СапÆ
1.14K subscribers
1.15K photos
257 videos
1.21K links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хъӕндзинад.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔻Абайты Владимиры мысинӕгтӕй: «Нӕ фыццаг фембӕлд ӕнӕнхъӕлӕджы рауад. Уый уыд 1902 азы ирон аргъуаны кӕрты. Аргъуан ис сахары ӕппӕты бӕрзонддӕр ран. Ардыгӕй горӕт тынг рӕсугъдӕй зыны, Кавказы хӕхты рӕгъ та уӕлдайдӕр. Аргъуаны тӕккӕ фарсмӕ уыд скъолайы дыргъдон, иу быру сын уыдис. Уыцы аз ӕз, раздӕры Святополковскийы уынджы, ирон скъолайы фӕстаг къласы ахуыр кодтон.

Иу хатт переменӕйы рӕстӕг бӕлӕсты бын куы хъазыдыстӕм, уӕд чидӕр ныхъхъӕр кодта, Къоста аргъуаны кӕрты ис, зӕгъгӕ. Хистӕркъластонтӕй алцыдӕр ферох, иууылдӕр бырумӕ ныййарц сты. Аргъуаны кӕрты ног къахт ингӕны цур лӕууыдысты нӕлгоймӕгтӕ, се 'хсӕн Къоста. Иу дӕр нӕ дзурынхъом нал уыд, иууылдӕр бандзыг стӕм, Къостайӕ нӕ цӕстытӕ нал истам. Нӕ уарзон поэтмӕ кӕсынӕй нал ӕфсӕстыстӕм, йӕ алы ныхасмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, ахстам ӕй ӕмӕ йӕ, стыр хӕзнайау, нӕ зӕрдыл бадардтам…»

📄 Чиныг «Коста Хетагуров и его время»

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны хӕстон намысы цыртдзӕвӕнтыл сӕвӕрдтой дидинджытӕ

🔻Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло ӕрхъуыды кодта Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты нӕмттӕ Намысы Мемориалы. Кадджын мадзалы архайдтой бӕрнон оргӕнты, республикон ведомствоты ӕмӕ тыхы структурӕты минӕвӕрттӕ. Ӕрбацӕуджытӕ минут ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ, ссардтой ӕдзард хӕстонты нӕмттӕ, сӕ номыл цыртдзӕвӕнтыл сӕвӕрдтой дидинджытӕ. Хъӕбатырты кадӕн айхъуыст хӕцӕнгӕрзты ӕмӕхст.

➡️ Официалон хайы фӕстӕ райдыдтой бӕрӕгбоны мадзӕлттӕ. Республикӕйы цӕрджытӕн бацӕттӕ кодтой концерт, скодтой дзы ӕфсӕддон цӕлгӕнӕн дӕр.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны фронты фӕсчъылдым архайджытӕн уыдзӕн Уӕлахизы парады архайыны фадат

🔻Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытӕй республикӕйы иу дӕр нал ис. Фӕстаг ветерантӕ сӕ цардӕй ахицӕн сты 2022 азы. Хуссар Ирыстоны ветеранты Советы сӕрдар Гаглойты Арон куыд радзырдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ организацийы хыгъды сты фронты фӕсчъылдым архайджытӕ ӕмӕ ветеранты идӕдзтӕ.

💬 «Ӕдӕппӕтӕй нӕ хыгъды ис 48 адӕймаджы. Фронты фӕсчъылдым архайджытӕ сты 27. Уыдонӕй 16 сты нӕлгоймӕгтӕ, 11 та сылгоймӕгтӕ. Идӕдзтӕ сты 21. Азтӕ сыл сӕ уаргъ ӕруагътой ӕмӕ сӕ фылдӕр рынчын сты. Уый аххосӕй сӕ бон парады бацархайын нӕ уыдзӕн», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Гаглойты Арон.

➡️ Хуссар Ирыстоны ветеранты Советы сӕрдарӕн йӕхиуыл 83 азы цӕуы. У Мидхъуыддӕгты министрады ӕмӕ ӕфсады ветеран. 9-ӕм майы Уӕлахизы Парады архайдзысты Хъахъхъӕнынады, Мидхъуыддӕгты ӕмӕ Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрадты службӕгӕнджытӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хӕсты быдыртӕй хаста цӕфты: Беслӕны 99-аздзыд ветеранӕн йӕ хӕдзары раз сарӕзтой парад

🔻Мысыкаты Мария (Карпенко) — районы иунӕг ветеран у. Ацы аз сбӕрӕг кӕндзӕн йӕ 100 азы юбилей. Абон ын йӕ хӕдзары раз сарӕзтой парад — Рахизфарсы районы кадеттӕ дзы цыдысты раст рӕнхъытӕй. Бынӕттон культурӕйы галуаны хъомылгӕнинӕгтӕ та бацӕттӕ кодтой концерт: зарыдысты хӕстон зарджытӕ, кафыдысты вальс. Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ парадмӕ сӕхи мӕйы бӕрц цӕттӕ кодтой.

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы райдыдта, уӕд Марияйыл 17 азы цыд. Райгуырд Стъарапойлаг хъӕу Солдатово-Александровскийы. Хӕсты фыццаг бонты ацыд йӕ хомӕ, Минводтӕм, уым каст фӕцис медицинон курсытӕ дӕр. Куыста Железноводскы ӕфсӕддон госпиталы, фӕстӕдӕр та Георгиевскы поликлиникӕйы. 1944 азӕй фӕстӕмӕ фронты фӕстӕ цыд медицинон эшелон: цалцӕг кодтой хидтӕ ӕмӕ ӕфсӕнвӕндӕгтӕ. Ацы эшелоны кодтой операцитӕ, салдӕтты-иу фӕстӕмӕ сӕ къӕхтыл слӕууын кодтой. Мария та дзы уыд медицинон хо. Уӕдӕ хӕсты быдырӕй дӕр цӕф хӕстонты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ рахаста.

1945-ӕм азы 9-ӕм майыл сӕмбӕлд Берлинмӕ 27 километры нӕ бахӕццӕ уӕвгӕйӕ. Хорзгонд у «Хъӕбатырдзинады тыххӕй» ӕмӕ «Германийыл фӕуӕлахизы тыххӕй» майдантӕй.

➡️ Хӕсты рӕстӕг Мария базонгӕ йӕ цардӕмбал Мысыкаты Абдурахманимӕ дӕр — уыд поезды хицауы хӕдивӕг. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты фӕстӕ сын райгуырд 3 сывӕллоны. 60-ӕм азты бинонтӕ ссыдысты Беслӕнмӕ. Ныртӕккӕ Мысыкаты Мария цӕры йӕ фырты бинонтимӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы 46-ӕм скъолайы байгом кодтой хӕстон намысы музей

🔻Музейы ис Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕджы 200 экспонаты. Се 'хсӕн советон хӕстонтӕм хи раттынмӕ кӕм сидынц, уыцы фашистон агитацион гӕххӕттытӕ. Музейы ма фенӕн ис Советон Цӕдисы уӕлдӕр хӕрзиуджыты къопитӕ. Ӕппӕт экспонаттӕ ссардтой скъолайы агурӕн къорд «Наследие»-йы уӕнгтӕ.

💬 «Нӕ къорд 4 азы размӕ сарӕзтам. Ныртӕккӕ 20 адӕймаджы бӕрц стӕм — иууылдӕр хистӕркъласонтӕ. Мидхъуыддӕгты министрады республикон къордимӕ иумӕ ацӕуӕм экспедициты. Фӕлӕ нӕ музейы цы экспонаттӕ ис, уыдон Дзӕуджыхъӕуы бынмӕ ӕмӕ Елхоты цур агурӕн куыстыты рӕстӕг нӕхӕдӕг ссардтам. Сӕ сыгъдӕг ӕмӕ се 'сног кӕныныл дӕр нӕхӕдӕг бакуыстам», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн скъолайы ахуырдзау Балашвили Давид.

Экспонаттӕ сты QR-кодтимӕ. Сӕ фӕрцы ӕрбацӕуджыты бон у алы дзаумайы тыххӕй бӕлвырд информаци базонын.

Музейы ис макеттӕ дӕр — скъоладзаутӕ сарӕзтой Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг тохтӕ. Скодтой блиндажы халдих дӕр, сӕвӕрдтой дзы фронты архайджытӕ цӕмӕй пайда кодтой, уыцы дзаумӕттӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ.

Скъоладзутӕ сарӕзтой экскурсион программӕ дӕр. Сӕ фыццаг уазӕг Милдзыхты Вячеслав дзы разыйӕ баззад.

💬 «Тынг бузныг уӕ дӕн. Стыр ӕмӕ биноныг куыст бакодтат. Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы ноджы фылдӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ. Ӕхсызгон мын у республикӕйы фидӕн сымах хуызӕн рӕсугъд ӕмӕ разӕнгард кӕстӕрты къухы кӕй ис, уый», — загъта мэр.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цхинвалы районы къӕвдатӕ кӕй бахордтой, уыцы фӕндӕгтӕ сцалцӕг кӕныны фадат нӕма ис

🔻Къӕвдаджын рӕстӕг кӕй хӕссы, уый аххосӕй хъӕутӕ Гром, Арцеу ӕмӕ Бихъармӕ фӕндӕгтӕ цалцӕггӕнӕн куыстытӕ нӕ цӕуынц. Синоптикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, сабаты дӕр къӕвда уардзӕн ӕмӕ хуыцаубонӕй раздӕр сӕ бон кусын нӕ уыдзӕн. Уый дӕр цавӕр боныхъӕд уа, уымӕ гӕсгӕ. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдта Цхинвалы районы разамонӕг Бӕззаты Инал.

💬 «Нӕ тӕхникӕ дӕр тӕссаг уавӕры ис. Абон иу экскаватор сцалцӕг кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ райсом Громмӕ арвитдзыстӕм: иу ран дзы фӕндаг метры бӕрц ныккалд. Къуырисӕры та Бихъармӕ ацӕудзыстӕм», — радзырдта Инал.

➡️ Къуыри размӕ Хуссар Ирыстоны тыхджын къӕвдатӕ уыд. Дон бахордта Цхинвалы ӕмӕ Ленингоры районы иуӕй-иу хъӕуты 'хсӕн фӕндӕгтӕ, уый аххосӕй транспортон бастдзинад фӕкъуылымпы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — цыртдзӕвӕн.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Уӕлахизы 79 азы боны кадӕн Дзӕуджыхъӕуы уыд парад

🔻Фӕткмӕ гӕсгӕ Сӕрибардзинады фӕзыл маршӕй ацыдысты ӕфсӕддонтӕ, ӕвзонг армионтӕ, кадеттӕ, тыхы структурӕты ӕмӕ ведомствоты минӕвӕрттӕ. Ӕдӕппӕтӕй 1 000 адӕймаджы бӕрц ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы 20 иуӕджы.

Фыццаг хатт Парады ацыд танк Т-90 «Прорыв» — нырыккондӕр танктӕй иу. Парады рӕстӕг цагъдта ӕфсӕддон оркестр.

Республикӕйы цӕрджытӕн ӕмӕ уазджытӕн бӕрӕгбоны арфӕтӕ ракодта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Зӕххыл цыфыддӕр хӕст ӕрцыд, уый амӕттӕгты ном ссардтой минут ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.

💬 «Нӕ хистӕрты хъӕбатырдзинад рох никуы уыдзӕнис. Нӕ адӕм цы лӕгдзинад, уды фидар ӕмӕ иудзинад равдыстой, уый ӕнустӕм баззайдзӕн хъайтардзинад, намыс ӕмӕ кады дӕнцӕгӕй. Нӕ бӕстӕйӕн ацы бон ахсджиаг у! Мӕ зынаргъ ӕмзӕххонтӕ, бӕрӕгбоны арфӕ уын кӕнын. Уӕлахизы 79 азы бон уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы сабырдзинад. Сыгъдӕг цъӕх арвы бын куыд цӕрӕм», — загъта Сергей Меняйло.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзукъаты Илья Исахъы фырт (1903 — 1943)

🔻Нӕ бӕстӕйы ахӕм бинонтӕ нӕй ӕмӕ хӕсты цӕхӕр кӕй нӕ басыгъта. Адӕмы цӕвӕгау карста. Се 'хсӕн бахауд мӕ бабайы фыды 'фсымӕр Дзукъаты Илья дӕр.

Зонын ӕй ӕрмӕстдӕр мӕ нанайы ныхӕстӕй, афтӕмӕй йын сарӕзтон йӕ сурӕт. Илья уарзта чингуытӕ кӕсын, алыхуызон цымыдисаг цаутӕ ӕмӕ хабӕрттӕ арӕх дзырдта. Цардуарзон уыдис, кадджын адӕймаг ӕмӕ-иу ӕй хистӕрӕн арӕх сбадын кодтой.

Райгуырдис 1903 азы Хуссар Ирыстоны. Ахуыр дӕм уым скодта, фӕстӕдӕр куыста заводы.

Хӕсты фыццаг бонты йӕ акодтой фронтмӕ. Хистӕр лейтенант Дзукъаты Илья хъазуатонӕй тох кодта. Знагӕн йӕ Фыдыбӕстӕйы иунӕг зӕххы гӕппӕл дӕр нӕ лӕвӕрдта. Ильяйӕн саккаг кодтой Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты II-ӕм къӕпхӕны орден. Хъыгагӕн, 1943 азы хӕстытӕй иуы йӕ ӕрыгон уд аскъуыд.

Йӕхӕдӕг нал ис, фӕлӕ йӕ фӕстӕ баззадысты йӕ хӕрзиуджытӕ ӕмӕ йӕ цардӕмбалмӕ фыстӕджытӕ. Гӕххӕтт йеддӕмӕ ницы сты, фӕлӕ сӕ куы кӕсай, уӕд зӕрдӕмӕ хъарынц ӕмӕ цӕссыгӕн бауромӕн нал вӕййы. Нӕ фарсмӕ нӕй, фӕлӕ йын йӕ уддзӕф ӕнкъарын. Уыцы фыстӕджытӕ сты йемӕ бастдзинад, йемӕ ныхас, нӕ зӕрдӕты кӕй ис ӕмӕ рох кӕй нӕу, уый ӕвдисӕн.

(Дзукъаты Ланӕ)

#Сапæ_уидӕгтӕ

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы цӕрджытӕ бӕрӕг кӕнынц Уӕлахизы бӕрӕбон

🔻Кӕд «Ӕнӕмӕлгӕ полк» нӕ уыд, уӕддӕр бирӕтӕ уынгтӕм рацыдысты сӕ хиуӕттӕй хӕсты чи архайдта, уыдоны къамтимӕ.

💬 «Мӕ мад Гулько Мария Иваны чызг. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг 18-аздзыд чызгӕй ацыд фронтмӕ. Йӕ хайад цыд ӕфсады фӕстӕ, хӕстонтӕн дзултӕ фыхтой. Уый стыр ӕмӕ ахсджиаг хъуыддаг у», — радзырдта йӕ мады тыххӕй Марина Лаврова.

Маринайы мад куыд дзырдта, афтӕмӕй йӕ хайадимӕ фӕцыдысты Дзӕуджыхъӕуӕй Польшӕмӕ. Уӕлахизыл дӕр уым сӕмбӕлдысты.

💬 «Йӕхӕдӕг куыд дзырдта, афтӕмӕй йӕ царды ӕппӕтӕй хуыздӕр бӕрӕгбон уыд. Цӕрӕнбонты йӕ йӕ зӕрдыл дардта. Йӕ цардӕй дӕр 9-ӕм майы ахицӕн», — радзырдта Марина.

Дзӕуджыхъӕуы уыдысты бӕрӕгбоны мадзӕлттӕ: сарӕзтой тематикон фӕзтӕ, ӕфсӕддон цӕлгӕнӕны саходӕн, хи къухтӕй аив ныв скӕнын, ӕнӕниздзинад сбӕрӕг кӕнын.

💬 «9-ӕм май цыдӕр ӕнахуыр, диссаджы рухс бӕрӕгбон у ӕмӕ йӕм се 'ппӕт дӕр фенхъӕлмӕ кӕсынц. Мах нӕ хӕстонты куы нӕ хъуыды кӕнӕм, нӕ дадатӕ ӕмӕ уыдоны хистӕрты лӕгдзинад зӕрдыл куы нӕ дарӕм, уӕд ӕй нӕ кӕстӕртӕ куыд зондзысты. Горӕты алыхуызон мадзӕлттӕ кӕй цӕуынц, уый мын тынг ӕхсызгон у. Кӕстӕртӕм фыдыбӕстӕмӕ, сӕ хистӕртӕм, хӕстонтӕм уарзондзинад гуырын кӕнынӕн ахъаз сты», — загъта «Сапӕ»-йӕн Инна Увижева.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Алагираг пъӕлицӕйаг-нывгӕнӕг саив кодта районы рынчындоны арӕндоны къултӕ

🔻Мӕргъиты Таймураз — пъӕлицӕйы хистӕр лейтенант, мидхъуыддӕгты министрады кусы 2016 азӕй фӕстӕмӕ. Уӕгъд рӕстӕг та оперативон кусӕг ныв кӕны. Нывгӕнынад йӕ гыццылӕй бауарзта, йӕ бӕллиц уыд архитектор суӕвын. Каст фӕцис Алагиры аивадон скъола, ахуыр кӕнынмӕ бацыд Хӕххон-Металлургон институты архитектурон-арӕзтадон факультетмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ фӕцис. Уӕд ацыд афсадмӕ.

💬 «Ӕфсӕддон службӕйы фӕстӕ кусынмӕ бацыдтӕн мидхъуыддӕгты оргӕнтӕм. Стӕй бинонтӕ, сывӕллӕттӕ… Аивадмӕ ме 'ргом уый бӕрц нал здӕхтон. Фӕлӕ ме 'нкъарӕнтӕ четӕныл райхалын уарзын. Зонын ӕй ӕнӕ сфӕлдыстадӕй мӕ бон нӕу. Куысты мын уӕгъд рӕстӕг стӕм хатт вӕййы. Фӕлӕ уӕд дӕр гӕххӕт райсын ӕмӕ нывтӕ фӕкӕнын. Ме 'мкусджытӕ йӕ фӕхъуыды кодтой, стӕй йӕ ӕнӕхъӕн горӕт дӕр базыдта», — зӕгъы Таймураз.

Таймуразы куыстытӕ 300-йӕ фылдӕр сты, сӕ фылдӕр графикӕйы хуызы конд портреттӕ. Ныртӕккӕ та арӕхдӕр кусы нывгӕнынады жанры. Ӕрӕджы та районы рынчындоны арӕндоны къултыл скодта алыхуызон нывтӕ. Афтӕ ма саив кодта Алагиры къофифыцӕнтӕй иуы ӕддаг къултӕ.

💬 «Фӕнды мӕ четӕныл ӕмӕ сойын ахорӕнтӕй кусын. Мӕ зӕрды ис Нарты кадджытӕй сюжеттӕ сныв кӕнын. Ӕз сӕ куыд уынын афтӕ. Зонын ӕй ахӕм хуызы конд нывтӕ нырма никӕмӕ ис. Ӕрӕджы скодтон Черчесты мыггаджы бӕлас дӕр. 13 фӕлтӕры дзы ис, 1000 номӕй фылдӕр ӕмӕ ма сыл ӕфтауӕн ис. Уый ме 'стырдӕр ӕмӕ егъаудӕр куыст у. Афӕдз ыл куыстон. Мӕхи мыггагӕн дӕр ахӕм, анӕмӕнг сараздзынӕн», — бафтыдта йӕ ныхасмӕ Мӕргъиты Таймураз.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Тыхы структурӕты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонӕй Гуырдзыстонмӕ цы никотин хъӕстӕ продукци ласынц, уый фылдӕр кӕны

🔻Фӕстаг мӕймӕ ӕнӕзакъонӕй ласт тамакоты нымӕц дзӕвгар сырӕзт — фехъусын кодтой «Сапӕ»-йӕн тыхы структурӕты. Уӕлдайдӕр та Знауыры районы.

Фӕстаг цаутыл дзургӕйӕ, зӕрдыл ӕрлӕууы апрелы Уалыты А. ӕмӕ Икъаты А. кӕй ӕрцахстой, уый. Сӕ ӕнӕзакъон архайды тыххӕй сыл байгом кодтой уголовон хъуыддӕгтӕ.

Гуырдзыйӕ никотины продукци ӕнӕзакъонӕй ласыны хъуыддаг йӕ къухтӕм райста Зазӕ Мигрелишвили. Уый размӕ та сӕ ластой Гуырдзыстоны Мидхъуыддӕгты министрады Агарайы пъӕлицӕйы хицауы барлӕвӕрдӕй, афӕдз размӕ йӕ ӕрцахстой. 2021 азы дӕр хуссарирыстойнаг барадхъахъхъӕнджытӕ Мигрелишвилийы, тамакотӕ ӕнӕзакъонӕй ласгӕйӕ, ӕрцахстой. Фӕлӕ йын уӕд рахастой 4 азы дзырдӕй тӕрхон.

➡️ Хуссар Ирыстоны йӕ дыууӕ ӕххуысгӕнӕджы сты уӕгъд, фӕлӕ сын искуыдӕм цӕуыны бар нӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хъараты Михаилы фырт Михаил (1925 — 2007)

🔻Куадзӕны къуыри ӕмӕ Уӕлахизы бонмӕ цӕттӕгӕнӕн мадзӕлттӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой мӕ дада Хъараты Михаилы. Стъолы уӕлхъус бады, йӕ размӕ блуда айкимӕ. Йӕ зӕронд зыр-зыргӕнгӕ къухӕй айк райста ӕмӕ йӕ ӕрзылдта. Мӕхинымӕр ахъуыды кодтон, йӕхи ирхӕфсы, зӕгъгӕ. Бирӕ дзураг нӕ уыд, фӕлӕ мӕ ам ӕвиппайды афарста: «Хом айк фыхӕй куыд раиртасӕн ис, уый зоныс?» Ӕз мӕ сӕр атылдтон. Уӕд та айк ногӕй ӕрзылдта ӕмӕ айк цъилау ныззылд. «Ацы айк фых у, тагъд зилы. Хом афтӕ нӕ уыдзӕн».

Мӕ дадайы ӕвзӕр хъуыды кӕнын. Зӕрдиаг ныхас дӕр-иу нӕ кодтам. Ӕдзух-иу цыма йӕхи хъуыдыты уыд, афтӕ мӕм каст.

Тызмӕг адӕймаг ӕнхъӕл ын уыдтӕн. Фӕлӕ-иу мах, йӕ цоты цот, куы ӕрбацыдыстӕм, уӕд-иу нӕм хъазгӕйӕ бадзырдта: «Мӕ гыццыл хуртӕ».

Мӕ дада хӕсты архайӕг уыд. 17-аздзыд лӕппу йӕ азтыл бафтыдта, афтӕмӕй хӕстон фӕндӕгтыл ацыд. Фӕлӕ йын йӕ къаммӕ куы бакӕсын — нырма сывӕллон! Ахӕм сывӕллӕттӕ та хӕсты мингӕйттӕ уыдысты.

Хистӕр сержант, зенитчик. Уыд цӕф. Уыдис ын хӕрзиуджытӕ.

Йӕ хӕстон биографи цалдӕр рӕнхъӕй радзурӕн ис. Фӕлӕ сӕ мидис — ӕнӕхъӕн цард. Зӕрдӕйы дудгӕ нос чи наууагъта, ахӕм цард.

Ӕрымысын зӕронд видеокадртӕ: бӕрӕгбон ӕмӕ дада цыдӕр хъӕлдзӕг ныхӕстӕ дзуры. Ахӕм стӕм цаутӕй саразын дадайы сурӕт.

Скъаппы йӕ хӕстон дарӕс ауыгъд ӕмӕ дзы цӕуы нафталины тӕф. Йӕ майданты сабыр дзӕгъ-дзӕгъ мӕ хъустыл уайы.

Хӕст Советон Цӕдисы алы хӕдзармӕ дӕр бахоста, йемӕ ахаста 25 милуан адӕймаджы царды. Фӕлӕ ӕгасӕй чи баззад, уыдонӕн сӕ удты иу хай баззад хӕсты. Куыд мӕм кӕсы, мӕ дада йӕ бонтӕ афтӕ ӕрвыста: йӕ иу хай ам, иннӕ та — фронты.

Ӕнӕ кӕнгӕ митӕй адӕймаг уыд. Йӕ цин ӕмӕ мастимӕ. Йӕ царды фӕндагыл фӕцыд рыгӕйдзаг цӕрыхъхъыты. Мӕ сӕрӕй йын ныллӕг кувын. Рухсаг уӕд.

(Гадзацаты Аланӕ)

#Сапӕ_уидӕгтӕ

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Архонкӕйаг скъоладзау зилы, Беслӕны парк калгӕйӕ, цы цъиуты аирвӕзын кодтой, уыдонмӕ

🔻Беслӕны парчы бӕлӕстӕ куы калдтой, уӕд дзы хъыгдард баййӕфтой халӕтты лӕппынтимӕ ахстӕттӕ. Уыцы цауӕн ӕвдисӕн чи уыд, уыдоны ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕлӕсты бын зӕххыл дӕсгай цъиутӕ уыдис.

💬 «Уыцы бон парчы бирӕ адӕм уыд, сывӕллӕттӕ ныййарджытимӕ тезгъо кодтой ӕмӕ сӕ кӕстӕртӕ ӕмбырд кодтой. Мӕргътӕй бирӕтӕ амардысты, кӕйдӕр бӕлӕсты бынӕй раласын нӕ бантыст. Афтӕмӕй дзы аирвӕзт ӕрмӕст 7 халоны лӕппыны», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Мырыкаты Соня.

Ӕппӕт лӕппынты радтой 11-аздзыд Соняйӕн. Уӕвгӕ, цъиуты арӕх фервӕзын кӕны.

💬 «Куыд сӕм зилын хъӕуы, уый зонын. Мӕ мад сын дунейы хӕринаг балхӕдта: уырынгондтӕ, салд мыстытӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хӕринаг сын фӕткмӕ гӕсгӕ дӕттын — алы сахат дӕр», — зӕгъы скъоладзау.

➡️ Сӕхиуыл куы фӕхӕцой, уӕд сӕ Соня арвитдзӕн мӕскуыйаг «Домик Мелкошей»-мӕ. Къуыри размӕ та сын радта цы уыг фервӕзын кодта, уый. Уымӕн та йӕ базыр уыд саст ӕмӕ йӕм чызг зылдис.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM