IRON ARGHAW
927 subscribers
1.15K photos
416 videos
362 files
310 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
«МÆ ФЫДЫЛ КÆУЫН».
Базæронд лæг æмæ мæлæты къахыл ныллæууыд. Йæ фырттæ, йæ чызджытæ, чындзытæ æмæ цоты цот ма йын цы акæной, уый нал зонынц. Зæронды ныхмæ ницы хос ис, æмæ ма йæ ныхасæй, хойраджы хорзæй рæвдауынц. Æнæбындур ныфсытæ йын æвæрынц. Лæг, куырыхон лæг сæм хъусы æмæ кæд зоны, йæ адзал æрцыд, уæддæр йæ мидбылты бахуды æмæ йæ сæр разыйы тылд бакæны. Ома, дзурут, дзурут, æз мæ уавæр сымахæй хуыздæр зонын. Сымах мæнæн ныфсытæ æвæрут, æз та сымахыл ауæрдын.
Иуахæмы зæрондæн йæ зæрдæ суынгæг, æмæ йæ цæссыг фемæхст. Цот уый куы ауыдтой, уæд йæ алыварс атыгуыр сты. Ныфсытæ йын æвæрынц, ма тыхс, уæлæ дæм стыр горæтæй абон зындгонд дохтыры æркæндзыстæм, æмæ дæ уый фендзæн, уый дын дæ низыхатт базондзæн æмæ йын хос ссардзæн, зæгъгæ. Фыд сæ ныхæстæм йæхиуыл фæхæцыд, йæхи фæхъæбæрдæр кодта æмæ сын афтæ:
— О мæ уарзон байзæддаг, зонын æй, тыхсут мыл, фæлæ зæрондæн хос нæй, чи райгуыры, уый мæлгæ дæр кæны, æмæ æрцыд мæ адзал дæр. Фæлæ æз мæхиуыл нæ кæуын. Мæ фыдыл кæуын! Уый дæр мемæ мæлы. Цалынмæ цардтæн, уæдмæ йæ ном цард мемæ — мæ фыды фырт мæ хуыдтой. Ныр мæ ном баззайдзæн сымахимæ, мæ фыды ном та цæуы мемæ.

#цгъойтыхазби
#таурӕгъ
Ирон адæмон æгъдæуттæ
#Æгъдæуттæ

БАДӔНТӔ Хуыцаубоны, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, Ногбоны фæстæ къуырисæр æхсæв фæкæнынц мæрдты  бæрæгбон,  Мæрдты бадæн, хонынц ма йæ Бадæнтæ. Мæрдты бадæн аразынц, ивгъуыд аз зиан кæй хæдзары æрцыд, æрмæстдæр уыдон. Райсомæй изæрмæ алцыдæр фæцæттæ кæнынц, хонæг арвитынц хиуæттæм. Уый фæстæ изæрдалынгтæм иууылдæр сæ хæдзæрттæм бацæуынц. Мардмæ æввахсдæр адæймаг дыууæ лæдзæгимæ хæдзары къуымы слæууы, æмæ уынгæг зæрдæйæ…

https://xurzarin.ru/?p=39696
НЫР МÆХИ МАРГÆ АКÆНОН. Асæбе йæ цоты фыдуаг æмæ æнæсæрфат митæй сфæлмæцыд, кæуыны онг æй æркодтой æмæ хъарæггæнæгау йæ сыхагæн дзуры:
— Мæ уд мын бахордтой сæ чысылæй абонмæ. Мæхи сабидуджы мæгуырдзинæдтæ хъуыды кæнгæйæ, архайдтон, уæдæ сын уый дæр уа, мацæмæй фæцух уой. Мæхи ферох кодтон — æппæт дæр уыдонæн. Æмæ, уæлæ Æхсароны цотау ахуыр æмæ размæ цæуыныл куы ныххæцыдаиккой, уæд фæсмонгонд, бæргæ, нæ уаин...
— Асæбе, Æхсарон сæ сидзæртæй, æнæфыдæй фæхъомыл кодта. Сидзæр цот та царды уæз раджы банкъарынц.
— Омæ ныр мæхи амарон? — ныууынæргъыдта Асæбе!

#цгъойтыхазби
Бзаров Р.С. История в осетинском предании. 1993 г.

Книга посвящена народному герою Чермену Тулатову. В ней исследуются закономерности отражения действительности в историческом фольклоре и восстанавливается историческая основа фольклорного сюжета о Чермене. Издание предназначено для научных работников, преподавателей и всех, кого интересует история и фольклор осетин.
АЛКÆЙ ХÆС ДÆР У.
Ирон ахуыргонд æмæ абадгæ лæппутæ бакъорд сты, сагъæс кæнынц ирон адæмы хъысмæтыл, быцæу ныхас кæнынц национ идейæйыл. Уыцы рæстæджы сыл æрыгон фыссæг бамбæлд, æрыхъуыста сæ ныхæстæм, сæ сагъæстæм. Йæ цæст сыл ахаста, алкæй цардвæндагыл дæр дзы ныхъхъуыды кодта æмæ куы рахатыдта, сæ иуæн дæр дзы ус нæма ис, афтæмæй зæронд кæнынц, уый, уæд сын тызмæгæй афтæ:
— Уæ ныхæстæ ма ныууадзут, ахуыргонд адæм куы стут, уæд ныхасæй хъуыддаг нæ рæзы, уый нæ зонут? Алчидæр-ма уæ ус ракурæд, æппынкъаддæр æртæ сывæллоны рауадзæд æмæ сæ Ирыстоны аккаг бахъомыл кæнæд! Гъе, уый у уæ æрдзон хæс, уæ быцæу æмæ цъæл ныхасæй ирон адæмæн — ахсджиагдæр.

#цгъойтыхазби
#радзырд
ТÆРХЪУСТÆ.
Тæрхъустæ æрвылæхсæв æрнæг пыхсы æрæмбырд вæййынц, кæрæдзийæн фæдзурынц сæ хъæстаг хабæрттæ: бирæгъ сæ æддæмæ ракæсын, хæринаг амал кæнын кæй нæ уадзы, иугай сæ куыд куынæг кæны. Тæрхоны рабадынц, марыны тæрхон ын рахæссынц. Фæлæ та куы сбон вæййы, уæд тæрсгæ-ризгæйæ фæйнæрдæм апырх вæййынц...

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
Миллер В. Ф. Осетинские этюды (1887 г. Репринт).
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Фыдӕлты таурӕгътӕ, Ходы хъӕуы цӕрӕг Едзиты Андрей.

#таурӕгъ
Forwarded from Осетия - [æ]
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Появилась новая осетинская клавиатура от Microsoft SwiftKey!

- Для смартфонов на android и iOS
- Автоматическая корректура ввода осетинских слов.
- Новейшая функция непрерывного ввода слов.
- Иронская и дигорская клавиатуры с оцифрованной лексической базой каждого.

Приложение доступно в Google play и App Store.
УÆРТДЖЫН ХÆФС - ЦУМАЙЫ ЛÆППУ.
Сырдтæ, дам, æмбырдæй бадтысты. Иуахæмы сæ рухс ахуыссыд, æмæ кæрæдзи цырагъмæ æрвитынц. Æгæр куы сбыцæу сты, уæд Рувас афтæ:
- Уæртджын хæфс кæстæр у æмæ уый ацæуæд.
Иууылдæр сразы сты. Уæртджын хæфсæн дæр ма цы гæнæн уыд: йæ фындзы бын бахъуыр-хъуыр кодта æмæ рараст.
Уæртджын хæфс æрæгмæ зынд, æмæ сырдтæ дзæвгар талынджы куы абадтысты, уæд хор-хор кæнын райдыдтой: «Кæд уыдзæн уый?» «Цæмæн æй арвыстам?» «Фæрæдыдыстæм».
Уыцы рæстæг сæм Уæртджын хæфс къæсæрæй дзуры:
- Бирæ куы дзурат, уæд æз ардыгæй фæстæмæ дæр . аздæхдзынæн.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
Тезиаты Маргаритæ. Алфамбылай дунеимæ зонгæ кæнын. 2012 аз.
Рæвдауæндæтты хистæр къорд (5–6-аздзыдтæ)
Методикон æххуысы чиныг (ахуырты коспекттæ).
Формат: PDF.
Иронау/уырыссагау.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Фыдӕлты таурӕгътӕ, Ходы хъӕуы цӕрӕг Едзиты Андрей.

#таурӕгъ
Джимиты Кларæ. Ирон æвзаг аæхуыргæнæн чиныг рæвдауæндæттæн. 1990 аз.

Чиныг арӕзт у сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕтты хъомылгӕнджытӕн, цӕмӕй фондз-ӕхсӕзаздзыд сабиты ахуыр кӕной дзурын сӕ мадӕлон ӕвзагыл.
Алы дзырдыл дӕр цӕуы лӕмбынӕг куыст. Зӕгъӕм, дзырд: лӕппу. Уый лӕвӕрд цӕуы ӕппӕты фыццаг номон хауӕны, иууон нымӕцы, уый фӕстӕ та бирӕоны. Баст цӕуы мивдисджытимӕ, миногонтимӕ, стӕй ивд цӕуы номивӕгӕй.
Афтӕ алы дзырдыл дӕр цӕуы лӕмбынӕг куыст.
Уымӕй уӕлдай ма чиныджы ис нывтӕ. Уыдоны ӕххуысӕй сывӕллӕтты бӕстондӕр ахуыр кӕнӕн ис дзурын, хуымӕтӕджы хъуыдыйӕдтӕ аразын.
Forwarded from Mountain region. ($$$$)
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Къонайы артæн ахуыссæн нæй 🔥

Верхний Мизур.

Mountain region.
ДЫУУÆ БИРÆГЪЫ.
Бирæгъ бон-изæрмæ сыллынк-сыллынкгæнгæ холы агурæг фæразгъор-базгъор кодта хъæды, фæлæ йæ къухы ницы бафтыд. Изæрырдæм хъæдгæронæй суыдта хъомрæгъау. Иунæгæй сын кæй ницы бакæндзæн, уый зыдта, æмæ æмбал агурæг азгъордта. Кæсы, æмæ иу бирæгъы хуыггом. Фæмидæг дзы. Хуыггомы хицау - нæл бирæгъ дзы уæлгоммæ хуыссы. Дзуры йæм:
- Дæлæ хъæдрæбын хъомрæгъау. Цом, нæ иу - сургæ, иннæ - ахсгæ æмæ дзы иу æрфæлдахæм. Мæ ахсæн фырæххормагæй сины стæгыл баныхæст.
- Æз æфсæст дæн, æмæ мæ хуыссын бауадз, - дзуапп радта фысым.
Бирæгъ ма фырмæстæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Йæхи йыл ныццавта, йæ цыргъ дæндæгтæ йын йæ бæрзæйы ныссагъта æмæ йын йæ туг сцъырдта.
- Цы кодтай? Цы дыл æрцыд? Æрра фæдæ, зæгъгæ, йыл хъæр кæны нæл бирæгъ.
- Цы кодтон? Ды - æфсæст, æз - æххормаг. Ныр нæ дыууæ дæр - æфсæст.
Ацы æмбисонд бирæтæн хъуамæ уа зонды хос. Бонджын мæгуыры куы нæ æмбара, уæд мæгуыр фырадæргæй лæбургæ кæны.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
УАСÆГ ÆМÆ РУВАС.
Уасæг бæласыл бады уæле. Рувас æм бацыд æмæ уасæгмæ уæлæмæ дзуры:
- Ахæм рæстæг, дам, æркодта æмæ рувасæй, уасæгæй, куыдзæй - иууыл иумæ хъуамæ цæрой.
Уасæг дæр дæлæмæ-дæлæмæ хизын райдыдта, бауырныдта йæ рувасы ныхас. Уалынмæ дын иу куыдз æрдугъ кæны, æмæ рувас дæр йæ хъус лидзынмæ радта. Уасæг æм фæсте дзуры:
- Кæдæм цæуыс, рувас?
Рувас æм фæстæмæ дзуры:
- Уый нырма ницы фехъуыста, æнæмбаргæ у æмæ ахæм закъæттæн ницы бамбæрста.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби