Газет «Хурзæрин»
873 subscribers
5.29K photos
994 videos
1 file
3.6K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
Иу изæр Галаты Барисы хæдзар-музейы
#Юбилейы_цытæн

2023 азы 6-æм декабры Галаты Барисы номыл Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд» нысан кæны йæ сырæзты 85 азы юбилей. Уый цытæн Цхинвалы зынгæ композиторы хæдзар-музейы уагъд æрцыд цымыдисон изæр «Госансамбль «Симд» им.Б.Галаева. Истоки», зæгъгæ.

Композиторы бындартæ – Свердловскаг организаци – Фонд «Центр «Содействие»-йы генералон директор Гæбæраты Андрей æмæ Аслан Гирей…

https://xurzarin.ru/?p=46118
Гаглойты Алан: «Сæрыстыр дæн, ахæм коллектив нæм кæй ис»
#Юбилейы_цытæн

6-æм декабры изæры нæ республикæйы культурон царды æрцыдис стыр æмæ æнæферохкæнинаг цау. Легендарон Паддзахадон ансамбль «Симд» Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны драмон театры сценæйыл равдыстой диссаджы юбилейон концерт. Ирыстоны аивадуарзджытæ банысан кодтой ансамблы 85 азы юбилей.

Уыцы изæр зымæгон уазал къæвдатæ дæр нæ баурæдтой ирон концертуарзджыты æмæ фондз сахат дæр нæма уыдис, афтæ…

https://xurzarin.ru/?p=46189
Мелитон, ноджыдæр дын бантысæд бирæ!
#Юбилейы_цытæн

7-æм декабры Цхинвалы районы Дменисы Культурæйы хæдзармæ æрбацыд бирæ адæм. Се ʻхсæн уыдысты районы администрацийы культурæйы управленийы хистæр Гаглойты Ростик, фысджытæ, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ æмæ хъæуы цæрджытæ. Нысан кодтой фыссæг, поэт, публицист æмæ æхсæнадон архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Хъазиты Мелитоны 75 азы юбилей. Мадзал бацæттæ кодтой Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси æмæ

https://xurzarin.ru/?p=46243
Фыссæджы юбилей
#Юбилейы_цытæн

Ивгъуыд къуырийы кæрон Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уагъд æрцыдис поэт, прозаик, драматург, революционер æмæ æхсæнадон архайæг Беджызаты Дауыты фырт Чермены райгуырды 125 азы юбилейон изæр. Хайад дзы райстой бæрнон адæймæгтæ, ахуыргæндтæ, студенттæ, фысджытæ æмæ Беджызаты мыггаджы минæвæрттæ. Юбилейон изæр байгом кодта филологон зонæдты кандидат, доцент Биазырты Аллæ. Уый бузныджы ныхæстæ загъта ирон литературæйы кафедрæ…

https://xurzarin.ru/?p=46508
«Симд» æмæ Лейла – æмкарæнтæ
#Юбилейы_цытæн

Горæты централон библиотекæйы коллектив æрæджы фехуыдтой Галаты Барисы номыл Кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы ветеранты Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Плиты Еленæйы (Лейлæйы) сæргълæудæй, «Симд»-ыл дæр æмæ ансамблы æмкарæн Лейлæйыл дæр 85-гай азтæ кæй сæххæст, уый цытæн. Библиотекæйы кусæг Тедеты Эльзæйы бафæндыд, йæ цард ирон аивадæн чи снывонд кодта, уыдонимæ чиныгкæсджыты фембæлын кæнын.

Ветеран-артисттæй…

https://xurzarin.ru/?p=46578
Кад кодтой Галаты Барисы рухс номæн
#Юбилейы_цытæн

10-æм марты 135 азы сæххæст фыццаг ирон профессионалон композитор æмæ дирижер, музыкæзонæг, этнограф, Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы бындурæвæрæг Галаты Барисы райгуырдыл. Уый ма у ирон композиторон скъолайы, Хуссар Ирыстоны фыццаг музыкалон скъолайы бындурæвæрæг, фольклорист, фыццаг ирон симфонион уацмысты-поэмæты автор. Афтæ ма у аивадон кинонывты композитор, уыцы нымæцы кинематографийы шедевр –

https://xurzarin.ru/?p=47866
Стыр ахуыргонды цытæн
#Юбилейы_цытæн

Дмитрий Иваны фырт Менделеевы райгуырдыл 190 азы сæххæсты æмæ химион элементты периодикон таблицæйы байгомыл 155 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд юбилейон изæр.

Мадзал бацæттæ кодта ацы скъолайы химийы ахуыргæнæг Марина Муратова. Хуынд æм æрцыдысты нæ горæты æмæ районты скъолаты химийы ахуыргæнджытæ, афтæ ма дзы хайад райстой скъолайæн йæхи ахуыргæнджытæ…

https://xurzarin.ru/?p=48113
Æнусыккон республикæ
#Юбилейы_цытæн

Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани цытджын æгъдауæй банысан кодта йæ сырæзтыл 100 азы сæххæсты бон

Дзæуджыхъæуы уагъд чи æрцыдысты, уыцы цытджын мадзæлтты хайад райста РХИ-йы Президент Гаглойты Алан.

Растдæр 100 азы размæ, 1924 азы 7 июлы арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны автономон область, йæ центр Дзæуджыхъæу, афтæмæй.

Округы бартимæ Цæгат Кавказы крайы сконды уæвгæйæ регион уыцыиу рæстæджы…

https://xurzarin.ru/?p=50301
Музыкæйы изæр: Галаты Барисы номыл концерт
#Юбилейы_цытæн

Цхинвалы, Æлборты Феликсы номыл музыкалон училищæйы сценæйыл 2 октябры уыдис Æппæтуæрæсейы æмæ Æхсæнадæмон конкурсты лауреат, Свердловскы сывæллæтты паддзахадон филармонийы ансамбль (г.Екатеринбург).
Галаты Алыксандры фырт Барисы, Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы бындурæвæрæг, йæ аивадон разамонæг æмæ рухстауæджы, фыццаг ирон профессионалон композитор, дирижёр æмæ фыццаг ирон опереттæйы авторы 135-азмæ.
«13 струн» арæзт æрцыд æрæджы, 2015 азы. Ансамблы уникалондзинад уый мидæг ис, музыканттæ æрмæст…
Йæ бирæ уацмыстæн ирон литературæйы ис сæрмагонд бынат
#Юбилейы_цытæн

Фыссæджы юбилей йæ райгуырæн хъæуы

Мæйрæмбоны, 4-æм октябры, Цхинвалы районы культурæйы хайады кусджытæ фæуазæг сты Цхинвалы районы Джеры комы Хъуыриайы хъæумæ. Джеры хъæуы райгуырд зынгæ ирон прозаик Бекъойты Елиоз. Ацы аз ыл сæххæст 115 азы.

Фыссæджы юбилеймæ фæхуыдтой Нафийы номыл Националон литературон премийы лауреат, журнал «Фидиуæджы» прозæйы хайады редактор Наниты Асиаты. Лæгæй-лæгмæ зыдта Асиат Бекъойты Елиозы…