Газет «Хурзæрин»
715 subscribers
4.13K photos
667 videos
3.16K links
Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.

@XurZaerin
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Луганскы Адæмон Республикæ расидыны боныл 10 азы сæххæсты цытæн Паддзахадон ансамбль «Симд» радта концерт Луганскы.

@XurZaerin
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ме ‘взаг

У иу æвзаг дæр а дунейæн фаг,
Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл!..
Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг,
Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?!

Ды незаманæй ацы боны онг
Нæ фесæфтай дæ уаз хъæлæс, дæ намыс.
Æнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд
Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст.

Тыгъд быдыры дыл дымгæйы ныхмæ
Лæхурдта Скиф йæ тызмæджы ныхæстæ.
«Тох!.. Тох!..» — сæрмæттаг сабийы дзыхæй
Ысхаудта дзырд — лæг у, æрцыд йæ рæстæг!

Гуыпп… Мыхъхъ… Тъæпп… Дæнг, —
Ныффæсус и дæ хъуыр.
Ныццарыдта алайнаг мады хъарæг…
Фæразон дæ, æнхъæлмæгæс, мæгуыр:
Кæд дыл ныккæндзæн иу фæрныг та зарæг!

Фæлæ дæ рæстæг а фарнæй хызта,
Дæ сыгъзæрин æй ракалын нæ фæндыд…
Ныззарыд уæд Ирон лæппу — Къоста —
Æмæ дæ тулдз йæ уидæгтæм нызмæлыд.

Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг, —
Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,
Æмæ куы сæфай (ма зæгъæд ызнаг), —
Дæуимæ сæфы дунейы истори!

Хаджеты Таймураз

@XurZaerin
Номарæн турнир
#Спорт

Дзауы поселочы ныр 5-æм хатт уагъд æрцыд Советон Цæдисы хъайтар Хъоцыты Константины номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты майдантыл тох кодтой 100 спортсмены бæрц. Турниры, сæйраджыдæр, хайад истой 13 азы онг кæуыл цыд, ахæм богалтæ. Сæ тыхтæ фæлвæрдтой Цхинвал, Дзау æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ. Турнир официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Президент Гаглойты Алан.

Спортуарзджытæ…

https://xurzarin.ru/?p=48997
Белгороды уæззау рис
#Трагикон_цау

Радон террористон æхстыты амæттаг бацис горæт Белгороды дæсуæладзыгон цæрæн хæдзар. Йæ иу хай бынтондæр ныккалдис.

Дæсгай адæймæгтæ хæдзары пырхæнты бын… Улæфты бон… Сихорафон… Адæмæн сæ фылдæр ахæм афон хæдзары вæййынц…

Тынг бирæ цæфтæ…

Се ‘ппæты кæстæрыл цæуы æрмæстдæр дыууæ мæйы… Æнахъом саби цардмæ рæстмæ нæма акаст, афтæмæй бахауд реанимацимæ.

Зæрдæ скъуыйы фыдрыстæй… Риссы зæрдæ,…

https://xurzarin.ru/?p=48999
Ирыстон – йæ зарæджы сæр
#Юбилей

Поэт Плиты Ильяйы райгуырдыл сæххæст 110 азы

Ирон литературæйæн кæд даргъ историон фæндаг нæй, уæддæр дзы цы фысджытæ архайынц, йæ рæзтмæ сæ бавæрд чи хастой æмæ хæссынц, уыдон дзæвгар сты. Алкæмæндæр сæ йе сфæлдыстадон тых, йæ курдиаты авналæнтæ æндæр æмæ æндæр æмвæзадыл сты, алкæмæн сæ йæхи фæндаг ис. Йæхи сфæлдыстадон фæндагыл цыдис

https://xurzarin.ru/?p=49001
Владимир Кузнецов: «Ирыстон – мæ дыккаг райгуырæн бæстæ»
#Мысынад

7-æм майы Ирыстоны дзыллæтæ йæ фæстаг фæндагыл афæндæраст кодтой ирон адæмы æнувыд хæлар, зынгæ ахуыргонд Владимир Кузнецовы. Уый цардæй ахицæн 5 майы горæт Кисловодскы. Ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы Скæсæн уæлмæрды Кады аллейæйы. Йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд Ирыстон æмæ ирон адæмы историйы. Йæ лæггæдтæ йын никуы ферох кæндзысты ирон адæм.

Ирон этносмæ чи нæ…

https://xurzarin.ru/?p=49003
Хъахъхъæнæм фæндагыл цæуыны фæткойтæ
#Æхсæнад

Фæндагыл цæуыны фæткойтæ хъахъхъæнын абон нæ горæты хуыздæрхъуаг у. Уый хауы куыд машинæскъæрджытæм, афтæ фистæгæй цæуджытæм дæр. Хъыгагæн, нæ горæты, афтæ ма респубикæйы фæндæгтыл дæр арæх æрцæуы фæндагон-транспортон цаутæ. Ныртæккæ ахæм дуг æрцыд æмæ адæм æппынæдзух кæдæмдæр тагъд кæнынц: чи куыстмæ, чи – скъоламæ, чи та фæндагыл цæуыны фæткойтæ рæстмæ нæ зоны æмæ афтæмæй…

https://xurzarin.ru/?p=49005
Хуссар Ирыстон, Къозы цад

@XurZaerin
https://t.me/discoverso
15-æм майы Ирыстон бæрæг кæны ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон.


Ирыстон у махӕн нӕ райгуырӕн бӕстӕ. Адӕймаг цы бӕстӕйы, цы зӕххыл райгуыры, уыцы фыдыбӕстӕ у йӕ ныййарӕг мад.
Хетӕкаты Къоста у Ирыстоны ном ӕмӕ кад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уд.
1899 азы 15- ӕм майы мыхуыры рацыд йӕ чиныг «Ирон фӕндыр», кӕцы сси адӕмӕн фӕндагамонӕг стъалы.
Уымӕ гӕсгӕ уыцы бон 2003 азӕй фӕстӕмӕ бӕрӕггонд цӕуы «Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон».

Нӕ рагфыдӕлтӕ нын ныууагътой хъӕздыг ӕмӕ рӕсугъд ӕвзаг. Мах дзы буц стӕм, уымӕн ӕмӕ уый у нӕ культурӕйы, нӕ лӕгдзинады, ӕмткӕй райсгӕйӕ, уый у нӕ адӕмы рӕзыны сӕйраг фӕрӕз. Иу ӕмӕ дыууӕ поэты нӕ загътой се ‘мдзӕвгӕты нӕ ирон мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй.

Цӕмӕн ма ис сисӕн ӕвзагӕй уӕлдӕр,
Ирон ӕвзаг равзӕрдис дисӕн.
Цӕмӕн кӕнӕм не ‘взаг нӕхӕдӕг дӕлдӕр,
Ӕвзаг куы у удты ӕвдисӕн.

Ирон ӕвзаг, ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ сӕ фӕстӕ.
Ирон ӕвзаг - нӕ ныфс, нӕ кад, нӕ намыс.
Цӕуы ӕнустӕй мингай азтӕй рӕстӕг,
Уӕддӕр зӕронд нӕ дӕ ӕмӕ нӕ хъавыс.

@XurZaerin
Æрбайгом туристон сезон
#Æхсæнад

Хуссар Ирыстоны майы бæрæгбонтæм байгом туристон сезон. Кæд цыдæр бæстæты туроператортæ æрвылсезон кусынц, æхгæд сезон сæм никуы вæййы, фæлæ мах æрдзон уавæртæ бар нæ дæттынц афæдзы алы афон дæр туристтæ исынæн. Махмæ сезон байгом вæййы майы мæйы æмæ йæ сæхгæнынц октябры мæйы.

Фарон Хуссар Ирыстоны уыдис фондз мин туристы бæрц. Уыдон нæ республикæмæ æрцæуынц…

https://xurzarin.ru/?p=49007
Хабæрттæ Донецкæй
#Æхсæнад

ДИДИНДЖЫТÆ СÆВÆРДТОЙ ЦЫРТЫЛ

Донецкы Адæмон Республикæйы бон, 11 майы, ацы республикæйы фыццаг Сæргълæууæг Александр Захарченкойы номыл парчы, фæмардуæвæг хъайтарты цыртыл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Ацы цырт Донецкæн балæвар кодта РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фонд.

Мадзалы хайад райстой дæлхай «Сæрмæт»-ы, «Дикая дивизия Донбасса», «Пятнашка»-йы хæстонтæ, Донецкы Адæмон Республикæйы…

https://xurzarin.ru/?p=49009
Принципиалон æгъдауæй йемæ никуы хаста парашют

Васили Иосифы фырт Сталин æрмæст зындгонд Фæтæджы фырт нæ уыд, фæлæ ма уыд диссаджы тæхæг-куынæггæнæг дæр. Хæсты райдианы йæ хистæр æфсымæр Яков плены куы бахауд, уый фæстæ йæ фыды нал бафæндыд, цæмæй Васили ацыдаид фронтмæ. Фæлæ хъæбатыр тæхæджы бауромын гæнæн нæ уыд. Васили дæрæн кодта знаджы, æппæрста немыцаг хæдтæхджытæ. Уый принципиалон æгъдауæй йæ атахтыты рæстæджы йемæ никуы хаста парашют. Йæ ныхас-иу кæддæриддæр уыд: «собьют, лучше разобьюсь, хватит с них одного Якова».

@XurZaerin
Нæ зæрдыл дардзыстæм ветеранты сгуыхтдзинад
#Мысæн_мадзал

9 майы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 79 азы сæххæсты цытæн Æнусон арты раз обелискыл Республикæйы Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг, Президент Гаглойты Алан сæвæрдта Кады æмæ Мысынады гирляндæ.

Ацы кадджын мадзалы ма хайад райстой хицауады бæрнон кусджытæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, бæстæйы раздæры президент Тыбылты Леонид, министртæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, парламенты депутаттæ æмæ…

https://xurzarin.ru/?p=49011
Кæсæг-Балхъары уагъд æрцыдысты аивадон гимнастикæйæ ерыстæ

Уый тыххæй сæ ТГ-каналы фыссынц Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет.
Хуссар Ирыстонæй дзы хайад райстой 37 спортсмены æмæ командæ «Лучики».

Турнир уагъд цыдис 2018-2009 а.г. кары категорийы.

Хуссарирыстойнаг гимнасткæтæ семæ æрхастой 10 сыгъзæрин, 15 æвзист æмæ 12 бронзæйæ майдантæ.

Спортсменты цæттæ кæнынц тренертæ Цхуырбаты Земæ, Тедеты Элинæ, Бестауты Заринæ æмæ Козаты Ланæ.

@XurZaerin