IRON ARGHAW
928 subscribers
1.16K photos
424 videos
362 files
316 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Зӕронд Нана йӕ райста йӕ къухмӕ. Мад цӕстызулӕй кӕсы фӕсдуар къуымӕй, сусӕгӕй зыр-зыр кӕны. Дис кӕнынц, цы кодта, зӕгъгӕ, сывӕллон. Уалынмӕ йӕ хӕкъуырццӕй фӕцухи лӕппу, айвӕзта йӕхи ӕмӕ райдыдта мадырдӕм кӕуын:
— Дзыцца, кокойы хохо нӕ гӕуы!
Ратыдта йӕхи Нанайы хъӕбысӕй Гони, базгъордта уӕрыккмӕ ӕмӕ йыл ахӕцы йӕ мадырдӕм:
— Мӕн у Уӕрко. Нӕ гӕуы хохо. Нӕ гӕуы мын дзидза!..
Бинонты зӕрдӕтарст фенцой. Уӕрыччы бӕрзӕй ӕрцахста лӕппу, байхъус ис ӕмӕ хъахъхъӕны бинонтырдӕм...

#радзырд
#барахътыгино
Дудайты Герсан.

ÆНУВЫД СЫХÆГТÆ.
Иу бон та чысыл лæппутæ хæстон архайдтытæй хъазын æрымысыдысты. Алкæмæ дæр сæ уыд хъазæн автомат. Ивтыгътой сæ чи гæххæттæй, чи та пластмас тымбылæгтæй. Лæппутæ дыууæ къорды фесты. Иутæ сæхи рахуыдтой бынæттон цæрджытæ, аннæтæ та æддагон æрбабырсгæ сыхæгтæ. Цыбыр карз хæсты Габойы цæсты гагуыйыл сæмбæлд Æхсары автоматы нæмыг. Габо нырдиаг кодта:
- Амардта мæ, амардта! Мæ цæст рахаудис!
Лæппутæ Габойы хъæрмæ сæ хъазын фæуагътой. Габо йæ цæсты рыст куынал урæдта, уæд æй бакодтой хæдзармæ. Иæ мад Быценон йæ уæрджытыл балæууыд:
- Мæнæ куыд фесæфтæн! Мæ цар мыл куыд æркалдис, æнæныгæд куыд баззадтæн. Уас сæ бындур ныззила, нæ фыдбоны сыхæгтæн, чысыл сабитæн уыцы хъазт чи бавзарын кодта.
Йæ кæуынмæ æрбамбырд сты сыхæгтæ. Ныфсытæ йын æвæрынц, ницы йын уыдзæн, зæгъгæ. Габойæн йæ цæсты рыст бонæй-бонмæ тынгдæр кодта æмæ йæ уæд рынчындонмæ акодтой. Бахъуыд æй операци кæнын. Дохтыртæ Габойы ныййарджытæн афтæ зæгъынц:
- Ныр Советон дуг нал у, бахъæудзæн уæ бирæ æхцайы фæрæзтæ.
Габойы ныййарджытæ - цыбыр къух, тыхстысты... Габойæн та операци нæ арæзтой. Уæд сыхæгтæ æрбамбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ, иу ахæм та йын баххуыс кодтой Æхсары ныййарджытæ, æмæ дохтыртæ уæд Габойæн сарæзтой уæззау операци. Аирвæзт уый фыдбылызæй. Гъе, ахæм æнувыд сыхæгты хъæуы бафæзмын, мæ хуртæ, уæ зæрдыл дарут. «Бæлас бæласыл æнцой кæны, сыхаг та - сыхагыл», - зæгъы фыдæлты æмбисонд. Габойы ныййарджытæ стыр бузныгæй баззадысты сæ æнувыд сыхæгтæй цæстуарзон æххуысы тыххæй.


#радзырд
КУЫДЗЫ МАСТ.
Раджы, тынг раджы, лæг, куыдз æмæ гæды цардысты иумæ. Алчидæр сæ æххæст кодта йæ хæстæ æмæ цух ницæмæй уыдысты. Иу бон лæг ацыд куыстмæ. Гæды æмæ куыдз та уыдысты хæдзаргæс. Куыдз афæлмæцыд æнæ йæ хицау, ныкъкъуырдта æмæ уый дæр афардæг кæдæмдæр. Уæдмæ фæзынд хуыснæг, гæды фæтарст æмæ къуымы амбæхст кæмдæр. Хуыснæг хæдзары фæллой аккой кодта æмæ сæ ахаста. Изæры лæг куы æрбацыд, йæ хæдзар афтæмæй куы ауыдта, уæд амæсты.
Гæды йын æппæтдæр радзырдта æмæ æнхъæлмæ каст куыдзы фæзындмæ. Æмбисæхсæвмæ æввахс куыдз фæзынд, лæг райста лæдзæг æмæ цалдæр хатты æрнымадта йæ куыдзы фæрстæ. Загъта йын, куыдз дæ æмæ нырæй фæстæмæ кæрты куыдзы цард кæндзынæ. Куыдз гæдымæ уæд уыйбæрц фæхъыг æмæ йæ абон дæр уæды хабар нæма рох кæны. Арæх æй бафæнды, райса йæ маст, фæлæ ма йæм кæм æххæссы.

Дудайты Герсан.
#радзырд
ХЪÆДДЗАУ.
Иу фæззыгон бон зæронд ацæргæ лæг йæ лæппуйæн афтæ зæгъы:
- Зымæг æрæввахс кæны æмæ нæ суг æрласын хъæуы хъæдæй.
Лæппу йæ галтæ уæрдоны баифтыгъта æмæ араст хъæдмæ. Стыр æгæндæг хъæды астæу йæ галты су- агъта æмæ хизынц фæззыгон цъæнут кæрдæгыл. Иучысыл аулæфыд, стæй уæрдонæй райста йæ фæрæт. Фæкомкоммæ хъæддзау иу бæрзонд рæхснæг бæласмæ æмæ загъта:
- Ацы бæлас мæ ’гас зымæг рахæсдзæнис.
Бæласмæ аныр бавнала калынмæ, афтæ йæм бæлас æрдзырдта:
- Хорз хъæддзау, мæ тæригъæды ма бацу. Ма мæ ракал, хорз дын нæ рауайдзæн.
Хъæддзау хорзау нал фæцис. Æрбадт, йæ фæрæт йæ фарсмæ æрæвæрдта æмæ сагъæссаг хъуыдыты аныгъуылд.
Уæд та йæм бæлас ногæй æрдзырдта:
- Бауадз мæ цæрын, æрæййафон зæронды бонтæ. Уæлæ дæ алыварс бæрзонд зæронд бæлæстæ. Ралыг кæнын дын сæ нæ хъæуы. Рафæлдах сæ къухæй æмæ дæ уæрдон байдзаг кæн.
Хъæддзау йæ уæрдон байдзаг кодта æмæ рафардæг. Изæры йæ фыдæн бæласы хабар радзырдта. Уæд ын йæ фыд афтæ зæгъы:
- Зæронд бæлæстæ се ’нус батыдтой. Базæронд сты. Зæронд та мæлæты нысан у. Зæххыл æнæмæлгæ дуне нæй, мæ хур. Мах цардау, бæлæсты цард дæр афтæ у.
Уæдæй фæстæмæ хъæддзау рæзæн, æвзонг бæлас никуыуал ракалдта æмæ фæдзуры:
- Æрдзы сусæгдзинæдтæ уыйбæрц бирæ сты æмæ сæ адæймаг нæма базыдта... Кæронмæ.

#дудайтыгерсан
#радзырд
АЛКÆЙ ХÆС ДÆР У.
Ирон ахуыргонд æмæ абадгæ лæппутæ бакъорд сты, сагъæс кæнынц ирон адæмы хъысмæтыл, быцæу ныхас кæнынц национ идейæйыл. Уыцы рæстæджы сыл æрыгон фыссæг бамбæлд, æрыхъуыста сæ ныхæстæм, сæ сагъæстæм. Йæ цæст сыл ахаста, алкæй цардвæндагыл дæр дзы ныхъхъуыды кодта æмæ куы рахатыдта, сæ иуæн дæр дзы ус нæма ис, афтæмæй зæронд кæнынц, уый, уæд сын тызмæгæй афтæ:
— Уæ ныхæстæ ма ныууадзут, ахуыргонд адæм куы стут, уæд ныхасæй хъуыддаг нæ рæзы, уый нæ зонут? Алчидæр-ма уæ ус ракурæд, æппынкъаддæр æртæ сывæллоны рауадзæд æмæ сæ Ирыстоны аккаг бахъомыл кæнæд! Гъе, уый у уæ æрдзон хæс, уæ быцæу æмæ цъæл ныхасæй ирон адæмæн — ахсджиагдæр.

#цгъойтыхазби
#радзырд