Forwarded from ХОХ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
@besolova_diana æмæ
@allyouneedisxox - Дыууæ уды
Сл. Тотраз Кокаев/Муз. Евгений Воложанин
Приятного прослушивания😌
🎥- @as_alanskiy
@allyouneedisxox - Дыууæ уды
Сл. Тотраз Кокаев/Муз. Евгений Воложанин
Приятного прослушивания😌
🎥- @as_alanskiy
IRON ARGHAW
@besolova_diana æмæ @allyouneedisxox - Дыууæ уды Сл. Тотраз Кокаев/Муз. Евгений Воложанин Приятного прослушивания😌 🎥- @as_alanskiy
Муз. Е. Воложанин, сл. Т. Кокаев.
Дыууӕ уды.
Мæ сæфт амонд дæумæ цæуын фæдисы,
Дæуæн зарын мæ зарджыты хуыздæр,
Дæ фæндагмæ аез рухс тынтæ æлвисын,
Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр.
Стъалытæ бæрзонд авыл куы хъазой,
Уæд дард хъуысы æхсæрдзаенты нæрын,
Дыууæ уды кæраедзийы куы уарзой,
Уæд а зæххыл æнцондæр у цæрын.
Мæ хуры хай, кам дӕ цы ран цы бæсты,
О курын дæ ‘стъалыйау фæзын,
Фæзын æмæ дæ арфæйаг ныхæстæй,
Фæсур мæ хур мæ сонт зæрдæйы зын.
Мæ хуры хай мæ цин æмæ мæ катай,
Сæууон хурау дæу размæ хастон æз,
Фæлæ кæсын дæ фæстæ ныр æнкъардæй,
Мæ цæстытыл æрмынæг и дæ хуыз.
Æви кæд нæй хъысмæты карзæй лидзæн,
Æви дын кæд мæ уарзт æрдхæрæн нæу,
Цæргæ бонты дæу сурдзынæн мæхицæй.
Цæргæ бонты æз агурдзынæн дæу.
Дыууӕ уды.
Мæ сæфт амонд дæумæ цæуын фæдисы,
Дæуæн зарын мæ зарджыты хуыздæр,
Дæ фæндагмæ аез рухс тынтæ æлвисын,
Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр.
Стъалытæ бæрзонд авыл куы хъазой,
Уæд дард хъуысы æхсæрдзаенты нæрын,
Дыууæ уды кæраедзийы куы уарзой,
Уæд а зæххыл æнцондæр у цæрын.
Мæ хуры хай, кам дӕ цы ран цы бæсты,
О курын дæ ‘стъалыйау фæзын,
Фæзын æмæ дæ арфæйаг ныхæстæй,
Фæсур мæ хур мæ сонт зæрдæйы зын.
Мæ хуры хай мæ цин æмæ мæ катай,
Сæууон хурау дæу размæ хастон æз,
Фæлæ кæсын дæ фæстæ ныр æнкъардæй,
Мæ цæстытыл æрмынæг и дæ хуыз.
Æви кæд нæй хъысмæты карзæй лидзæн,
Æви дын кæд мæ уарзт æрдхæрæн нæу,
Цæргæ бонты дæу сурдзынæн мæхицæй.
Цæргæ бонты æз агурдзынæн дæу.
Forwarded from Diana Besolti (Диана Бесолова)
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Езети Игорь, Бесолти Дианæ, Маргъиты Иринæ «Керчы бæстæ»
Уæ, дзæгъæйлаг Керчы бæстæ,
Мæ тæригъæдæй басудзай.
Мæ мад мæм нæхимæ
Æнхъæлмæ кæсы,
Ды та мыл сыджыт ныккалдтай.
Атæх, атæх, ды, зæрватыкк,
Хæхтæн, быдыртæн сæ сæртыл.
Фехъуысын кæн
Мæ мад, мæ фыдæн
Се ’намонд фырты хабæрттæ.
Мауал æм æнхъæлмæ кæсут —
Нал æрыздæхдзæни уæ фырт:
Знаджы тæвд нæмыгæй
Карз тохы фæмард,
Керчы былыл та ныгæд
Осетинская героическая песня, автор неизвестен. Вероятно, она написана в честь Героя Советского Союза Давида Доева.

Forwarded from 5 слов на осетинском
Æфсæст, æнæмæт адæймаг фын нæ уыны. Фынтæ мæгуыр, æххормаг, мæт бирæ кæй ис, уый уыны. Цыхуызæн фын нæ федтон æмæ цыхуызæн фынтæ нæ уынын, фæлæ уæддæр ныры фынæй диссагдæр никуы федтон. Ныронг цы фæцардтæн, уый мæм мæ фыны раз ницы кæсы...
Один из ранних осетинских писателей Тлатты Хох начинает свой рассказ-утопию «Сон» (1911) с объяснения, почему именно ему приснился сон о волшебной стране справедливости и всеобщего равенства.
Рассказ обсуждали на днях в книжном клубе Алана Цхурбаева во Владикавказе.

ironau.ru
Тлатты Хох. Фын (рассказ Хоха Тлатова «Сон» на осетинском языке)
Сайт для тех, кто хочет научиться осетинскому языку. Уроки, полезная информация
КУЫНДЫХАТЫ ГӔТӔГЪӔЗЫ ЗАРӔГ.
Куындыхаты Гӕтӕгъӕз уыд санибайаг давӕг лӕг. Хъулгъайы устытӕ-иу дзы сӕ сывӕллӕтты афтӕ тӕрсын кодтой: «Иры Гӕтӕгъӕз дӕм ӕрбацӕуы». Кутаисмӕ ацыд давынмӕ, ӕмӕ йӕ уым гуырдзы амардтой. Зарӕг ыл скодта йе ’рдхорд зарӕггӕнӕг Дзиуаты Гӕвди.
Зарӕджы ныхӕстӕ
Санайӕ мидӕмӕ сӕ сауджынтӕ — ӕлдӕрттӕ,
Гӕтӕгъӕз ӕрӕрвыста йӕ сау писмо
Йӕ адджын ӕмгӕрттӕм.
Рӕгътыл ссӕуӕн нал ис Елхотыл йеддӕмӕ.
Гӕтӕгъӕз бадзуры: «Мӕныл скӕуӕг нал ис мӕ хоты йеддӕмӕ».
Хъӕнийы — Хасыгоны уасӕг.
Гӕтӕгъӕз ӕрӕрвыста йӕ сау писмойы:
«Кӕнын мӕ зӕронд мад Тасгойы
Санибайы фӕсивӕды уазӕг.
Дӕргъӕвсы барӕг — Джергаты уазӕг,
Ӕз кӕнын мӕ дыууӕ хойы
Ме ’мгӕртты уазӕг».
Уӕйтт-уӕрӕйдӕ, Гӕтӕгъӕз.
Иры хъазахъхъыл — формӕйы гӕрзтӕ.
Кутаисӕй ӕрхӕццӕ дӕ сау писмо
Фондз мӕйы фӕстӕ.
Арвыкомы — бӕлоны сынтытӕ.
Хъулгъа дын ныссагътой
Ахъийы ӕфцӕджы дӕ номы цыртытӕ.
Паддзахы фӕндаг Хилганы тыххӕй,
Цъулбертӕ дӕ амардтой туманы тыххӕй.
Ӕлборты Барысби, ЦИГСИИ-йы архив, ф. 19, оп. 1, д № 202.
#иронзарӕг

ОЛОЛИ.
Стыр хъæды æхсæв кæм баззайай, арт кæм скæнай, уым арты сæрмæ бæласыл абады цъиу. Хонынц æй ололи. Куыд дзырдтой, афтæмæй уыдис сидзæр лæппу. Хъæздыгæн уыди бæхгæс, æмæ йæ бæхтæ фесæфтысты. Бирæ сæ фæцагуырдта, фæлæ сæ нал ссардта. Хуыцаумæ кувын байдыдта:
— Мæ бæхтæ куынæуал ссарон, уæд мæ-иу цъиу фе-стын кæн.
Хуыцау æй цъиу фестын кодта. Уæдæй нырмæ сæ агуры, фæлæ сæ не ссардта. Арты сæрмæ куы абады, уæд ныхъхъæр кæны лæджы хъæлæсæй: «Бæхрæгъау — мæ рæгъау». Фыццаг хатт æй чи фехъусы, уый дзы тынг фæтæрсы.
Адæмы сæрмæ, дам, уый тыххæй æрбатæхы, æмæ адæмæй фæцагуры йæ бæхтæ.
#таурӕгъ
#едзитыандрей

Forwarded from Ossetia News
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Хохы Дӕргъӕвсы фӕсивӕд.
Forwarded from ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Шекспиры 112-ӕм сонет.
Кæсы ПАГӔТЫ Савелийы чызг Людмилæ, 44 азы.
Пагæты Хъазыбеджы номыл «Сабииы сфæлдыстадон центр»-ы уæлæмхасæн ахуырады педагог.
#базыртӕ #журналмахдуг #конкурсӕркаст #бакӕсӕмиумӕ
Кæсы ПАГӔТЫ Савелийы чызг Людмилæ, 44 азы.
Пагæты Хъазыбеджы номыл «Сабииы сфæлдыстадон центр»-ы уæлæмхасæн ахуырады педагог.
#базыртӕ #журналмахдуг #конкурсӕркаст #бакӕсӕмиумӕ
Forwarded from Борисовна (Позывной "Пантера"🇷🇺)
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дорогие друзья,всем добрый вечер.
Очень прошу каждого принять участие в сборе на Коагулятор для госпиталя Макеевки и Шлем,тактические наушники для бойца.
Нужны еще очень плиты на броники, 8 комплектов,но...
Сумма к сбору 343.000
Сбор продолжается.
⛔⛔⛔ "СБЕР" 💳 2202200741582835
Либо по номеру 📲 9627475445 СПБ
Вера Борисовна А.
С пометкой "Госпиталь".

Forwarded from Mountain region.
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Весна 🌿это всегда начало новой жизни 🐏 Горная Саниба 🏔️
Mountain region.
Mountain region.
Forwarded from Хæтаги таурæгъ
«Нападение Созрыко Хоранова на Коста».
Малоизвестная картина Махарбека Туганова.
По словам Коста, Созрыко/Иосиф — «яркий тип местного
смутьяна, действующего в целях личной корысти, возможность появления которого обусловливается именно ненормальностью существующих отношений...»
Коста видел его двурушничество. Прислужник власти, он выдавал себя за радетеля народных интересов.
Коста писал:
«(обвинения) - результат предположений Каханова и измышлений подставных свидетелей из ...
лиц сомнительной нравственности . Во главе их стоит мой личный враг , поведение которого в обществ.его деятельности я не раз осуждал печатно...»
В стих-ии «Прислужник» Коста разоблачает Иосифа и подобных ему.
***
«(Дзамболат Абациев) мне сообщил, что Хоранов ... выехал на ст.Дарг-Кох специально, чтобы побить или убить меня, но когда "я увидел его таким больным, жалким, то рука не поднялась на него" (слова Хоранова.)»
p.s. В реале Хетагурова защитил Дзантемир Шанаев. Взбешенный его поступком Иосиф вызвал на дуэль Шанаева.

Forwarded from Агуындæ зæгъы…
🙋🏽♀️Хорз хабар уын хъусын кæнын.
Уæ тыхтæ бавзарут æмæ ирон æвзаг апарахат кæнæм.
Уæ тыхтæ бавзарут æмæ ирон æвзаг апарахат кæнæм.