Новая школа осетинского языка
1.54K subscribers
1.21K photos
268 videos
48 files
1.02K links
Download Telegram
Forwarded from Ирон чиныг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзанайты Иваны уацмыс «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» кæсы РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Гæбуты Жаннæ

Видеоролик подготовлен в рамках проекта «Мобильная дорога к чтению», реализуемого при поддержке Федерального агентства по делам молодежи – Росмолодежь @rosmolodez
_________________________________
Слушайте аудиокниги и аудиоспектакли на осетинском языке в мобильном приложении ИРОН ЧИНЫГ, которое доступно бесплатно в PlayMarket и AppStore
https://audiobooks.ironapps.ru/download

#ИронЧиныг #Росмолодежь #Росмолгрант #Ресурсцентр #ВКМП #Россиястранавозможностей #ДзанайтыИван #Зæрватыкк #аргъау #Осетия #Алания #Ирыстон #иронаудзур #ИронТеатр

@iron_chinyg
Forwarded from IRON ARGHAW
БИРӔГЪ ӔМӔ ЗЫГЪАРӔГ.

Бирӕгъ зыгъарӕджы ӕрцахста ӕмӕ йӕ хӕрынвӕнд скодта.
Уӕд ӕм зыгъарӕг сдзырдта:
— Бирӕгъ! Ӕгъдау бакӕ, ӕгъдау!
— Цавӕр ӕгъдау? — бафарста йӕ бирӕгъ.
—Уӕ фыдӕлтӕ-иу махӕй искӕй куы хордтой,— загъта зыгъарӕг,— уӕд-иу дзы раздӕр хорз фӕхъазыдысты: ӕртӕ хатты-иу ӕй уӕлвӕндагмӕ сӕппӕрстой, ӕртӕ хатты та дӕлвӕндагмӕ.
Бирӕгъ ӕгъдау кӕнын байдыдта ӕмӕ зыгъарӕджы зыввыттытӕ кӕнын систа.
Зыгъарӕг иу хатт хуынкъмӕ хӕстӕг ӕрхаудис ӕмӕ хуынчъы смидӕг.
Бирӕгъ хӕлиудзыхӕй баззад.
#аргъау
Forwarded from IRON ARGHAW
УЫЗЫН.

Уызыны ӕрцахстой, хӕдзармӕ йӕ бакодтой ӕмӕ йӕм дзӕбӕх зылдысты: алы дзӕбӕх хӕринаг, алы дзӕбӕх нозт ын лӕвӕрдтой.
Уӕддӕр хъыг кодта, ныуулӕфыди-иу ӕмӕ-иу загъта:
— Уӕ мӕ хӕдзар, мӕ хӕдзар!
Уӕд иу бон загътой:
— Цӕй ӕмӕ йӕ ауадзӕм, уагӕры йын цавӕр хӕдзар ис, алы бон кӕй кой кӕны ӕмӕ кӕуыл хъӕрзы.
Ауагътой йӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты, йӕ хӕдзар ын фенӕм, зӕгъгӕ.
Уызын араст ӕмӕ сындзы къудзийы бын бабырыд, йӕхи ауагъта, зӕрдӕйы бынӕй ныуулӕфыди ӕмӕ загъта:
— Ӕй! Хи хӕдзар, цы дзӕбӕх дӕ, цы, дӕуӕй хуыздӕр куы ницы и!
#аргъау
Forwarded from Ирон чиныг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзанайты Иваны уацмыс «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» кæсы РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Гæбуты Жаннæ

Видеоролик подготовлен в рамках проекта «Мобильная дорога к чтению», реализуемого при поддержке Федерального агентства по делам молодежи – Росмолодежь @rosmolodez
_________________________________
Слушайте аудиокниги и аудиоспектакли на осетинском языке в мобильном приложении ИРОН ЧИНЫГ, которое доступно бесплатно в PlayMarket и AppStore
https://audiobooks.ironapps.ru/download

#ИронЧиныг #Росмолодежь #Росмолгрант #Ресурсцентр #ВКМП #Россиястранавозможностей #ДзанайтыИван #Зæрватыкк #аргъау #Осетия #Алания #Ирыстон #иронаудзур #ИронТеатр

@iron_chinyg
Forwarded from IRON ARGHAW
МЫСТЫ ЛÆППЫН.
Мысты лæппын рацыд иухатт йæхи аирхæфсынмæ. Арауай- бауай кодта æмæ фæстæмæ бацыд æмæ йæ мадмæ дзуры:
— Æз федтон дыууæ сырды. Сæ иу — тызмæг, иннæ — фæлмаст.
— Зæгъ-ма, цавæр уыдысты сырдтæ? — афарста йæ мад.
Лæппын загъта:
— Мæстыгæр чи у, уымæн йæ къæхтæ — сау, йæ сæры къоппа — сырх, цæстытæ — хъоппæг, фындз — ехъæл. Æз йæ цурты куы фæцæйцыдтæн, уæд йæ къах фелвæста æмæ афтæ тынг ныхъхъæр кодта, æмæ фыртарстæй цы фæуыдаин, уый нал зыдтон.
— Уый уасæг у, — загъта мад. — Уымæй ма тæрс, уый никæйы бафхæрдзæн. Иннæ та цавæр уыд?
— Иннæ хуыссыд æмæ йæхи хурмæ тавта. Иæ хъуыр — урс, йæ къæхтæ — цъæх, лæгъз, уый стæрдта йæ къах æмæ мæнмæ' кæсгæйæ йæ къæдзил чысыл змæлын кодта.
Зæронд мыст загъта:
— Æдылыкъоппа! Уый гæды у, гæды йæхæдæг, нæ тæссагдæр знаг!

#аргъау