Газет «Хурзæрин»
715 subscribers
4.13K photos
667 videos
3.16K links
Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.

@XurZaerin
Download Telegram
Иры хъайтары ном мысынæн
#Мысæн_мадзал

(Инæлар Плиты Иссæйы райгуырæн боны цытæн)
Арвыл стъалытæ куыд ис, афтæ ис зæххыл дæр. Æрмæст уыдон вæййынц хуымæтæджы адæймæгтæ, фæлæ сæ саразгæ хæрзиуджытæй сæхицæн скæнынц æнæмæлгæ ном.
25-æм ноябры Цхинвалы 9-æм скъола банысан кодта Ирыстоны æмæ Монголы адæмон республикæйы номдзыд…

https://new.xurzarin.ru/?p=38741
Йæ рухс ном цæрдзæнис немæ
#Мысæн_мадзал

Ирон театралон аивад æмæ литературæмæ егъау хуынтæ чи бахаста, ирон сылгоймаджы æмæ актрисæйы ном бæрзонд чи хаста, нæ уыцы уарзон æмæ курдиатджын артисткæ Галуанты Людмилæйыл 14-æм февралы сæххæст уыдаид 86 азы. Галуанты Людмилæйы рухс ном ссарыны тыххæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры уагъд æрцыд мысæн мадзал «Тых ныл кæнæт æрмæстдæр уарзт», зæгъгæ, ахæм номимæ.

https://xurzarin.ru/?p=40445
Мысыдысты номдзыд инженеры
#Мысæн_мадзал

Культурæйы министрад кæй бакуыста, уыцы программæ «Хуссар Ирыстоны зынгæ гоймæгтæ»-йы фæлгæтты нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы 13 февралы уагъд æрцыд мысæн мадзал зынгæ инженер, публицист, æхсæнадон архайæг Гаглойты Рутены райгуырдыл 135 азы сæххæсты цытæн.

Мысæн мадзалы хайад райстой РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, Гаглойты Рутены хъæбулы хъæбул Гаглойты Бэлæ, фыссæг Остъаты Алан, историк…

https://xurzarin.ru/?p=40447
«Зæрдæты удæгас мысынад»
#Мысæн_мадзал

2-æм марты нæ горæты скъола-интернаты актон залы уыд цымыдисон мадзал «Живая память сердец», зæгъгæ, кæцы баст уыд Афганистанæй Советон Цæдисы æфсæдты ракондыл 34 азы сæххæстимæ.

Уыцы бон ам уыдысты РХИ-йы Афганистаны ветеранты цæдисы уæнгтæ Гуыцмæзты Мураты сæргълæудæй, Парла-менты депутаттæ, горæт Цхинвалы мэр Къадзты Гено, Президенты цур сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ, 1989-2008…

https://xurzarin.ru/?p=40787
Ссардтой Шамилы рухс ном
#Мысæн_мадзал

«Æртæ урс дуры Дзомагъæй æрхастон...
О, ме скæнæг, цæй амондджын дæн æз!
Нæ зæххæй мæм æртæ хорзы æрхаудта:
Йæ рыст, йæ маст æмæ йæ уарзт...»

ДЖЫККАЙТЫ Шамил

14-æм марты нæ горæты Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы Ирыстоны адæмон поэт, æхсæнадон архайæг, профессор, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Цомахъ

https://xurzarin.ru/?p=41018
Мысæн мадзал – 12 астæуккаг скъолайы
#Мысæн_мадзал

Нæ зынгæ интеллигенцийы минæвæрттæй сæ иу Гаглойты Несторы фырт Рутены райгуырдыл ацы аз сæххæст 135 азы. Ацы нысаниуæгджын боны фæдыл нæ горæты 12-æм астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд мысæн мадзал. Бацæттæ йæ кодтой уагдоны ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыгæнæг Гасситы Дусяйы сæргълæудæй. Мадзалмæ æрцыдысты Цхинвалы администрацийы ахуыры хайады методист Тыбылты Эдуард æмæ…

https://xurzarin.ru/?p=41847
Уадз, кæстæртæ зоной сæ фыдæлты!
#Мысæн_мадзал

Йæ нацийы хъайтарты цы рæзгæ фæлтæр нæ зоны, кад æмæ сын цыт чи нæ кæ-ны, уыцы кæстæртæн нацийы фидæн саразын сæ бон нæ бауыдзæнис. Уымæн æмæ фидæн кæддæриддæр ивгъуыдимæ баст у. Ацы ахсджиаг хæсы уæзгæ хай æвæрд у скъолаты ахуыргæнджытыл. Цæсгомджынæй йæ æххæст кæнынц нæ горæты 9-æм астæуккаг скъолайы педагогтæ

https://xurzarin.ru/?p=41921
Ссардтой ахуыргонды ном
#Мысæн_мадзал

– Абон нӕ ныхас уыдзӕнис, дунейы зындгонд адӕймаг Альфред Нобелы премийы истори ӕмӕ уыцы преми лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыдис, уыдон тыххӕй. Ахӕм ныхӕстимӕ ӕрӕджы 10-ӕм астӕуккаг скъолайы библиотекӕйы йӕ ныхас райдыдта скъолайы математикӕйы ахуыргӕнӕг Хъӕцмӕзты Джульеттӕ. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, дунейы бӕстӕты рӕзт ӕмӕ адӕмты размӕцыдмӕ стырдӕр хайбавӕрд чи бахаста, уыдонӕй иу уыд зындгонд шведаг…

https://xurzarin.ru/?p=42020
Дидинджытæ сæвæрдтой, хъайтартæ кæм фæмард сты, уыцы бынæтты
#Мысæн_мадзал

2008 азы августы хæсты фӕстиуӕгӕн нӕ республикӕйы территорийыл Ирыстоны хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ сабыр цӕр-джытӕ цы бынӕтты фӕмард сты, уыдоны нæмттæ сӕнусон кӕныны тыххӕй сырӕзт бирӕ мысӕн бынӕттӕ. Ӕрвылаз дӕр нӕ ӕдзард хъайтарты мысӕн бонты Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад азилынц ӕмӕ ахæм бынæтты сӕвӕрынц веноктӕ ӕмӕ дидинджытӕ.

Ныр дæр ахæм мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад…

https://xurzarin.ru/?p=43968
Августы хæсты цаутæ мысгæйæ
#Мысæн_мадзал

Фынддæс азы рацыд, Гуырдзыстоны къухдариуæгад 2008 азы 7-æм августы изæры фынæй горæты ныхмæ егъаумасштабон хæстон архайдтытæ куы райтынг кодта, уымæй. Уæд, уыцы æхсæв дæргъвæтин æхстыты фæстæ æрулæфыд горæт, цæмæй та райсом хуры рухс тынтимæ хъæлдзæгæй сæмбæла ног боныл ног фӕндтимӕ, фӕлӕ…

Фæлæ æмæхсæвæджы ныннæрыд алыгъуызон уæззау хӕцӕнгæрзты хъæр æмæ райдыдта хæст. Тугцъир, æгъатыр,…

https://xurzarin.ru/?p=43972
Джиоты Алексей: «Цæттæ стæм ног ахуыры азмæ»
#Мысæн_мадзал

2023-2024 ахуыры ног азмæ нæ республикæйы хæрзæфснайд бакодтой æппæт ахуыргæнæндæттæ.

5-æм сентябрæй райдайдзæн ног ахуыры аз æмæ цæмæй уымæ æмбæлон æгъдауæй сæхи бацæттæ кæной, ахуыр-хъомыладон куыст æппæт скъолаты дæр цæуа куыд æмбæлы, ахæм æмвæзадыл, ууыл зæрдиагæй бацархайдтой ахуырадæн бæрныдзыд чи сты, уыцы кусджытæ æмæ ныййарджытæ дæр. Дзауы районы дæр лæмбынæгдæр хатдзæгтæ сарæзтой ивгъуыд ахуыры…

https://xurzarin.ru/?p=44458
Трагедийы амæттæгты нæмттæ никуы ферох уыдзысты
#Мысæн_мадзал

Терроризмы ныхмæ тохы бон – 3 сентябры Беслӕны трагедийы амæттæгты мысыны охыл Цхинвалы горæты Сӕрибары фæзуаты Мады Майрӕмы аргъуаны раз уагъд æрцыд мысæн мадзал. Традицимæ гæсгæ уæларвмæ суагътой террористон акты амæттæгты нымæц – 334 тымбылæджы.

Мысæн мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны бæрнон кусджытæ, Парламенты депутаттæ, скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ, студенттæ ӕмӕ æхсæнады минæвæрттæ.

Трагедийы амæттæгты…

https://xurzarin.ru/?p=44470
Плиты Марта – легендарон сылгоймаг
#Мысæн_мадзал

8-æм августы Æвзæнгты республикон библиотекæйы цымыдисон мадзал ма æрбацыдысты профессор Плиты Гацыр, РХИ-йы Культурæйы министрады библиотекæты куысты фæдыл сæйраг специалист Тедеты Мери, нæ горæты библиотекæты кусджытæ, Колыты Аксойы номыл паддзахадон аивæдты лицейы æмæ 12-æм астæуккаг скъолайы 9-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытæ Гасситы Дуся æмæ Кокойты Аланæйы сæргълæудæй, афтæ ма æндæр уазджытæ.

Уагдоны проект «Жизнь…

https://xurzarin.ru/?p=44584
Æрымысыдысты ахуыргонд-патриоты рухс ном
#Мысæн_мадзал

5-æм астæуккаг скъолайы химийы ахуыргæнæг Мурадова Маринæ йæ ахуырдзаутæн канд йæ предмет нæ фæамоны, фæлæ сын уый фæдыл ауадзы æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ дæр. Ахуырдзаутæм цымыдис равзæрын кодта дзæнæттаг, химион зонæдты кандидат, нæ раздæры институты хими æмæ биологийы кафедрæйы сæргълæууæг Гæбæраты Юлияйы зонадон æмæ æхсæнадон архайд. Ууыл дзырд цыдис æрæджы кæй ауагъта уыцы номарæн

https://xurzarin.ru/?p=47054
Сæ хъæбатырдзинадæй уыдзысты цæвиттойнаг
#Мысæн_мадзал

Æнцойад нын нæ дæттынц хæстытæ. Стай азы дæр нæма рацыд, нæ фыдтæ æмæ нæ дадатæ фашизмы кæм ныддæрæн кодтой æмæ сын уæлахизæй чи фæцис, уыцы Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй. Уыдонæн рахъомыл сты сæ хъæбултæ, уыдоны хъæбултæ æмæ йæ хъысмæтимæ иунæгæй аззайæг Хуссар Ирыстоны ногæй хъахъхъæнын бахъуыд гуырдзиаг фашизмæй. Ам дæр бирæ азты дæргъы уæззау хъизæмæрттæ

https://xurzarin.ru/?p=47704
Ссардтой Ереды трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ
#Мысæн_мадзал

Къуырисæры, 18-æм марты Ереды трагедийыл æххæст кæны 33 азы.

Йæ амæттæгты рухс нæмттæ мысыдысты Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы. Мысæн мадзал сорганизаци кодта ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литераутрæйы æвæллайгæ ахуыргæнæг, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ фарсмæ балæууыдысты уагдоны директор Гæззаты Юринæ, ирон æвзаджы ахуыргæнæг Дыгъуызты Заринæ æмæ æндæртæ.…

https://xurzarin.ru/?p=47946
Ныр та – Хъорнисы
#Мысæн_мадзал

Ацæугæ къуыри поэт, прозаик, публицист æмæ æхсæнадон архайæг Козаты Исидоры райгуырдыл 95 азы кæй сæххæст, уый цытæн арæзт æрцыдысты алыгъуызон мадзæлттæ. Хуссар Ирыстоны Анахарсисы номыл национ библиотекæйы уыдис мысæн изæр. 25-æм апрелы та Исидоры мысæн изæр уагъд æрцыдис йæ райгуырæн хъæу Хъорнисы хъæууон клубы. Ардæм æрбацыдысты Знауыры районы администрацийы минæвæрттæ, ахуыргæндтæ, фысджытæ, студенттæ, Исидоры…

https://xurzarin.ru/?p=48754
Нæ зæрдыл дардзыстæм ветеранты сгуыхтдзинад
#Мысæн_мадзал

9 майы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 79 азы сæххæсты цытæн Æнусон арты раз обелискыл Республикæйы Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг, Президент Гаглойты Алан сæвæрдта Кады æмæ Мысынады гирляндæ.

Ацы кадджын мадзалы ма хайад райстой хицауады бæрнон кусджытæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, бæстæйы раздæры президент Тыбылты Леонид, министртæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, парламенты депутаттæ æмæ…

https://xurzarin.ru/?p=49011