IRON ARGHAW
932 subscribers
1.19K photos
433 videos
362 files
320 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Forwarded from Fedog : хабæрттæ иронау (Dziglo)
🎭 Ацы азы сентябрæй Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæн сæ бон уыдзæн республикæйы театрты спектакльтæм кæсын лæвар. Ахæм хабар фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло, ахуырады кусджытæн цы æмбырд (совещание) уыдис, уым.
Цæрукъаты Алыксандр:

Ирон зыланг ныхас, дæу айс мæнæй,
Уæд баззаин къуырма æмæ куырмæй.

(Звучная осетинская речь, если отнять у меня тебя,
То остался бы я глухим и слепым.)
ÆРТÆХЦÆГЪДÆН КЪАХ.
Иу хæдзары бирæ чындзытæ уыд. Сæ иу байуарын æрымысыд. Кæд бирæ бинонтæ уыдысты, уæддæр хæларæй цардысты, æмæ ус ницы фæрæзта лæджы сардауынæн.
Бирæ заманты фæцархайдта, уæд дын иу хатт лæгæн куы зæгъид:
— Кусартæй дын дæ лæппуйæн раттынц йæ æртæхцæгъдæн къах.
Лæг бахъуыды дардта, æмæ, æцæгдæр, хæйттæ уаргæйæ, йæ лæппумæ æрхауд, фыс æртæх цы къахæй фæцæгъды, уый. (Цыма цæгъдгæ та кæцыйæ нæ кæны!).
Æмæ рахицæн сты.
Уымæ гæсгæ, æнæ ’фсонæй исчи бинонты цард куы размæнты, уæд ирон адæммæ акæнынц: «Сæ лæппумæ кусартæн йæ æртæхцæгъдæн къах æрхауд...»

Агънианы ныхæстæ, Цæрукъаты Вл. фыст, 1974 аз, 13 март, г. Орджоникидзе.

#ӕмбисонд
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Бӕрӕгбоны зарӕг», зарӕггӕнӕг Гуыбиаты Эльбрус. @elbrus_gubiev

Музыка ӕмӕ ныхӕстӕ Суанты Федыр.
Forwarded from Mountain region.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Чистейшая, горная река у южного склона горы Кариухох 🏔. Судя по яндекс карте река называется Дувадоныстау 💦


Mountain region.
Forwarded from Ирыстон-Алани (ЛМ)
14 азы сӕххӕст Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинадыл!

Нꜳ зынаргъ ꜳфсымꜳртꜳ!

2008 азы райдыдта Республикꜳ Хуссар Ирыстоны ног истори! Нꜳ хуссайраг ꜳфсымꜳртꜳ сꜳдꜳ азꜳй фылдꜳр цы  политикон цаумꜳ ꜳнхъꜳлмꜳ кастысты, уыцы хꜳдбардзинад сꜳ къухы бафтыд. Æмꜳ абон хъуамꜳ рох макꜳмꜳй уа, цы стыр аргъ бафыста нꜳ адꜳм хꜳдбардзинады сꜳрвꜳлтау,  цавꜳр тугкалд хꜳст цыд, цас адꜳм фꜳмард ꜳнꜳаххосꜳй гуырдзиаг лꜳгмарты къухꜳй, уый. Уарзон адꜳм ꜳмꜳ республикꜳйы сомбоныл йꜳ цард чи снывонд кодта, уыцы хъайтарты нꜳмттꜳ та рох никуы уыдзысты  ꜳмꜳ сꜳ кꜳддꜳриддꜳр сꜳрыстыр уыдзыстꜳм!

Уыцы лꜳгꜳвзарꜳн бонты чысыл республикꜳйы фарсмꜳ Уꜳрꜳсе куы нꜳ рбалꜳууыдаид, уꜳд  зын зꜳгъꜳн у, куыд рауадаид йꜳ дарддꜳры хъысмꜳт. Ныр дꜳр Уꜳрꜳсейы ꜳфсꜳддон тыхтꜳ республикꜳйы арꜳнтыл хъахъꜳнынц сабырдзинад!

 Абон Хуссар Ирыстон лꜳууы рꜳзты къахыл ꜳмꜳ ног цард аразы! Æппꜳтдунеон ꜳхсꜳнадон змꜳлд «Иры Стыр Ныхас»   зꜳрдиаг арфꜳтꜳ кꜳны хуссайраг ꜳфсымꜳртꜳн сабырдзинад ꜳмꜳ сꜳрибардзинады паддзахадон бꜳрꜳгбоны фꜳдыл! Уырны нꜳ ꜳмꜳ Республикꜳ Хуссар Ирыстоны фидꜳн рꜳсугъд ꜳмꜳ фꜳрнджын кꜳй уыдзꜳн!
 
  Æппꜳтдунеон ꜳхсꜳнадон змꜳлд
«Иры Стыр Ныхас»   
КÆД МÆНЫЛ КÆУЫС?
Фæсхохы иу ус, йæ чызджы чындзы æрвитгæйæ тынг куыдта, æмæ йæ сиахс фæрсы:
— Уæ, Деда, дæ мæрдтыстæн, цæуыл кæуыс?
— Куыннæ кæуон! — дзуры ус, — чызг фæхастон, æмæ йæ ды хæссыс.
Уæд æм сиахс дзуры:
— Нæ, фæлæ кæд дæ чызг нæ бæззы, æмæ мæ тæригъæдæй кæуыс?..

#хъӕлдзӕгныхӕстӕ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Фыдӕлты таурӕгътӕ, Едзиты Андрей.

#таурӕгътӕ
Летом села Южной Осетии оживают.

Школьники приезжают к бабушкам и дедушкам, жители города отдыхают здесь от суеты, а сельчане готовятся к предстоящей зиме.

Подробнее о сельской жизни в республике смотрите в фотоленте Sputnik.

Больше фото здесь 👉🏻 https://sputnik-ossetia.ru/20220830/domik-v-derevne-leto-v-selakh-yuzhnoy-osetii--18341060.html

@SputnikOssetia
ХИН ЛÆДЖЫ КУЫВД.
Кæмæндæр йæ ус Дзыллæ хуынд, йæ чызг — Ацырухс, йæ лæппу та — Фарн, æмæ -иу искуы æмбырды куы уыдис, уæд афтæ куывта:
— Дзыллæ дзæбæх цы уа, ацы рухс кæддæриддæр куыд æрттива æмæ нæ фынгæй фарн куыд никуы фæцух уа, уыцы арфæ уæд!..

Агънианы ныхæстæ, Цæрукъаты Алыксандры фыст—1975 аз, 12 декабрь.

#ӕмбисонд
Forwarded from Mountain region.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Следы присутствия человека в Зарамагской котловине прослеживаются примерно 7 тысячелетий до н.э.🏞
Люди постоянно жили здесь последние 5 тысячелетий 🏔
А под водой лежит часть уникального "Адайдонского кобанского могильника" тайны которого навсегда ушли под воду с вводом в эксплуатацию Зарамагской ГЭС..


Mountain region.
АМРАН ÆМÆ ЦУАНОН.
Даредзанты Амран зæххыл тых кæмæн не ’скодта, ахæм ын нал баззади. Æрмæст ма йын Хуыцау уыд æнæ фæлвæрдгонд, æмæ байдыдта хъавын Хыцаумæ,— кæм ыл æрхæст уыдзынæн, зæгъгæ.
Уæд фæндагыл æрбацæуы Хуыцау, йæ бæхыл бадгæйæ. Сæмбæлд Амраныл æмæ йæм дзуры:
— Дæ фæндаг раст, Амран, мæ хæрæфырт.
Амран æм дзуры:
— Дæ хъуыддаг раст, мæ мадырвад! Рахиз ма дæ бæхæй æмæ рахæцæм хъæбысæй, кæддæра нæ чи фæтыхджындæр уаид.
Уæд æм Хуыцау фæхудти:
— Амран, мемæ хæцынæн ницы скæндзынæ ды.
Хуыцау æм ехс раппæрста æмæ дзуры Амранмæ:
— Уæдæ ма мæм гъеуый сдæтт.
Амран æрæвнæлдта ехсмæ æмæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Уæд æм Хуыцау фæмæсты, йемæ хъæбысæй кæй хæцыд, уый тыххæй, æмæ йыл дзуæртты бафтыдта. Уыдон Уæрсæджы - хохыл бабастой Амраны.
Афтæмæй Даредзанты Амран абон дæр Уæрсæджы хохыл бастæй лæууы лæгæты. Афæдзæй афæдзмæ йæ дуар иу гом кæны.
Иу цуанон ацыд цуаны Уæрсæджы хохмæ. Бараст кодта хохы комы æмæ бафтыд лæгæты дуармæ. Лæгæты дуар фегом и Хуыцауы зондæй.
Бакасти, æмæ Даредзанты Амран æфсæн рæхыстæй баст, йæ бынаты цъæх арт, цъæх фæздæг уадзы. Йӕ цæстытæ сты галы къæлæтыйæстæ, йæ цæнгтæ—хъæды стæвдæнтæ. Цуанон дзы фæтарст æмæ фæстæмæ рацæйлыгъди.
— Тæрсгæ ма фæкæн æппындæр, æз Даредзанты Амран дæн, æмæ мæм рацу æввахсдæр.
Цуанон æм бацыди æввахс æмæ йæ афæрстытæ кодта рагон заманы хабæрттæй.
— Уæртæ къулыл мæ кард ис, æмæ мæм æй æрбахæстæг кæн.
Кардмæ бавнæлдта цуанон Кудзи Дзудты æмæ йæ змæлын дæр не ’скæнын кодта.
— Мæ бон нæу уый райсын æмæ цы кæнон?
— Дæ иу къухæй карды босыл хæц. Иннæ къух æри ардæм.
Цуанон йæ иу къухæй карды босыл ныххæцыд, иннæ радта Амранмæ. Æрбахæцыд ыл Амран йæхимæ, ӕмæ фæцæй скъуыдысты йæ цæнгтæ. Ныхъхъæр кодта Дзудты Кудзи:
— Мæ цæнгтæ мын фескъуыныс!
Феуæгъд æй кодта Амран æмæ йæм дзуры:
— Цæугæ кæн тагъд. Уæларвæй рауадзгæ рæхыс кæд искуы зоныс, уæд мæм æй хæццæ кæн ардæм, усы хъæлæба дыл куыннæ сæмбæла, афтæмæй. Æз уын кæд аирвæзон, зæххон адæм, уæд уæ амонд æрцæудзæн.
Кудзийæн уæларвæй рауадзгæ рæхыс йæхимæ уыд æмæ байдыдта уырдыгæй згъорын. Æрхæццæ сæ хæдзармæ, раппæрста сæ рæхыс æмæ йæ фæхæссы. Иæ ус æй куы федта, уæд æм фæсте ныкъхъæр кодта:
— Кæдæм мын фæхæссыс мæ рæхыс?
Афтæмæй хохы дуар сæхгæдта Амраныл æмæ баззад бастæн уым.

Радзырдта йæ Г у ы б а т ы Д з а к к о. ,,Ирон адæмон сфæлдыстад", фæндзæм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф. 205.

#таурӕгъ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Фыдӕлты таурӕгътӕ
Едзиты Андрей

#таурӕгъ