СапÆ
1.08K subscribers
822 photos
185 videos
911 links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
Дзӕуджыхъӕуы караокемӕ рады тыххӕй нӕлгоймаджы кардӕй барӕхойынмӕ чи хъавыд, уый ӕрлӕудзӕн тӕрхондоны раз

🔻53-аздзыд нӕлгоймаджы азымджын кӕнынц лӕг амарынмӕ кӕй хъавыд, уымӕй. Слестгӕнджытӕ сбӕрӕг кодтой: ацы азы 19-ӕм январы Дзӕуджыхъӕуы бартӕй иуы А. Иосиф систа кард ӕмӕ дзы цалдӕр хатты Ц. Леуаны ныццавта.

Уый фенгӕйӕ, бирӕтӕ лӕгмары баурӕдтой ӕмӕ цӕф нӕлгоймаг аирвӕзт. Леуаны аластой рынчындонмӕ, хылмондаг нӕлгоймаджы та адвокат бахъуыд. Азымджын ӕй кӕнынц адӕймаг амарын кӕй фӕнд кодта, уымӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Кавказы 20 туристон агентады разамонджытӕ ссыдысты Хуссар Ирыстонмӕ

🔻Бынӕттон гид-экскурсовод Бететы Юрийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонмӕ экскурситӕ цымыдисаг кӕсынц Цӕгат Ирыстоны, Мӕхъӕлы ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары агентадтӕм.

💬 «Нӕ хъуыстгонд рӕсугъд бынӕттимӕ сӕ базонгӕ кодтам, туристты ласӕн кӕдӕм ис, уый сбӕлвырд кодтам. Ныртӕккӕ уал ныхас кӕнӕм иу боны балцтыл. Фӕлӕ уый нырма райдиан у. Адӕм алыхуызон сты ӕмӕ, чи зоны, кӕйдӕр бафӕнддзӕн ам цалдӕр боны фӕуын», — загъта «Сапӕ»-йӕн Бететы Юрий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы ӕрдзы рӕсугъддзинадӕй сӕ уазджытӕ стыр дисы бацыдысты. Алчидӕр ӕмбары фидӕны ӕмгуыстады пайда дӕр. Туристон оператортӕ цӕттӕ кӕнынц сӕрмагонд программӕ, кусынц маршруттыл. Ӕххуыс сын кӕндзысты ӕрӕджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты гид-экскурсоводы сертификат чи райста, уыцы специалисттӕ.

💬 «Ныртӕккӕ ӕз ӕмӕ Карсанты Гурам нӕхимӕ ахуырмӕ райстам цалдӕр адӕймаджы. Куысты сӕ фӕлварӕм. Фӕлӕ сӕм цӕмӕй фӕлтӕрддзинад фӕзына, уый тыххӕй ӕппынкъаддӕр 2 азы хъуамӕ бакусой. Уӕд рабӕрӕг вӕййы дӕсныйады йӕхи ссардта адӕймаг ӕви нӕ, уый», — радзырдта нын Бететы Юрий.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Нарт мыдӕй цавӕр нозт кодтой?
Anonymous Quiz
5%
Мисын
20%
Къуымæл
72%
Ронг
4%
Лæмарæн
«Ӕз кусынмӕ цӕуын»: историйы ахуыргӕнӕг йӕхӕдӕг ӕмбырд кӕны къухфыстытӕ Хуссар Ирыстоны парламенты депутат суӕвынӕн

🔻Къуылыхты Мӕдинӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, депутат суӕвын кӕй фӕнды ӕмӕ пайдайӕн кусын, уый хъуамӕ зила цӕрджытыл ӕмӕ семӕ зонгӕ кӕна. Цӕмӕй дӕ хуызмӕ уӕддӕр зоной. Ӕмӕ цалынмӕ иннӕ кандидаттӕ сӕхицӕн къухфыстытӕ сӕмбырд кӕнынӕн партийы минӕвӕртты ӕмӕ студентты ӕххуыс агурынц, уӕдмӕ Мӕдинӕ йӕ зылдыл йӕхӕдӕг зилы.

💬 «Мӕхи бацамонын, скъолайы ахуыргӕнӕгӕй 32 азы кӕй бакуыстон, уый фӕзӕгъын. Стӕй дарддӕр фӕныхас кӕнӕм. Мӕнмӕ гӕсгӕ, адӕймагимӕ комкоммӕ ӕмбӕлын ӕмӕ ныхас кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Бастдзинадыл хорз ахады», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн депутаттӕм кандидат.

Районы цӕрджытӕ арӕхдӕр бафӕрсынц, кӕуыл хъӕлӕс кӕнӕм, зӕгъгӕ. Уый тыххӕй сӕм йӕхӕдӕг цӕуы, семӕ зонгӕ кӕны ӕмӕ йӕ депутат суӕвын цӕмӕн фӕнды, уый бамбарын кӕны.

Фылдӕр хатт кандидатимӕ фембӕл адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцӕуы. Йӕ къух сӕвӕрын кӕй нӕ фӕфӕнды, ахӕмтӕ дӕр разынынц. Мӕдинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕмы ӕууӕнк асаст, фыдӕнхъӕл фӕвӕййынц. Уыимӕ ма, горӕты зӕронд районты цӕрджытӕ бирӕ не сты ӕмӕ сӕм фаг цӕстдард нӕй. Фӕлӕ адӕмы фылдӕр хай уӕддӕр ӕмбаргӕ сты.

Мӕдинӕ у парти «Ирон»-ы разӕнгард архайджытӕй иу. Фӕлӕ йӕ ныр фӕнды хӕдбар кандидат уӕвын.

💬 «Партийы бӕрны уон, уый мӕ нӕ фӕнды. Кӕд парламентмӕ бацӕуон, уӕд мӕ хӕдбар уӕвын фӕнды», — бамбарын кодта Мӕдинӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — лӕгмар.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Абон Дзӕуджыхъӕуы Ирыстойнаг, Цӕгат-Ныгуылӕн, Фӕстерчы районты иуӕй-иу хӕдзӕртты электрон тых нӕ уыдзӕн. Бӕлвырд фӕтк базонӕн ис ам.

🔸 Alania Business се 'ппӕты дӕр хоны компани «Руян» ӕмӕ бренд «Экспедиция» саразӕг Александр Кравцовимӕ фембӕлдмӕ. Радзурдзӕн йӕ компанийы тыххӕй ӕмӕ сӕ фидӕны проекттыл. Фембӕлды бацархайӕн ис лӕвар, фӕлӕ бынӕттӕ нымад сты. Регистраци скӕнӕн ис ам.

🔸 Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрад фехъусын кодта йӕ бӕрны цы уагдӕттӕ ис, уыдон бӕрӕгбӕтты куыд кусдзысты, уыцы фӕтк. Базонӕн ӕй ис ам.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Путин бафыста указ Уӕллаг Санибайы цӕрӕг Тогойты Валентинӕйӕн «Мать-героиня»-йы кадджын ном радтыны тыххӕй

🔻Тогойты Валентинӕйыл апрелы сӕххӕст 70 азы. Схъомыл кодта 10 сывӕллоны — ӕхсӕз лӕппуйы ӕмӕ цыппар чызджы. Кадджын ном ын кӕй саккаг кодтой, уый тыххӕй базыдта «Сапӕ»-йы уацхӕссӕгӕй.

💬 «Тынг ӕхсызгон мын у. Мӕ сывӕллӕтты мын чи ӕрхъуыды кодта, уыдонӕн стыр бузныг. Мӕнӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр у мӕ цот ӕмӕ мӕ цоты цот ӕнӕниз ӕмӕ амондджын куыд уой, уый», — зӕгъы сылгоймаг.

Валентинӕйы цардӕмбал Тогойты Федорыл 71 азы цӕуы. Иумӕ фӕцардысты 45 азы. Валентинӕйы цоты хистӕрыл 42 азы цӕуы, кӕстӕрыл — 27. Сылгоймаг ныййарӕджы амондӕй хайджын фӕци. Ныртӕккӕ та цин кӕны йӕ кӕстӕрты кӕстӕртыл — 15 ын сты: сӕ хистӕр 6-ӕм къласы ахуыр кӕны, ӕппӕты кӕстӕр та 1-ӕм.

💬 «Афтӕ нӕ зӕгъдзынӕн ӕмӕ сывӕллӕтты сӕ къӕхтыл слӕууын кӕнын зын уыдис. Хъӕуы цӕрӕм ӕмӕ ӕхсыр, дыргътӕ, халсартӕ — алцыдӕр нӕхи. Ӕнӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтӕй нӕ вӕййы, фӕлӕ сыл алы ныййарӕг дӕр ӕмбӕлы. Мӕ зӕрдӕ райы мӕ сылӕллӕттӕ иууылдӕр ахуырад кӕй райстой, уымӕй: дохтыртӕ, ахуыргӕнджытӕ, юристтӕ», — зӕгъы Валентинӕ.

➡️ Ныртӕккӕ Тогойты дыууӕ фырты сты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы. Фарон сылгоймагӕн саккаг кодтой «Афицеры мад»-ы ном. Уый размӕ та уыд Цӕгат Ирыстоны «Бирӕсывӕллонджын мад».

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фӕстаг дыууӕ азмӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ систы 41 фӕсарӕйнаг гражданины

🔻Республикӕмӕ кусынмӕ чи ссыд, уыдоны бон у Хуссар Ирыстоны паспорт райсын? Уыцы фарст «Сапӕ» радта граждандзинады къамисы сӕрдар Коцты Егорӕн.

Куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй закъонмӕ гӕсгӕ, республикӕйы 5 азӕй фылдӕр чи цӕры, уыдонӕй алкӕй бон дӕр у Хуссар Ирыстоны президенты цур къамисмӕ курдиат бадӕттын. Фӕлӕ ӕрыгон паддзахады цӕрӕг суӕвын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ куыстыл хӕст уа, йе 'фтиӕгтӕ закъонмӕ гӕсгӕ уой, зоной паддзахадон ӕвзӕгтӕй иу, ӕндӕр бӕстӕйы гражданин ма уой.

Къамисы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕстаг дыууӕ азмӕ ӕрмӕст 41 адӕймаджы систы Хуссар Ирыстоны гражданинтӕ. Сӕ фылдӕр — Гурдзыстоны цӕрӕг ирӕттӕ, Азербайджаны ӕмӕ Сомихы минӕвӕрттӕ. Хуссар Ирыстоны гражданины ном радтой республикӕйы чи райгуырд, кӕнӕ йӕ фыдӕлтӕ ам кӕмӕн цардысты, уыдонӕн.

Уыцы-иу рӕстӕг Астӕуккаг Азийӕ иу дӕр Хуссар Ирыстоны гражданин не сси. Чи зоны, сӕ бӕстӕйы граждандзинад айсын сӕ бон нӕу республикӕмӕ Уӕресейы арӕнты сӕрты национ паспорттимӕ кӕй ахизынц, уымӕ гӕсгӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фыранк, абон дӕ бон у!

🔻Лео, Батраз, Хоста, Лаурӕ, Волна, Агуындӕ ӕмӕ ӕндӕр нӕмттӕ Ирыстоны цӕрджытӕ бауарзтой. Сӕ хицӕутты та уӕлдайдӕр. Иуӕй — Цӕгат Ирыстоны символ, иннӕмӕй — рӕсугъд цӕрӕгой. Сӕйрагдӕр та фӕстӕмӕ сӕ зӕххытӕм кӕй ӕрыздӕхтысты, уый.

О, фыранкты кой кӕнӕм. Кавказы сӕ 50-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ ничиуал федта. Кӕм сӕ адæм ныццагътой, кӕм та сын хойраг нал фаг кодта ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм ацыдысты.

📍2018 азы уавӕр ивын райдыдта. Цӕгат Ирыстоны ӕххӕст кӕнын райдыдтой фыранктӕ фӕфылдӕр кӕныны паддзахадон программӕ. Уыцы аз Ирыстоны ӕрдзмӕ рауагътой фыццаг цӕрӕгойты дӕр. Ныртӕккӕ сты 8. Специалисттӕ сӕм сӕ цӕст дарынц.

Фыццæгты сырдтæ цуан кодтой лыстæг сырдтыл. Иу цасдæры фæстæ сын сæгуыт æрцахсын дæр бантыст. Иуæй-иу хатт схизынц сычъитæ кæм хизынц, уырдæм. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ леопардтæ адæм кæм цæрынц, уыцы бынæттæй сæхи дард ласынц. Хӕхты та сӕхи хорз ӕнкъарынц.

📄 Зӕххы къорийыл цы стыр гӕдыйы мыггӕгтӕ ис, уыдонӕй фыранк ис цыппӕрӕм бынаты. Уымӕй стырдӕр сты ӕрмӕстдӕр домбай, тигр ӕмӕ ягуар. Фӕлӕ йӕ къӕдзил иннӕтӕй даргъдӕр у. Уый руаджы йӕ бон у 6-7 метры гӕпп кӕнын. Цуанон сырдӕн та уый хорз у.

➡️ Фыранк Ирыстоны цӕрджытӕн ӕмӕ уазджытӕн уарзон сырд у. Кӕд сӕ ӕрдзы фенын алкӕй бон нӕу, стӕй тӕссаг дӕр у, уӕд Дзӕуджыхъӕуы астӕу цы згъӕр фыранктӕ ис, уыдоны фарсмӕ алчидӕр зӕрдиагӕй сисы къам.

Иу ныхасӕй — фыранк, уарзӕм дӕ!

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Мӕргътӕй ӕппӕты даргъдӕр ӕвзаг цӕмӕн ис?
Anonymous Quiz
30%
Гæркъæрагæн
47%
Хъæдхойæн
17%
Халонæн
5%
Уыгæн
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — фыранк.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фыдхъус ма куыд фӕхонынц?
Anonymous Quiz
20%
Мадзура
8%
Уынаг
59%
Хæдзархал
13%
Уæзбын
Уыци-уыци: иу лӕгӕн дыууадӕс фырты. Цы у?
Anonymous Quiz
11%
Нуры
80%
Афæдз
4%
Æхсынæнтæ
5%
Стъалытæ
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 8-ӕм майы Цӕгат Ирыстоны промышленносты ӕмӕ инвестициты министр Мӕрзойты Владимирӕн уыдзӕн цӕрджытимӕ фембӕлд. Йемӕ аныхас кӕнӕн уыдзӕн Дзӕуджыхъӕуы администрацийы, кӕнӕ Заводы поселочы бӕстыхаймӕ ӕрбацӕугӕйӕ. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Журнал «Дарьял» райдыдта фантастикӕйы конкурс «Система знаков»-ы дыккаг сезонмӕ куыстытӕ исын. Хонынц фысджыты ӕмӕ нывгӕнджыты. Автортӕ сӕ куыстытӕ хъуамӕ ӕрбарвитой 31-ӕм июльмӕ электронон постмӕ: sistema.znakov@mail.ru. Фыццаг бынат чи бацахса, уымӕн ратдзысты 30 мин сомы ӕмӕ йын йӕ уацмыс журналы ныммыхуыр кӕндзысты. Дыккаг бынат бацахсӕг райсдзӕн 15 мин сомы. Бӕлвырддӕр базонӕн ис ам.

🔸 Цӕгат Ирыстоны бирӕвӕрсыг центртӕ 8-ӕм майы кусдзысты цыбыр боны фӕткмӕ, 9-ӕм майы у улӕфӕн бон. 10-ӕм майы филиалтӕ кусдзысты ӕрвылбоны фӕткмӕ.

Къам: Букуылты Андрей

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Фӕндыд нӕ нӕ дуджы уддзӕф равдисын»: дзӕуджыхъӕуккаг скъоладзаутӕ арвыстой фыстӕг 2084 азы фидӕны фӕлтӕртӕм

🔻Дзӕуджыхъӕуы 240 азы бонмӕ Быгъуылты Дзӕуӕджы фӕзы сӕвӕрдтой рӕстӕджы капсулӕ. Ахӕм хъӕппӕрис бахастой 11-ӕм скъолайы ахуырдзаутӕ. Сӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ байгом кӕной 2084 азы.

💬 «Нӕ республикӕйы фидӕныл ахъуыды кодтам. Цымыдисаг нӕм фӕкаст, 60 азы фӕстӕ цавӕр уыдзӕнис, цавӕр адӕм дзы цӕрдзысты. Уӕд ахъуыды кодтам, ома, хорз уаид фидӕны фӕлтӕртӕн нӕ номӕй исты ныууадзын. Куыд ыл сӕмбӕлдзысты, уый фенын, ай-гъай дӕр, цымыдисаг уаид», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн 11-ӕм скъолайы ахуырдзау Дзапарты Зарӕ.

Сӕ фыстӕджы скъоладзаутӕ ныффыстой ныртӕккӕ республикӕ куыд цӕры, адӕмы хӕзнатӕ, цӕмӕ тырнынц, уый тыххӕй. Фидӕны фӕлтӕртӕм фыстӕджы сӕ къухфыстытӕ сӕвӕрдтой горӕты скъолаты 24 мин ахуырдзауы.

💬 «Мӕнмӕ гӕсгӕ, нӕ фӕлтӕр хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ныфсхаст у. Хуыздӕрмӕ тырнӕм. Ӕмӕ нӕ фӕнды нӕ фӕдонтӕ дӕр уыцы миниуджытыл хӕст куыд уой, уый», — зӕгъы 11-ӕм скъолайы ахуырдзау Дзукъаты Ланӕ.

Фыстӕджы ӕмӕ къухфыстты къопитӕ ӕвӕрд уыдзысты горӕты архивы дӕр. Капсулӕ кадджын уавӕры сӕвӕрын скъоладзаутӕн баххуыс кодта горӕты мэр Милдзыхты Вячеслав.

💬 «Ам сӕмбырд сты горӕты скъолаты хуыздӕр минӕвӕрттӕ. Уырны мӕ, уӕ фӕрцы, уӕ архайды руаджы нӕ уарзон горӕт ӕмӕ республикӕ рӕсугъддӕр ӕмӕ хуыздӕр кӕй кӕндзысты, уый. Сомбоныл хъуыды кӕнут ӕмӕ уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Фӕнды мӕ, цӕмӕй ныр куыд фӕлмӕнзӕрдӕ стут, ахӕмтӕй баззайат. Уымӕн ӕмӕ цард размӕ хорз хъуыддӕгты ӕмӕ адӕмы фӕрцы цӕуы», — фӕсидтис мэр скъоладзаутӕм.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ацы аз Дзӕуджыхъӕуы фыццаг «Ӕнӕмӕлгӕ полк» сарӕзтой республикон тӕрхондоны медицинон экспертизӕйы кусджытӕ

🔻Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты быдырты уагдоны кусджытӕй бирӕты хӕстӕджытӕ ӕвдыстой лӕгдзинад. Сӕ ном хъуыдыгӕнгӕйӕ, сӕ фӕдонтӕ ацы аз фыццӕгтӕ сарӕзтой акци «Ӕнӕмӕлгӕ полк». Скодтой йӕ сӕ организацийы фӕзуаты алфӕмблай. Ахӕм хъуыды бюройы кусӕг Бекъойты Светланӕмӕ бирӕ азты уыд. Фехъусын ӕй кодта йӕ разамонӕгӕн.

Йӕ дада Бекъойты Даниил уыд Батайскы тӕхджыты скъолайы рауагъдон. Хӕст куы райдыдта, уӕд ацыд фронтмӕ ӕмӕ тахтис алыхуызон хӕдтӕхджытыл. Йӕ лӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй хорзӕхгонд ӕрцыд бирӕ хӕрзиуджытӕй.

Нинойы дада Хацырты Антон хӕстӕй нал сыздӕхт. 1945 азы январы Берлины бынмӕ фӕмард. Хӕстмӕ ацыд йӕ 4 ӕфсымӕр ӕмӕ хӕрӕфыртимӕ. Йӕ фыдыуӕзӕгыл сӕ фӕстӕмӕ ӕрмӕстдӕр иу ӕфсымӕр сӕмбӕлд. Уымӕн дӕр йӕ иу къах йӕ уӕлӕ нал уыд, афтӕмӕй.

💬 «Мӕ дада хӕстмӕ куы цыд, уӕд мӕ фыды райгуырдыл ӕртӕ къуырийы йеддӕмӕ нӕ рацыд. Нана куыд дзырдта, афтӕмӕй дада бӕхыл бадгӕйӕ кӕртӕй рахызт. Фӕлӕ йӕ фездӕхта, фӕстӕмӕ раздӕхт, ноггуырд сывӕллонмӕ авдӕнмӕ бакаст ӕмӕ афтӕмӕй ацыд. Йӕ къухтӕм дӕр ӕй нӕ райста, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ не 'мбӕлыд», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Хацырты Нино.

Виктория дада Петр Досекин Омскы ӕфсӕддон училищӕйы ахуыргӕнӕг уыдис. Цӕмӕй йӕ фронтмӕ арвитой, уый тыххӕй гӕххӕттытӕ цалдӕр хатт балӕвӕрдта. Фӕлӕ курсантты дӕр ахуыр кӕнын хъуыд, ӕмӕ йӕ нӕ уагътой. Хӕсты цӕхӕры бахауд ӕрмӕст 1945 азы мартъийы. Йӕ хъӕбатырдзинад равдисынӕн ын 2 мӕйы дӕр фаг уыд.

💬 «Кӕм службӕ кодта, уыцы батальоны командыгӕнӕг фӕцӕф ӕмӕ ӕнӕ разамонӕгӕй аззадысты. Уӕд мӕ дада уыцы хӕс йӕхимӕ райста. Сӕ батальон фашистты стыр къорд ӕрхъула кодта ӕмӕ размӕ абырстой. 100 знагӕй фылдӕр маргӕ акодтой, 200-йы бӕрц та уацары райстой, стӕй ӕфсӕддон техникӕ дӕр ӕрбатардтой. Уыцы цау Данцинджы бынмӕ уыд», — радзырдта Виктория Теличко.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Куадзӕн цавӕр бӕхыл фӕцӕуы?
Anonymous Quiz
5%
Цъæх
25%
Урс
29%
Хъулон
42%
Сырх
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ныфсхаст.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом равдыст «События, судьбы, люди». Баст у Ирыстон Уӕрӕсӕимӕ куы баиу, уый 250 азы, Дзӕуджыхъӕуӕн бындур ӕвӕрд куы 'рцыд, уый 240 азы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны автономийыл 100 азы кӕй ӕххӕст кӕны, уыимӕ. Экспозицийы фенӕн ис куыд тематикон, афтӕ ирон нывгӕнджыты куыстытӕ.

🔸 Дзӕуджыхъӕуы райдыдтой Цӕгат Кавказы Федералон зылды чемпионат ӕмӕ ерыстӕ фехтованийӕ. Цӕудзысты 14-ӕм маймӕ Дзарасаты Саукуыдзы номыл спортивон комплексы. Ерыстӕ алы бон дӕр райдайдзысты 10 сахатыл. Программӕ базонӕн ис ам.

🔸 Дзӕуджыхъӕуы цӕрджыты ӕмӕ уазджыты хонынц дидинджыты равдыстмӕ. Уыдзӕн Национ музейы 8-ӕй 12-ӕм маймӕ. 10 сахатӕй 19 сахатмӕ дзы кусдзӕн консультацион центр. Амондзысты равдысты цы дидинджытӕ ис, уыдонмӕ куыд зилын хъӕуы, уый. Фӕстаг бон та уыдзӕн бӕрӕгбоны лотерейӕ. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Дзӕуджыхъӕуы сӕ тӕмӕны сты Уӕрӕсейы ерыстӕ боксӕй. Ӕдӕппӕтӕй ерыстӕм ссыд 620 спортсмены Уӕрӕсейы 82 регионӕй. Сӕ тыхтӕ дзы фӕлварынц ӕртӕ къорды: 17-18 азы онг юниортӕ, 17-18 азы онг чызджытӕ ӕмӕ 19-22 азы онг чызджытӕ. Ерысты фӕтк базонӕн ис ам.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Йӕ сыхаг хуытӕ кӕй дары, уый тыххӕй Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг бахъаст кодта Генералон прокуратурӕмӕ

🔻Ольгинскӕйаг Бузарты Кубурӕ хъаст кӕны йӕ сыхаг Саламты Аланыл хуытӕ кӕй дары, уый тыххӕй. Сылгоймаг «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй хъӕуы цӕры 8 азы ӕмӕ уал азы йӕ бон нӕдӕр сыгъдӕг уӕлдӕфӕй улӕфын нӕу, нӕдӕр цӕхӕрадоны куыст кӕнын. Йӕ цӕхӕрадон ын хуытӕ ныннӕмынц ӕмӕ скъахынц. Йӕ бон быхсын нал у ӕмӕ Генералон прокуратурӕмӕ ныффыста уавӕр равзарыны курдиат.

💬 «Нӕ сывӕллӕтты уынгмӕ нӕ уадзӕм, уымӕн ӕмӕ… Сӕхи хъыбылтыл куы нӕ ауӕрдынц, уӕд гыццыл сывӕллӕттыл бацауӕрддзысты?» — зӕгъы Кубурӕ.

Хъӕуы хицау Кокайты Тимурӕн уавӕр ӕнӕзонгӕ нӕу. Цӕмӕй йӕ хуыты уынгмӕ ма уадза, уый тыххӕй фермерӕн цалдӕр хатты загъта. Суанг ма йӕм участокмӕ цӕстдарӕг пъӕлицӕйаджы дӕр арвыста.

Уый хыгъд, Саламты Алан куыд зӕгъы, афтӕмӕй Кубурӕ йӕ фарсмӕ дыууӕ азы размӕ ӕрцард. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, йӕ ныхмӕ у ӕндӕр диныл хӕст кӕй у, уый тыххӕй. Фермер ма нын радзырдта, фарон ӕм 140-150 сӕры кӕй уыд. Уӕд ын йӕ архайдмӕ цӕстдарӕг оргӕнтӕ ӕркастысты. Сӕ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, хуыты нымӕц цас ӕмбӕлы, уымӕй гыццыл фылдӕр у.

💬 «Ӕрбацыди мӕм ӕмӕ мын дзырдта, зӕгъгӕ — не 'мбӕлы, тӕригъӕдыл нымад у. Хъӕуы фос се 'ппӕт дӕр дарынц. Ӕз сӕ уӕй кӕнын, уыимӕ сын сӕ нымӕц тынг фӕкъаддӕр кодтон, аиппытӕ иууылдӕр аиуварс кодтон. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ сӕ куыд скуынӕг кӕнон. Ныртӕккӕ мӕм дзӕргъытӕ уӕвгӕ дӕр нӕй», — зӕгъы Алан.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM