IRON ARGHAW
927 subscribers
1.15K photos
416 videos
362 files
310 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Уæлæ сын Арыхъыты хурæй уарын,
Акæсут-ма хорз адæм, Карсанаты хорз Идыг
Къазнайы сызгъæрин æхцатæ
Мæгуыр адæмæн худæй уары.

Далæ сын Æрджынарæджы Боброн бон куы кæны.
Карсанаты хорз Идыг къазнайы сызгъæрин æхцатæй
Æппæт мæгуыр адæмæн ном куы кæны.

Сау хъæды сæгуыт сын арсы ныхта,
Æмæ Идыгмæ куы æрбацыдысты пъæлицæ джигул кæнынмæ,
Уæд Идыгæн йæ ныййарæг мад къазнайы
Сызгъæрин æхцатæ аджы фыхта.

Уæлæ сын цуанон дон-дон ссæуы:
Æмæ Карсанаты хорз Идыгыл сæхи гæды
Илас æрмæстдæр фондз сомы тыххæй
Комдзог куы цæуы.


Чеджемты Æ., Æртхурон — Дзæуджыхъæу: Ир, 1997

#таурӕгъ
#иронзарӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
⠀⠀


Фыдӕлты таурӕгътӕ, Ходы хъӕуы цӕрӕг Едзиты Андрей.

#таурӕгъ
IRON ARGHAW
Доброе цейское утро!
МОЛАДЗАН ХОХ.
Цъæйы комы Схъазы æмæ Цъæйы цъититæй цы цæугæдæттæ цæуы (хонгæ дæр сæ Схъаздон æмæ Цъæйдон кæнынц), уыдон кæм баиу вæййынц, уырдыгæй чысыл фалдæр хæрдмæ фæцыд сау къæдзæх. Иуварсæрдыгæй бакæсгæйæ моладзаны хуызæн у. Уымæ гæсгæ йæ туристтæ рахуыдтой Моладзан-хох. Бирæ таурæгътæ æмæ хабæрттæ ис ацы хохы тыххæй дæр. Иу таурæгъ дзы у ахæм. Цæвиттон, кæддæр, тынг раджы, ацы комы хъæдты фæзынд сыгъзæринсыкъа саг. Цынæ хорз цуанон ахатти йæ фæдыл хæхты æмæ хъæдты тæссагдæр рæтты дæр, фæлæ йæ амарын никæй къухы æфтыд. Фæстæмæ-иу афтидæй, фæллад æмæ уæнтæхъилæй æрыздæхтысты.
Уæд иуахæмы иу æвзыгъд лæппу-цуанон ныффæнд кодта йæ амарын. Йæхи хорз барæвдз кодта, Рекомы кувæндоны бынмæ æгъдауимæ бацыд, Уастырджийыл йæхи бафæдзæхста, фæфæндараст мæ кæн, зæгъгæ. Стæй адæмы раз ард бахордта, Уастырджи йын сыгъзæринсыкъа саг амарынæн куы баххуыс кæна, уæд ын йæ номыл сыгъзæрин сыкъатæ Рекомы кувæндоны кæй сæвæрдзæн.
Фæцыд лæппу цуаны. Бирæ фæхатт, чысыл, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ саг Уастырджийы æххуысæй йæ къухы бафтыд. Куы йæ æрфæлдæхта æмæ йæм æввахс куы бацыд, уæд сыгъзæрин сыкъатæй йæ цæстæнгас нал иста. Фырцинæй йæ йæ ардбахæрд дæр æрбайрох. Афтæмæй саджы сæр дæр ракодта, æрхаста йæ сæхимæ, фæлæ сыгъзæрин сыкъатæ кувæндонмæ бахæссын йæ цæст нал бауарзта.
Уастырджи йæм смæсты, йæ ардбахæрдыл гадзрахатæй кæй рацыд, уый тыххæй, æмæ йæ къæдзæх хох фестын кодта.

#таурӕгъ
#цгъойтыхазби
Бирæ фæфæсмон, фæмæт кодтой, стæй рахастой ахæм фæнд: «Абонæй фæстæмæ дон нуазгæ уæд кæстæрæй, цæмæй ахæм бæллæх макæуылуал æрцæуа!» Уыцы хъуыды ахæлиу æппæт ирон адæмыл, æмæ нæм дон нуазгæ у кæстæрæй.

#таурӕгъ
#цгъойтыхазби
«МÆ ФЫДЫЛ КÆУЫН».
Базæронд лæг æмæ мæлæты къахыл ныллæууыд. Йæ фырттæ, йæ чызджытæ, чындзытæ æмæ цоты цот ма йын цы акæной, уый нал зонынц. Зæронды ныхмæ ницы хос ис, æмæ ма йæ ныхасæй, хойраджы хорзæй рæвдауынц. Æнæбындур ныфсытæ йын æвæрынц. Лæг, куырыхон лæг сæм хъусы æмæ кæд зоны, йæ адзал æрцыд, уæддæр йæ мидбылты бахуды æмæ йæ сæр разыйы тылд бакæны. Ома, дзурут, дзурут, æз мæ уавæр сымахæй хуыздæр зонын. Сымах мæнæн ныфсытæ æвæрут, æз та сымахыл ауæрдын.
Иуахæмы зæрондæн йæ зæрдæ суынгæг, æмæ йæ цæссыг фемæхст. Цот уый куы ауыдтой, уæд йæ алыварс атыгуыр сты. Ныфсытæ йын æвæрынц, ма тыхс, уæлæ дæм стыр горæтæй абон зындгонд дохтыры æркæндзыстæм, æмæ дæ уый фендзæн, уый дын дæ низыхатт базондзæн æмæ йын хос ссардзæн, зæгъгæ. Фыд сæ ныхæстæм йæхиуыл фæхæцыд, йæхи фæхъæбæрдæр кодта æмæ сын афтæ:
— О мæ уарзон байзæддаг, зонын æй, тыхсут мыл, фæлæ зæрондæн хос нæй, чи райгуыры, уый мæлгæ дæр кæны, æмæ æрцыд мæ адзал дæр. Фæлæ æз мæхиуыл нæ кæуын. Мæ фыдыл кæуын! Уый дæр мемæ мæлы. Цалынмæ цардтæн, уæдмæ йæ ном цард мемæ — мæ фыды фырт мæ хуыдтой. Ныр мæ ном баззайдзæн сымахимæ, мæ фыды ном та цæуы мемæ.

#цгъойтыхазби
#таурӕгъ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Фыдӕлты таурӕгътӕ, Ходы хъӕуы цӕрӕг Едзиты Андрей.

#таурӕгъ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Фыдӕлты таурӕгътӕ, Ходы хъӕуы цӕрӕг Едзиты Андрей.

#таурӕгъ
МАДЫ УДУÆЛДАЙ УАРЗТ. Хъæбулмæ ныййарæджы стыр уарзондзинады тыххæй бирæ хабæрттæ фехъусæн вæййы, бакæсæн ис аивадон литературæйы, фæлæ Дæргъæвсы комы Хынцæгæй Къæхтысæры æхсæн цы Къæцæлæппарæн дур ис, уыимæ баст æцæг хабар зæрдæйыл æндæрхуызон æмбæлы, зонд æндæрхуызон агайы.
Кæддæр, дам, нудæсæм æнусы дæргъæвсаг иу æрыгон ус йæ ноггуырд сывæллонимæ быдыры хъæутæй иуы, йæ цæгатмæ хуындæджы бадт. Сывæллон куы ныййардта, уæдмæ зымæг дæр ралæууыд, æмæ боныхъæды хорзмæ каст. Йæ цæгаты æгæр бирæ кæй фæстиат кодта, уый йæм худинаг каст, йæ лæджы мад æмæ фыдæй æфсæрмы кодта.
Иуахæмы, куы фæбон кодта, уæд Хъобанмæ цæуджытимæ фæбалц. Хъобанæй иунæгæй фистæгæй уыд йæ фæндаг. Хуссар Хынцæгмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ йыл схъызыд. Фæндаджы иуварс егъау дуры аууон балæууыд. Кæсы æмæ дзы байбынгонд. Йæ нымæтæй хуыд гуыр раласта, сывæллоны дзы батыхта, дуры хуылфы йæ йæ хъæбысы бакодта, зымæджы хъызтæй йæ йæ гуырæй бааууон кодта, афтæмæй æрбадт.
Уыцы хуызы сæ ссардтой, Хуссар Хынцæгæй бæлццон сывæллоны кæуын куы фехъуыста, уæд. Мад басыд æмæ амард, сывæллоны аирвæзын кодта йæ нымæтын гуыр æмæ буары хъармæй. Кæугæ, ниугæйæ йæ кадимæ бавæрдтой уæлмæрды, фæлæ йæ удуæлдай уарзт йæ хъæбулмæ цæры æнусты. Уæдæй фæстæмæ уыцы дуры цур къæцæл аппарын Дæргъæвсы комы ссис æгъдау. Цæмæй ма кæд искæуыл ам зымæгон схъыза, уæд ын арт скæнынæн фадат уа. Афтæ дур дæр рахуыдтой Къæцæлæппарæн дур.

#таурӕгъ
#цгъойтыхазби
ЧЫЗДЖЫ АМОНД.
Æвæццæгæн, лæг куы райгуыры, уæд ын амонд йемæ раттынц. Хъæуы, дам, ахæм рæсугъд æмæ хорз чызг цардис, æмæ йæхицæй хуыздæр æнæхъæн хъæуы нæ уыдис. Цауддæр чызджытæ куырды фесты, ай бады, ничи йæ куры. Йе ’фсымæр ус æрхаста, æмæ йæм чындз кæсы — чызг ницы хъуаг у: хæдæфсарм, рæсугъд, алцыдæр зоны, ницы фау æм æрхæссæн ис. Уæд чындз йе ’фсинæн афтæ зæгъы:
— Ацы чызг йæхи уагыл нæу, æмæ ма йæ дæснымæ ахон.
Иу бон сæхи бацæттæ кодтой æмæ дæснымæ фæцыдысты. Дæсны сын куы бафарста, уæд загъта:
— Куы райгуырди, уæд ын амонд раттын ферох кодтой.
Бацамыдта сын афтæ: «Искæмæн сывæллон куы гуыра, уæд æй уырдæм бахонут æмæ йæ искуы слæууын кæнут, кæд æй афтæмæй æрхъуыды кæниккой».
Чызгæн афтæ бакодтой, цæджындзы фæстæ йæ слæууын кодтой. Уый фæстæ бирæ нал абадтис, замманай лæппу йæ ракуырдта, æмæ тынг амондджын фæцис.

#таурӕгъ
#едзитыандрей
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Фыдӕлты таурӕгътӕ, Ходы хъӕуы цӕрӕг Едзиты Андрей.

#таурӕгъ
ОЛОЛИ.
Стыр хъæды æхсæв кæм баззайай, арт кæм скæнай, уым арты сæрмæ бæласыл абады цъиу. Хонынц æй ололи. Куыд дзырдтой, афтæмæй уыдис сидзæр лæппу. Хъæздыгæн уыди бæхгæс, æмæ йæ бæхтæ фесæфтысты. Бирæ сæ фæцагуырдта, фæлæ сæ нал ссардта. Хуыцаумæ кувын байдыдта:
— Мæ бæхтæ куынæуал ссарон, уæд мæ-иу цъиу фе-стын кæн.
Хуыцау æй цъиу фестын кодта. Уæдæй нырмæ сæ агуры, фæлæ сæ не ссардта. Арты сæрмæ куы абады, уæд ныхъхъæр кæны лæджы хъæлæсæй: «Бæхрæгъау — мæ рæгъау». Фыццаг хатт æй чи фехъусы, уый дзы тынг фæтæрсы.
Адæмы сæрмæ, дам, уый тыххæй æрбатæхы, æмæ адæмæй фæцагуры йæ бæхтæ.

#таурӕгъ
#едзитыандрей
ÆРФÆНЫ ФÆД.
Уæларв иу кæронæй аннæмæ æвзист фæндагау цы стъалыты цæхæр нымраст вæййы, уый таурæгътæм гæсгæ у Уастырджийы бæх — Æрфæны фæд. Стъалыты уыцы цæхæр та равзæрд бæхæн йæ зынг сæфтджыты æрцæфтæй арвы тъæпæныл. Æрфæн у базырджын. Цæстыфæныкъуылдмæ арвы алыварс æртæ зылды æркæны. Куыд дзурынц, афтæмæй фыццаг зæххон бæх дæр уымæй равзæрд (Чесана, Дур-дура дæр æй хонынц). Зæгъынц, æртыкъахыг у.
Цоциты Алан куыд зæгъы, афтæмæй, æвæццæгæн, Фыдыкомбæттæны бæрæгбон кодтой Æрфæнæн, æмæ фæстагмæ Æрфæны нæ, фæлæ йæ хицауы — Уастырджийы бæрæгбон ссис.

Хъайттаты С. X—18 Ирон хабæртгæ — 3-æм рауагьд — Дзæуджыхъæу: Ир, 2009

#таурӕгъ
Æхсидавы сыгьдон.
Зæдтæ, дам-иу, зæххон адæмыл тæрхæттæ кодтой. Иу сылгоймагæн лæппу райгуырди, æмæ сæ иу дзуры: «Дæлæ ныр чи райгуырди, уымæн та цы тæрхон кæнæм?» Æмæ йæм иннæ дзуры: «Дæлæ цалынмæ уыцы æхсидав судза, уæдмæ йын цæрæнбон». Уыдон атахтысты. Ус сæ фехъуыста, фæгæпп кодта, къæрта раскъæфта æмæ æхсидавыл дон бакалдта. Систа йæ, зæлдаг кæлмæрзæны йæ батыхта, чырыны йæ дзаумæтты бын нывæрдта, гуыдыр ыл сæхгæдта, дæгъæл та йæ хъуырыл сауыгъта.
Цæрын байдыдтой, сывæллон дæр ралæг ис, ус ын æрхастой. Чындз æдзух дис кодта: «Уыцы чырыны, цымæ, цы ис, æдзух дæгъæл йæ хъуырыл цæмæн дары?»
Иу бон сæ сыхы чындзæхсæв уыди, æмæ æфсинмæ сыхаг устытæ бадзырдтой, чындзæхсæвмæ, дам, цом, зæгъгæ. Ус равдз бауади, чырын фегом кодта, йæ кæлмæрзæн фелвæста, чырыны сæр та йын гомæй ферох. Чындзы дæр мæ хуыздæр цы хъуыди. Рæвдз бауади æмæ дзаумæттæ скалдта. Кæсы, æмæ дзы бынæй зæлдаг кæлмæрзæны æхсидавы сыгъдон тыхт. Йæхицæн дзуры: «Ай мæнæ хингæнæг куы у!» Æхсидав фелвæста æмæ йæ пецы баппæрста. Уæдмæ усы зæрдыл æрбалæууыди, чырын гомæй кæй баззад, уый. Фæстæмæ фездæхт, фæлæ уæдмæ æхсидав пецы басыгъд. Бæргæ ма йæм фæлæбурдта, фæлæ дзæгъæлы. Мад йæхи ныххоста æмæ чындзмæ дзуры: «Ай мæн дæр æмæ дæхи дæр куы бабын кодтай!» Уæдмæ сæм æрбауадысты, уæ лæппу амардис, зæгъгæ.
Уæдæ афтæ: цымыдисдзинад амонд нæ хæссы.

Едзиты Андрей. Уæллаг Ходы таурæгътæ. 2016 аз.

#таурӕгъ