IRON ARGHAW
971 subscribers
1.22K photos
444 videos
373 files
327 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Адæм кæмæй равзæрдысты?
Иу ахуыргонд касти лекци. Лектор фæстагмæ рахызти, адæм куыд равзæрдысты, уыцы темæмæ. Ракодта Дарвины æмæ май- мулиты кой дæр.
— Æмбал лектор, æз Дарвины ахуырадимæ бынтон разы нæ дæн. Мæнмæ гæсгæ, адæмæн сæ фылдæр равзæрдысты фыстæй, — загъта Саламджери.
Лектор фæджих, йæхи фæтар кодта.
— Цæмæн дæм афтæ кæсы?
— Уымæн æмæ, адæмæй дæр бирæтæ сты сабыр, фысты хуызæн. Цыфæнды æвзæр митæ сын кæн, уæддæр æнцад лæудзысты.
— Æмæ уæд адæмы дæр фысты хуызæн цæуылнæ æлвынынц?
— Æмæ æлвыд не сты, æви ма сæ дасын уæ зæрды ис?

#хъӕлдзӕгныхӕстӕ
#ситохатысаламджери
Не знæгтæй ам ис чидæр. Саламджерийы йе ’мбал ахуыдта Алагирмæ чындзхастмæ. Фысымтæ йæ фарстой, мæхъæлæй, дам, Камбилеевкæйы æмæ Октябрыхъæуы ничима æрцарди. Сæ иу тынг æртхъирæн кодта хъулгъамæ, æз, дам, сæ мæ цæвæнгарз нæ раздахдзынæн. Уæд Ситохы-фырт афтæ:
— Уыдонæй уæлдай ма махæн ис æндæр знаг дæр. Гыццыл нæ нæ ныццагъта. Ныртæккæ дæр ам ис.
Лæппутæй цалдæр сæхицæи бынат нал ардтой:
— Бацамон нын æй! Мах ын аккаг фæуыдзыстæм!
— Уый ардыгæй æгасæй нал ацæудзæн!
— Мах аланты фæдонтæ стæм! Куыд æрбауæндыд не ’хсæн мæ бон-сихорафон?! Æви нæ ницæмæ дары! Бацамон-ма йæ! Кæм ис?!
— Кæд уæ афтæ фæнды, уæд рацæут мемæ, — загъта Саламджери æмæ сæ бакодта къæбицмæ.
— Дуарыл исчи лæууæд! Ма алидзæд! — райхъуыст лæппутæй кæйдæр тызмæг хъæлæс.
— Мæнæ ис уыцы знаг, — загъта Саламджери, графины цы арахъхъ уыд, уымæ ацамонгæйæ.

#хъӕлдзӕгныхӕстӕ
#ситохатысаламджери
ЗНӔГТЫ РИУТӔ.
Иу къуыдипп лæг чызгæрвысты карз нозтæй йæхимæ куы фæкасти, уæд йæ риу ныххоста:
— Æз алантæй дæн, алантæй. Æрбакæсут-ма мæм!
Уæд æм Саламджери бадзырдта:
— Фæрæдыдтæ, алантимæ дæуæн иумæйагæй ницы ис. Алантæ-иу сæхи риутæ нæ хостой, фæлæ знæгты риутæ.

#хъӕлдзӕгныхӕстӕ
#ситохатысаламджери