IRON ARGHAW
928 subscribers
1.16K photos
424 videos
362 files
316 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Богазты Умар. Урс доны былыл сау фæрдыг (Радзырдтæ æмæ повесть). 1991 аз.
Форматтæ: doc, djvu, fb2.
Боциты Барон. Саст рæхыс (Роман). 1973 аз.
" Осетинский театр представляет репертуар на май.

Билеты можно купить заранее онлайн по ссылке http://os-teatr.ru/

Также доступна Пушкинская карта."

http://os-teatr.ru/

#кп030122
#кп060522
#кп180522
#кп190522
#кп200522
#кп270522
#кудапойти15
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Зæрдæвæрæны мæйы 2 æмæ 3 бон Алардыйы бæрæгбонтæ сты.
Æзджыды кувæндонмæ бирæ адæм 'ссæуы.

2 и 3 май праздник Аларды. В этот день в пос. Н.Згид приезжает много людей вознести молитву.

АЛАРДЫЙЫ ХОРЗÆХ НÆ УÆД!
ДЗУАРЫ ХЪӔД.
Дзуары хъӕды цуан кӕныны бар нӕй. Нӕ фӕччы. Нӕдӕр
ӕм хӕцӕнгарзимӕ цӕуын фӕччы.
Фӕлӕ иухатт иу тыхлӕг цуанон адӕммӕ нӕ байхъуыста.
Дзуары хъӕдма цуаны ацыд. Фыццаг-фыццаг ницӕуыл хост
кодта, стӕй ӕрдузы йӕ цӕст сагыл скъуырдта, амӕ йӕ ныггӕрах кодта. Фӕла гӕрах нӕма фӕхъус, афтӕ цуаноны хъусты
азӕлыд:
— Уый иу уыдис, ӕмӕ дӕ хӕдзарӕй иу фӕхъӕуӕд.
Стӕй та — ногӕй.
Стӕй та — ногӕй...
Уӕддӕр саджы мард ӕрласта сӕхимӕ, ӕмӕ йӕ иунӕг лӕппуйы ӕрӕййӕфта мардӕй.

Ныффыста йӕ Хъазиты Мелитон, Куыдзеты Мукъайы фырт Валодяйы ныхасӕй 2000-ӕм азы Майрӕмыкуадзӕны мӕйы 4-ӕм бон.

#таурӕгъ
ИРОН ӔФСАД ЦӔУЫЛНӔ ИС.
Алы адӕмӕн дӕр сӕхи ӕфсад вӕййы. Мӕнӕ советон рӕстӕджы дӕр алы адӕмӕн сӕхи ӕфсад уыдис бынтон ӕрӕджыйы онг.
Фыццаг ирӕттӕн дӕр сарӕзтой нӕхи ӕфсад. Уыцы бӕзӕрхыг, ӕлвӕст лӕппутӕм кӕсынӕй зӕрдӕ рухс кодта. Рӕнхъӕй сӕ ралӕууын кодтой, ӕмӕ сын бардзырд радтой:
— Фыццаг, дыккаг ранымайут!
Фыццаг лӕппу фӕхъӕр кодта:
— Фыццаг!
Дыккаг лӕппу дӕр фӕхъӕр кодта:
— Фыццаг!
Ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕфсадыл сӕрӕй кӕронмӕ хъӕргӕнгӕ ацыдысты:
— Фыццаг!
— Фыццаг!
— Фыццаг!
Командӕгӕнӕг сӕрра:
— Ӕмӕ дыккӕгтӕ кӕм сты?
Ирӕттӕ йын бамбарын кодтой, махмӕ дыккӕгтӕ кӕй никуы уыд, кӕй нӕй ӕмӕ кӕй нӕ уыдзӕни. Max дыккӕгтӕй нӕ хъазӕм.
Дӕ , уӕд хъуамӕ уай фыццаг. Ӕмӕ фӕцис.
Ӕфсады та уый гӕнӕн нӕй. Ӕфсад нӕм уый тыххӕй нал ис.

Нывгӕнӕг @barbarianstyle

Ныффыста йӕ Хъазиты Мелитон, Хъазиты Уанкъайы фырт Ресойы ныхасӕй 1974-ӕм азы Джеоргуыбайы мӕйы 25-ӕм бон.

#таурӕгъ
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Спектакль «Сӕрмӕт ӕмӕ йӕ фырттӕ»-йӕ скъуыддзаг.
Сгуыхт артисттӕ Тӕбӕхсӕуты Бало, Хъалӕгаты Федыр.

#иронтеатр
Булкъаты Михал. Нарты Сосланы æвдæм балц (Роман). 1988 аз.

Булкъаты Михалы ирон чиныгкæсæг зоны, куыд бирæ аив радзырдтæ, уацаутæ æмæ романты автор, афтæ. Алы хатт дæр йе ’вæрццаг хъайтартæ вæййыиц лæджыхъæдджын, удвидар æмæ уарзæгой зæрдæ адæймæгтæ. Йæ ног роман «Нарты Сосланы æвдæм балц»-ы сæйраг хъайтартæ та æнæхъæнæй дæр ист сты ирон адæмон сфæлдыстадæй, фæлæ ацы хатт се ’нусон бæллиц — рæстдзинады сæрвæлтау цæуынц авторы æрымысгæ фæндагыл.
Булкъаты Михал. Дæ фыдæлтæ рухсаг (Роман). 1994 аз.

В романе с большей исторической достоверностью и художественной силой воспроизведена картина борьбы алан против татаро-монгольских завоевателей.
Булкъаты Михал. Теркæй Туркмæ (Роман). Фыццаг чиныг („Терк абухы“). 1970 аз.
Булкъаты Михал. Теркæй Туркмæ (Роман дыууæ чиныгæй). 2011 аз.
Форматтæ: doc, djvu, fb2.

В исторической дилогии показывается предыстория переселения части мусульман Северного Кавказа в Турцию во главе с генералом Муссой Кундуховым.