IRON ARGHAW
972 subscribers
1.22K photos
444 videos
373 files
327 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
ФÆСТАГ ФОНДЗ СОМЫ... Тæригъæдгæнаг зæрдæ уыд Къостайæн. Стыр æхцаты хицау уæвгæйæ дæр байуæрстаид мæгуыртæн йæ исбон. Иу хатт Нарæй горæтмæ Дзанайты Садуллæимæ рацæйцыд хъæлдзæгæй. Иу чысыл куы рауадысты, уæд сыл амбæлд иу ус бæгънæг, бызгъуыртæ дарæсы, пырхытæ дзабырты. Йæ æккой фугæтæй стыр æргъом. Къоста йæ куы федта, уæд йæ хъæлдзæгдзинад æрбайсæфт, фенкъард æмæ сдзырдта:
- Цымæ кæд фервæздзысты нæ хæххон адæм ацы хъизæмары цардæй?
Усы куы баййæфтой, уæд Къоста бавнæлдта Садуллæйы къухмæ рохтæм, баурæдта бæх,сæвæрдта йын йæ æргъом, стæй йæ дзыппыты фæцагуырдта æмæ дзы цы фæстаг фондз сомы ссардта, уыдон ын балæвар кодта, дæхицæн дзы дарæс балхæн, зæгъгæ.

#цгъойтыхазби
#къостайыхабӕрттӕ
КЪОСТАЙЫ РАЙГУЫРД.
Къоста райгуырд Нары хъæуы, хъæдкъул скъæты, хъæмпын лыстæныл. Йæ райгуырды хæдфæстæ йæ мад Маргъо амардис, Къоста баззад сидзæрæй. Фыццаг заман уыдис æвадат, мæгуыр рæстæг æмæ йæ ныфс ничи хаста сывæллон хæссынмæ. Фæлæ уыцы хæс йæхимæ райста Дзапарты Чендзе. Уый хъомыл кæнын байдыдта Къостайы. Мæнæ куыд дзырдта Чендзейы чындз, 110-аздзыд Козиан Къостайы тыххæй:
- Фыдбон æмæ фыддуджы райгуырд Къоста. Æнæхъæн æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы фæцис «фæсвæд» йæ арыныл йæ мад. Æнæхъæн мыггаг æмæ йыл хъæу æмбырдтæ кодтой. Йæ фадæттæ уыдысты зын æмæ чъизи скъæты.
Сывæллоны райгуырды хæдфæстæ амардис йæ мад. Фыд Леуан фæхъыг кодта зианыл. Фæлæ йæ фæстæ цы сывæллон баззадис, уый фервæзын кæнынæн исты амæлттæ кæнын хъуыд, уæдæ цы. Æмæ уæд Хетæгкаты мыггаджы устытыл зилын райдыдта дыджызæ агурæг. Лæгъзтæ сын кодта, цæмæй сæхицæн базын кæной æмæ сывæллоны мæлын ма бауадзой. Фæлæ никæй фæндыдис йæ сывæллоны йæ дзидзийæ раскъуынын æмæ дзы искæй сывæллоны хъомыл кæнын. Чи цæмæй зыдта, сывæллон Къостайы хуызæн рауайдзæн, уый?
Æнæмæлгæ нал уыд сывæллонæн, æмæ йæ уæд ме’фсин-Гыцци райста йæхимæ. Дардта йын дзидзи. Мах, чындзытæ, дæр ын кодтам æххуыс. Афтæмæй йæ бахъомыл кодтам.
Зындарæн сывæллон нæ уыд. Æвæццæгæн, зыдта йæ сидзæры бон, кæд мах цыфæнды архайд кодтам, йæ зæрдæмæ йæ цæмæй ма хæсса, ууыл, уæддæр æмæ-иу уыдис сабыр. 2-3 азы йеддæмæ йыл нæма цыдис, уæддæр йæ фæлмæн зæрдæйæ, йæ сабырдзинадæй йæхи уарзын кодта, æмæ йæ мах дæр уарзтам хи хъæбулы хуызæн.

#цгъойтыхазби
#къостайыхабӕрттӕ
animation.gif
18.2 MB
КЪОСТА НИЗ ЦÆМÆЙ ССАРДТА? Æлдæртты куывды бадт фæци Къоста. Æнæуынон ын уыдысты фæллойгæнæг адæмы тугцъиртæ, фæлæ æгъдау сырдты æхсæн дæр ис. Йæ зæрдæйы ахаст сын тынг не ’вдыста. Мæнг цинтæ йыл кодтой уыдон дæр, фæлæ сæм уыд фыдвæнд: нуазæныл марг ныккодтой, афтæмæй йæм æй балæвæрдтой.
Къоста æппæтдæр зыдта æмæ нуазæн цыдæр æфсонæй нæ бакуымдта. Фæлæ та йыл æлдæрттæ мæнгардæй рацыдысты. Зыдтой,Къоста æгъдауыл хæст кæй у, ирон царды фæтк æм бæрзонд æвæрд кæй у, æмæ нуазæн ног чындзы къухы фæсагътой. Уый йæ хъуамæ радтаид Къостамæ.
Æгъдау æрцахста Хетæджы-фырты - уырдыг сыстад, нуазæн райста, арфæ ракодта ног чындзæн. Стæй йе знæгтæн комкоммæ загъта:
- Ацы нуазæныл кæд марг конд ис, уæддæр æй æз райстон сылгоймаджы къухæй æмæ йæ нуазын, аргъ ын кæнгæйæ.
Уæдæй фæстæмæ Къоста йæ къахыл нал слæууыд.

#цгъойтыхазби
#къостайыхабӕрттӕ
МÆ ÆФСЫМÆРТÆ,КÆРÆДЗИ УАРЗГÆ ЦÆРУТ!
Къоста мæлæтдзаг рынчын куы уыд, йæ низ æй йæ быны куы скодта, æмæ йемæ тох кæнынæй куы бафæллад, уæд дæр ма йæ сагъæс æмæ мæт Ирыстон, ирон адæм уыдысты. Тынг сын зыдта сæ риссæгтæ, сæ уды мæгуырдзинад - кæрæдзийыл æнувыд кæй не сты, кæрæдзи фаг кæй не ’мбарынц, æмæ йæ фæстаг ныхæстæ дæр уыдысты фæдзæхсты хуызы: «Мæ æфсымæртæ, кæрæдзи уарзгæ цæрут!»
Йæ хо Ольгæ куыд фыссы, афтæмæй ма фæстагмæ арæх дзырдта æрмæст ацы ныхас, йæ былалгъыл уыд, афтæмæй амард.

#цгъойтыхазби
#къостайыхабӕрттӕ