IRON ARGHAW
976 subscribers
1.22K photos
446 videos
373 files
328 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
ÆВЗАГ.
Паддзах, дам, йæ лæггадгæнæгæн бафæдзæхста:
- Ацу æмæ мын æрбахæсс, дунейыл æппæты адджындæр цы у, уый. Лæггадгæнæг ацыд æмæ йын æрбахаста æвзаг. Уæд та йæ арвыста «дунейыл æппæты мастдæр цы у», уымæ. Дыккаг хатт дæр та паддзахмæ æрбахаста æвзаг.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
Forwarded from vladislav totraty
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Последние осенние дни под музыку незабвенного Феликса Алборова 🙌🏻
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Арт-Объект Зеркальный барс в Кадаргаванском каньоне, Северная Осетия.
Видео: Магомедали Абдулаев.

Я ♥️ Россию
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Предлагаем вам прослушать фрагмент стихотворения Коста Хетагурова «Хъубады»☀️

Читает заслуженный артист Северной Осетии Юрий Мерденов. Музыку написал известный осетинский композитор Аслан Кокоев.

Материал записан на пленку в 1959 году
1934 год. Улица Маркова у ЖД вокзала. Идет прокладка новой трамвайной линии в сторону Электроцинка.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Вашему вниманию старинная дигорская народная песня☀️

Zarguti quar - Digoron
НИЦЫ МЫН КÆНДЗÆНИ.
Иу лæппу иу налат усы чызджы куырдта, æмæ йæ йе ’мгæрттæ фæрсынц:
— Куыд уæндыс, йæ мад бирæгъ куы у, уæд дæ нæ бахæрдзæн?
Уыи сын афтæ:
— Йæ лæппын мæхимæ куы уа, уæд мын ницы кæндзæн.

#цгъойтыхазби
#хъӕлдзӕгныхӕстӕ
КАРСАНТЫ ИДЫДЖЫ ЗАРÆГ. Заманхъулы Карсанаты чындзытæ «уидыг» нæ дзырдтой, «цъоз» æй хуыдтой. Цæмæн? Уымæн æмæ мыггаджы хистæр, сæ кадджын рагфыдæл Идыг хуынди, æмæ æнгæс дзырд кæй уыд, уымæ гæсгæ «уидыг» зæгъын дæр æфсæрмы кодтой, æгъдау нæ амыдта. Карсанаты Идыг йæ рæстæджы уыд, йе уæнджы æхсар æмæ æфсарм иумæ кæмæн зылдысты, ахæм сæрæн лæппу. Адавта паддзахы къазна. Заманхъулы æххуырстыты æрæмбырд кодта тулдз хъæды рæбын, худæй сын байуæрста æхца æмæ сын загъта:
— Гъер цæугæут уæ мæгуыр хæдзæрттæм æмæ абонæй фæстæмæ æххуырсты куыст уæ сæрмæ мауал æрхæссут.
Уый тыххæй, зæгъынц, фæстæдæр Карсанаты Идыгыл Заманхъулы цæрджытæ æххуырстытймæ иумæ скодтой ацы зарæг.
Карсанаты хистæртæ Тъот-Муссæ æмæ Хадзумар фæцардысты фæйнæ фондзыссæдз азы. Уыдон куыд дзырдтой, афтæмæй сæ фыды фыд Идыгыл зарæг, зæрдæаив нымадæй конд æрцыд 1852-æм азы.
⬇️⬇️⬇️
Уæлæ сын Арыхъыты хурæй уарын,
Акæсут-ма хорз адæм, Карсанаты хорз Идыг
Къазнайы сызгъæрин æхцатæ
Мæгуыр адæмæн худæй уары.

Далæ сын Æрджынарæджы Боброн бон куы кæны.
Карсанаты хорз Идыг къазнайы сызгъæрин æхцатæй
Æппæт мæгуыр адæмæн ном куы кæны.

Сау хъæды сæгуыт сын арсы ныхта,
Æмæ Идыгмæ куы æрбацыдысты пъæлицæ джигул кæнынмæ,
Уæд Идыгæн йæ ныййарæг мад къазнайы
Сызгъæрин æхцатæ аджы фыхта.

Уæлæ сын цуанон дон-дон ссæуы:
Æмæ Карсанаты хорз Идыгыл сæхи гæды
Илас æрмæстдæр фондз сомы тыххæй
Комдзог куы цæуы.


Чеджемты Æ., Æртхурон — Дзæуджыхъæу: Ир, 1997

#таурӕгъ
#иронзарӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
⠀⠀


Фыдӕлты таурӕгътӕ, Ходы хъӕуы цӕрӕг Едзиты Андрей.

#таурӕгъ
Студенецкая Е.Н. Одежда народов Северного Кавказа XVIII–XX вв. 1989 г.

Кавказ — одна из областей мира, где народный костюм отличается исключительным разнообразием, красочностью, обилием украшений. Традиционный костюм передается из поколения в поколение, по его отделке, покрою, украшениям можно определить, к какому народу принадлежит человек, носящий его. В книге прослеживается история развития народного костюма с начала XVIII в. до наших дней; разработаны вопросы типологии и классификации этого самобытного явления культуры.
Для этнографов, историков, искусствоведов и художников-модельеров.
Фыс.
«Мæ хуызæн коммæгæс уæвын
Хъæуы», - фыс вазыгджынæй загъта, -
Æмæ æрхуыссыд карды бын.

#бырнацтыбарон
#эпиграммӕтӕ