IRON ARGHAW
928 subscribers
1.16K photos
424 videos
362 files
316 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Шекспиры 112-ӕм сонет.
Кæсы ПАГӔТЫ Савелийы чызг Людмилæ, 44 азы.
Пагæты Хъазыбеджы номыл «Сабииы сфæлдыстадон центр»-ы уæлæмхасæн ахуырады педагог.

#базыртӕ #журналмахдуг #конкурсӕркаст #бакӕсӕмиумӕ
Ирон æвзагыл равдисæн ис тæккæ уæздандæр, арфдæр æмæ тыхджындæр хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ. Уыцы хорз æууæлтæй хайджы цы æвзаг уа, уымæн мæлæн нæй.

ПЛИТЫ Грис
#хъуыдытӕ #журналмахдуг #иронӕвзаг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Къуымӕллӕгкаты Владимир, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист.

#журналмахдуг #иронӕмдзӕвгӕ #иронтеатр
Forwarded from Фидиуӕг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📚 Алы ирон адӕймаджы дӕр фӕфӕнды Къостайы рухс номӕн исты лӕггӕдты бацӕуын, бабуц ӕй кӕнын, ирдӕй йын равдисын йе 'сфӕлдыстад, ӕнкъарӕнджынӕй йын рахӕссын йӕ сагъӕстӕ.

Журнал "Мах дуг" -ы кусджытӕ дӕр сфӕнд кодтой ӕмзиууонӕй Къостайы ӕмдзӕвгӕ "Тӕхуды" бакӕсын!

Бафӕлвар ды дӕр де' мкусджытимӕ!

#журналмахдуг
#къоста #тӕхуды
@ironkanal
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ныфс
Хетӕгкаты Къоста
Кӕсы - РЦИ-Аланийы адӕмон артист Битарты Алыксандр

#журналмахдуг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ирон театры уыд Э.Л. Войничы романмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакль"Овод"-ы премьерӕ! Сӕвӕрдта йӕ Мӕскуыйы Вахтанговы номыл Театры курдиатджын ӕрыгон режиссер Эльдар Трамов. Нывгӕнӕг Уалыты Ларисӕ. Ирон ӕвзагмӕ йӕ ратӕлмац кодта Кокайты Тотрадз. Сӕйраг рольты ахъазыдысты: Уалыты Гиви, Ӕлбегаты Алан, ЦИПУ-йы аивӕдты факультеты дыккаг курсы студент Дзигойты Алан, Кочиты Ацӕмӕз, Сугъаты Хъазыбег, Хосонты Фатимӕ, Туаты Михаил, ЦИПУ-йы аивӕдты факультеты ӕртыккаг курсы студенттӕ Сихъоты Фаризӕт ӕмӕ Джиоты Къоста.

Театрдзаутӕ сӕ зӕрдӕйы хъарм ахаст ӕмӕ къухӕмдзӕгъдӕй стыр аргъ скодтой артисттӕ ӕмӕ спектаклыл чи бакуыста, уыдонӕн! Уый уыд театры ног ӕнтыст!

#журналмахдуг
#иронтеатр
#овод
#эльдартрамов
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
БЕСТАУТЫ Аланӕ

Дзырд дидинӕг кӕм калы,
Уыцы бӕстӕ - тӕхудиаг. 🙏

#журналмахдуг
#бестаутыаланӕ
#ӕмдзӕвгӕ
ЙӔ НОМ - ӔНУСМӔ ЦӔРИНАГ

Нӕй ферох кӕнӕн, зӕрдӕйы арфы чи 'рцард, йӕ хорз хъуыддӕгтӕй, йӕ лӕггӕдтӕй Ирыстонӕн, йӕ адӕмӕн. Нӕй ферох кӕнӕн, йӕ уд йӕ адӕмы кады номыл нывондӕн чи ӕрхаста, уый. Ирыстонӕн уыцы кады лӕг уыд Джыккайты Шамилы. Абон ын йӕ кӕддӕры ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмкусджытӕ сарӕзтой мысӕн изӕр, бакастысты йе 'мдзӕвгӕтӕ, дзырдтой фыссӕджы цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл.

#журналмахдуг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Карсанты Тамерланы ист видео! Мызур.

#журналмахдуг
* * *
Ӕртӕ лымӕны ис мӕнӕн,
Нӕ сӕ фауын фыдуындӕй.
Ӕртӕ налатӕн нӕй тӕрӕн
Мӕ цард ӕмӕ мӕ фынтӕй.
Уырны мӕ, уарзынц мӕ ӕгӕр,
Кӕм и зӕххыл хуыздӕртӕ!
Фӕлӕ хӕзгулӕй дӕр кӕддӕр
Фӕсӕлӕт вӕййы зӕрдӕ.
Мӕ лӕмӕгъ базыдтой – фӕлмӕн
Рӕвдауынц мӕн дзӕбӕхӕй.
Уӕддӕр мӕ рухс уарзонӕй мӕн
Цӕмӕн кӕнынц ӕнӕ хай?
Ӕрбадт мӕ нывӕрзӕны Маст,
Мӕ разы кафы Катай,
Ӕнкъард мӕ дӕлфӕдтӕй ыскаст,
Фӕсур сӕ, цу, дӕ уатӕй!
Сӕ бынӕй ацъелф ласын ӕз,
Уӕддӕр мӕ тагъд ыссарынц.
Нӕ арын гаццатӕн фӕрӕз,
Зӕлдаг дзылар мыл дарынц.
1996 аз

#журналмахдуг
#джыккайтышамил
Театры реформатор Константин Станиславский дзырдта, Хуыцауæй режиссеры курдиатæй чи фæхайджын, уый йæ куыст, аивадуарзæгмæ, цы дуджы цæры, уым хъæугæ хъуыдытæ æвзæрын кæныны бындурыл кæй аразы. Брытъиаты Зариффæ уыцы уагæвæрдæн æххæстæй дзуапп лæвæрдта, æмæ аивадиртасæг Нелли Данилова зæрдæрухсæй фыста, режиссерæн йæ зæрдæйы цы æвзонг удгоймаджы арт судзы, уый руаджы нырма бирæ хæрзты кæй бацæудзæн царды райдзастдæр цинхæссæн – аивадæн. Фæлæ… хъайтарон трагедитæ, психологон драмæтæ æмæ цыргъзонд комедитæ æвæрыны тырнæнтæ аскъуыдтой æнусты дæргъæн азтæ ахæстоны. Йæ уарзон Ирыстонæн лæггад кæнынæй чи не ‘фсæст, уыцы æвæджиауы курдиаты хицау сылгоймагыл ныххуырстой социалистон фæллой хæлæттаггæнæджы уаргъ. Æппæтцæдисон театралон æхсæнады Цæгатирыстойнаг хайады сæргъы лæугæйæ бирæ фембæлдтытæ, конференцитæ, гастролтæ арæзта. Финансон фæзилæнтæм йæ хъус уыйас нæ дардта, хатт-иу гæххæттытыл репетицийы рæстæг уайтагъд йæ къух авæрдта æмæ… йæ сæрæн ницы зонгæйæ фыдгæнæгæй агæпп ласта. Цас адæмæн фæкодта хорздзинæдтæ, æмæ йыл уыдон та æмхуызонæй гадзрахатæй рацыдысты, аххосджын нæу, уый зонгæйæ. Йæ фарсхæцджытæ та разындысты Михаил Ульянов, Рубен Симонов, Георгий Товстоногов, Василий Лановой, йæ ахуыргæнæджы фырт Андрей Попов, Расул Гамзатов, Ирыстоны æмæ сыхаг республикæты культурæйы кусджытæй чидæртæ.
«Ирыстон мын ныридæгæн ахæстоны гæрстæхсæг, дзаумæттæ æмпъузæг æмæ дуаргæсы куыстытæ мæ бæрны бакодта, æмæ тынг хорз арæхсын. Мæ райгуырæн бæстæ мæ сæрыстыр уæд!» – мæстæлгъæд худгæ фыста Брытъиаты Зариффæ йе цæг иузæрдион хæлар, аивадиртасæг Маринæ Литвиненкомæ. Уый йæ цардæмбал, ахуыргонд-экономист æмæ политикон архайæг Чъерджиаты Хазбиимæ бæргæ архайдта ссæрибар æй кæныныл, фæлæ уый зын хъуыддаг уыд.
Фыстæджыты ма ис ахæм хъуыдытæ дæр, зæгъгæ, йæ «хæрзгæнджыты» фæндыд театрæй йæ атонын, æмæ сын кæй бантыст – здæхын æм йæ зæрды нал уыд. Бамбæрста, фыдæвзарæнтæ хорздзинад тауджытыл къæвдайау кæй уарынц, уымæн æмæ саузæрдæ адæм суанг сæ амæттаджы удварн фæкайын дæр сæ дзæцц сæ уд хонынц. Фыста, куы ссæрибар уа, уæд адæмæй искуыдæм хохы цъупмæ кæй фæлиддзæн. Бынтон та йæ уый мардта, æмæ йын йæ фыссæг-фыдыл дæр цъыф кæй калдтой, йæ фæллæйттæ йын дзыллæ, литературæ æмæ театры аккаг кæй нæ хуыдтой.
Фæскъæвда кæддæриддæр хур бон ракæны. Цыппар азæй фылдæры фæстæ цардæфхæрд сфæлдыстадон кусæгæн дæр райгуырæн бæстæйы зæххыл ныддæлгом уæвыны фадат фæци. Ницæй тыххæй бафхæрдта уый йæ чызджы, фæлæ йæм æрыздæхт, æмæ ма йæхимæ суанг, фыдбылызы кæй аххосæй бахауд, уыдонæн салам дæттыны хъару дæр ссардта. Балæууыд Гæлæуты Анатолийы фарсмæ – уый Аивæдты училищейы Ирон театры студи сарæзта æмæ уым актеры дæсныйад амонын райдыдта. Ахуыргæнæгæн нæ бæззын, зæгъгæ, уæзданæй дзырдта, фæлæ йæ йæ хъомылгæнинæгтæ тынг уарзтой йæ адæймагон æмæ профессионалон миниуджыты тыххæй.
…Ирон театры æмбæрзæн йæ куыстыл фæстаг хатт «саудыдта» 1995 азы. Уæд ма равдыстæуыд йæ спектакль Ходы Камалы пьесæ «Рухсанæ»-мæ гæсгæ.
«Дыууæ сæдæ спектаклы бæрц сæвæрдтон. Комедитæ бæргæ уарзтон, фæлæ мæ цард фылдæр драмæ æмæ трагедитæм здæхта. Амондджын уæвын цы у, зæгъгæ, мæ фæрсыс, æмæ зæгъын – бирæ йын нæ хъæуы. Зæрдæйæ æмæ удæй адæмимæ æнгом баст у, æмæ уый фаг у. Хорздзинад кæнынмæ арæхс, уымæй ма фæллай», – дзырдта Брытъиаты Зариффæ йæ царды фæстаг азты журналист Гокъоты Ксеняйæн. Йæ 80 азы бæрзæндæй акаст, æрæййæфта стыр советон паддзахады сæфт æмæ йемæ – культурæйыл гадзрахатæй рацæуыны заман. Ууыл куыдта æдзух йе ‘фхæрд зæрдæ. Йæ хъуыдытæ та-иу æй сценæмæ ахастой, йæ сæнтты актерты архайдмæ каст. Æмæ йæ миднымæр дзырдта: «Театр, ма ферох кæн дæ хъæбулы…»

#журналмахдуг #БрытъиатыЗариффæ
Хаджеты Таймураз

ЦЫ ЛÆГ НÆ ФÆКÆНЫ ФÆСМОН...
Цы лæг нæ фæкæны фæсмон,
Куы нал фæдарæм мах нæ зæрдæ
Хæлар уа, хионыл... Фыдрæстæг
Куы хæсса саумылазон бон,
Æмæ рæсугъд чызджы лæгъстæйæ
Куы нал атайа риуы мæт;
Хъаруйæ — цух, уæд уайы цæстыл,
Куыд кæны бонхæстæг мæлæт.
Куыд æхсызгон у гъеуæд хъусын
Нæ хæхты хурвæлыст хъæбысы
Фынкриу æхсæрдзæны зæлтæм.
Фылдæртæ чи базоны царды,
Нæ йын баххæссы уый йæ адмæ,
Мæгуыр — йæ катайаг зæрдæ!

#журналмахдуг
#хаджетытаймураз
Ацы аз, 15 мартъийы Уататы Бибойыл сӕххӕст уыдаид 85 азы. Уый фӕдыл рауагътам журнал "Мах дуг"-ы сӕрмагонд номыр. Фӕлӕ ма нӕ бафӕндыд ацы ран дӕр йӕ къамтӕ равдисын.

*уыдзӕнис ма*

#журналмахдуг
#уататыбибо
Рацыд журнал "Мах дуг" -ы радон номыр. Тагъд уӕм хӕццӕ кӕндзӕн! Чи йӕ нӕ рафыста, уыдонӕн та йӕ сӕ бон балхӕнын у дуканитӕ: "Аллон-Биллон", "Забава" ӕмӕ "Сказка"-йы.

#журналмахдуг
#уататыбибо
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Спектакль "Усбирӕгъ"-ӕй скъуыддзаг.
1993-94 аз.
Автор Саламты Къола.
Маргарита - УФ-йы сгуыхт артисткӕ Медойты Светланӕ, Уæлладжыр - УФ-йы адӕмон артист Бирӕгъты Къоста, Альбинӕ - РЦИ-Аланийы адӕмон артисткӕ Гӕлӕуты Зӕлинӕ, Ритӕ - РЦИ-Аланийы адӕмон артисткӕ Гуссауты Светланӕ, Кӕсӕби -УФ адӕмон артист УАТАТЫ Бибо, Хадизæт - РЦИ-Аланийы адӕмон артисткӕ Цырыхаты Розӕ, Хъазыбег - УФ-йы сгуыхт артист Суанты Хъазыбег, Эльбрус - РЦИ-Аланийы адӕмон артист Сихъоты Тимур, Зарӕ - РЦИ-Аланийы адӕмон артисткӕ Гӕбуты Жаннӕ, Дзенукка - УФ-йы сгуыхт артисткӕ Уртаты Верӕ, Ацце - УФ-йы сгуыхт артист Бытъӕты Роберт.
Режиссер РЦИ-Аланийы адӕмон артист Гӕлӕуты Анатоли.

#журналмахдуг
#иронтеатр
#спектакль #аивад #уататыбибо #медойтысветланӕ #бытъӕтыроберт