IRON ARGHAW
971 subscribers
1.22K photos
444 videos
373 files
327 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
ЗЫМÆДЖЫ ФÆДИСОН.
Фæззыгон сæлфынæг арвы бæрзондæй зæххы ныллæгмæ расайдта миты гæлæбутæ æмæ бæстæ урс-урсид адардта. Æрмæст ма Бур лæбырды бынмæ дурджын фæхстæ ранæй- рæтты тарæй зындысты. Мæнмæ та афтæ каст, цыма уый ивгъуыд сæрды хъарм баззад хуссæрттыл æмæ сыл миты гæлæбутæ тайынц... Фæлæ иу райсом уыцы сау тæппытæ дæр миты бын фесты.
Мæ зæрдæ тыхсти... Мæ зæрдæ цæуылдæр рысти... Кæддæры хурджын сæрды сыл мæ мад цы къахвæдтæ ныууагъта, уыдонæн кæд уазал у, мыййаг. Кæд хъæды кæрон, нæ картофы хуыммæ æввахс, мæ мад цы кæрдо бæласы бын бадти, уымæн йæ рæхснæг къалиутæ уæззау салфы бын ихæнриз кæнынц.
Уалдзæг ма тагъддæр куы ’рцæуид: мæ мады къахвæдтæ хур куыд батава, кæддæр цы бæласы бын улæфыд, уый рæхснæг къалиутæ та дидинæг куыд рафтауой. Кæд мæ зæрдæйы сагъæс иу гыццыл фæрогдæр уаид. Фæлæ нæ зонын, нæ зонын... Ивгъуыд боныл ма исты хур ракæса.

Видео @mikhoshka
#чеджемтыӕхсар