СапÆ
1.17K subscribers
1.24K photos
285 videos
1.31K links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
Уыци-уыци: уазалы бӕгънӕг, хъармы тыхт. Цы у?
Anonymous Quiz
71%
Бæлас
16%
Къабускъа
9%
Дидинæг
4%
Мыды чыргъæд
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — срӕмыгъд.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 9-ӕм майы Дигорайы сӕйраг фӕзы равӕрдзысты районӕй Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ чи ацыд, уыдоны къамтӕ. Хӕсты архайджыты къамтӕ 5-ӕм маймӕ ӕрбахӕссын хъӕуы Дыгуры районы администрацийы ӕхсӕнадимӕ бастдзинады хайадмӕ. Къам хъуамӕ уа хорз ист, бӕлвырд фыст уой хӕстоны ном, фыды ном, мыггаг ӕмӕ йе 'фсӕддон цин.

🔸 Горӕтгӕрон районы райдыдта скъоладзауты 'хсӕн аив кӕсынӕй конкурс «Мадӕлон ӕвзаг». У ӕрвылазон, арӕзт вӕййы ирон ӕвзаг ӕмӕ литераторӕйы бонмӕ. Архайын дзы кӕй фӕнды, уыдоны 15-ӕм маймӕ хъӕуы литературон уацмыс кӕм кӕсынц, ахӕм видео ӕрбарвитын. Ӕркӕсдзысты йӕм жюрийы уӕнгтӕ. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Журнал «Дарьял» ӕмӕ интернетдӕттӕг организаци «М2 Коннект» гом кӕнынц фантастикон уацмысты конкурсы дыккаг сезон «Система знаков». Ныр дзы бацархайыны бар ис канд фысджытӕн нӕ, фӕлӕ нывгӕнджытӕн дӕр. Куыстытӕ бадӕттӕн ис 31-ӕм июльмӕ. Темӕтӕ, номинацитӕ ӕмӕ ӕндӕр информаци базонӕн ис ам.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕртӕ мӕймӕ Хуссар Ирыстоны фехӕлдтой 1,1 мин рӕмудзӕн ӕрмӕгӕй фылдӕр

🔻Сармадзанты нӕмгуытӕ канд 2008 азӕй фӕстӕмӕ нӕ баззадысты, се 'хсӕн разынынц зӕрӕдтӕ дӕр, фехъусын кодта «Сапӕ»-йӕн Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады саперты хайады хицау Харебаты Гарри.

💬 «Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрадмӕ куы ӕрбадзурынц сармадзаны нӕмыг ссардтой, зӕгъгӕ, уӕд бынатмӕ рацӕуӕм. Немӕ вӕййынц Мидхъуыддӕгты министрады ӕмӕ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты минӕвӕрттӕ дӕр. Нӕхимӕ радхӕссӕг сапер ис, фӕлӕ мӕхӕдӕг дӕр, куыд хицау, афтӕ ацӕуын. Бынаты уавӕрмӕ ӕркӕсӕм: срӕмудзынӕй тӕссаг куы уа, уӕд ӕй ӕдас ранмӕ раласӕм. Гилдзытӕ экспертизӕмӕ райсы Мидхъуыддӕгты министрад. Зӕгъӕм, ӕрӕджы Цъунары цы кассетон гӕрзӕг ссардтой, уый аластам полигонмӕ», — рассказал Харебаты Гарри.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕхдӕр ссарынц гилдзытӕ, фӕлӕ разынынц сармадзанты нӕмгуытӕ ӕмӕ танкты ныхмӕ минӕтӕ дӕр. 2024 азы фыццаг кварталы Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады специалисттӕ ссардтой ӕмӕ сӕдас кодтой 1141 рӕмудзӕн ӕрмӕджы.

💬 «Дӕнцӕгӕн, знон срӕмыгътам 4 ракетӕйы. Ссардтам сӕ горӕты коммуналон куыстытӕ кӕнгӕйӕ. Фӕткмӕ гӕсгӕ, кӕй ссарӕм, уыцы рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ къуыри нӕхимӕ сӕрмагонд ран вӕййынц. Куы сбирӕ вӕййынц, уӕд сӕ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты минӕвӕрттимӕ раласӕм ӕмӕ сӕ ӕфсӕддон полигоны фехалӕм. Ныффыссӕм акт дӕр», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн.

Тӕссаг рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ раласынӕн Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрадмӕ ис сӕрмагонд транспорт — пиротехникон «Газель». Хайады фыдбылызтӕ никуы 'рцыд. Ӕртӕ азы Хуссар Ирыстоны куыстой уӕрӕсейаг сапертӕ. Фӕлӕ Донецкы хӕстон цауты тыххӕй сӕ бон ссӕуын нӕ бацис. Уымӕ гӕсгӕ, Ленингоры алыварс фӕзуӕттӕ Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады специалисттӕ сӕхӕдӕг сыгъдӕг кодтой.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Зынгхуыссынгӕнджытӕ фондз метры бӕрзӕндӕй фервӕзын кодтой гӕдыйы лӕппыны

🔻Гыццылты цымыдисдзинадӕн кӕрон нӕ вӕййы. Афтӕ поселок Спутничы гӕдыйы лӕппын сбырыд фондз метры бӕрзӕнд бӕласы цъуппмӕ. Йӕ уынгӕг уасын ын фехъуыстой цӕрджытӕ ӕмӕ зынгхуыссынгӕнӕн службӕмӕ бадзырдтой.

Гыццыл рихиджын рӕсугъ ныхӕстӕм нӕ хъуыста, фӕлӕ йын йӕ зыр-зырӕй къалиуӕй ӕрхауын тӕссаг уыд.

Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты фӕдыл министрады зынгхуыссынгӕнджыты бахъуыд даргъ асинтыл схизын. Гӕдыйы лӕппыны сӕхимӕ куы баууӕндын кодтой, афтӕ уӕлӕмӕ тырнӕг цӕрӕгой сӕ къухты абадтис.

➡️ Ирвӕзынгӕнджытӕ йӕ дӕлӕмӕ ӕрхастой ӕмӕ йӕ радтой поселочы цӕрджытӕм. Тас ын нал у. Йӕ уынгӕг хъӕлӕс фӕлмӕнӕй раивта.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — зынгхуыссынгӕнӕг.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны чырыстон диныл хӕст адӕм бӕрӕг кӕнынц зазхӕссӕн

🔻Алайнаг Епархийы сӕйраг аргъуанмӕ адӕм райсомӕй цӕуынц. Алкӕй дӕр фӕнды бӕрӕгбоны бацархайын. Ацы бон уырнӕг адӕм ӕрымысынц Библийы фыст цау — Чырысти Иерусалиммӕ куыд бацыд, уый. Фӕлӕ пальмӕйы къалиуты бӕсты адӕм ӕрбахӕссынц хӕрис. Аргъуыдгонд хӕрисы къалиутӕ уырнӕг адӕм ахӕссынц хӕдзармӕ. Уырнӕнтӕм гӕсгӕ, иу абонӕй иннӕ абонмӕ у къона хъахъхъӕнæг.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: цыппар лӕгӕн иу худ. Цы у?
Anonymous Quiz
10%
Хæдзар
5%
Мусонг
76%
Стъол
9%
Нымæт
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Адӕймаг хъазӕн ӕмбал у: цӕгатирыстойнаг амалхъом адӕймаг ӕрмахуыр скодта хӕдзарон хъаз Паштеты

🔻Хъаз ӕрмахуыр скӕныны фӕндон Аланмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзынд. Зӕгъӕн ис, иу райсом райхъал ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕм уа хи хъаз. Ууыл рацыд мӕй. Ныр Паштет цӕры Аланимӕ ӕмӕ, къӕдзилау, йӕ фӕдыл цӕуы.

💬 «Уарзын балцты цӕуын. Уымӕ гӕсгӕ, хӕдзары цӕрӕгой дарын нӕ фӕнд кодтон. Адӕймагыл фӕцахуыр вӕййынц ӕмӕ семӕ куы нӕ уой, уӕд ӕнкъард фӕкӕнынц. Фӕлӕ иу хатт райхъал дӕн ӕмӕ мӕхицӕн уый сфӕнд кодтон. Ӕвӕццӕгӕн, рӕстӕг ӕрцыд. Ацыдтӕн ӕмӕ йӕ хӕрз гыццылӕй райстон. Ӕркӕсдзынӕн фӕндагыл йӕхи куыд дары, уымӕ дӕр. Фидӕны мӕ фӕнды йӕмӕ балц кӕнын», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Алан.

Амалхъом нӕлгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъазтӕ тынг зондджын сты. Куыдзы хуызӕн сӕ ис сахуыр кӕнӕн. Нырма уал Паштет ӕмбары ӕрмӕстдӕр «ардӕм рацу». Фӕлӕ куыд фӕстӕдӕр, афтӕ йӕ Алан фӕнд кӕны фылдӕр ныхӕстӕ ӕмбарын сахуыр кӕнын.

Паштет ӕмӕ Алан паркты ӕмӕ уынгты арӕх фӕтезгъо кӕнынц. Хъазы кой айхъуыст. Адӕм та ахӕм ӕрмахуыр цӕрӕгойыл дис кӕнынц. Аланы уырны — цыфӕнды цӕрӕгойы дӕр ис хӕдзары дарын ӕмӕ йӕ сахуыр кӕнын. Уӕд адӕймагӕн суыдзӕн ӕмбал.

💬 «Иуырдыгӕй, мӕ къухтӕм кӕй бахауд, уымӕй Паштетмӕ амонд бахудтис. Ничи йӕ бахӕрдзӕн. Фӕлӕ йыл хистӕртӕ дӕр дис кӕнынц, афтӕмӕй ма кӕд хъӕуты не сты. Адӕм цӕуыл сахуыр вӕййынц, афтӕ цӕрынц. Сӕ зӕрдӕ исты ног кӕнӕ ӕнахуыр куы фӕзӕгъы, уӕд сӕхицӕн сӕдӕ аххоссаджы ссарынц, цӕмӕй йӕ ма сӕххӕст кӕной, уый тыххӕй», — дзуры Алан.

➡️ Алан Паштетимӕ иумӕ цӕрынц. Хъаз ыл афтӕ ӕнувыд у ӕмӕ фынӕй дӕр йемӕ кӕны. Нӕлгоймаг нын куыд радзырдта, афтӕмӕй Паштет адӕмыл ахуыр у. Фӕлӕ ӕгӕр бирӕ куы вӕййынц, уӕд сӕ фӕтӕрсы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Сапæ» кæддæриддæр ис рухс фарсыл!

🔻Ацы къуыри нӕ хъайтар у хореограф Газайты Заремӕ. Канд фӕсивӕды нӕ ахуыр кӕны кафын, фӕлӕ ма хистӕр кары сылгоймӕгты дӕр.

Заремӕйы бинонтӕ иууылдӕр уыдысты музыканттӕ. Йӕ мад ӕмӕ хистӕр хо фӕндырдзӕгъдджытӕ сты.

💬 «Мӕнмӕ та кафын цыд. Хореографи мӕ тынг ӕлвӕста. Райдиан кълӕсты куы уыдтӕн, уӕд мӕхи кафджыты къордмӕ ныффыстон. Мӕ мадӕн та йӕ фыццаг репетицийы фæстæ радзырдтон», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Заремӕ.

Алы змӕлд дӕр Заремӕйӕн ӕнцон уадис. Уымӕ гӕсгӕ-иу дзы разамонджытӕ арӕх ӕппӕлыдысты.

💬 «Уӕд дӕр ӕй бӕлвырд ӕмбӕрстон хореограф кӕй суыдзынӕн, уый. Асӕй ныллӕг дӕн ӕмӕ мӕ профессионалон ансамбльтӕм нӕ райстаиккой. Педагогон куыст та мын уӕд дӕр дзӕбӕх уад: ме 'мбӕлттӕн иу кӕфтытӕ сӕвӕрдтон», — радзырдта Заремӕ.

Ӕнӕ аивадӕй йӕ бон нӕу. Суанг ма бинонтӕ иумӕ куы амбырд вӕййынц, уӕд сӕм ӕнӕмӕнг рауайы гыццыл концерт.

💬 «Аивад у мӕ цард. Йӕ ирддӕр хай та — хонгӕ кафт. Раст мыл цыма базыртӕ базайы, афтӕ вӕййын. Куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ куы кафай, уӕд диссаджы рӕсугъд у, дунейы йын ӕмбал нӕй», — зæгъы Заремæ.

Рубрикæ «Къуырийы хъайтар»-ы уæ зонгæ кæнæм нæ редакци æмæ бафысджытæ хуыздæрыл кæй банымадтой, уыцы адæймагимæ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Сывӕллӕттӕн карз нозт ауӕй кӕныны тыххӕй Цӕгат Ирыстоны фӕивар кодтой аст амалхъом адӕймаджы

🔻16 азы кӕуыл нӕма сӕххӕст, уыцы сывӕллӕттӕн карз нозт чи уӕй кӕны, уыдоны рейдты рӕстӕг бӕрӕг кодта регионалон Роспотребнадзор. Ӕртӕ мӕйы куысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, аст амалхъом адӕймагыл ныффыстой исктӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта ведомствойы разамонӕджы хӕдивӕг Медойты Тимур. Тӕрхондӕттӕ аххосджынты ӕмткӕй 180 мин сомы фӕивар кодтой.

💬 «Кӕстӕр ӕмӕ астӕуккаг кары сывӕллӕттӕн карз нозт уӕй кӕнынц, уый ма дыккаг хатт куыд рабӕрӕг уа, уӕд амалхъом адӕймаг баййафдзӕн уголовон ӕфхӕрд. Фӕивар ӕй кӕндзысты 80 мин сомы, кӕнӕ та йӕ бафидын хъӕудзӕн йӕ 3-6 мӕйы мызды бӕрц», — бафиппайдта Медойты Тимур.

➡️ Уымӕй уӕлдай ма фӕткхалӕджы бахъӕудзӕн афӕдзы онг растгӕнӕн куыстытӕ кӕнын, цы куыст кӕны, уый кӕнӕн ын 3 азы онг нӕ уыдзӕн, йе та йын уыцы бар бынтондӕр нал уыдзӕн, ӕмбарын кӕнынц ведомствойы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзауы ӕрымысыдысты 33 азы размӕ зӕххӕнкъуысты рӕстӕг скъола-интернаты чи фӕмард, уыцы сывӕллӕтты

🔻Уыцы ӕвирхъау фыдбылыз куы 'рцыд, уӕд Кокойты Марат, Джиоты Вадим ӕмӕ Цхуырбаты Янисыл цыд ӕрмӕстдӕр ӕстгай азтӕ, ахуыр кодтой 2-ӕм къласы. 1991-ӕм азы 29-ӕм апрель бирӕтӕ бахъуыды кодтой. Зӕххӕнкъуысты тых 9 баллмӕ хӕццӕ кодта. Зӕххимӕ сӕмхуызон сты Дзау, Мсхлеб. Хахет та зӕххы лӕбырды бын фӕци. Марат, Вадим ӕмӕ Янис фӕмарды сты, се 'мбал Дзабиты Юрий аирвӕзт.

Уыцы бон ӕрдзон фыдбылыз аскъуыдта 46 адӕймаджы царды, уыдонӕй 18 — сывӕллӕттӕ. Дзауы цӕрджытӕй къаддӕр. Уыцы фыдрайсом поселочы астӕу уыд Звиад Гамсахурдиайы ныхмӕ митинг ӕмӕ адӕм уым уыдысты.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цхинвалы цӕрӕг фӕнд кодта наркотиктӕ горӕтмӕ рухсгӕнӕны баласын

🔻Рог хӕдтулгӕ Toyota-йы 60-аздзыд шофырты баурӕдтой Дзауӕй Цхинвалмӕ фӕндагыл. Милицӕ йӕ зыдта, хуымӕтӕджы машинӕ кӕй нӕу, уый. Гуырысхо кодтой наркотиктӕ дзы кӕй ласынц, уымӕй. Ӕмӕ раст уыдысты. Цхинвалы цӕрӕгмӕ ссардтой 500 капсулӕимӕ пакет. Ӕмбӕхсгӕ та сӕ бакодта машинӕйы фӕстаг бадӕн бынаты, стъолыл ӕвӕргӕ рухсгӕнӕны.

Экспертизӕ рабӕрӕг кодта, капсулӕты уыдис «габарентин» ӕмӕ «баклофен». Ныртӕккӕ хъуыддаг иртасынц барадхъахъхъӕнджытӕ. Шофыр баййафдзӕн ӕфхӕрд.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
9-ӕм маймӕ фиддонтӕн Цӕгат Ирыстоны бюджетӕй радих кодтой 5 милуан сомы

🔻Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ветерантӕй ӕмӕ инвалидтӕй алчидӕр райсдзӕн фӕйнӕ 25 мин сомы. Цӕгат Ирыстоны сты 21 адӕймаджы.

9-ӕм маймӕ ма фиддонтӕ райсдзысты Ленинграды блокадӕйы, Корейы хӕсты ӕмӕ Венгрийы цауты архайджытӕ. Алкӕмӕндӕр сӕ ратдзысты фӕйнӕ 15 мин сомы. Ветеранты идӕдз устытӕн та фӕндзгай мин сомы.

💬 «Цы кады аккаг сты, уый бафидын нӕ бон никуы бауыдзӕн. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр барӕвдауӕм: алы аз дӕр сын бацӕттӕ кӕнӕм лӕвӕрттӕ. Стыр бӕрӕгбоны агъоммӕ социалон кусджытӕ се 'ппӕты дӕр бабӕрӕг кӕндзысты ӕмӕ сын ратдзысты иу хатты фиддонтӕ ӕмӕ республикӕйы сӕргълӕууӕджы арфӕтимӕ гӕххӕттытӕ», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн фӕллойы ӕмӕ социалон рӕзты министр Айдарты Алинӕ.

➡️ Ӕдӕппӕтӕй 9-ӕм маймӕ фиддонтӕ райсдзысты 680 адӕймаджы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Алцыдӕр баиу ӕмӕ рауад»: Цӕгат Кавказы ерысты трофи-спринтӕй Хуссар Ирыстоны экипажӕн ӕмбал нӕ уыд

🔻Дугътӕ цыдысты цӕгатирыстойнаг хъӕу Санибайы. Ерысгӕнджытӕ сӕ тыхтӕ фӕлвӕрдтой сабат ӕмӕ хуыцаубоны.

💬 «Дыууӕ къордыл сӕ уымӕн адих кодтой, ӕмӕ иу бон се 'ппӕты бавзарыны фадат нӕ уыд. Иу бон ӕппӕт категоритӕм ӕркӕсӕн ницы хуызы уыдис», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Лӕуойты Сева.

Нӕлгоймаг ерыс кодта йӕхӕдӕг кӕй сӕмбырд кодта, уыцы ног машинӕйыл. Афтӕмӕй категори «Открытая Нива»-йы бацахстой 2-аг бынат, категори «Туризм»-ы та 1-аг бынат. Фӕлӕ ууыл ерыстӕ нӕ фесты. Турниры 2-аг къӕпхӕн уыдзӕн Хъӕрӕсе-Черкессийы. Уый фӕстӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Стъараполы, Кӕсӕг-Балхъары, Дагестаны ӕмӕ Цӕцӕны фӕндӕгтӕ. Ӕдӕппӕтӕй турнир ӕхсӕз хайӕ арӕзт у.

💬 «Уӕлдӕр бынӕттӕ куы нӕ бацахстаиккам, уӕддӕр ерысты архайын нӕ бон уыд. Цы баллтӕ райстам, уыдон тынг хорз сты. Афӕдзы иумӕйаг хатдзӕгтыл сӕ бафтаудзысты. Ног машинӕ, ног штурман — иу бынаты ӕмӕ иу рӕстӕг баиу стӕм. Нӕ иумӕйаг архайдӕй тынг разы дӕн», — зӕгъы Лӕуойты лӕппу.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уӕрӕсейы фыццаг кинотеатр кӕм байгом?
Anonymous Quiz
36%
Мæскуыйы
15%
Новгороды
45%
Дзæуджыхъæуы
5%
Псковы
🔻Къоста ӕмӕ Шанаты Ибрагим базонгӕ сты Бетъырбухы Кавказы студентты ӕхсӕнады. Афтӕ балымӕн сты ӕмӕ-иу Къоста Дзӕуджыхъӕумӕ куы ссыдис, уӕд цардис Ибрагимы хӕдзары. Уый нӕ фӕлӕ-иу иумӕ сарӕзтой изӕртӕ. Ӕрбацыдысты-иу ӕм уӕды рӕстӕджы интеллигенцийы минӕвӕрттӕ.

Шанаты хӕдзары Къоста кодта нывтӕ дӕр. Иу дзы адӕм хорз зонынц — Дурсӕтджытӕ. Сныв дзы кодта Ибрагимы лӕппуты: дзӕбугимӕ чи бады, уый у хистӕр — Рустем, нымӕт худы чи лӕууы, уый та кӕстӕр — Биби.

📄 Тугъанты Махарбеджы мысинӕгтӕм гӕсгӕ-иу, Биби уарзта афтид хӕдоны райсомӕй раджы Къостамӕ алидзын. Уый иу-ӕй алыхуызон адджинӕгтӕй сбуц кодта, гыццыл афӕстиат уа, зӕгъгӕ, цӕмӕй йӕ хуыздӕр сныв кӕна, уый тыххӕй. Фӕлӕ-иу адджинӕгтӕ ахӕргӕйӕ, Биби йӕхи уатмӕ алыгъд. Къостайы та-иу ӕй бахъуыд ногӕй йӕхимӕ басайын…

Биби Къостайӕн ахӕм уарзон сывӕллон уыд ӕмӕ йын ныффыста ӕмдзӕвгӕ «Уасӕг».

Къоста тынг лымӕн уыд Ибрагимы чызгимӕ дӕр. Суанг ма йын йӕ сусӕг хъуыдытӕ дӕр ӕргом кодта. Иуӕй-иу мысинӕгтӕм гӕсгӕ, Къоста йӕ поэмӕ «Фатимӕ» схуыдта йе 'мбалы чызджы кадӕн. Сӕйраг хъайтартӕй иуы та Ибрагим схуыдта, йӕ хорз ӕмбалы номӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цхинвалы ахуыргӕнӕндӕттӕн се 'ртыккаг хайы рабӕрӕг кодтой санитарон аиппытӕ

🔻Афӕдзы райдианӕй Хуссар Ирыстоны фӕлхасгӕнджыты бартӕ ӕмӕ адӕймаджы хӕрзиуджытӕ хъахъхъӕныны къабазы хъусдарды фӕдыл комитет 20 ахуыргӕнӕндоны сарӕзта 108 лабораторон иртӕсты. Сӕ нысан уыд СанПиН-ы домӕнтӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уый сбӕрӕг кӕнын. Ведомствойы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, аиппытӕ сты 29%. Скъолайы агъоммӕ 12 уагдоны систой 356 анализы, сӕ 8% нормӕтӕн дзуапп нӕ дӕттынц.

Кастысты температурӕмӕ, уымӕладмӕ, рухсмӕ, доны хӕрзхъӕддзинадмӕ, цӕттӕ хӕринӕгтӕн сӕ бактериологон бӕрӕггӕнӕнтӕм, иртӕстой уӕлдӕфы сыгъдӕгдзинад ӕмӕ афтæ дарддæр.

Комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Маринӕ «Сапæ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй 2024 азы цы ивартӕ рафыстой, уыдон фылдӕр уыдысты скъолатӕ ӕмӕ скъолайы агъоммӕ уагдӕттыл. Арӕхдӕр сывӕллӕттӕн хӕринаг кӕныны домӕнтӕ ӕмбӕлгӕ уагыл кӕй нӕ вӕййынц, уый тыххӕй. Уӕлдай фылдӕр хъӕндзинӕдтӕ рабӕрӕг кӕнынц ӕнӕрадон рейдты рӕстӕг.

💬 «Алцыдӕр хӕрзӕхсад нӕ вӕййы, кусджытӕ медицинон ӕркаст нӕ фӕцӕуынц, объекттӕ санитарон-гигиенон домӕнтӕн дзуапп нӕ дӕттынц, скъолаты ахуырдзауты нымӕц нормӕйӕ фылдӕр, хойрӕгтӕ ӕнӕ ӕмбӕлгӕ гӕххӕттытӕй», — зӕгъы Коцты Маринӕ.

Ӕппӕт закъонхӕлдтытӕ арӕхдӕр вӕййынц адӕймаджы аххосӕй — бӕлвырддӕр зӕгъӕйӕ, организацийы кусджыты. Фӕлӕ дзы ис сӕхицӕй аразгӕ чи нӕу, ахӕмтӕ дӕр.

💬 «Республикӕйы ахуыргӕнӕндӕттӕй бирӕтӕ ӕмбӕлгӕ бӕстыхӕйтты не сты. Ахӕм дӕнцӕгтӕ бирӕ ис. Ай-гъай дӕр дзы аиппытӕ рабӕрӕг уыдзӕн. Цавӕр нормативон гӕххӕттытӕм гӕсгӕ хъуамӕ кусӕм, кӕд ӕмӕ скъола дыууӕ вагоны ӕрбынат кодта? Кӕнӕ хи хӕдзары?» — радзырдта «Сапӕ»-йӕн комитеты разамонӕг.

➡️ Коцты Маринӕ йе 'ргом аздӕхта сывӕллӕтты ӕнӕниздзинады фарстатӕм. Бӕлвырддӕр зӕгъӕйӕ та, скъолатӕ ӕмбӕлгӕ бӕстыхӕйтты кӕй нӕ ахуыр кӕнынц, уый алыхуызон низтӕм кӕй расайы, уымӕ. Зӕгъӕм, скъоладзауты фылдӕр хаймӕ рабӕрӕг сколиоз, плоскостопи, раст кӕй нӕ бадынц, уый аххосӕй фӕгуыбыргонд вӕййынц. Уӕлдай фылдӕр сывӕллӕттӕн сӕ хӕринагтайӕн систӕмӕ хъыгдард у, фылдӕр кӕны ӕвзӕрдӕр уынын чи райдыдта, уыдоны нымӕц.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM