СапÆ
1.3K subscribers
4.9K photos
1.15K videos
1 file
4.69K links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
Ацы гагадыргъ англисӕгтӕ хонынц «хъазты гага»? Цы у?
Anonymous Quiz
6%
Мӕнӕргъы
32%
Ӕрыскъӕф
32%
Уагъылы
30%
Хъалгъӕн 
😁1🎉1🏆1
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — рынчын.

#дзырдуат

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤1✍1👍1👨‍💻1
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔥2👍1👌1🤓1
🎵 Хуыгаты Кристинӕ — «Иумӕйаг уарзт»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👏1💋1😘1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
👏1😍1😴1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Раздӕры Дзӕуджыхъӕумӕ лӕг кӕсынӕй не 'фсӕды. Ацы видеойы ма Хъуылаты Елхъаны зары йӕ уарзон Ирыстоныл.

#аивады_хӕзнадон 
#иронау

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤1🤩1😍1😘1
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔥2💯2👌1
🔻Таурӕгътӕм гӕсгӕ, Хуыцау зӕххытӕ куы уӕрста, уӕд сӕ иу хай йӕхицӕн ныууагъта удӕнцойӕн ӕмӕ фӕллад уадзынӕн. Ӕрдзы рӕсугъддӕр цы уыд, уымӕй йӕ саив кодта. Фӕлӕ йын цыдӕр нӕ фаг кодта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд, кӕй уарздзӕн, ахӕм адӕмы сфӕлдисын. Афтӕ фӕзындысты ирон адӕм. Уӕлӕрвтӕй зӕххы 'хсӕн та сын минӕвар скодта Уастырджийы. Зӕххон адӕм йӕ номыл фӕззӕджы кӕрон фӕкӕнынц куывдтӕ.

Ацы аз дӕр ныл рӕсугъдӕй сӕмбӕлд ӕмӕ нӕ йӕ хорзӕх уӕд! А зӕххыл цы хорздзинӕдтӕ таудзӕн, уыдонӕй Ирыстоны цӕрджыты фӕхайджын кӕнӕд! Иры дзыхъхъ фыдбылыз ӕмӕ фыдӕхӕй хызт куыд уа, базыгджын куыд суа, кӕстӕртӕ фылдӕр куыд кӕной, Иры зӕдбадӕнтӕ та куывдтӕ ӕмӕ чындзӕхсӕвты ӕвдисӕн куыд уой!

Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд, ирон адӕм!

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤3🙏2🔥1🤗1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🔥1😍1😘1
🎵 Тайсауты Олег — «Мӕ Ирыстон»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔥2👏1😍1
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤2🔥1🤗1😘1
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
👍1👌1💯1
🔻Ирыстоны цӕрджытӕ цингӕнгӕйӕ бӕрӕг кӕнын сӕ кадджындӕр ӕмӕ уарзондӕр бӕрӕгбӕттӕй иу — Уастырджимӕ кувӕн къуыри. Алы хӕдзары дӕр йӕ номыл скодтой ӕртыгай чъиритӕ ӕмӕ хъуысынц тынг зӕрдиаг куывдтӕ. Сӕ хуыздӕртӕ ӕрцӕуӕнт!

Дунейы алы бӕстӕты цӕрӕг ирон адӕмӕн арфӕ кӕны «СапӔ» дӕр! Кӕмӕ кувӕм, уый нӕ фыдбылыз ӕмӕ зылын фӕндагӕй бахизӕд, кӕстӕрты сомбон райдзаст куыд уа, Ирыстоны фидӕн — рӕсугъд, цӕрджыты къӕбицтӕ — бӕркадджын! Азӕй-азмӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕнгомдӕр куыд кӕнӕм, цӕмӕй нӕ иумӕйаг куывдтӕ Дунесфӕлдисӕг ӕмӕ Уастырджи ӕхсызгонӕн айсой ӕмӕ Иры зӕххыл сӕ хорздзинӕдтӕ тауой!


⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤3🙏2❤‍🔥1🔥1
🎵 Уататы Бибо — «Уастырджийы зарӕг»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🙏2🔥1🤗1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🙏2❤‍🔥1🔥1
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Бӕрӕгбоны изӕр уын аив кӕнӕм ирон уӕздан кафтӕй.

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔥1👏1🤩1
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔥1💯1🤗1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Брутаг Хайты Астан рамбылдта Мыстулаты Иринӕйы номыл конкурсы

🔻Цӕгат Ирыстоны уыд Мыстулаты Иринӕйы номыл конкурс фӕндырдзӕгъдджыты 'хсӕн.

Ацы аз конкурс сси ӕхсӕнадӕмон. Ссыдысты йӕм Хуссар Ирыстон, Абхаз ӕмӕ Цӕгат Кавказы алы республикӕты фӕндырдзӕгъдджытӕ. Ӕртӕ бонмӕ сӕ арӕхстдзинад равдыстой 300 музыканты. Хуыздӕрты хуыздӕрыл та жюрийы уӕнгтӕ банымадтой Хайты Астаны.

➡️ Уӕлахиздзауӕн радтой Гран-при — фӕндыр. Лӕппуйӕн ӕй ӕхсызгонӕй балӕвар кодта Мыстулоны чызг Хуытыгаты Маринӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔥3👏1🤩1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Згъуыбиры рагон аргъуан сног кӕндзысты

🔻Сыгъдӕг Георгийы номыл аргъуан арӕзт ӕрцыд 1870 азы. XIX ӕнусы Хуссар Ирыстоны цы аргъуантӕ сарӕзтой, уыдонӕй сӕ иу у. Ӕдӕппӕтӕй та уыдысты авд. Ӕххуыс сын кодта чырыстон дин Кавказы сног кӕныны ӕхсӕнад.

Ныртӕккӕ бӕстыхайӕн йӕ сӕр йӕ уӕлӕ нал ис, ӕддӕрдыгӕй къултӕ ӕрдзон уавӕртӕй пырх кӕнын райдыдтой, фӕлӕ мидӕгӕй хуыздӕр уавӕры сты. Уымӕ гӕсгӕ зӕрдӕ дарӕн ис, йе сног кӕныны проект кӕд ӕнцондӕрӕй сӕххӕст уаид.

Проект цӕттӕ кӕнын райдайдзысты ног азы январӕй. Куыддӕр фӕхъарм уа, афтӕ та райдайдзысты аргъуанмӕ зилын. Уый тыххӕй ӕрбахондзысты цӕгатирыстойнаг специалистты.

➡️ Рацарӕзт цӕудзӕн ӕнӕ бюджеты фӕрӕзтӕй. Хъуыддагмӕ йӕ цӕст дардзӕн республикӕйы президент Хъамболты Марат.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤2👍1👎1🤩1🤓1
Алывӕрсыг ӕмӕ курдиатджын Сланты Къоста

🔻Сланты Къостайы райгуырды 100 азы бонмӕ Театралон музейы сарӕзтой йӕ номыл равдыст.

Экспозици зонгӕ кӕны ӕгӕрон курдиаты хицау, адӕмӕн уарзон актер Сланты Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстадон бынтимӕ.

Къоста йӕ цард-цӕрӕнбонты фӕлӕггад кодта ирон театрӕн. Йӕ рольтӕ иууылдӕр банымайын дӕр зын у. Худӕг ӕмӕ хъуыдытыл ӕфтауӕг, адӕймаджы хъӕндзинӕдтӕ ӕвдисӕг, ӕгъдӕутты сӕрыл хӕцӕг — йӕ сурӕттӕ иу иннӕйы хуызӕн нӕ уыдысты. Иттӕг хорз уыд алы жанрты дӕр.

Къоста хъазыд ирон кинематографы дӕр. Ӕмӕ та уым дӕр алы ролы алыхуызон уыд.

➡️ Йе сфӕлдыстады тыххӕй та алцы хуыздӕр базонӕн ис равдыстмӕ ӕрбацӕугӕйӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤‍🔥1🔥1👏1👌1