СапÆ
1.08K subscribers
822 photos
185 videos
911 links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — лӕгмар.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Абон Дзӕуджыхъӕуы Ирыстойнаг, Цӕгат-Ныгуылӕн, Фӕстерчы районты иуӕй-иу хӕдзӕртты электрон тых нӕ уыдзӕн. Бӕлвырд фӕтк базонӕн ис ам.

🔸 Alania Business се 'ппӕты дӕр хоны компани «Руян» ӕмӕ бренд «Экспедиция» саразӕг Александр Кравцовимӕ фембӕлдмӕ. Радзурдзӕн йӕ компанийы тыххӕй ӕмӕ сӕ фидӕны проекттыл. Фембӕлды бацархайӕн ис лӕвар, фӕлӕ бынӕттӕ нымад сты. Регистраци скӕнӕн ис ам.

🔸 Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрад фехъусын кодта йӕ бӕрны цы уагдӕттӕ ис, уыдон бӕрӕгбӕтты куыд кусдзысты, уыцы фӕтк. Базонӕн ӕй ис ам.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Путин бафыста указ Уӕллаг Санибайы цӕрӕг Тогойты Валентинӕйӕн «Мать-героиня»-йы кадджын ном радтыны тыххӕй

🔻Тогойты Валентинӕйыл апрелы сӕххӕст 70 азы. Схъомыл кодта 10 сывӕллоны — ӕхсӕз лӕппуйы ӕмӕ цыппар чызджы. Кадджын ном ын кӕй саккаг кодтой, уый тыххӕй базыдта «Сапӕ»-йы уацхӕссӕгӕй.

💬 «Тынг ӕхсызгон мын у. Мӕ сывӕллӕтты мын чи ӕрхъуыды кодта, уыдонӕн стыр бузныг. Мӕнӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр у мӕ цот ӕмӕ мӕ цоты цот ӕнӕниз ӕмӕ амондджын куыд уой, уый», — зӕгъы сылгоймаг.

Валентинӕйы цардӕмбал Тогойты Федорыл 71 азы цӕуы. Иумӕ фӕцардысты 45 азы. Валентинӕйы цоты хистӕрыл 42 азы цӕуы, кӕстӕрыл — 27. Сылгоймаг ныййарӕджы амондӕй хайджын фӕци. Ныртӕккӕ та цин кӕны йӕ кӕстӕрты кӕстӕртыл — 15 ын сты: сӕ хистӕр 6-ӕм къласы ахуыр кӕны, ӕппӕты кӕстӕр та 1-ӕм.

💬 «Афтӕ нӕ зӕгъдзынӕн ӕмӕ сывӕллӕтты сӕ къӕхтыл слӕууын кӕнын зын уыдис. Хъӕуы цӕрӕм ӕмӕ ӕхсыр, дыргътӕ, халсартӕ — алцыдӕр нӕхи. Ӕнӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтӕй нӕ вӕййы, фӕлӕ сыл алы ныййарӕг дӕр ӕмбӕлы. Мӕ зӕрдӕ райы мӕ сылӕллӕттӕ иууылдӕр ахуырад кӕй райстой, уымӕй: дохтыртӕ, ахуыргӕнджытӕ, юристтӕ», — зӕгъы Валентинӕ.

➡️ Ныртӕккӕ Тогойты дыууӕ фырты сты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы. Фарон сылгоймагӕн саккаг кодтой «Афицеры мад»-ы ном. Уый размӕ та уыд Цӕгат Ирыстоны «Бирӕсывӕллонджын мад».

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фӕстаг дыууӕ азмӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ систы 41 фӕсарӕйнаг гражданины

🔻Республикӕмӕ кусынмӕ чи ссыд, уыдоны бон у Хуссар Ирыстоны паспорт райсын? Уыцы фарст «Сапӕ» радта граждандзинады къамисы сӕрдар Коцты Егорӕн.

Куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй закъонмӕ гӕсгӕ, республикӕйы 5 азӕй фылдӕр чи цӕры, уыдонӕй алкӕй бон дӕр у Хуссар Ирыстоны президенты цур къамисмӕ курдиат бадӕттын. Фӕлӕ ӕрыгон паддзахады цӕрӕг суӕвын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ куыстыл хӕст уа, йе 'фтиӕгтӕ закъонмӕ гӕсгӕ уой, зоной паддзахадон ӕвзӕгтӕй иу, ӕндӕр бӕстӕйы гражданин ма уой.

Къамисы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕстаг дыууӕ азмӕ ӕрмӕст 41 адӕймаджы систы Хуссар Ирыстоны гражданинтӕ. Сӕ фылдӕр — Гурдзыстоны цӕрӕг ирӕттӕ, Азербайджаны ӕмӕ Сомихы минӕвӕрттӕ. Хуссар Ирыстоны гражданины ном радтой республикӕйы чи райгуырд, кӕнӕ йӕ фыдӕлтӕ ам кӕмӕн цардысты, уыдонӕн.

Уыцы-иу рӕстӕг Астӕуккаг Азийӕ иу дӕр Хуссар Ирыстоны гражданин не сси. Чи зоны, сӕ бӕстӕйы граждандзинад айсын сӕ бон нӕу республикӕмӕ Уӕресейы арӕнты сӕрты национ паспорттимӕ кӕй ахизынц, уымӕ гӕсгӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фыранк, абон дӕ бон у!

🔻Лео, Батраз, Хоста, Лаурӕ, Волна, Агуындӕ ӕмӕ ӕндӕр нӕмттӕ Ирыстоны цӕрджытӕ бауарзтой. Сӕ хицӕутты та уӕлдайдӕр. Иуӕй — Цӕгат Ирыстоны символ, иннӕмӕй — рӕсугъд цӕрӕгой. Сӕйрагдӕр та фӕстӕмӕ сӕ зӕххытӕм кӕй ӕрыздӕхтысты, уый.

О, фыранкты кой кӕнӕм. Кавказы сӕ 50-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ ничиуал федта. Кӕм сӕ адæм ныццагътой, кӕм та сын хойраг нал фаг кодта ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм ацыдысты.

📍2018 азы уавӕр ивын райдыдта. Цӕгат Ирыстоны ӕххӕст кӕнын райдыдтой фыранктӕ фӕфылдӕр кӕныны паддзахадон программӕ. Уыцы аз Ирыстоны ӕрдзмӕ рауагътой фыццаг цӕрӕгойты дӕр. Ныртӕккӕ сты 8. Специалисттӕ сӕм сӕ цӕст дарынц.

Фыццæгты сырдтæ цуан кодтой лыстæг сырдтыл. Иу цасдæры фæстæ сын сæгуыт æрцахсын дæр бантыст. Иуæй-иу хатт схизынц сычъитæ кæм хизынц, уырдæм. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ леопардтæ адæм кæм цæрынц, уыцы бынæттæй сæхи дард ласынц. Хӕхты та сӕхи хорз ӕнкъарынц.

📄 Зӕххы къорийыл цы стыр гӕдыйы мыггӕгтӕ ис, уыдонӕй фыранк ис цыппӕрӕм бынаты. Уымӕй стырдӕр сты ӕрмӕстдӕр домбай, тигр ӕмӕ ягуар. Фӕлӕ йӕ къӕдзил иннӕтӕй даргъдӕр у. Уый руаджы йӕ бон у 6-7 метры гӕпп кӕнын. Цуанон сырдӕн та уый хорз у.

➡️ Фыранк Ирыстоны цӕрджытӕн ӕмӕ уазджытӕн уарзон сырд у. Кӕд сӕ ӕрдзы фенын алкӕй бон нӕу, стӕй тӕссаг дӕр у, уӕд Дзӕуджыхъӕуы астӕу цы згъӕр фыранктӕ ис, уыдоны фарсмӕ алчидӕр зӕрдиагӕй сисы къам.

Иу ныхасӕй — фыранк, уарзӕм дӕ!

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Мӕргътӕй ӕппӕты даргъдӕр ӕвзаг цӕмӕн ис?
Anonymous Quiz
30%
Гæркъæрагæн
47%
Хъæдхойæн
17%
Халонæн
5%
Уыгæн
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — фыранк.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фыдхъус ма куыд фӕхонынц?
Anonymous Quiz
20%
Мадзура
8%
Уынаг
59%
Хæдзархал
13%
Уæзбын
Уыци-уыци: иу лӕгӕн дыууадӕс фырты. Цы у?
Anonymous Quiz
11%
Нуры
80%
Афæдз
4%
Æхсынæнтæ
5%
Стъалытæ
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 8-ӕм майы Цӕгат Ирыстоны промышленносты ӕмӕ инвестициты министр Мӕрзойты Владимирӕн уыдзӕн цӕрджытимӕ фембӕлд. Йемӕ аныхас кӕнӕн уыдзӕн Дзӕуджыхъӕуы администрацийы, кӕнӕ Заводы поселочы бӕстыхаймӕ ӕрбацӕугӕйӕ. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Журнал «Дарьял» райдыдта фантастикӕйы конкурс «Система знаков»-ы дыккаг сезонмӕ куыстытӕ исын. Хонынц фысджыты ӕмӕ нывгӕнджыты. Автортӕ сӕ куыстытӕ хъуамӕ ӕрбарвитой 31-ӕм июльмӕ электронон постмӕ: sistema.znakov@mail.ru. Фыццаг бынат чи бацахса, уымӕн ратдзысты 30 мин сомы ӕмӕ йын йӕ уацмыс журналы ныммыхуыр кӕндзысты. Дыккаг бынат бацахсӕг райсдзӕн 15 мин сомы. Бӕлвырддӕр базонӕн ис ам.

🔸 Цӕгат Ирыстоны бирӕвӕрсыг центртӕ 8-ӕм майы кусдзысты цыбыр боны фӕткмӕ, 9-ӕм майы у улӕфӕн бон. 10-ӕм майы филиалтӕ кусдзысты ӕрвылбоны фӕткмӕ.

Къам: Букуылты Андрей

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Фӕндыд нӕ нӕ дуджы уддзӕф равдисын»: дзӕуджыхъӕуккаг скъоладзаутӕ арвыстой фыстӕг 2084 азы фидӕны фӕлтӕртӕм

🔻Дзӕуджыхъӕуы 240 азы бонмӕ Быгъуылты Дзӕуӕджы фӕзы сӕвӕрдтой рӕстӕджы капсулӕ. Ахӕм хъӕппӕрис бахастой 11-ӕм скъолайы ахуырдзаутӕ. Сӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ байгом кӕной 2084 азы.

💬 «Нӕ республикӕйы фидӕныл ахъуыды кодтам. Цымыдисаг нӕм фӕкаст, 60 азы фӕстӕ цавӕр уыдзӕнис, цавӕр адӕм дзы цӕрдзысты. Уӕд ахъуыды кодтам, ома, хорз уаид фидӕны фӕлтӕртӕн нӕ номӕй исты ныууадзын. Куыд ыл сӕмбӕлдзысты, уый фенын, ай-гъай дӕр, цымыдисаг уаид», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн 11-ӕм скъолайы ахуырдзау Дзапарты Зарӕ.

Сӕ фыстӕджы скъоладзаутӕ ныффыстой ныртӕккӕ республикӕ куыд цӕры, адӕмы хӕзнатӕ, цӕмӕ тырнынц, уый тыххӕй. Фидӕны фӕлтӕртӕм фыстӕджы сӕ къухфыстытӕ сӕвӕрдтой горӕты скъолаты 24 мин ахуырдзауы.

💬 «Мӕнмӕ гӕсгӕ, нӕ фӕлтӕр хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ныфсхаст у. Хуыздӕрмӕ тырнӕм. Ӕмӕ нӕ фӕнды нӕ фӕдонтӕ дӕр уыцы миниуджытыл хӕст куыд уой, уый», — зӕгъы 11-ӕм скъолайы ахуырдзау Дзукъаты Ланӕ.

Фыстӕджы ӕмӕ къухфыстты къопитӕ ӕвӕрд уыдзысты горӕты архивы дӕр. Капсулӕ кадджын уавӕры сӕвӕрын скъоладзаутӕн баххуыс кодта горӕты мэр Милдзыхты Вячеслав.

💬 «Ам сӕмбырд сты горӕты скъолаты хуыздӕр минӕвӕрттӕ. Уырны мӕ, уӕ фӕрцы, уӕ архайды руаджы нӕ уарзон горӕт ӕмӕ республикӕ рӕсугъддӕр ӕмӕ хуыздӕр кӕй кӕндзысты, уый. Сомбоныл хъуыды кӕнут ӕмӕ уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Фӕнды мӕ, цӕмӕй ныр куыд фӕлмӕнзӕрдӕ стут, ахӕмтӕй баззайат. Уымӕн ӕмӕ цард размӕ хорз хъуыддӕгты ӕмӕ адӕмы фӕрцы цӕуы», — фӕсидтис мэр скъоладзаутӕм.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ацы аз Дзӕуджыхъӕуы фыццаг «Ӕнӕмӕлгӕ полк» сарӕзтой республикон тӕрхондоны медицинон экспертизӕйы кусджытӕ

🔻Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты быдырты уагдоны кусджытӕй бирӕты хӕстӕджытӕ ӕвдыстой лӕгдзинад. Сӕ ном хъуыдыгӕнгӕйӕ, сӕ фӕдонтӕ ацы аз фыццӕгтӕ сарӕзтой акци «Ӕнӕмӕлгӕ полк». Скодтой йӕ сӕ организацийы фӕзуаты алфӕмблай. Ахӕм хъуыды бюройы кусӕг Бекъойты Светланӕмӕ бирӕ азты уыд. Фехъусын ӕй кодта йӕ разамонӕгӕн.

Йӕ дада Бекъойты Даниил уыд Батайскы тӕхджыты скъолайы рауагъдон. Хӕст куы райдыдта, уӕд ацыд фронтмӕ ӕмӕ тахтис алыхуызон хӕдтӕхджытыл. Йӕ лӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй хорзӕхгонд ӕрцыд бирӕ хӕрзиуджытӕй.

Нинойы дада Хацырты Антон хӕстӕй нал сыздӕхт. 1945 азы январы Берлины бынмӕ фӕмард. Хӕстмӕ ацыд йӕ 4 ӕфсымӕр ӕмӕ хӕрӕфыртимӕ. Йӕ фыдыуӕзӕгыл сӕ фӕстӕмӕ ӕрмӕстдӕр иу ӕфсымӕр сӕмбӕлд. Уымӕн дӕр йӕ иу къах йӕ уӕлӕ нал уыд, афтӕмӕй.

💬 «Мӕ дада хӕстмӕ куы цыд, уӕд мӕ фыды райгуырдыл ӕртӕ къуырийы йеддӕмӕ нӕ рацыд. Нана куыд дзырдта, афтӕмӕй дада бӕхыл бадгӕйӕ кӕртӕй рахызт. Фӕлӕ йӕ фездӕхта, фӕстӕмӕ раздӕхт, ноггуырд сывӕллонмӕ авдӕнмӕ бакаст ӕмӕ афтӕмӕй ацыд. Йӕ къухтӕм дӕр ӕй нӕ райста, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ не 'мбӕлыд», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Хацырты Нино.

Виктория дада Петр Досекин Омскы ӕфсӕддон училищӕйы ахуыргӕнӕг уыдис. Цӕмӕй йӕ фронтмӕ арвитой, уый тыххӕй гӕххӕттытӕ цалдӕр хатт балӕвӕрдта. Фӕлӕ курсантты дӕр ахуыр кӕнын хъуыд, ӕмӕ йӕ нӕ уагътой. Хӕсты цӕхӕры бахауд ӕрмӕст 1945 азы мартъийы. Йӕ хъӕбатырдзинад равдисынӕн ын 2 мӕйы дӕр фаг уыд.

💬 «Кӕм службӕ кодта, уыцы батальоны командыгӕнӕг фӕцӕф ӕмӕ ӕнӕ разамонӕгӕй аззадысты. Уӕд мӕ дада уыцы хӕс йӕхимӕ райста. Сӕ батальон фашистты стыр къорд ӕрхъула кодта ӕмӕ размӕ абырстой. 100 знагӕй фылдӕр маргӕ акодтой, 200-йы бӕрц та уацары райстой, стӕй ӕфсӕддон техникӕ дӕр ӕрбатардтой. Уыцы цау Данцинджы бынмӕ уыд», — радзырдта Виктория Теличко.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Куадзӕн цавӕр бӕхыл фӕцӕуы?
Anonymous Quiz
5%
Цъæх
25%
Урс
29%
Хъулон
42%
Сырх
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ныфсхаст.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом равдыст «События, судьбы, люди». Баст у Ирыстон Уӕрӕсӕимӕ куы баиу, уый 250 азы, Дзӕуджыхъӕуӕн бындур ӕвӕрд куы 'рцыд, уый 240 азы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны автономийыл 100 азы кӕй ӕххӕст кӕны, уыимӕ. Экспозицийы фенӕн ис куыд тематикон, афтӕ ирон нывгӕнджыты куыстытӕ.

🔸 Дзӕуджыхъӕуы райдыдтой Цӕгат Кавказы Федералон зылды чемпионат ӕмӕ ерыстӕ фехтованийӕ. Цӕудзысты 14-ӕм маймӕ Дзарасаты Саукуыдзы номыл спортивон комплексы. Ерыстӕ алы бон дӕр райдайдзысты 10 сахатыл. Программӕ базонӕн ис ам.

🔸 Дзӕуджыхъӕуы цӕрджыты ӕмӕ уазджыты хонынц дидинджыты равдыстмӕ. Уыдзӕн Национ музейы 8-ӕй 12-ӕм маймӕ. 10 сахатӕй 19 сахатмӕ дзы кусдзӕн консультацион центр. Амондзысты равдысты цы дидинджытӕ ис, уыдонмӕ куыд зилын хъӕуы, уый. Фӕстаг бон та уыдзӕн бӕрӕгбоны лотерейӕ. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Дзӕуджыхъӕуы сӕ тӕмӕны сты Уӕрӕсейы ерыстӕ боксӕй. Ӕдӕппӕтӕй ерыстӕм ссыд 620 спортсмены Уӕрӕсейы 82 регионӕй. Сӕ тыхтӕ дзы фӕлварынц ӕртӕ къорды: 17-18 азы онг юниортӕ, 17-18 азы онг чызджытӕ ӕмӕ 19-22 азы онг чызджытӕ. Ерысты фӕтк базонӕн ис ам.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Йӕ сыхаг хуытӕ кӕй дары, уый тыххӕй Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг бахъаст кодта Генералон прокуратурӕмӕ

🔻Ольгинскӕйаг Бузарты Кубурӕ хъаст кӕны йӕ сыхаг Саламты Аланыл хуытӕ кӕй дары, уый тыххӕй. Сылгоймаг «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй хъӕуы цӕры 8 азы ӕмӕ уал азы йӕ бон нӕдӕр сыгъдӕг уӕлдӕфӕй улӕфын нӕу, нӕдӕр цӕхӕрадоны куыст кӕнын. Йӕ цӕхӕрадон ын хуытӕ ныннӕмынц ӕмӕ скъахынц. Йӕ бон быхсын нал у ӕмӕ Генералон прокуратурӕмӕ ныффыста уавӕр равзарыны курдиат.

💬 «Нӕ сывӕллӕтты уынгмӕ нӕ уадзӕм, уымӕн ӕмӕ… Сӕхи хъыбылтыл куы нӕ ауӕрдынц, уӕд гыццыл сывӕллӕттыл бацауӕрддзысты?» — зӕгъы Кубурӕ.

Хъӕуы хицау Кокайты Тимурӕн уавӕр ӕнӕзонгӕ нӕу. Цӕмӕй йӕ хуыты уынгмӕ ма уадза, уый тыххӕй фермерӕн цалдӕр хатты загъта. Суанг ма йӕм участокмӕ цӕстдарӕг пъӕлицӕйаджы дӕр арвыста.

Уый хыгъд, Саламты Алан куыд зӕгъы, афтӕмӕй Кубурӕ йӕ фарсмӕ дыууӕ азы размӕ ӕрцард. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, йӕ ныхмӕ у ӕндӕр диныл хӕст кӕй у, уый тыххӕй. Фермер ма нын радзырдта, фарон ӕм 140-150 сӕры кӕй уыд. Уӕд ын йӕ архайдмӕ цӕстдарӕг оргӕнтӕ ӕркастысты. Сӕ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, хуыты нымӕц цас ӕмбӕлы, уымӕй гыццыл фылдӕр у.

💬 «Ӕрбацыди мӕм ӕмӕ мын дзырдта, зӕгъгӕ — не 'мбӕлы, тӕригъӕдыл нымад у. Хъӕуы фос се 'ппӕт дӕр дарынц. Ӕз сӕ уӕй кӕнын, уыимӕ сын сӕ нымӕц тынг фӕкъаддӕр кодтон, аиппытӕ иууылдӕр аиуварс кодтон. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ сӕ куыд скуынӕг кӕнон. Ныртӕккӕ мӕм дзӕргъытӕ уӕвгӕ дӕр нӕй», — зӕгъы Алан.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы уыд ирон ӕвзагыл киноныв «Авд сау гӕххӕтты» премьерӕ

🔻Ӕвдыст дзы сты Цӕгат Ирыстоны 1942 азы цаутӕ. Премьерӕйы рӕстӕг киноныв ӕвдыстой кинотеатр «Алания Синема»-йы ӕппӕт залты, сӕ иуы дӕр уӕгъд бынат нӕ уыд. Ӕрбацӕуджыты дисы бафтыдтой Ирыстоны ӕрдзы рӕсугъд нывтӕ, музыкӕйы зӕлтӕ, актерты архайд ӕмӕ цы сурӕттӕ сарӕзтой, уыдон.

Киноныв истой Цӕгат Ирыстоны аст хъӕуы, сӕйраг фӕз уыд Къӕмынтӕйы.

💬 «Сфӕлдыстадон къорд куыд бакуыста, уымӕй тынг разы стӕм, ӕз мӕхӕдӕг уӕлдайдӕр. Кинонывы сӕ удтӕ бауагътой, ӕхсӕвыгӕтты фынӕй дӕр нӕ кодтой. Ныр се 'ппӕты дӕр хонӕм киноныв фенынмӕ. Фӕнд ӕй кӕнӕм Хуссар Ирыстоны дӕр равдисын», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн кинонывы генералон продюсер Сохъуырты Алан.

Киноныв саразджыты фарс рацӕхынмӕ ӕрбацыд республикӕйы культурӕйы министр Фидараты Сослан дӕр. Раздӕры актер, съемкӕтыл цас фыдӕбон ис, уый хорз зоны.

💬 «Тынг хорз сюжет у, актертӕ зӕрдиагӕй ӕмӕ тынг хорз ахъазыдысты. Куы кастӕн, уӕд раст цыма уӕды рӕстӕджы Ирыстоны февзӕрдтӕн, мӕхи афтӕ ӕнкъардтон. Кинонывыл чи бакуыста, уыдоны хъуыды мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Лӕппутӕн ма иу хатт зӕгъын бузныг. Фӕнды мӕ цӕмӕй дарддӕр исой кинонывтӕ, уымӕн ӕмӕ сын уайы. Ӕмӕ сын бирӕ бантысӕд», — загъта премьерӕйы фӕстӕ Фидараты Сослан.

➡️ 9-ӕм майӕ фӕстӕмӕ «Авд сау гӕххӕтты» ӕвдисдзысты Дзӕуджыхъӕуы ӕппӕт кинотеатрты, Алагиры ӕмӕ Ӕрыдоны. Киноныв ист у ӕмӕ йӕ ӕвдисдзысты ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Азӕй азмӕ нын хуыздӕр уайы»: Цхинвалы Уӕлахизы парады архайдзӕн сылгоймӕгты цалдӕр къорды

🔻Хуссар Ирыстоны цӕттӕ кӕнынц Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 79 азы бон сбӕрӕг кӕнынмӕ. 9-ӕм майы Цхинвалы уыдзӕн парад. Барабанты ӕмӕ фугӕнӕн оркестры цагъдмӕ разамонджытимӕ трибунӕты раз ацӕудзысты Хъахъхъӕнынады, Мидхъуыддӕгты ӕмӕ Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрадты службӕгӕнджытӕ.

9-ӕм майы Театралон фӕзы нӕлгоймӕгты ӕмрӕнхъ рӕнхъытӕй цӕудзысты сылгоймӕгтӕ дӕр. Алы министрадӕй фӕйнӕ сӕрмагонд хайы, хонынц ӕй коробкӕ, зӕгъгӕ. Уыдон дӕр, нӕлгоймӕгты ӕмхуызон, сӕхи ӕнӕхъӕн мӕй цӕттӕ кодтой, ахуыр кодтой раст цӕуын, куыстой сӕ хъӕндзинӕдтыл. Архайынц иннӕтӕй хуыздӕр уӕвын.

Мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд къорд парады архайы ныр 8 азы. Елхъанты Иринӕйы уырны, раст рӕгътӕй цы сылгоймӕгтӕ фӕцӕуынц, уыдон нӕлгоймӕгтӕй дӕлдӕр ӕмӕ ӕвзӕрдӕр кӕй нӕ вӕййынц, уый.

💬 «Алы хатт нӕхицӕй разыйӕ баззайӕм. Иу афӕдзӕй иннӕмӕ хуыздӕр фӕцӕуӕм. Кӕд сылгоймӕгты фылдӕр хай ахӕм рӕнхъытӕй, ома къоппӕй, никуы цыдысты, уӕддӕр нын хорз уайы. Республикӕйы президент ӕмӕ нӕ нӕ разамынд кӕддӕриддӕр раппӕлынц», — зӕгъы Иринӕ.

Ӕдӕппӕтӕй Парады архайдзӕн 600 адӕймаджы. Тырыса хӕссӕг къорды фӕстӕ цӕудзысты Кадетты училищӕйы барабантыл цӕгъдӕг чызджытӕ. Се 'хсӕн Пуштаренкова Анастасия. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй Парады архайын нымайы хӕстонтӕн кад дӕттыныл.

💬 «Махӕн ивгъуыды зынаргъ мысинӕгтӕ сты. Мӕ хиуӕттӕй дӕр иу хӕсты уыд. Хаста хӕцӕнгзӕрзтӕ. Ӕгасӕй ӕрыздӕхт», — зӕгъы Настя.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Нӕ сыхаджы бирӕ хӕттыты куырдтам цӕмӕй сын хӕринаг ма дӕтта»: Мӕздӕджы дзӕгъӕл куыйтӕ фӕлӕбурдтой 9-аздзыд чызгмӕ

🔻Сывӕллон уынджы йӕ велосипед ферох кодта ӕмӕ йӕм куы рацыд, уӕд ӕй куыйтӕ сӕ быны скодтой — радзырдта «Сапӕ»-йӕн хъыгдардбаййафӕг чызджы мад Айгуль Маматова. Фыдбылыз ӕрцыд Некрасовы уынджы.

Куыйтӕ фӕхӕцыдысты чызджы фарсыл. Уайтагъд ӕй рынчындонмӕ фӕхӕццӕ кодтой. Сывӕллонмӕ базылдысты ӕмӕ йын ӕрра низӕй прививкӕтӕ рафыстой. Ныртӕккӕ скъоладзау ис хӕдзары.

💬 «Чызг тынг фӕтарстис. Хорз ӕмӕ хӕстӕг уыдыстӕм ӕмӕ йӕ хъӕрмӕ ратахтыстӕм», — зӕгъы Айгуль.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Некрасовы уынджы цӕрӕг сылгоймаг куыйтӕн хӕринаг фӕдӕтты, сахуыр сӕ кодта. Ныр уынджы бирӕгӕйттӕй ӕмбырд кӕнынц.

💬 «Ӕз дӕр, сыхӕгтӕ дӕр ын цалдӕр хатты загътам, цӕмӕй сӕ ма ахуыр кӕна. Ацы куыйтӕ адӕймагмӕ фыццаг хатт нӕ фӕлӕбурдтой: уый размӕ мӕ зонгӕтыл, мӕхицӕн дӕр тӕссаг уыд. Ӕрмӕст мах уынджы 3-4 сты. Аллейӕмӕ куы рацӕуай, уӕд уым бирӕ сты. Сывӕллӕтты бон скъоламӕ ӕдасӕй цӕуын нӕу. Раст дзугтӕй цӕуынц, кӕдӕм ма бахъаст кӕнӕм, уый нал зонӕм», — радзырдта сылгоймаг.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Радио парахат нал у»: «Нӕ уылӕн»-ы раздӕры директор радзырдта радиостанцӕтӕн цы нӕ фаг кӕны, уый тыххӕй

🔻Радиойы бон Хъоцыты Руслан «Сапӕ»-йӕн радзырдта, Хуссар Ирыстоны дзыллон информацион фӕрӕзты ацы хуыз цы уавӕры ис ӕмӕ дзы хи радиостанцӕтӕ цӕуыннӕ ис. Ӕнӕпаддзахадон радиойы раздӕры хицауы хъуыдымӕ гӕсгӕ, 20 азы размӕ дӕр ма радио тынг парахат уыд. Фӕлӕ интернет алцы йӕ быны бакодта ӕмӕ дзы ныр цыфӕнды ссарӕн ис.

💬 «Адӕймагӕн цымыдисаг цы у, ӕрмӕст уымӕ кӕсы. Радиойы дӕр хъуамӕ уыцы фадат уа. Адӕм алыхуызон сты ӕмӕ иунӕг радиостанцӕйы бон нӕу алкӕй фӕндон ӕххӕст кӕнын. Дыккаджы та, радиойы ӕрмӕгыл бирӕ куыст ис, ӕрмӕст хабӕрттӕм хъусын никӕй фӕнды. Бирӕ хъуыддӕгтӕ дзы ис, суанг ма дзы бирӕ ӕвзӕгтыл программӕтӕ куыд уой, афтӕ».

Хъоцыты Русланы хъуыдымӕ гӕсгӕ, радиостанцыл бирӕ хӕрдзтӕ ис. Цӕмӕй парахат уа, уый тыххӕй та хъӕуы паддзахады ӕххуыс.

💬 «Радиомӕ хъӕуы куыд егъау паддзахадон информацион фӕрӕз, афтӕ кӕсын. Ивгъуыд рӕстӕг ын паддзахад йӕ ахадындзинад ӕмӕ нысаниуӕг кӕронмӕ бамбӕрста: эфиры цыдӕртӕ дзурынц ӕмӕ дзурынц. Ӕмбӕлгӕ цӕстдард ӕм куы цыдаид, уӕд ныры онг дӕр йӕ нысаниуӕг нӕ фесӕфтаид. Фӕлӕ уыцы ӕмвӕзадмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм. Чи сырӕзт, уыдон та йӕ ӕмбарынц фӕрӕзтӕ кӕй хъӕуынц, уый. Уымӕй уӕлдай ӕхца куы уа, уӕддӕр хъӕугӕ специалисттӕ зын ссарӕн сты», — йӕ хъуыдытӕ загъта Хъоцыты Руслан.

➡️ Хуссар Ирыстоны радиойы истори райдыдта 1932 азы. Уӕд Хуссар Ирыстоны Автономон облӕсты хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ сфидар кодтой радиойы комитет. Ныртӕккӕ республикӕйы ис иунӕг паддзахадон радиостанцӕ «Ир» ӕмӕ цалдӕр уӕрӕсейаг станцӕйы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM