Газет «Хурзæрин»
725 subscribers
4.33K photos
727 videos
3.27K links
Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.

Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет. Цӕуы ирон ӕвзагыл 1924 азы 1 январӕй

@XurZaerin
Download Telegram
Уыдзæн иумæйаг цырт котантойаг хæстонтæн дæр
#Мысынад

Ацы бонты мах банысан кодтам Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады бæрæгбон. Нырма йæ бирæ азты дæргъы нæ бæрæг кæнæм, фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ æхсæнады, адæмы царды ацы хорз миниуджытæ дæр æрæджы фæзындысты. Уыдонæн сæ уидæгтæ историйы æрфæнтæм цæуынц, сæхи тынгдæр раргом кæнынц уæззау заманты, сæрбахъуыды рæстæджы æмæ уæлахиз дæр уæд бафты къухы. Афтæ

https://xurzarin.ru/?p=45973
Сагты рындз – йæ сабион авдæн
#Мысынад

Мæ зæрдæ нæ хæссы

Мæн ардыгæй дард.

Ирыстон, Ирыстон –

Мæ авдæн, мæ мад.

Агуыбе

Ирон литературон зиууæттæ Мамсыраты Темырболатæй абонмæ дзæвгар сты. Зонд æмæ хъаруйæ æххæст уыдысты, фæлæ царды хæрзиуджытæй, царды бонтæй се ’ппæт хайджын нæ фесты. Дзæвгар

https://xurzarin.ru/?p=46374
Уыд лæджы æмсæр сылгоймаг!
#Мысынад

Стыр æмæ кадджын мыггаг сты Хъуылымбегтæ Хуссарæй-Цæгатмæ. Рагзаманты, тыхы дуг куы уыди, уæд сæ лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинадæй кад кодтой мыггагæн, фылдæр нæлгоймæгтæ. Абоны царды та мыггагæн кадгæнджытæй нæлгоймæгты æмрæнхъ æрлæууыдысты сылгоймæгтæ дæр. Ахæмтæй та адæм фæзæгъынц, лæджы æмсæр сылгоймаг, зæгъгæ. Ахæм сылгоймагыл нымадтой маралеттаг Хъуылымбегты Алексейы чызг Светланæйы.

Светланæ райгуырд 1941 азы 5…

https://xurzarin.ru/?p=46496
Зæрдæйы æхсидав
#Мысынад

(Нартыхты Михалы фæстаг фыстæг Гафез æмæ Нафимæ)

Сфæлдыстадон кусджытæ, уæлдайдæр фысджытæ, цæстæй нæ уынынц царды фæзилæнтæ, йæ зын æмæ цымыдисаг хабæрттæ, фæлæ сæ зæрдæйæ æнкъарынц. Поэты зæрдæйы уылæнты уыдон арф аленк кæнынц æмæ сæ райгуыры поэзийы уæлмонц рæнхъытæ, кæцытæ свæййынц фыссæгæн йæ царды бæрзонд хæтæнтæ æмæ сæм зæрдæрухсæй…

https://xurzarin.ru/?p=46905
…Тæхы æвдиуау Иры урс бæрзæндтыл
#Мысынад

1-æм мартъийы райгуырд стыр поэт Хаджеты Таймураз

Ӕнӕхъӕн царды размӕ, ивгъуыд ӕнусы ӕвдайӕм азты, фӕсхохӕй ӕрыхъуысти, зӕрдӕйы уидӕгтыл чи ӕмбӕлди, уды тарфы бӕрзонд сӕнттæ чи хъал кодта, йемӕ ӕнахуыр уӕлтӕмӕнгӕнӕг рухс чи хаста, ахӕм зарӕг, ӕмӕ йӕм мах, уӕды литературон фӕсивӕд, цымыдисӕй ныхъхъуыстам.

Йӕ кӕлӕнгӕнӕг мыртӕм-иу цӕстыты раз куы айнӕг къӕдзӕхтӕ февзӕрд, куы –…

https://xurzarin.ru/?p=47668
Уæд зард куыд уарзта
#Мысынад #Нæ_аивады_дæснытæ

Ацы бонты 90 азы æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы аивæдты сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, зынгæ композитор, ирон адæмон зарджыты джиппы уадзæг, Дзаттиаты Антъоны (Атто) фырт Анисимы райгуырдыл.

Нæ историйы райдиан сыфтæ дзурæг сты, рагон адæмыхатт кæй стæм, ууыл. Рагон адæмæн та вæййы рагон æвзаг, рагон…

https://xurzarin.ru/?p=48037
Мысын Къостайы…
#Мысынад

Куыд зæронддæр кæнын, афтæ арæхдæр мысын Къостайы… Уый диссаг уаид, иунæг æз куы уаин ахæм зæронд ирон лæг, уæд. Фæлæ мæ хуызæттæ бирæ кæй ис Ирыстоны, уый мæ фидарæй уырны. Уымæн æмæ, нæ хъæуы зæронд адæмæй чиныг кæсын чи нæ зыдта, уыдонæй иу дæр нæ уыд ахæм, Къостайы кой-иу чи нæ ракодта ныхасы, æмбырды

https://xurzarin.ru/?p=48290
Зæрдæты баззад йæ райдзаст мидбылхудт…
#Мысынад #Нæ_хъайтартæ

Гвардийы сержант, 58-æм æфсады æфсæддон службæгæнæг, Хъæбатырдзинады ордены кавалер (йæ амæлæты фæстæ) Бахъаты Андрей Никъалайы фырт дыууæ азы размæ, 2022 азы 5-æм марты хъæбатырæй фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы Запорожьейы фронты.

Цыбыртæй йæ биографийæ

Андрей райгуырд 1986 азы горæт Цхинвалы. Йæ сабибонтæ арвыста æхстыты бын гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы. Йе ‘мцахъхъæнтимæ æппынæдзух хъазыд «хæстытæй». Каст…

https://xurzarin.ru/?p=48330
Хъæбатыртæ нæ мæлынц
#Мысынад

Ныр æртыккаг аз Уæрæсе Украинæйы зæххыл æххæст кæны сæрмагонд æфсæддон операци. Ногæй та Уæрæсе, куыд паддзахад, афтæ тасдзинад æвзарын райдыдта Ныгуылæн бæстæтæй, сæ сæргъ АИШ афтæмæй. Уыдон Украинæйы зæххыл ногæй райгуырын æмæ схъомыл кодтой фашизм æмæ та йæ арæнтæм æрбахæстæг. Уый тыххæй йæ бахъуыд сæрмагонд æфсæддон операци уадзыны сæр, кæцыйы активон хайад исынц хуссарирыстойнаг

https://xurzarin.ru/?p=48360
Цæмæн вæййы хъысмæт æгъатыр хатт?
#Мысынад

Дыууæ уды сæ цард куы баиу кæ­нынц, уæд æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц хъæбулмæ. Хъæбул у царды фи­дæн, йæ мидис, йæ сæйраг цæ­джындз. Йæ циныл баст у амонд­джындзинад, йæ маст та у æнæ­кæрон. Хъæбулы мастæн хъæды сырд дæр нæ фæразы, зæгъы æмбисонд дæр.

Федя æмæ Маринæ сæ дыууæ дæр схъомыл сты Цъоны хъæуы. Хъысмæты фæндонмæ гæсгæ…

https://xurzarin.ru/?p=48362
Ацыд нæ фарны лæг, баззад йæ ном…
#Мысынад

Ацы ныхæстæ загътон, кæддæр нæ кады лæг Нафийæн фæстаг фæндараст куы загътам, уæд. Фæлæ та мæ абон бахъуыд сæ зæгъыны сæр. Ацыд та йе ‘нусон дунемæ нæ иннæ фарны лæг, стыр курдиаты хицау, мыггаджы фидауц Джусойты Мурат дæр. Мураты æнафоны мæлæтæй къахырæй баззад нæ культурæ, ирон киноаивад

https://xurzarin.ru/?p=48676
Ахæм уыд поэт удыхъæдæй
#Мысынад

Ивгъуыд къуырийы фыссæг, поэт, публицист, тæлмацгæнæг, Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг Плиты Къостайы фырт Ильяйы хæдзары къулыл конд æрцыдис кады фæйнæг. Мадзалмæ æрбацыдысты ахуыргæндтæ, фысджытæ, студенттæ, Илья кæимæ куыста æмæ йæ хорз чи зыдта, уыдон, Плиты мыггаджы минæвæрттæ.

Мадзал байгом кодта Ильяйы æрвад Плиты Серго æмæ арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны Культурæйы…

https://xurzarin.ru/?p=48811
Успаддзахау – уӕздан
#Мысынад

Джиджджойты Сурæты цардыл фыст æрмæджытæ тынг кадавар сты. Зæгъæн ис, æмæ йыл фыст ницы æрцыди. Журнал «Фидиуæг» ын фæстаг дыууæ азы, стæй уыйразмæ азты дæр рæгъмæ рахаста иукъорд æмдзæвгæйы, уыцы нымæцы сабитæн фыст æмдзæвгæтæ дæр. Цалдæр азы размæ Сурæты поэзийы фæдыл иу уац мыхуыры рацыд газет «Хурзæрин»-ы

https://xurzarin.ru/?p=48939
Владимир Кузнецов: «Ирыстон – мæ дыккаг райгуырæн бæстæ»
#Мысынад

7-æм майы Ирыстоны дзыллæтæ йæ фæстаг фæндагыл афæндæраст кодтой ирон адæмы æнувыд хæлар, зынгæ ахуыргонд Владимир Кузнецовы. Уый цардæй ахицæн 5 майы горæт Кисловодскы. Ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Скæсæн уæлмæрды Кады аллейæйы. Йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд Ирыстон æмæ ирон адæмы историйы. Йæ лæггæдтæ йын никуы ферох кæндзысты ирон адæм.

Ирон этносмæ чи нæ…

https://xurzarin.ru/?p=49003
Уырыссаг гений – Ирыстоны уарзон поэт
#Мысынад

Куыд Уæрæсейы Федерацийы адæмтæ, афтæ Хуссар Ирыстоны дзыллæйад дæр нæ горæты Пушкины уынджы йæ цырты раз мысыдысты генийы рухс ном, уыимæ иумæ банысан кодтой Уырыссаг æвзаджы бон дæр. Ацы хъуыддаг нæ республикæйы ссис традицион, уымæн æмæ Пушкинæн йæ ном у æнусон, егъау лæггад бакодта уырыссаг æвзагæн, йе нæмæлгæ уацмыстыл хъомыл кæнынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ, сабитæ сæ

https://xurzarin.ru/?p=49594
Йæ цард снывонд кодта сфæлдыстадæн
#Мысынад

2-æм июны Иры дзыллæ йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон нывгæнæг, зынгæ скульптор, Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы уæнг, Æхсæнадæмон инженерон академийы уæнг-уацхæссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл РЦИ-Аланийы паддзахадон премийы лауреат æмæ хорз адæймаг Ходты Никъалайы.

Никъала Владимиры фырт уыд алывæрсыг курдиаты хицау адæймаг. 1955 азы каст фæцис хæххон-металлургон техникум, æмæ 1966 азы та…

https://xurzarin.ru/?p=49601
Хъарман-Сындзыхъæуы трагедийыл сæххæст 60 азы
#Мысынад

1964 азы 12-æм июнь хъыджы бонæй баззад Цæгат Ирыстоны историйы. Уыцы бон ивылд, знæт дон йæ разæй ахаста 40 сывæллоны, иу ахуыргæнæг æмæ дыууæ салдаты цард. Рацыд 60 азы, фæлæ уыцы цауты фæдыл рыст абон дæр цæры, сæрæгасæй чи аирвæзт, уыдоны зæрдæты. Æвирхъау бæллæхы тыххæй нæ рох кæнынц хъыгдардбаййафджыты æмæ фæмардуæвджыты хиуæттæ.

Майрæмбоны райсом.…

https://xurzarin.ru/?p=49907
Проект «Царды артери»-йы автор æмæ æххæстгæнæг
#Мысынад

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад райстой тынг бирæ сæрæнгуырд сылгоймæгтæ. Уыдонæй сæ иу у уырыссаг чызг Соколова Нина дæр.

Уый райгуырд 1912 азы горæт Череповецкы. Йæ ныййарджытæ уыдысты бирæсывæллонджын бинонтæ, нæ сын уыд фаг кусæг тых æмæ Нинæмæ хæрз æрыгонæй æрхауд йæ ныййарджытæн æххуыс кæныны хæс. Сабибонтæй райдыдта уæззау куыстытæ, фæлæ зындзинæдтæн фæразон æмæ…

https://xurzarin.ru/?p=50249
Ирыстон – мæ зарæджы сæр
#Мысынад

Ахæм рæсугъд, æнæхин хъуыдыйыл хæст уыд йæ цыбыр царды бонты зынгæ ирон поэт, публицист, критик Бахъаты Иликъойы фырт Нугзар.

Ирон литературæйы, стæй уæд, ирон чиныгкæсджыты ‘хсæнæй йæ ном рарттывта бæстонæй 1960 азæй. Уæд фыццаг хатт арвы рухс федта йæ фыццаг уæзгæ хуын «Уалдзыгон райсом». Æниу, уæдмæ, Нугзар журнал «Фидиуæг» æмæ газет «Коммунист»-ы фæрстыл…

https://xurzarin.ru/?p=50251
Æрымысдзыстæм августы цаутæ
#Мысынад

2008 азы августы бонтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн баззадысты хъыгаг мысинагæй, уыцы бонты фыдæвзарæнтæ абон дæр мысæм æрхæндæгæй. Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхтæ алыгъуызон уæззау æхсæнгæрзтæй фæлвæрдтой Хуссар Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» аразынмæ. Стыр уæззау рыст нын æрхаста, Ирыстоны сæрыстыр хъæбулты бирæ туг æмæ пырх хæдзарад нын æрхаста 2008 азы августы хæсты бонты. Фæлæ куыд фæзæгъынц, фыдлæг æмæ…

https://xurzarin.ru/?p=50804