МА ДЗЫ БАЙРАЙУТ УÆ ХАЛАМÆРЗÆНÆЙ.
Раджы заманы иу бонджын лæджы фырт, Темыр, ахуыр кодта уырыссаг æвзаг Стъараполы йæ фыды зонгæмæ. Дыууæ азы фæстæ сæ хъæумæ æрбафтыднс æмæ, марадз зæгъай, кæд ма йæ карæнтæм иронау сыбыртт дæр кодта! Нал æрвæссыди мадæлон æвзагыл.
Уæд æм иу мæгуыр лæджы фырт, халамæрзæнмæ амонгæйæ, афтæ бадзуры:
— Темыр, уæдæ мæнæ ай та цы хуыйны уырыссагау?
— Вот это? Не знаю! — загъта Темыр, æмæ халамæрзæны къæбæлтыл йæ цырыхъытæй æрлæууыдис. Халамæрзæны хъæд Темыры ныхыл — къупп!
— Ма дзы байрайут уæ халамæрзæнæй! — фæхъæр ласта Темыр.
Уæд æм мæгуыр лæджы фырт дзуры:
— О-гъо, Темыр, иронау ма куы зоныс!
#хъӕлдзӕгныхӕстӕ

ДÆ БÆСТЫ ÆЗ РÆЙОН?
Бæбæйы хæдзармæ йæ зонгæтæ тынг арæх цыдысты. Æнæхонгæйæ-иу бараст сты цыфæнды афоны дæр æмæ-иу хæдзары æппæты рæбынæй æрбадтысты. Сфæлмæцыди уазджытæй Бæбæ, уæдæ цы уыдаид. Сфæнд кодта хъыхъхъаг куыдз балхæнын, кæд дзы тæрсиккой æмæ арæх нал цæуиккой, зæгъгæ.
Иу хуыцаубон ацыди Змейкæйы базармæ æмæ дзы дынджыр куыдз балхæдта. Хæдзары тæккæ къæсæрыл æй ставд рæхысæй æрбаста æмæ йæ усмæ дзуры:
— Гъер нæм ничиуал æрбацæудзæн. Марадз, фынг ацæттæ кæ, æмæ нæхи хорз фенæм.
Куыддæр æфсин фынг æрцæттæ кодта, афтæ къæсæрæй къæхты хъæр ссыд. Бæбæ нуазæн байдзаг кодта æмæ куыдзы цæрæнбоны тыххæй сиды...
Æддейы кæйдæр уынæр тынгдæр цæуын куы байдыдта, уæд Бæбæ ракаст, æмæ дын дуармæ — дунейы уазджытæ. Куыдз сæм йæ къæдзил тилы æмæ сыл цинтæ кæны.
Уæд Бæбæ фырмæстæй ма цы акодтаид, уый нал зыдта æмæ куыдзмæ дзуры:
— Ды сыл цинтæ кæныс, æз та сыл рæйгæ кæнон?

«ХЪИСФÆНДЫРÆИ ЦÆГЪДÆГ» ÆМÆ ÆДЫЛЫ ÆХСÆВГÆС.
Иу хуыснæг дукани адавынмæ бахъавыди. Дынджыр рæс райста æмæ дзы лыг кæны дуары гуыдыр. Хъахъхъæнæг æй баййæфта æмæ йæ фæрсы:
— Уый цы ми кæныс, хорз лæг?
— Мæнæ хъисфæндырæй цæгъдын, — дзуапп радта хуыснæг.
— Ау, æмæ дын хъуысгæ цæуылнæ кæны? — бадис кодта хъахъхъæнæг.
— Ницы кæны, райсом æй фехъусдзынæ, — загъта хуыснæг æмæ йæ куыст кодта дарддæр.
#хъӕлдзӕгныхӕстӕ.

Адæм кæмæй равзæрдысты?
Иу ахуыргонд касти лекци. Лектор фæстагмæ рахызти, адæм куыд равзæрдысты, уыцы темæмæ. Ракодта Дарвины æмæ май- мулиты кой дæр.
— Æмбал лектор, æз Дарвины ахуырадимæ бынтон разы нæ дæн. Мæнмæ гæсгæ, адæмæн сæ фылдæр равзæрдысты фыстæй, — загъта Саламджери.
Лектор фæджих, йæхи фæтар кодта.
— Цæмæн дæм афтæ кæсы?
— Уымæн æмæ, адæмæй дæр бирæтæ сты сабыр, фысты хуызæн. Цыфæнды æвзæр митæ сын кæн, уæддæр æнцад лæудзысты.
— Æмæ уæд адæмы дæр фысты хуызæн цæуылнæ æлвынынц?
— Æмæ æлвыд не сты, æви ма сæ дасын уæ зæрды ис?
#хъӕлдзӕгныхӕстӕ
#ситохатысаламджери

Не знæгтæй ам ис чидæр. Саламджерийы йе ’мбал ахуыдта Алагирмæ чындзхастмæ. Фысымтæ йæ фарстой, мæхъæлæй, дам, Камбилеевкæйы æмæ Октябрыхъæуы ничима æрцарди. Сæ иу тынг æртхъирæн кодта хъулгъамæ, æз, дам, сæ мæ цæвæнгарз нæ раздахдзынæн. Уæд Ситохы-фырт афтæ:
— Уыдонæй уæлдай ма махæн ис æндæр знаг дæр. Гыццыл нæ нæ ныццагъта. Ныртæккæ дæр ам ис.
Лæппутæй цалдæр сæхицæи бынат нал ардтой:
— Бацамон нын æй! Мах ын аккаг фæуыдзыстæм!
— Уый ардыгæй æгасæй нал ацæудзæн!
— Мах аланты фæдонтæ стæм! Куыд æрбауæндыд не ’хсæн мæ бон-сихорафон?! Æви нæ ницæмæ дары! Бацамон-ма йæ! Кæм ис?!
— Кæд уæ афтæ фæнды, уæд рацæут мемæ, — загъта Саламджери æмæ сæ бакодта къæбицмæ.
— Дуарыл исчи лæууæд! Ма алидзæд! — райхъуыст лæппутæй кæйдæр тызмæг хъæлæс.
— Мæнæ ис уыцы знаг, — загъта Саламджери, графины цы арахъхъ уыд, уымæ ацамонгæйæ.

ЗНӔГТЫ РИУТӔ.
Иу къуыдипп лæг чызгæрвысты карз нозтæй йæхимæ куы фæкасти, уæд йæ риу ныххоста:
— Æз алантæй дæн, алантæй. Æрбакæсут-ма мæм!
Уæд æм Саламджери бадзырдта:
— Фæрæдыдтæ, алантимæ дæуæн иумæйагæй ницы ис. Алантæ-иу сæхи риутæ нæ хостой, фæлæ знæгты риутæ.

ХÆДЗАРЫХÆЛД.
Фæсхохаг Химан дард балцæй сæхимæ фæцæйцыд. Хъæугæрон ыл сæмбæлд йæ сыхаг Нестъор. Кæрæдзийыл фæцинтæ кодтой, стæй йæ Химан фæрсы, нæхимæ цы хабæрттæ ис, зæгъгæ.
— Æвзæр хабарæй ницы ис, æцæг, мæгуыр, уæ куыдз Мила амардис, — загъта Нестъор.
— Ау, æмæ цы кодта? — катайы бацыд бæлццон.
— Цы кодтай куы зæгъай, уæд уæ галы стæг йæ хъуыры ныссагъд.
— Æмæ нæ гал та цы кодта?
— Ницы, хистæн æй аргæвстой дæ бинойнагæн, — рухсаг уӕд, рухсаг.
— Ау, æмæ цы кодта не ’фсин та?
— Æмæ ма цы кæна, мæгуыр! Уæ хæдзар ныккалдис, æмæ уый бын фæцис.
— Уæ, Хуыцау дыл йæ бæллæх сæвæра, Нестъор, ай хæдзархæлд куы фæдæн, уæд мын хабæрттæ Мила-куыдзæй дзурын цы райдыдтай!

КÆД МÆНЫЛ КÆУЫС?
Фæсхохы иу ус, йæ чызджы чындзы æрвитгæйæ тынг куыдта, æмæ йæ сиахс фæрсы:
— Уæ, Деда, дæ мæрдтыстæн, цæуыл кæуыс?
— Куыннæ кæуон! — дзуры ус, — чызг фæхастон, æмæ йæ ды хæссыс.
Уæд æм сиахс дзуры:
— Нæ, фæлæ кæд дæ чызг нæ бæззы, æмæ мæ тæригъæдæй кæуыс?..

ХИНӔЙДЗАГ ДЗУАПП.
Дзеуа-иу йæхæдæг исты куыста, уæд-иу цæст нæ хæцыд йæ фезмæлдыл. Гъе, фæлæ йæ зоны, ай иумæйаг хъуыддаг у, уæд-иу алы 'фсæнттæй йæхи сайдта куыстæй. Мæнæ та ныр дæр, кæмæдæр фæззæгмæ хорыл нартхор рувгæйæ, «мæ сæр риссы», зæгъгæ, сæфсон кодта йе 'мбæлттæн æмæ бæлæсты бынмæ аууонмæ йæхи байста. Хур раджы акъул, уæддæр Дзеуа зынæг нæй. Нал фæлæууыд Датуа æмæ йæм фæхъæр кодта:
- Цы фæдæ, Дзеуа? Рацу акус, кæд ма нын исты бантысид. Хур фæцæуы, уый нæ уыныс?
- Датуа, æмæ æз куы акусон, уæд йæ цыд бауромдзæн? - бæлæсты бынæй райхъуыст Дзеуайы ныхас.
#бырнацтыбарон

НИЦЫ МЫН КÆНДЗÆНИ.
Иу лæппу иу налат усы чызджы куырдта, æмæ йæ йе ’мгæрттæ фæрсынц:
— Куыд уæндыс, йæ мад бирæгъ куы у, уæд дæ нæ бахæрдзæн?
Уыи сын афтæ:
— Йæ лæппын мæхимæ куы уа, уæд мын ницы кæндзæн.
#цгъойтыхазби