Газет «Хурзæрин»
873 subscribers
5.29K photos
994 videos
1 file
3.6K links
Хуссар Ирыстоны зӕронддӕр ӕхсӕнадон-политикон газет ирон æвзагыл.
Цӕуы 1924 азы 1 январӕй.

Старейшая общественно-политическая газета на осетинском языке в Южной Осетии.
Выходит с 1 января 1924 года.


@XurZaerin
Download Telegram
Сæ бакæнгæ куысты фæстиуджытæ
#Хъæууон_цард

Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фермерон хæдзарадтæ цы куыст бакодтой, уыдонæн. Районы статистикон управленийы 1-æм апрелмæ зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй фосдарды куыст чи кæны, ахæм фермерон хæдзарадтæ нымадæуы 7. Уыдон æдæппæт дарынц 284 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 149. Фылдæр фос цы хæдзарадтæ дарынц, уыдон нымæцы сты «Арцеу»-ы фермерон хæдзарад – ис æм…

https://xurzarin.ru/?p=48601
Къæрцхъус хъуамæ уой фермертæ
#Хъæууон_цард

Дзауы районы 24-æм апрелæй æрæвнæлдтой цæрджытæй æмæ фермерон хæдзарадтæй ставдкъах фос чи дары, уыдонæн фосы хæцгæ низ ящуры ныхмæ вакцинæтæ аразынмæ.

Ацы низ æрæджы фæзынд Знауыры районы хъæуты. Ветеринарон службæтæ куыддæр низ бахынцыдтой, афтæ рынчын стуртæн сарæзтой судзинтæ. Бафæдзæхстой хъæуы цæрджыты, цæмæй афоныл хъусын кæной сæ фосы уавæры тыххæй бынæттон ветеринарон дохтыртæм æмæ уыдон…

https://xurzarin.ru/?p=48719
Фесты тауæн куыстытæ
#Хъæууон_цард

Хъуыддагыл иузæрдион адæймаг у Ленингоры районы тракторон бригадæйы бригадир Габиты Хвича. Хъæууон лæппу йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ бауарзта зæххы куыст, йæ фондз æнгуылдзау зоны техникæ æмæ йын уымæ гæсгæ сæ дыууæ дæр хæссынц æхцондзинад. Габийы фырт йæ алыварс æрбамбырд кодта, хъæууонхæдзарадон техникæимæ архайын чи зоны æмæ уарзы, ахæм куыстхъом адæймæгты æмæ кæддæриддæр сæ разылæууæг…

https://xurzarin.ru/?p=48760
Фесты æфсирон культурæтæ тыд
#Хъæууон_цард

Æрвылаз дæр сæ фадæттæй хæдзардзинæй спайда кæнынц Знауыры районы Уелиты фермерон хæдзарадтæ æмæ афоныл байтауынц æфсирон культурæтæй фæззыгæнд мæнæу æмæ хъæбæрхор. Ацы куыстыты æдзухдæр се ʻнцой балæууынц тракторон бригадæйы механизатортæ æмæ сын цы куыстытæ бахæс кæнынц хæдзарадты разамонджытæ, уыцы зæххытæ бахуым кæнын æмæ тауæн куыстытæ ахицæн кæнынц рæстæгыл. Цæвиттон, механизатортæ хъаруджын фæллой бакодтой ивгъуыд…

https://xurzarin.ru/?p=49352
Тындзынц сæ куыстытыл
#Хъæууон_цард

Куыстуарзаг сты Ленингоры районы фæллойгæнджытæ, уарзынц зæххы куыст æмæ æдзухдæр тырнынц, цæмæй йæ бакусой рæстæгыл, агротехникæйы домæнтæм гæсгæ, æмæ кæддæриддæр райсгæ тыллæгæй рухс кæна сæ зæрдæ.

Ивгъуыд фæззæг æмæ ацы аз уалдзæджы байтыдтой фæззыгæнд мæнæу, хъæбæрхоры культурæтæ, уыимæ ма хицæн фермерон хæдзарадтæ байтыдтой нартхор дæр æмæ ацы культурæтæн сæ фæзуат ахсы 800 гектармæ…

https://xurzarin.ru/?p=49983
Донхæры къанаутæ æрбæстон кодтой
#Хъæууон_цард

Хъæууон цæрджыты скъуыддзаггæнинаг фарстатæ дзæвгар вæййынц афæдзы алы афон дæр. Уыдонæй иуты ахицæн кæнынц æмбæстæгтæ сæхи тыхтæ æмæ фæрæзтæй, æндæрты æрбæстон кæнынмæ та бавналынц æмбæлон куыстуæттæ, сæ сæххæст кæныныл бакусынц зæрдиагæй æмæ уымæй цæрджыты домæнтæ æрнывыл вæййынц. Сæ разы скъуыддзаггæнинаг хæстæ æххæст кæнынмæ бæрндзинады цæстæй кæсынц Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ дæр æмæ бакусынц…

https://xurzarin.ru/?p=50106
Алцы дæр уавæртæй кæнгæ у
#Хъæууон_цард

Хъæууон фæллойгæнæгæн цæмæй зæрдæйы фæндиаг æнтыстытæ æфта йæ къухты, уый æрмæст йæхицæй кæнгæ нæ вæййы. Цæвиттон, фосдарды къабазы сын фæхъæуы се ‘нæниздзинадмæ хъус дарын, алыхуызон низтæй сæ хъахъхъæнын æмæ сын хос кæнын. Уымæ та сæ хайбавæрд хæссынц ветеринарийы службæйы куыстуарзаг æмæ цæвиттойнаг кустджытæ.

Ацы хъуыддагмæ сæ бавæрд хæссынц Цхинвалы районы ветслужбæйы кусджытæ дæр. Аивгъуыйгæ…

https://xurzarin.ru/?p=50253
Цæттæ кæнынц хуымгæрдæнмæ
#Хъæууон_цард

Хъæууон фæллойгæнджытæн афæдзы алы афон дæр æнæвдæлон вæййынц, иу куысты фæс-тæ æрбалæууы æндæр æмæ йын ахсджиаг у, техникæйæ куыд ифтонг цæуы, уый. Ацы хъуыддаджы сын къух аразы «Ирагропромтехникæ», кæцыйы сæргъ лæууы Мамытаты Вахтъанг. Уый рæстæгæй-рæстæгмæ азилы районты хицæн хъæутыл, бабæрæг кæны техникæйы уавæр æмæ дзы кæд искæцы фехæлы, уæд сын баххуыс кæны се срæвдз…

https://xurzarin.ru/?p=50315
Кæнынц æнæзæрдæхудт куыст
#Хъæууон_цард

Цæмæй фос уой æнæниз, хызт уой алыхуызон низтæй, уый тыххæй нæ республикæйы ветеринарийы кусджытæ сæ хæстæ æххæст кæнынмæ кæсынц бæрндзинады цæстæй. Ацы ахсджиаг куысты хорз архайынц Знауыры районы ветеринартæ дæр æмæ уыдон тыххæй амæйразмæ фыста нæ газет. Фæлæ кусджытæй дæр ис, йæ куыстмæ уæлдай бæрнондæр ахаст чи дары, ахæмтæ. Уыдонæй сæ иу у Хъорнисы…

https://xurzarin.ru/?p=50999
Райгонд не сты сæ тыллæгæрзадæй
#Хъæууон_цард

Нæ республикæйы æртæ районы æрæвнæлдтой æфсирон культурæты тыллæг æфснайыны куыстытæм. Хæдзарадтæ уалдзæджы байтыдтой фæззыгæнд мæнæу, стæй ма хъæбæрхоры культурæдæр. Ацы куыстыты цырд фæлæууыдысты механизатортæ æмæ æвæстиатæй æххæст кодтой сæ куыстытæ. Рæстæджы цыдимæ æвзартæ рæзтысты æмбæлон æгъдауæй æмæ хоркуыстгæнджыты уыд ныфс, сæ фæззæджы бæркад та кæй уыдзæн зæрдæйы фæндиаг, фæлæ афтæ нæ рауад, мæгуырау боныгъæдтæ…

https://xurzarin.ru/?p=51038
Бакодтой хъаруджын куыст
#Хъæууон_цард

Чъехы донхæргæнæн системæйы дæсгай азты дæргъы хъаруджынæй куыстой нæлгоймæгты æмрæнхъ сылгоймæгтæ дæр. Æвдыстой стыр активондзинад æмæ цалдæр азы фæстæ сæ къухты бафтыд æнтыст. Ацы уагдон лæггад кæны Цхинвал æмæ Знауыры районы бирæ хъæуты цæрджытæн. Ныртæккæ уый ис паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы бæрны æмæ йæм дарынц æмбæлон хъусдард, рæстæгæй рæстæгмæ йæ асыгъдæг кæнынц суанг Знауыры…

https://xurzarin.ru/?p=51495
Сæ куыст – фосы æнæниздзинадыл аудын
#Хъæууон_цард

Цхинвалы районы ветеринар­тæ æппæт амæлттæй дæр арха­йынц сæ куыст æмбæлон æгъда­уæй æххæст кæныныл, сæ бæр­ны­уæвæг хъæууон цæрджыты фос низтæй бахизыныл, куыд сæ фо­сы продуктивондзинад, афтæ ма сæ нымæц фылдæр кæныныл дæр. Зæ­гъын хъæ­уы, районы хъæ­утæ кæ­рæдзимæ бын­тон æв­вахс кæй не сты, уымæ гæс­гæ æвзарынц зын­дзинæдтæ дæр, фыццаджыдæр, сæрмагонд служ­бæйон транспорт сын кæй нæй, уый…

https://xurzarin.ru/?p=51632
Хуыдарды куыст æнцонтæй нæу
#Хъæууон_цард

Ацы æвзонг адæймаджы ный­йарджытæ æхсæнадон хæдзарады фосдарды куыстыл лæуд уы­дысты. Уæд Цхинвалы районы Къос­тайыхъæуы хæдзарады иу рæс­тæджы стурвосдарды цалдæр фер­мæйы уыд æмæ дзы фæллой кодтой бирæ адæм, уыцы ны­мæцы æмкъæйттæ Хъабанты Къо­ли æмæ Гæбæраты Юля дæр. Æн­цон нæ уыд сæ куыст, сæ­умæ­цъæхæй-иу балæууыдысты фе­рмæйы æмæ дзы кодтой алыхуызон куыстытæ: скъæттæ сыгъдæг код­­той, уый фæстæ…

https://xurzarin.ru/?p=51806
Раззагон фермерон хæдзарад
#Хъæууон_цард

Цхинвалы районы дзæвгар сты фермерон хæдзарадтæ æмæ хицæн амалиуæггæн­джытæ. Зæрдиагæй архайынц уы­дон фосдарды къабазы, стæй зæххы куыст райтынг кæ­ныныл æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Раззагон хæдзарадты ‘хсæн æдзух фыццаг рæнхъыты цæуджытæй сæ иу у «Тъ­­бет»-ы фермерон хæдзарад. Ацы хæдзарады сæргъ­лæууæ­гæй æвзонгæй слæууыд Цхуырбаты Иван æмæ йын арæх­с­тджын разамынд кæны ныр 25 азы. Æнцон нæу…

https://xurzarin.ru/?p=51927
Æрæвнæлдтой хуым кæнынмæ
#Хъæууон_цард

Хæдзардзин зæхкусæгæн афæ­дзы алы рæстæг дæр зынаргъ у æмæ йыл кæддæриддæр сæмбæлы ра­йзæрдæ æмæ куыстифтонгæй. Уый рагацау йæхи бацæттæ кæны иу кæ­нæ иннæ куыстмæ æмæ куыддæр уы­цы рæстæг æрбалæууы, афтæ æвæстиатæй æрæвналы йæ сæх­хæст кæнынмæ. Куыстыл лæуд вæййы Цъинагары тракторон брига­дæйы бригадир Габиты Хвича дæр. Æцæгдæр, хъæуы чи бахъомыл вæййы, уымæн зындгонд сты хъæу­уон…

https://xurzarin.ru/?p=52051
Бæркадджын у йæ тыллæгæрзад
#Хъæууон_цард

Амалиуæггæнæг Тедеты Сослан ацы аз уалдзæджы цы хæрзиуæгон куыс­тыл æрлæууыд, уымæн бынат рав­зæрста Цхинвалы районы Галуанты хъæ­уы. Ацы зæххы гæппæл ныр къорд аз­ты уыд быгъдæг æмæ Сослан зæр­диагæй æрæвнæлдта уым бахчæ­йон культурæтæ æрзайын кæнынмæ. Æр­тын гектары иугæр хуымгонд куы æр­цыдысты, уæд дзы байтыдта кабачок æмæ уыимæ иумæ нас дæр. Ацы культурæтæ Хуссар Ирыстоны хорз кæй дæттынц тыллæг, уый йын…
Бæркадджын уыд йæ тыллæгæрзад
#Хъæууон_цард

Зæххы куыстыл æнувыд адæ­ймаг у фермерон хæдза­рады сæргълæууæг Сиукъаты Роберт. Цхинвалы районы Иры­хъæуы быдыры, ацы куыс­­тмæ бавнæлдта 5 азы раз­мæ æмæ уæдæй фæстæмæ алы аз дæр цæуы раззагдæр хæдзарадты рæнхъы. Æхсыз­гон у, азæй азмæ йæ тыл­лæ­г­æрзад гъæдджын æмæ фыл­дæрæй-фылдæр кæй вæййы. Ахæм æнтыст та йæ къухты æфты, цы хъуыддагыл лæуд у, ууыл иузæрдион кæй у æмæ йын арæхстджынæй кæй…
Кусынц фосы низтæй бахизыныл
#Хъæууон_цард

Знауыры районы хъæууон цæрджыты фос алыгъуызон низтæй бахизыныл зæрдиаг куыст кæнынц ветеринарон кусджытæ. Æрæджы хатдзæгтæ арæзт æрцыд, ацы азы æртæ кварталæн цы куыст бакодтой, уыдонæн. Хицæнтæй сисгæйæ, вакцинаци арæзт æрцыд 583 стурæн, фаднизы ныхмæ схос кодтой 2345 стурæн, эмкар низ ма фæзыныны тыххæй та — 1843 стурæн. Уымæй дарддæр ма æмбæлон куыст бакодтой куыйтæ æмæ гæдыты дæр низтæй бахизыны
Куыстуарзаг æмæ раззагон фосдарæг
#Хъæууон_цард

Фосдарды куыстыл лæуд у Знауыры районы Убиаты хъæуы цæрæг Мамиты Альберт. Хъæууон лæппу йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ куыстыл йæхи никуы атигъ кодта æмæ йæ ныййарджытæн уыд ныфс. Фæстæдæр йæхимæ банкъардта фылдæр бæрндзинад æмæ 2010 азы слæууыд фермерон хæдзарады сæргъ. Ныртæккæ Мамийы фырты хæдзарады нымадæуы 11 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 5, уыдон æв­вахс рæстæджы райдайдзысты цот кæнын. Цæмæй сæ…
Кусынц фæззыгæнд мæнæу тауыныл
#Хъæууон_цард

Нæ республикæйы хъæууонхæдзарадон куыстыты раззагдæрты фыццæгтæй иу у Ленингоры районы Цъинагары тракторон бригадæ. Уымæн къорд азты арæхстджын разамынд кæны йæ хъуыддаджы дæсны æмæ куыстуарзаг адæймаг Габиты Хвича æмæ кæддæриддæр афæдзы цыфæнды афоны дæр бригадонтæ сæ куыстмæ дарынц бæрнон ахаст. Уый фæстиуæгæн сæ куыстытæ сæххæст кæнынц рæстæгыл æмæ гъæдджынæй. Бригадæйы…