсс, дунейыл æппæты адджындæр цы у, уый. Лæггадгæнæг ацыд æмæ йын æрбахаста æвзаг. Уæд та йæ арвыста «дунейыл æппæты мастдæр цы у», уымæ. Дыккаг хатт дæр та паддзахмæ æрбахаста æвзаг.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
НИЦЫ МЫН КÆНДЗÆНИ.
Иу лæппу иу налат усы чызджы куырдта, æмæ йæ йе ’мгæрттæ фæрсынц:
— Куыд уæндыс, йæ мад бирæгъ куы у, уæд дæ нæ бахæрдзæн?
Уыи сын афтæ:
— Йæ лæппын мæхимæ куы уа, уæд мын ницы кæндзæн.

#цгъойтыхазби
#хъӕлдзӕгныхӕстӕ
IRON ARGHAW
Доброе цейское утро!
МОЛАДЗАН ХОХ.
Цъæйы комы Схъазы æмæ Цъæйы цъититæй цы цæугæдæттæ цæуы (хонгæ дæр сæ Схъаздон æмæ Цъæйдон кæнынц), уыдон кæм баиу вæййынц, уырдыгæй чысыл фалдæр хæрдмæ фæцыд сау къæдзæх. Иуварсæрдыгæй бакæсгæйæ моладзаны хуызæн у. Уымæ гæсгæ йæ туристтæ рахуыдтой Моладзан-хох. Бирæ таурæгътæ æмæ хабæрттæ ис ацы хохы тыххæй дæр. Иу таурæгъ дзы у ахæм. Цæвиттон, кæддæр, тынг раджы, ацы комы хъæдты фæзынд сыгъзæринсыкъа саг. Цынæ хорз цуанон ахатти йæ фæдыл хæхты æмæ хъæдты тæссагдæр рæтты дæр, фæлæ йæ амарын никæй къухы æфтыд. Фæстæмæ-иу афтидæй, фæллад æмæ уæнтæхъилæй æрыздæхтысты.
Уæд иуахæмы иу æвзыгъд лæппу-цуанон ныффæнд кодта йæ амарын. Йæхи хорз барæвдз кодта, Рекомы кувæндоны бынмæ æгъдауимæ бацыд, Уастырджийыл йæхи бафæдзæхста, фæфæндараст мæ кæн, зæгъгæ. Стæй адæмы раз ард бахордта, Уастырджи йын сыгъзæринсыкъа саг амарынæн куы баххуыс кæна, уæд ын йæ номыл сыгъзæрин сыкъатæ Рекомы кувæндоны кæй сæвæрдзæн.
Фæцыд лæппу цуаны. Бирæ фæхатт, чысыл, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ саг Уастырджийы æххуысæй йæ къухы бафтыд. Куы йæ æрфæлдæхта æмæ йæм æввахс куы бацыд, уæд сыгъзæрин сыкъатæй йæ цæстæнгас нал иста. Фырцинæй йæ йæ ардбахæрд дæр æрбайрох. Афтæмæй саджы сæр дæр ракодта, æрхаста йæ сæхимæ, фæлæ сыгъзæрин сыкъатæ кувæндонмæ бахæссын йæ цæст нал бауарзта.
Уастырджи йæм смæсты, йæ ардбахæрдыл гадзрахатæй кæй рацыд, уый тыххæй, æмæ йæ къæдзæх хох фестын кодта.

#таурӕгъ
#цгъойтыхазби
НАЗ БÆЛАС.
Иу лæппу фæрсы йæ фыды:
— Гоба, Ногбон та кæд уыдзæни?
— Уалæ кьæлиндары сыфтæ куы фæуой, уæд, — дзуапп радта фыд.
Уæд лæппу бацин кодта:
— Æз сæ ныртæккæ æртондзынæн. Цу æмæ мын наз бæлас балхæн!

#цгъойтыхазби
Бирæ фæфæсмон, фæмæт кодтой, стæй рахастой ахæм фæнд: «Абонæй фæстæмæ дон нуазгæ уæд кæстæрæй, цæмæй ахæм бæллæх макæуылуал æрцæуа!» Уыцы хъуыды ахæлиу æппæт ирон адæмыл, æмæ нæм дон нуазгæ у кæстæрæй.

#таурӕгъ
#цгъойтыхазби
«МÆ ФЫДЫЛ КÆУЫН».
Базæронд лæг æмæ мæлæты къахыл ныллæууыд. Йæ фырттæ, йæ чызджытæ, чындзытæ æмæ цоты цот ма йын цы акæной, уый нал зонынц. Зæронды ныхмæ ницы хос ис, æмæ ма йæ ныхасæй, хойраджы хорзæй рæвдауынц. Æнæбындур ныфсытæ йын æвæрынц. Лæг, куырыхон лæг сæм хъусы æмæ кæд зоны, йæ адзал æрцыд, уæддæр йæ мидбылты бахуды æмæ йæ сæр разыйы тылд бакæны. Ома, дзурут, дзурут, æз мæ уавæр сымахæй хуыздæр зонын. Сымах мæнæн ныфсытæ æвæрут, æз та сымахыл ауæрдын.
Иуахæмы зæрондæн йæ зæрдæ суынгæг, æмæ йæ цæссыг фемæхст. Цот уый куы ауыдтой, уæд йæ алыварс атыгуыр сты. Ныфсытæ йын æвæрынц, ма тыхс, уæлæ дæм стыр горæтæй абон зындгонд дохтыры æркæндзыстæм, æмæ дæ уый фендзæн, уый дын дæ низыхатт базондзæн æмæ йын хос ссардзæн, зæгъгæ. Фыд сæ ныхæстæм йæхиуыл фæхæцыд, йæхи фæхъæбæрдæр кодта æмæ сын афтæ:
— О мæ уарзон байзæддаг, зонын æй, тыхсут мыл, фæлæ зæрондæн хос нæй, чи райгуыры, уый мæлгæ дæр кæны, æмæ æрцыд мæ адзал дæр. Фæлæ æз мæхиуыл нæ кæуын. Мæ фыдыл кæуын! Уый дæр мемæ мæлы. Цалынмæ цардтæн, уæдмæ йæ ном цард мемæ — мæ фыды фырт мæ хуыдтой. Ныр мæ ном баззайдзæн сымахимæ, мæ фыды ном та цæуы мемæ.

#цгъойтыхазби
#таурӕгъ
НЫР МÆХИ МАРГÆ АКÆНОН. Асæбе йæ цоты фыдуаг æмæ æнæсæрфат митæй сфæлмæцыд, кæуыны онг æй æркодтой æмæ хъарæггæнæгау йæ сыхагæн дзуры:
— Мæ уд мын бахордтой сæ чысылæй абонмæ. Мæхи сабидуджы мæгуырдзинæдтæ хъуыды кæнгæйæ, архайдтон, уæдæ сын уый дæр уа, мацæмæй фæцух уой. Мæхи ферох кодтон — æппæт дæр уыдонæн. Æмæ, уæлæ Æхсароны цотау ахуыр æмæ размæ цæуыныл куы ныххæцыдаиккой, уæд фæсмонгонд, бæргæ, нæ уаин...
— Асæбе, Æхсарон сæ сидзæртæй, æнæфыдæй фæхъомыл кодта. Сидзæр цот та царды уæз раджы банкъарынц.
— Омæ ныр мæхи амарон? — ныууынæргъыдта Асæбе!

#цгъойтыхазби
АЛКÆЙ ХÆС ДÆР У.
Ирон ахуыргонд æмæ абадгæ лæппутæ бакъорд сты, сагъæс кæнынц ирон адæмы хъысмæтыл, быцæу ныхас кæнынц национ идейæйыл. Уыцы рæстæджы сыл æрыгон фыссæг бамбæлд, æрыхъуыста сæ ныхæстæм, сæ сагъæстæм. Йæ цæст сыл ахаста, алкæй цардвæндагыл дæр дзы ныхъхъуыды кодта æмæ куы рахатыдта, сæ иуæн дæр дзы ус нæма ис, афтæмæй зæронд кæнынц, уый, уæд сын тызмæгæй афтæ:
— Уæ ныхæстæ ма ныууадзут, ахуыргонд адæм куы стут, уæд ныхасæй хъуыддаг нæ рæзы, уый нæ зонут? Алчидæр-ма уæ ус ракурæд, æппынкъаддæр æртæ сывæллоны рауадзæд æмæ сæ Ирыстоны аккаг бахъомыл кæнæд! Гъе, уый у уæ æрдзон хæс, уæ быцæу æмæ цъæл ныхасæй ирон адæмæн — ахсджиагдæр.

#цгъойтыхазби
#радзырд
ТÆРХЪУСТÆ.
Тæрхъустæ æрвылæхсæв æрнæг пыхсы æрæмбырд вæййынц, кæрæдзийæн фæдзурынц сæ хъæстаг хабæрттæ: бирæгъ сæ æддæмæ ракæсын, хæринаг амал кæнын кæй нæ уадзы, иугай сæ куыд куынæг кæны. Тæрхоны рабадынц, марыны тæрхон ын рахæссынц. Фæлæ та куы сбон вæййы, уæд тæрсгæ-ризгæйæ фæйнæрдæм апырх вæййынц...

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
УÆРТДЖЫН ХÆФС - ЦУМАЙЫ ЛÆППУ.
Сырдтæ, дам, æмбырдæй бадтысты. Иуахæмы сæ рухс ахуыссыд, æмæ кæрæдзи цырагъмæ æрвитынц. Æгæр куы сбыцæу сты, уæд Рувас афтæ:
- Уæртджын хæфс кæстæр у æмæ уый ацæуæд.
Иууылдæр сразы сты. Уæртджын хæфсæн дæр ма цы гæнæн уыд: йæ фындзы бын бахъуыр-хъуыр кодта æмæ рараст.
Уæртджын хæфс æрæгмæ зынд, æмæ сырдтæ дзæвгар талынджы куы абадтысты, уæд хор-хор кæнын райдыдтой: «Кæд уыдзæн уый?» «Цæмæн æй арвыстам?» «Фæрæдыдыстæм».
Уыцы рæстæг сæм Уæртджын хæфс къæсæрæй дзуры:
- Бирæ куы дзурат, уæд æз ардыгæй фæстæмæ дæр . аздæхдзынæн.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
ДЫУУÆ БИРÆГЪЫ.
Бирæгъ бон-изæрмæ сыллынк-сыллынкгæнгæ холы агурæг фæразгъор-базгъор кодта хъæды, фæлæ йæ къухы ницы бафтыд. Изæрырдæм хъæдгæронæй суыдта хъомрæгъау. Иунæгæй сын кæй ницы бакæндзæн, уый зыдта, æмæ æмбал агурæг азгъордта. Кæсы, æмæ иу бирæгъы хуыггом. Фæмидæг дзы. Хуыггомы хицау - нæл бирæгъ дзы уæлгоммæ хуыссы. Дзуры йæм:
- Дæлæ хъæдрæбын хъомрæгъау. Цом, нæ иу - сургæ, иннæ - ахсгæ æмæ дзы иу æрфæлдахæм. Мæ ахсæн фырæххормагæй сины стæгыл баныхæст.
- Æз æфсæст дæн, æмæ мæ хуыссын бауадз, - дзуапп радта фысым.
Бирæгъ ма фырмæстæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Йæхи йыл ныццавта, йæ цыргъ дæндæгтæ йын йæ бæрзæйы ныссагъта æмæ йын йæ туг сцъырдта.
- Цы кодтай? Цы дыл æрцыд? Æрра фæдæ, зæгъгæ, йыл хъæр кæны нæл бирæгъ.
- Цы кодтон? Ды - æфсæст, æз - æххормаг. Ныр нæ дыууæ дæр - æфсæст.
Ацы æмбисонд бирæтæн хъуамæ уа зонды хос. Бонджын мæгуыры куы нæ æмбара, уæд мæгуыр фырадæргæй лæбургæ кæны.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
УАСÆГ ÆМÆ РУВАС.
Уасæг бæласыл бады уæле. Рувас æм бацыд æмæ уасæгмæ уæлæмæ дзуры:
- Ахæм рæстæг, дам, æркодта æмæ рувасæй, уасæгæй, куыдзæй - иууыл иумæ хъуамæ цæрой.
Уасæг дæр дæлæмæ-дæлæмæ хизын райдыдта, бауырныдта йæ рувасы ныхас. Уалынмæ дын иу куыдз æрдугъ кæны, æмæ рувас дæр йæ хъус лидзынмæ радта. Уасæг æм фæсте дзуры:
- Кæдæм цæуыс, рувас?
Рувас æм фæстæмæ дзуры:
- Уый нырма ницы фехъуыста, æнæмбаргæ у æмæ ахæм закъæттæн ницы бамбæрста.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
ХÆЛЫНБЫТТЫР.
Хæлынбыттырмæ мыстытæ бацыдысты æмæ йын зæгъынц:
- Гæдыйæ æддæмæ ракæсын нал уæндæм, иугай нæ куынæг кæны æмæ йын исты схос кæнæм.
- Æз мыст нæ дæн, æз маргъ дæн! - фæцæттæ хæлынбыттыр.
Уæд æм иуахæмы лыстæг мæргътæ дæр куы бацæуиккой уынаффæмæ æмæ йын зæгъынц:
- Цъиусур нæ цæрын нæ уадзы, нæ сæр дзы нæ кой ссис, æмæ нæхи бахъахъхъæныны тыххæй исты æрхъуыды хъæуы.
- Æз маргъ нæ дæн, мыст дæн, - ахæм уыд мæргътæн та йæ дзуапп.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
МАДЫ УДУÆЛДАЙ УАРЗТ. Хъæбулмæ ныййарæджы стыр уарзондзинады тыххæй бирæ хабæрттæ фехъусæн вæййы, бакæсæн ис аивадон литературæйы, фæлæ Дæргъæвсы комы Хынцæгæй Къæхтысæры æхсæн цы Къæцæлæппарæн дур ис, уыимæ баст æцæг хабар зæрдæйыл æндæрхуызон æмбæлы, зонд æндæрхуызон агайы.
Кæддæр, дам, нудæсæм æнусы дæргъæвсаг иу æрыгон ус йæ ноггуырд сывæллонимæ быдыры хъæутæй иуы, йæ цæгатмæ хуындæджы бадт. Сывæллон куы ныййардта, уæдмæ зымæг дæр ралæууыд, æмæ боныхъæды хорзмæ каст. Йæ цæгаты æгæр бирæ кæй фæстиат кодта, уый йæм худинаг каст, йæ лæджы мад æмæ фыдæй æфсæрмы кодта.
Иуахæмы, куы фæбон кодта, уæд Хъобанмæ цæуджытимæ фæбалц. Хъобанæй иунæгæй фистæгæй уыд йæ фæндаг. Хуссар Хынцæгмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ йыл схъызыд. Фæндаджы иуварс егъау дуры аууон балæууыд. Кæсы æмæ дзы байбынгонд. Йæ нымæтæй хуыд гуыр раласта, сывæллоны дзы батыхта, дуры хуылфы йæ йæ хъæбысы бакодта, зымæджы хъызтæй йæ йæ гуырæй бааууон кодта, афтæмæй æрбадт.
Уыцы хуызы сæ ссардтой, Хуссар Хынцæгæй бæлццон сывæллоны кæуын куы фехъуыста, уæд. Мад басыд æмæ амард, сывæллоны аирвæзын кодта йæ нымæтын гуыр æмæ буары хъармæй. Кæугæ, ниугæйæ йæ кадимæ бавæрдтой уæлмæрды, фæлæ йæ удуæлдай уарзт йæ хъæбулмæ цæры æнусты. Уæдæй фæстæмæ уыцы дуры цур къæцæл аппарын Дæргъæвсы комы ссис æгъдау. Цæмæй ма кæд искæуыл ам зымæгон схъыза, уæд ын арт скæнынæн фадат уа. Афтæ дур дæр рахуыдтой Къæцæлæппарæн дур.

#таурӕгъ
#цгъойтыхазби
Æрдз рæсугъд у йæ бирæвæрсыг хуызтæ æмæ змæлдæй. Йæ æдзæм æмæ сæрбихъуырæйттæй, йæ рæдау æмæ æгъатырдзинадæй. Æрдзы хъомыс бирæ у, фæлæ уæддæр сылгоймагæй рæсугъддæр, аивдæр, æмбæхст сусæгдзинæдтæй дзагдæр удгоймаг не скодта. Уæлдайдæр йæ миддунейы хæрзуылæн йæ хъуыддæгтæй, йæ митæй, йæ цæсгомыл æддæмæ куы æнхъæвза, уæд!

Нывгӕнӕг Дзӕнтиаты Юрий.

#цардыхъуыдытӕ
#цгъойтыхазби
Æнусон егъау бæлас куы рафæлдæхы, уæд йæ алыварс къаддæр бæлæстæ бацин кæнынц, йæ аууонæй фервæзтыстæм, зæгъгæ. Тыхдымгæтæй дæр сæ хъахъхъæдта, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæ вæййы, цалынмæ сæ ныууигъынц, уæдмæ. Уыцы уавæр хауы адæммæ дæр: сæ хуыздæр куы амæлы, уæд æвзæртæ бацин кæнынц, ныр разындзыстæм, зæгъгæ, ном сын кодта, ууыл нæ ахъуыды кæнгæйæ.

#цгъойтыхазби
#цардыхъуыдытӕ
Хуыцау æвзаг иутæн радта адæмы кæрæдзиуыл бæттынæн, иннæтæн зондамонынæн, аннæтæн та- адæмыл цъыф калынæн, кæрæдзиуыл сæ ардауынæн.

#цардыхъуыдытӕ
#цгъойтыхазби