IRON ARGHAW
927 subscribers
1.19K photos
424 videos
362 files
318 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Forwarded from рухс_ссудз
Кадæггæнджытæ/ сказители:

1. Сланты Гæха/ Гаха Сланов;
2. Будтуты Мæза/ Маза Будтуев;
3. Дзусты Рæмон/ Рамон Дзусов;
4. Медойты Сабе/ Сабе Медоев;
5. Саулаты Дзæрæх/ Дзарах Саулаев;
6. Тæутиаты Дрис/ Дрис Таутиев;
7. Тугъанты Тæтæрхъан/ Татаркан Туганов;
8. Хъалæгъаты Иналдыхъо/ Иналдыко Калагов.

Кадæггæнæг – йæхи фæндыры цагъдмæ кадджытæ æмæ таурæгътæ чи кодта, ахæм дæсны дзурæг./ такой мастеровитый рассказчик, который рассказывал легенды и предания под аккомпанемент своего инструмента.

Нывтæ райстон ардыгæй.
Рухсадон проект #рухс_ссудз
#рс_этнографи
Forwarded from НОГДЗАУ
КАДÆГ ЦХИНВАЛЫЛ

Тар ‘хсæв фынæй Цхинвалæн
Къæбутмæ знаг ныхъхъавыд…
О, Хуыцау! Цал ‘мæ цалæн
Уæд йæ рæзгæ уд аскъуыд?..

Леуахи та «фæдис» кодта,
Сидти адæммæ кæмтты…
Рукъыл не ‘фсад тагъд кодта:
«Не ‘ссæнддзæн знаг ирæтты!..»

Нæ лæппутæн карз хæсты
Уæд сæ хъарм туг кæм калди,-
Зонæм, абон сæ бæсты
Сырх уардитæ æрзади!..

Фæлæ нæ хæссынц бирæ
«Фыдбон» æмæ, дам, «фыдлæг»!-
Абхаз ‘мæ Хуссар Ирæн
Сæ Рухс фын разынди ‘цæг…

Уæрæсе баузæлд мадау
Йæ ног дыууæ «Хъæбулыл»,
Æмæ фæкодта мардау
Нæ тугмондаг фыдгулы!

Лæуу нын, уæдæ, лæуу, фидар,
Нæхи Хуссар Ирыстон!
Æгас нæм цу, Сæрибар!
Фыдгул фæуæд гæныстон!..

30.08-2023 аз
Хъайтыхъты Риммæ,
Дзæуджыхъæу.
Свати Фарнæйы нывтæ иууылдæр баст сты нæ уидæгтимæ. Уымæ гæсгæ зæрдæйæн хæссынц цавæрдæр циндзинады æнкъарæнтæ. Бирæты бафæндид йæ хæдзары къул дзы саив кæнын, уарзон æмæ зынаргъ адæймагæн дзы балæвар кæнын. Уыцы фадат ис алкæмæн дæр.
УАСÆДЖЫ ТАУРÆГЪ

Раджы кæддæр Уасæгæн йæ боцъо æмæ йæ къоппа уыдысты урс-урсид. Миты гæлæбуйы хуызæн.
Иу сæумæрайсом куыроймæ фæндагыл уасæг ссардта хоры нæмыг. Замманай хоры нæмыг!
— Хъо-хъо-хъо-хъо!!! — басидт кæрчытæм.
Кæрчытæ æзфæраздæронæй тахтысты алырдыгæй. Фæлæ Уасæг хоры гага ахордта йæхæдæг. Æмæ тынг фæхудинаг. Æмæ тынг фефсæрмы. Йæ боцъо, стæй йæ къоппа сырх-сырхид афæлдæхтысты. Зырзыраг дидинæджы хуызæн.

ЧЕДЖЕМТЫ Геор сывæллæттæн

#журналмахдуг #сывæллæттæн #радзырд