Газет «Хурзæрин»
873 subscribers
5.29K photos
994 videos
1 file
3.6K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
Фыдыбæстæйы хъайтартæ
#Нæ_хъайтартæ

Æппæт йæ цард уыд сгуыхтдзинад

Хуссарирыстойнаг адæмæн хорз зонгæ у Мæрзойты Олег. Уый æдзухон æххуыс кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы ирыстойнаг хæстонтæн. Йæ фæрцы фронтмæ æрвыст æрцæуынц алыгъуызон хъæуæг хæцæнгæрзтæ. Фæлæ алчи нæ зоны йæ фыд, булкъон Мæрзойты Станиславы (дзæнæттаг) сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уымæн йæ райгуырдыл сæххæст 70 азы.

Уый райгуырд 1953 азы 13-æм…

https://xurzarin.ru/?p=45300
«Ирæттæ сæхи никуы бамбæхсынц»
#Нæ_хъайтартæ

Иу азы размæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы хъæбатырæй фæмард Хъæбатырдзинады ордены кавалер (йæ амæлæты фæстæ) рæнхъон салдат Гигкайты Арсен Романы фырт.

Уый уыдис Цæгат Кавказы хæстон архайдтыты ветеран. Йæ Фыдыбæстæ æмæ йæ радтæг адæмы æцæг патриот-иу арæх дзырдта: «Ирæттæ сæхи никуы бамбæхсынц!». Сæрмагонд æфсæддон операцийы Арсен тох кодта Луганскы…

https://xurzarin.ru/?p=45344
Хъæбатыр хæстоны хæрзаудæг зæрдæ…
#Нæ_хъайтартæ

Ирон лæг фæдисы кæм нæ балæудзæн, уæлдайдæр та æфсымæрон адæмы æххуысы сæр куы бахъæуы, уæд. Афæдз æмæ фараст мæймæ æввахс цæуы сæрмагонд æфсæддон операци æмæ дзы Ирыстоны фæсивæд æвдисынц æнахуыр сгуыхтдзинæдтæ, сæ кады ном дардыл айхъуыст, афтæмæй. Ирон лæджы кад, фыдæлты намыс дæлæмæ нæ уадзынц. Сæ риуы ‘мбæрц размæ цæуынц фронты раззаг хæххыты æмæ

https://xurzarin.ru/?p=45707
Ирон хъайтарты фотопортреттæ – Паддзахадон Думæйы
#Нæ_хъайтартæ

УФ-йы Паддзахадон Думæйы фоторавдыст «Вклад народов России в победу в специальной военной операции»-йы равдыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы УФ-йы адæмты хъайтар минæвæртты портреттæ. Се ‘хсæн сты Ирыстоны хъæбултæ – Джиоты Станислав æмæ Махъоты Хазбийы портреттæ. Равдысты нæм къамтæй кæсынц Хъæбатырдзинады ордены кавалертæ æмæ УФ-йы Хъайтартæ.

2022 азы марты Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, зæгъгæ,…

https://xurzarin.ru/?p=45761
Фæстаг хæрзбон
#Нæ_хъайтартæ

22 ноябры Хуссар Ирыстоны адæм фæстаг хæрзбон загътой Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг ирон лæппу – Тедеты Владикæн.

Владик уыд 4-æм Æфсæддон базæйы службæгæнæг. Дыууæ хатты фæцæф æмæ та-иу адзæбæх ис. Фæстаг хатт фæцæф йæ къахы зæвæт, кæронмæ йын нæма сдзæбæх, афтæмæй та ноябры фыццаг бонты ацыд йæ Æфсæддон хайад кæм уыд, уырдæм. Бинонтæ цардысты…

https://xurzarin.ru/?p=45943
Адæмон хъайтар
#Нæ_хъайтартæ

Ирыстоны кад æмæ намыс

25-æм ноябры 120 азы сæххæст Дыккаг дунеон хæсты полчы номдзыд раздзог, армийы инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар Плиты Иссæ Александры фырты райгуырдыл. Ирон адæмы аккагдæр минæвар уыд планетарон масштабы гоймаг дæр. Зæронд Бæтæхъойы хъæуæй рацæугæ адæймаг стыр фæд ныууагъта Ирыстоны историйы. Уый у ирон адæмы кадджындæр хъæбултæй

https://xurzarin.ru/?p=46023
Æртæ æмгары – æртæ бæгъатыры
#Нæ_хъайтартæ

Диссагæн баззад ирон лæджы хъæбатырдзинад, æхсардзинад сæрбахъуыды рæстæджы. Кæцы тохы быдыры -иу не скалдта йе `хсаргард цæхæртæ! Цал æмæ цал иронæн раргом йæ хæстон курдиат знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ, Уæрæсейы паддзахы дуджы уыдаид æви Советон Цæдисы рæстæджы! Цал æмæ цал ирон хæдзары æрцыдис лæппу сабийыл ахæм куывд “афицер дæ рауайæд,” зæгъгæ. Инæларыл ма чи

https://xurzarin.ru/?p=46060
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дыууæ хæлары – дыууæ зынгуыхст хæстоны …
#Нæ_хъайтартæ

3-æм февралы 32 азы сæххæст уыдаид фистæг æфсады Рæнхъон хæстон, Хъæбатырдзинады ордены кавалер (йæ амæлæты фæстæ) Мæрзæганты Олег Алымбеджы фырты райгуырдыл (йæ фæсномыг «Æлдар»). Уый хъæбатырæй фæмард йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы сæрмагонд æфсæддон операцийы Запорожьейы фронты 2023 азы 14-æм марты.

Фидæны хæстон райгуырд Алагиры районы Уæллаг Фыййагдоны поселочы. Каст фæцис бынæттон астæуккаг…

https://xurzarin.ru/?p=47561
Зæрдæты баззад йæ райдзаст мидбылхудт…
#Мысынад #Нæ_хъайтартæ

Гвардийы сержант, 58-æм æфсады æфсæддон службæгæнæг, Хъæбатырдзинады ордены кавалер (йæ амæлæты фæстæ) Бахъаты Андрей Никъалайы фырт дыууæ азы размæ, 2022 азы 5-æм марты хъæбатырæй фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы Запорожьейы фронты.

Цыбыртæй йæ биографийæ

Андрей райгуырд 1986 азы горæт Цхинвалы. Йæ сабибонтæ арвыста æхстыты бын гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы. Йе ‘мцахъхъæнтимæ æппынæдзух хъазыд «хæстытæй». Каст…

https://xurzarin.ru/?p=48330
Сырх Æфсад æмæ Плиты Иссæйы сгуыхтдзинад 80 азы размæ
#Нæ_хъайтартæ

10-æм апрелы 80 азы сæххæст Одессæйы ссæрибар кæныны боныл. Сау денджызы былыл ацы горæт фашисттæм амынæты уыд дæргъвæтин æртæ азы дæргъы. Сырх Æфсады легендарон хæстонтæн сæ бон ссис горæты оккупантты дзæмбытæй æрмæст ратонын нæ, фæлæ ма йæ бахъахъхъæнын дæр – бирæнымæц бæстыхæйтты цыбыр рæстæгмæ асыгъдæг кодтой немыцаг минæтæ.

1941-1944 азты Одессæйы

Одессæйы…

https://xurzarin.ru/?p=48530
Уæрæсейы хъайтарæн – «Ирыстоны Кады» Орден
#Нæ_хъайтартæ

Уæрæсейы хъайтар Абайты Юри хорзæхджын æрцыд республикæйы уæлдæр паддзахадон хорзæх – «Слава Осетии»-йы орденæй. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

«Сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй райстон уынаффæ Уæрæсейы хъайтары, не ‘хсарджын хæстон Абайты Юрийы уæлдæр паддзахадон хорзæх – «Ирыстоны кады» орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй.

Юри цыбыр рæстæгмæ улæфты…

https://xurzarin.ru/?p=48764
Скъолайæн – хъайтары ном
#Нæ_хъайтартæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы Барамындмæ гæсгæ Орчъосаны астæуккаг скъолайæн лæвæрд æрцыд йæ раздæры рауагъдон, Украинæйы Сæрмагонд хæстон операцийы фæмардуæвæг хъайтар Дриаты Энверы ном. Уый цытæн скъолайы кæрты цытджын æгъдауæй байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Цытджын церемонийы хайад райстой Президент Гаглойты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Беджызаты Батрадз, Ленингоры районы администрацийы

https://xurzarin.ru/?p=48949
Ирон адæмы хъæбатыр фырт
#Нæ_хъайтартæ

22-аздзыдæй Гæджиты Александрæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном

Мæскуыйы, «Поклонная гора»-йы, 1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Централон музейы Кады залы сæнусон кодтой Советон Цæдисы хъайтарты – 68 нацийы минæвæрттæ æмæ фæсарæйнаг æмбæстæгты нæмттæ. Уыдонæй иу у Гæджиты Александр Максимы фырт.

Райгуырд 1922 азы 16-æм июны службæгæнæг бинонты ‘хсæн. Каст фæцис ныры…

https://xurzarin.ru/?p=50024
Нæмыджы схъис сæмбæлд йæ зæрдæйыл…
#Нæ_хъайтартæ

Кæстæр сержант Хуыбылты Мурат Сосланы фырт, йæ фæсномыг «Старый», 58-æм æфсады æфсæддон службæгæнæг, Жуковы, «За боевые отличия», «За боевые заслуги»-йы майданты, Хъæбатырдзинады ордены (йæ амæлæты фæстæ) кавалер, хъæбатырæй фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы Запорожьейы фронты йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы Мысæн æмæ хъынцъымы боны – 2023 азы 22-æм июны…

Мурат райгуырд 1975 азы 29-æм…

https://xurzarin.ru/?p=50059
Мемориалон фæйнæг – хъæбатыр хæстоны мысынæн
#Нæ_хъайтартæ

2022 азы Украинæйы Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд æрмæст уæрæсейæгтæ не слæууыдысты сæ Фыдыбæстæйы интерестæ бахахъхъæнынмæ, фæлæ дзы активон хайад исынц не ‘мзæххонтæ дæр. Уыдон кæд Райгуырæн зæххæй дæрддзæф сты, уæддæр сæ хъайтардзинад æмæ æхсардзинады хабæрттæ æрыхъуысынц сæ Ирыстонмæ. Хъыгагæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы сæ, хæстон хæс æххæст кæнгæйæ, бирæтæн сæ цард трагикон

https://xurzarin.ru/?p=50549
Цыртдзæвæн – хъайтарæн
#Нæ_хъайтартæ

Уӕрӕсейаг ӕфсæддон тæхæг, майор Владимир Едаменкойæн Хуссар Ирыстоны сывӕрдтой цыртдзӕвӕн. Вла­димир хъæбатырæй фæмард 2008-æм азы 9-æм августы.

Мадзалы хайад райстой нæ республикæйы къухдариуӕгад Президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, министрадтӕ ӕмӕ ведомствоты къухдариуӕггӕнджытӕ, 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан банысан кодта, зӕгъгӕ,…

https://xurzarin.ru/?p=50986
Дыууæ хæстоны – дыууæ хъайтары
#Нæ_хъайтартæ

2008 азы хæст Хуссар Ирыстоны алы цæрæджы зæрдæйы дæр ныууагъта уæззау фæд. Ацы бонты редакцимæ æрбахуыдтам, 2008 азы хæстон архайдтыты активон хайад чи райста æмæ Фыдыбæстæ гуырдзиаг тыхæйисджытæй чи хъахъхъæдта, уыцы хæстонтæй дыууæйы – Гаглойты Алан æмæ Цхуырбаты Мураты. Дыууæ дæр сты хъайтартæ – Ирыстоны уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ»-йы кавалертæ. Дыууæ хæстонæн дæр ис уыцы

https://xurzarin.ru/?p=50995
Бахъуыды рæстæджы – æппæтмæ дæр цæттæ
#Нæ_хъайтартæ

Цхинвалы районы Громы хъæуккаг Быценты Юра, 1993 азы Хъахъхъæнынады министрад куы сырæзт, уæдæй фæстæмæ службæ кодта уым. 8-æм августы хæсты судзгæ цæхæр æй æрæййæфта Къусреты къуылдымыл посты. Уыдысты 7 лæппуйæ – Кокойты Гена, Цхуырбаты Эдуард, Гуыбеты Юра, Лалыты Батыр, Бæззаты Толик, Хъæцмæзты Нугзар æмæ Быценты Юра, сæ къухдариуæггæнæг уыд Харебаты Батыр. 7-æм августы изæрæй…

https://xurzarin.ru/?p=51355
Мыггаджы аккаг минæвар æмæ хъæбатыр хæстон
#Нæ_хъайтартæ

Сæрмагонд æфсæддон операцийы бирæ хатт хайад фæисынц æнæхъæн бинонтæй. Æмæ ахæм цаутæ бæстæйы фылдæрæй фылдæр кæнынц.

Тыбылты Энвер (йæ фæсномыг «Тыбыл») у æфсæддон службæгæнджыты æцæг династийæ. Тыбылты бинонты гæнæн ис схонæн Райгуырæн бæстæйæн æнувыдæй лæггад кæныны цæвиттон. Фондз æфсымæры сты æмæ уыдон иууылдæр сæ цард сбастой æфсæддон хъуыдагимæ. Алчидæр…