СапÆ
1.08K subscribers
822 photos
185 videos
911 links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
«Сапæ» кæддæриддæр ис рухс фарсыл!

🔻Ацы къуыри нӕ хъайтар у хореограф Газайты Заремӕ. Канд фӕсивӕды нӕ ахуыр кӕны кафын, фӕлӕ ма хистӕр кары сылгоймӕгты дӕр.

Заремӕйы бинонтӕ иууылдӕр уыдысты музыканттӕ. Йӕ мад ӕмӕ хистӕр хо фӕндырдзӕгъдджытӕ сты.

💬 «Мӕнмӕ та кафын цыд. Хореографи мӕ тынг ӕлвӕста. Райдиан кълӕсты куы уыдтӕн, уӕд мӕхи кафджыты къордмӕ ныффыстон. Мӕ мадӕн та йӕ фыццаг репетицийы фæстæ радзырдтон», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Заремӕ.

Алы змӕлд дӕр Заремӕйӕн ӕнцон уадис. Уымӕ гӕсгӕ-иу дзы разамонджытӕ арӕх ӕппӕлыдысты.

💬 «Уӕд дӕр ӕй бӕлвырд ӕмбӕрстон хореограф кӕй суыдзынӕн, уый. Асӕй ныллӕг дӕн ӕмӕ мӕ профессионалон ансамбльтӕм нӕ райстаиккой. Педагогон куыст та мын уӕд дӕр дзӕбӕх уад: ме 'мбӕлттӕн иу кӕфтытӕ сӕвӕрдтон», — радзырдта Заремӕ.

Ӕнӕ аивадӕй йӕ бон нӕу. Суанг ма бинонтӕ иумӕ куы амбырд вӕййынц, уӕд сӕм ӕнӕмӕнг рауайы гыццыл концерт.

💬 «Аивад у мӕ цард. Йӕ ирддӕр хай та — хонгӕ кафт. Раст мыл цыма базыртӕ базайы, афтӕ вӕййын. Куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ куы кафай, уӕд диссаджы рӕсугъд у, дунейы йын ӕмбал нӕй», — зæгъы Заремæ.

Рубрикæ «Къуырийы хъайтар»-ы уæ зонгæ кæнæм нæ редакци æмæ бафысджытæ хуыздæрыл кæй банымадтой, уыцы адæймагимæ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Сывӕллӕттӕн карз нозт ауӕй кӕныны тыххӕй Цӕгат Ирыстоны фӕивар кодтой аст амалхъом адӕймаджы

🔻16 азы кӕуыл нӕма сӕххӕст, уыцы сывӕллӕттӕн карз нозт чи уӕй кӕны, уыдоны рейдты рӕстӕг бӕрӕг кодта регионалон Роспотребнадзор. Ӕртӕ мӕйы куысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, аст амалхъом адӕймагыл ныффыстой исктӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта ведомствойы разамонӕджы хӕдивӕг Медойты Тимур. Тӕрхондӕттӕ аххосджынты ӕмткӕй 180 мин сомы фӕивар кодтой.

💬 «Кӕстӕр ӕмӕ астӕуккаг кары сывӕллӕттӕн карз нозт уӕй кӕнынц, уый ма дыккаг хатт куыд рабӕрӕг уа, уӕд амалхъом адӕймаг баййафдзӕн уголовон ӕфхӕрд. Фӕивар ӕй кӕндзысты 80 мин сомы, кӕнӕ та йӕ бафидын хъӕудзӕн йӕ 3-6 мӕйы мызды бӕрц», — бафиппайдта Медойты Тимур.

➡️ Уымӕй уӕлдай ма фӕткхалӕджы бахъӕудзӕн афӕдзы онг растгӕнӕн куыстытӕ кӕнын, цы куыст кӕны, уый кӕнӕн ын 3 азы онг нӕ уыдзӕн, йе та йын уыцы бар бынтондӕр нал уыдзӕн, ӕмбарын кӕнынц ведомствойы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзауы ӕрымысыдысты 33 азы размӕ зӕххӕнкъуысты рӕстӕг скъола-интернаты чи фӕмард, уыцы сывӕллӕтты

🔻Уыцы ӕвирхъау фыдбылыз куы 'рцыд, уӕд Кокойты Марат, Джиоты Вадим ӕмӕ Цхуырбаты Янисыл цыд ӕрмӕстдӕр ӕстгай азтӕ, ахуыр кодтой 2-ӕм къласы. 1991-ӕм азы 29-ӕм апрель бирӕтӕ бахъуыды кодтой. Зӕххӕнкъуысты тых 9 баллмӕ хӕццӕ кодта. Зӕххимӕ сӕмхуызон сты Дзау, Мсхлеб. Хахет та зӕххы лӕбырды бын фӕци. Марат, Вадим ӕмӕ Янис фӕмарды сты, се 'мбал Дзабиты Юрий аирвӕзт.

Уыцы бон ӕрдзон фыдбылыз аскъуыдта 46 адӕймаджы царды, уыдонӕй 18 — сывӕллӕттӕ. Дзауы цӕрджытӕй къаддӕр. Уыцы фыдрайсом поселочы астӕу уыд Звиад Гамсахурдиайы ныхмӕ митинг ӕмӕ адӕм уым уыдысты.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цхинвалы цӕрӕг фӕнд кодта наркотиктӕ горӕтмӕ рухсгӕнӕны баласын

🔻Рог хӕдтулгӕ Toyota-йы 60-аздзыд шофырты баурӕдтой Дзауӕй Цхинвалмӕ фӕндагыл. Милицӕ йӕ зыдта, хуымӕтӕджы машинӕ кӕй нӕу, уый. Гуырысхо кодтой наркотиктӕ дзы кӕй ласынц, уымӕй. Ӕмӕ раст уыдысты. Цхинвалы цӕрӕгмӕ ссардтой 500 капсулӕимӕ пакет. Ӕмбӕхсгӕ та сӕ бакодта машинӕйы фӕстаг бадӕн бынаты, стъолыл ӕвӕргӕ рухсгӕнӕны.

Экспертизӕ рабӕрӕг кодта, капсулӕты уыдис «габарентин» ӕмӕ «баклофен». Ныртӕккӕ хъуыддаг иртасынц барадхъахъхъӕнджытӕ. Шофыр баййафдзӕн ӕфхӕрд.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
9-ӕм маймӕ фиддонтӕн Цӕгат Ирыстоны бюджетӕй радих кодтой 5 милуан сомы

🔻Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ветерантӕй ӕмӕ инвалидтӕй алчидӕр райсдзӕн фӕйнӕ 25 мин сомы. Цӕгат Ирыстоны сты 21 адӕймаджы.

9-ӕм маймӕ ма фиддонтӕ райсдзысты Ленинграды блокадӕйы, Корейы хӕсты ӕмӕ Венгрийы цауты архайджытӕ. Алкӕмӕндӕр сӕ ратдзысты фӕйнӕ 15 мин сомы. Ветеранты идӕдз устытӕн та фӕндзгай мин сомы.

💬 «Цы кады аккаг сты, уый бафидын нӕ бон никуы бауыдзӕн. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр барӕвдауӕм: алы аз дӕр сын бацӕттӕ кӕнӕм лӕвӕрттӕ. Стыр бӕрӕгбоны агъоммӕ социалон кусджытӕ се 'ппӕты дӕр бабӕрӕг кӕндзысты ӕмӕ сын ратдзысты иу хатты фиддонтӕ ӕмӕ республикӕйы сӕргълӕууӕджы арфӕтимӕ гӕххӕттытӕ», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн фӕллойы ӕмӕ социалон рӕзты министр Айдарты Алинӕ.

➡️ Ӕдӕппӕтӕй 9-ӕм маймӕ фиддонтӕ райсдзысты 680 адӕймаджы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Алцыдӕр баиу ӕмӕ рауад»: Цӕгат Кавказы ерысты трофи-спринтӕй Хуссар Ирыстоны экипажӕн ӕмбал нӕ уыд

🔻Дугътӕ цыдысты цӕгатирыстойнаг хъӕу Санибайы. Ерысгӕнджытӕ сӕ тыхтӕ фӕлвӕрдтой сабат ӕмӕ хуыцаубоны.

💬 «Дыууӕ къордыл сӕ уымӕн адих кодтой, ӕмӕ иу бон се 'ппӕты бавзарыны фадат нӕ уыд. Иу бон ӕппӕт категоритӕм ӕркӕсӕн ницы хуызы уыдис», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Лӕуойты Сева.

Нӕлгоймаг ерыс кодта йӕхӕдӕг кӕй сӕмбырд кодта, уыцы ног машинӕйыл. Афтӕмӕй категори «Открытая Нива»-йы бацахстой 2-аг бынат, категори «Туризм»-ы та 1-аг бынат. Фӕлӕ ууыл ерыстӕ нӕ фесты. Турниры 2-аг къӕпхӕн уыдзӕн Хъӕрӕсе-Черкессийы. Уый фӕстӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Стъараполы, Кӕсӕг-Балхъары, Дагестаны ӕмӕ Цӕцӕны фӕндӕгтӕ. Ӕдӕппӕтӕй турнир ӕхсӕз хайӕ арӕзт у.

💬 «Уӕлдӕр бынӕттӕ куы нӕ бацахстаиккам, уӕддӕр ерысты архайын нӕ бон уыд. Цы баллтӕ райстам, уыдон тынг хорз сты. Афӕдзы иумӕйаг хатдзӕгтыл сӕ бафтаудзысты. Ног машинӕ, ног штурман — иу бынаты ӕмӕ иу рӕстӕг баиу стӕм. Нӕ иумӕйаг архайдӕй тынг разы дӕн», — зӕгъы Лӕуойты лӕппу.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уӕрӕсейы фыццаг кинотеатр кӕм байгом?
Anonymous Quiz
36%
Мæскуыйы
14%
Новгороды
45%
Дзæуджыхъæуы
4%
Псковы
🔻Къоста ӕмӕ Шанаты Ибрагим базонгӕ сты Бетъырбухы Кавказы студентты ӕхсӕнады. Афтӕ балымӕн сты ӕмӕ-иу Къоста Дзӕуджыхъӕумӕ куы ссыдис, уӕд цардис Ибрагимы хӕдзары. Уый нӕ фӕлӕ-иу иумӕ сарӕзтой изӕртӕ. Ӕрбацыдысты-иу ӕм уӕды рӕстӕджы интеллигенцийы минӕвӕрттӕ.

Шанаты хӕдзары Къоста кодта нывтӕ дӕр. Иу дзы адӕм хорз зонынц — Дурсӕтджытӕ. Сныв дзы кодта Ибрагимы лӕппуты: дзӕбугимӕ чи бады, уый у хистӕр — Рустем, нымӕт худы чи лӕууы, уый та кӕстӕр — Биби.

📄 Тугъанты Махарбеджы мысинӕгтӕм гӕсгӕ-иу, Биби уарзта афтид хӕдоны райсомӕй раджы Къостамӕ алидзын. Уый иу-ӕй алыхуызон адджинӕгтӕй сбуц кодта, гыццыл афӕстиат уа, зӕгъгӕ, цӕмӕй йӕ хуыздӕр сныв кӕна, уый тыххӕй. Фӕлӕ-иу адджинӕгтӕ ахӕргӕйӕ, Биби йӕхи уатмӕ алыгъд. Къостайы та-иу ӕй бахъуыд ногӕй йӕхимӕ басайын…

Биби Къостайӕн ахӕм уарзон сывӕллон уыд ӕмӕ йын ныффыста ӕмдзӕвгӕ «Уасӕг».

Къоста тынг лымӕн уыд Ибрагимы чызгимӕ дӕр. Суанг ма йын йӕ сусӕг хъуыдытӕ дӕр ӕргом кодта. Иуӕй-иу мысинӕгтӕм гӕсгӕ, Къоста йӕ поэмӕ «Фатимӕ» схуыдта йе 'мбалы чызджы кадӕн. Сӕйраг хъайтартӕй иуы та Ибрагим схуыдта, йӕ хорз ӕмбалы номӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цхинвалы ахуыргӕнӕндӕттӕн се 'ртыккаг хайы рабӕрӕг кодтой санитарон аиппытӕ

🔻Афӕдзы райдианӕй Хуссар Ирыстоны фӕлхасгӕнджыты бартӕ ӕмӕ адӕймаджы хӕрзиуджытӕ хъахъхъӕныны къабазы хъусдарды фӕдыл комитет 20 ахуыргӕнӕндоны сарӕзта 108 лабораторон иртӕсты. Сӕ нысан уыд СанПиН-ы домӕнтӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уый сбӕрӕг кӕнын. Ведомствойы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, аиппытӕ сты 29%. Скъолайы агъоммӕ 12 уагдоны систой 356 анализы, сӕ 8% нормӕтӕн дзуапп нӕ дӕттынц.

Кастысты температурӕмӕ, уымӕладмӕ, рухсмӕ, доны хӕрзхъӕддзинадмӕ, цӕттӕ хӕринӕгтӕн сӕ бактериологон бӕрӕггӕнӕнтӕм, иртӕстой уӕлдӕфы сыгъдӕгдзинад ӕмӕ афтæ дарддæр.

Комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Маринӕ «Сапæ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй 2024 азы цы ивартӕ рафыстой, уыдон фылдӕр уыдысты скъолатӕ ӕмӕ скъолайы агъоммӕ уагдӕттыл. Арӕхдӕр сывӕллӕттӕн хӕринаг кӕныны домӕнтӕ ӕмбӕлгӕ уагыл кӕй нӕ вӕййынц, уый тыххӕй. Уӕлдай фылдӕр хъӕндзинӕдтӕ рабӕрӕг кӕнынц ӕнӕрадон рейдты рӕстӕг.

💬 «Алцыдӕр хӕрзӕхсад нӕ вӕййы, кусджытӕ медицинон ӕркаст нӕ фӕцӕуынц, объекттӕ санитарон-гигиенон домӕнтӕн дзуапп нӕ дӕттынц, скъолаты ахуырдзауты нымӕц нормӕйӕ фылдӕр, хойрӕгтӕ ӕнӕ ӕмбӕлгӕ гӕххӕттытӕй», — зӕгъы Коцты Маринӕ.

Ӕппӕт закъонхӕлдтытӕ арӕхдӕр вӕййынц адӕймаджы аххосӕй — бӕлвырддӕр зӕгъӕйӕ, организацийы кусджыты. Фӕлӕ дзы ис сӕхицӕй аразгӕ чи нӕу, ахӕмтӕ дӕр.

💬 «Республикӕйы ахуыргӕнӕндӕттӕй бирӕтӕ ӕмбӕлгӕ бӕстыхӕйтты не сты. Ахӕм дӕнцӕгтӕ бирӕ ис. Ай-гъай дӕр дзы аиппытӕ рабӕрӕг уыдзӕн. Цавӕр нормативон гӕххӕттытӕм гӕсгӕ хъуамӕ кусӕм, кӕд ӕмӕ скъола дыууӕ вагоны ӕрбынат кодта? Кӕнӕ хи хӕдзары?» — радзырдта «Сапӕ»-йӕн комитеты разамонӕг.

➡️ Коцты Маринӕ йе 'ргом аздӕхта сывӕллӕтты ӕнӕниздзинады фарстатӕм. Бӕлвырддӕр зӕгъӕйӕ та, скъолатӕ ӕмбӕлгӕ бӕстыхӕйтты кӕй нӕ ахуыр кӕнынц, уый алыхуызон низтӕм кӕй расайы, уымӕ. Зӕгъӕм, скъоладзауты фылдӕр хаймӕ рабӕрӕг сколиоз, плоскостопи, раст кӕй нӕ бадынц, уый аххосӕй фӕгуыбыргонд вӕййынц. Уӕлдай фылдӕр сывӕллӕттӕн сӕ хӕринагтайӕн систӕмӕ хъыгдард у, фылдӕр кӕны ӕвзӕрдӕр уынын чи райдыдта, уыдоны нымӕц.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Тыхы структурӕтӕ Хуссар Ирыстонӕй иунӕг мигранты дӕр нӕ арвыстой

🔻Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн фехъусын кодтой республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрадӕй. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Таджикистан ӕмӕ Узбекистанӕй чи 'рцыд, уыдонмӕ ӕмбӕлгӕ бардӕттӕг гӕххӕттытӕ уыдысты.

💬 «Мӕскуыйы фыдбӕллӕхы фӕстӕ барадхъахъхъӕнджытӕ мигранттимӕ биноныгдӕрӕй кусын райдыдтой: бӕрӕг кӕнынц сӕ гӕххӕттытӕ ӕмӕ нӕ бӕстӕйы цас рӕстӕг хъуамӕ уой, уый. Уымӕй уӕлдай, бӕрӕггонд цӕуынц Хуссар Ирыстонмӕ хуынды гӕххӕттытӕм гӕсгӕ чи ссыд, уыдон», — зӕгъынц министрады.

➡️ Ныртӕккӕ Уӕрӕсеймӕ чи ссыд, уыдонӕн се 'рдӕг арӕнхъахъхъӕнджытӕ бӕлвырд аххоссӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бӕстӕмӕ нӕ уадзынц. «Азия-Плюс»-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 26-ӕм апрелӕй 30-ӕм апрелмӕ аэропорт Внуково-мӕ цы 3 101 адӕймаджы ӕрбатахтис, уыдонӕй фӕстӕмӕ арвыстой 643 адӕймаджы. 2023 азы та Уӕрӕсейӕ арвыстой 110 мин ӕнӕзакъон мигранты.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы караокемӕ рады тыххӕй нӕлгоймаджы кардӕй барӕхойынмӕ чи хъавыд, уый ӕрлӕудзӕн тӕрхондоны раз

🔻53-аздзыд нӕлгоймаджы азымджын кӕнынц лӕг амарынмӕ кӕй хъавыд, уымӕй. Слестгӕнджытӕ сбӕрӕг кодтой: ацы азы 19-ӕм январы Дзӕуджыхъӕуы бартӕй иуы А. Иосиф систа кард ӕмӕ дзы цалдӕр хатты Ц. Леуаны ныццавта.

Уый фенгӕйӕ, бирӕтӕ лӕгмары баурӕдтой ӕмӕ цӕф нӕлгоймаг аирвӕзт. Леуаны аластой рынчындонмӕ, хылмондаг нӕлгоймаджы та адвокат бахъуыд. Азымджын ӕй кӕнынц адӕймаг амарын кӕй фӕнд кодта, уымӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Кавказы 20 туристон агентады разамонджытӕ ссыдысты Хуссар Ирыстонмӕ

🔻Бынӕттон гид-экскурсовод Бететы Юрийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонмӕ экскурситӕ цымыдисаг кӕсынц Цӕгат Ирыстоны, Мӕхъӕлы ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары агентадтӕм.

💬 «Нӕ хъуыстгонд рӕсугъд бынӕттимӕ сӕ базонгӕ кодтам, туристты ласӕн кӕдӕм ис, уый сбӕлвырд кодтам. Ныртӕккӕ уал ныхас кӕнӕм иу боны балцтыл. Фӕлӕ уый нырма райдиан у. Адӕм алыхуызон сты ӕмӕ, чи зоны, кӕйдӕр бафӕнддзӕн ам цалдӕр боны фӕуын», — загъта «Сапӕ»-йӕн Бететы Юрий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы ӕрдзы рӕсугъддзинадӕй сӕ уазджытӕ стыр дисы бацыдысты. Алчидӕр ӕмбары фидӕны ӕмгуыстады пайда дӕр. Туристон оператортӕ цӕттӕ кӕнынц сӕрмагонд программӕ, кусынц маршруттыл. Ӕххуыс сын кӕндзысты ӕрӕджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты гид-экскурсоводы сертификат чи райста, уыцы специалисттӕ.

💬 «Ныртӕккӕ ӕз ӕмӕ Карсанты Гурам нӕхимӕ ахуырмӕ райстам цалдӕр адӕймаджы. Куысты сӕ фӕлварӕм. Фӕлӕ сӕм цӕмӕй фӕлтӕрддзинад фӕзына, уый тыххӕй ӕппынкъаддӕр 2 азы хъуамӕ бакусой. Уӕд рабӕрӕг вӕййы дӕсныйады йӕхи ссардта адӕймаг ӕви нӕ, уый», — радзырдта нын Бететы Юрий.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Нарт мыдӕй цавӕр нозт кодтой?
Anonymous Quiz
5%
Мисын
20%
Къуымæл
72%
Ронг
4%
Лæмарæн
«Ӕз кусынмӕ цӕуын»: историйы ахуыргӕнӕг йӕхӕдӕг ӕмбырд кӕны къухфыстытӕ Хуссар Ирыстоны парламенты депутат суӕвынӕн

🔻Къуылыхты Мӕдинӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, депутат суӕвын кӕй фӕнды ӕмӕ пайдайӕн кусын, уый хъуамӕ зила цӕрджытыл ӕмӕ семӕ зонгӕ кӕна. Цӕмӕй дӕ хуызмӕ уӕддӕр зоной. Ӕмӕ цалынмӕ иннӕ кандидаттӕ сӕхицӕн къухфыстытӕ сӕмбырд кӕнынӕн партийы минӕвӕртты ӕмӕ студентты ӕххуыс агурынц, уӕдмӕ Мӕдинӕ йӕ зылдыл йӕхӕдӕг зилы.

💬 «Мӕхи бацамонын, скъолайы ахуыргӕнӕгӕй 32 азы кӕй бакуыстон, уый фӕзӕгъын. Стӕй дарддӕр фӕныхас кӕнӕм. Мӕнмӕ гӕсгӕ, адӕймагимӕ комкоммӕ ӕмбӕлын ӕмӕ ныхас кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Бастдзинадыл хорз ахады», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн депутаттӕм кандидат.

Районы цӕрджытӕ арӕхдӕр бафӕрсынц, кӕуыл хъӕлӕс кӕнӕм, зӕгъгӕ. Уый тыххӕй сӕм йӕхӕдӕг цӕуы, семӕ зонгӕ кӕны ӕмӕ йӕ депутат суӕвын цӕмӕн фӕнды, уый бамбарын кӕны.

Фылдӕр хатт кандидатимӕ фембӕл адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцӕуы. Йӕ къух сӕвӕрын кӕй нӕ фӕфӕнды, ахӕмтӕ дӕр разынынц. Мӕдинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕмы ӕууӕнк асаст, фыдӕнхъӕл фӕвӕййынц. Уыимӕ ма, горӕты зӕронд районты цӕрджытӕ бирӕ не сты ӕмӕ сӕм фаг цӕстдард нӕй. Фӕлӕ адӕмы фылдӕр хай уӕддӕр ӕмбаргӕ сты.

Мӕдинӕ у парти «Ирон»-ы разӕнгард архайджытӕй иу. Фӕлӕ йӕ ныр фӕнды хӕдбар кандидат уӕвын.

💬 «Партийы бӕрны уон, уый мӕ нӕ фӕнды. Кӕд парламентмӕ бацӕуон, уӕд мӕ хӕдбар уӕвын фӕнды», — бамбарын кодта Мӕдинӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — лӕгмар.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Абон Дзӕуджыхъӕуы Ирыстойнаг, Цӕгат-Ныгуылӕн, Фӕстерчы районты иуӕй-иу хӕдзӕртты электрон тых нӕ уыдзӕн. Бӕлвырд фӕтк базонӕн ис ам.

🔸 Alania Business се 'ппӕты дӕр хоны компани «Руян» ӕмӕ бренд «Экспедиция» саразӕг Александр Кравцовимӕ фембӕлдмӕ. Радзурдзӕн йӕ компанийы тыххӕй ӕмӕ сӕ фидӕны проекттыл. Фембӕлды бацархайӕн ис лӕвар, фӕлӕ бынӕттӕ нымад сты. Регистраци скӕнӕн ис ам.

🔸 Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрад фехъусын кодта йӕ бӕрны цы уагдӕттӕ ис, уыдон бӕрӕгбӕтты куыд кусдзысты, уыцы фӕтк. Базонӕн ӕй ис ам.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Путин бафыста указ Уӕллаг Санибайы цӕрӕг Тогойты Валентинӕйӕн «Мать-героиня»-йы кадджын ном радтыны тыххӕй

🔻Тогойты Валентинӕйыл апрелы сӕххӕст 70 азы. Схъомыл кодта 10 сывӕллоны — ӕхсӕз лӕппуйы ӕмӕ цыппар чызджы. Кадджын ном ын кӕй саккаг кодтой, уый тыххӕй базыдта «Сапӕ»-йы уацхӕссӕгӕй.

💬 «Тынг ӕхсызгон мын у. Мӕ сывӕллӕтты мын чи ӕрхъуыды кодта, уыдонӕн стыр бузныг. Мӕнӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр у мӕ цот ӕмӕ мӕ цоты цот ӕнӕниз ӕмӕ амондджын куыд уой, уый», — зӕгъы сылгоймаг.

Валентинӕйы цардӕмбал Тогойты Федорыл 71 азы цӕуы. Иумӕ фӕцардысты 45 азы. Валентинӕйы цоты хистӕрыл 42 азы цӕуы, кӕстӕрыл — 27. Сылгоймаг ныййарӕджы амондӕй хайджын фӕци. Ныртӕккӕ та цин кӕны йӕ кӕстӕрты кӕстӕртыл — 15 ын сты: сӕ хистӕр 6-ӕм къласы ахуыр кӕны, ӕппӕты кӕстӕр та 1-ӕм.

💬 «Афтӕ нӕ зӕгъдзынӕн ӕмӕ сывӕллӕтты сӕ къӕхтыл слӕууын кӕнын зын уыдис. Хъӕуы цӕрӕм ӕмӕ ӕхсыр, дыргътӕ, халсартӕ — алцыдӕр нӕхи. Ӕнӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтӕй нӕ вӕййы, фӕлӕ сыл алы ныййарӕг дӕр ӕмбӕлы. Мӕ зӕрдӕ райы мӕ сылӕллӕттӕ иууылдӕр ахуырад кӕй райстой, уымӕй: дохтыртӕ, ахуыргӕнджытӕ, юристтӕ», — зӕгъы Валентинӕ.

➡️ Ныртӕккӕ Тогойты дыууӕ фырты сты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы. Фарон сылгоймагӕн саккаг кодтой «Афицеры мад»-ы ном. Уый размӕ та уыд Цӕгат Ирыстоны «Бирӕсывӕллонджын мад».

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фӕстаг дыууӕ азмӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ систы 41 фӕсарӕйнаг гражданины

🔻Республикӕмӕ кусынмӕ чи ссыд, уыдоны бон у Хуссар Ирыстоны паспорт райсын? Уыцы фарст «Сапӕ» радта граждандзинады къамисы сӕрдар Коцты Егорӕн.

Куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй закъонмӕ гӕсгӕ, республикӕйы 5 азӕй фылдӕр чи цӕры, уыдонӕй алкӕй бон дӕр у Хуссар Ирыстоны президенты цур къамисмӕ курдиат бадӕттын. Фӕлӕ ӕрыгон паддзахады цӕрӕг суӕвын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ куыстыл хӕст уа, йе 'фтиӕгтӕ закъонмӕ гӕсгӕ уой, зоной паддзахадон ӕвзӕгтӕй иу, ӕндӕр бӕстӕйы гражданин ма уой.

Къамисы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕстаг дыууӕ азмӕ ӕрмӕст 41 адӕймаджы систы Хуссар Ирыстоны гражданинтӕ. Сӕ фылдӕр — Гурдзыстоны цӕрӕг ирӕттӕ, Азербайджаны ӕмӕ Сомихы минӕвӕрттӕ. Хуссар Ирыстоны гражданины ном радтой республикӕйы чи райгуырд, кӕнӕ йӕ фыдӕлтӕ ам кӕмӕн цардысты, уыдонӕн.

Уыцы-иу рӕстӕг Астӕуккаг Азийӕ иу дӕр Хуссар Ирыстоны гражданин не сси. Чи зоны, сӕ бӕстӕйы граждандзинад айсын сӕ бон нӕу республикӕмӕ Уӕресейы арӕнты сӕрты национ паспорттимӕ кӕй ахизынц, уымӕ гӕсгӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фыранк, абон дӕ бон у!

🔻Лео, Батраз, Хоста, Лаурӕ, Волна, Агуындӕ ӕмӕ ӕндӕр нӕмттӕ Ирыстоны цӕрджытӕ бауарзтой. Сӕ хицӕутты та уӕлдайдӕр. Иуӕй — Цӕгат Ирыстоны символ, иннӕмӕй — рӕсугъд цӕрӕгой. Сӕйрагдӕр та фӕстӕмӕ сӕ зӕххытӕм кӕй ӕрыздӕхтысты, уый.

О, фыранкты кой кӕнӕм. Кавказы сӕ 50-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ ничиуал федта. Кӕм сӕ адæм ныццагътой, кӕм та сын хойраг нал фаг кодта ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм ацыдысты.

📍2018 азы уавӕр ивын райдыдта. Цӕгат Ирыстоны ӕххӕст кӕнын райдыдтой фыранктӕ фӕфылдӕр кӕныны паддзахадон программӕ. Уыцы аз Ирыстоны ӕрдзмӕ рауагътой фыццаг цӕрӕгойты дӕр. Ныртӕккӕ сты 8. Специалисттӕ сӕм сӕ цӕст дарынц.

Фыццæгты сырдтæ цуан кодтой лыстæг сырдтыл. Иу цасдæры фæстæ сын сæгуыт æрцахсын дæр бантыст. Иуæй-иу хатт схизынц сычъитæ кæм хизынц, уырдæм. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ леопардтæ адæм кæм цæрынц, уыцы бынæттæй сæхи дард ласынц. Хӕхты та сӕхи хорз ӕнкъарынц.

📄 Зӕххы къорийыл цы стыр гӕдыйы мыггӕгтӕ ис, уыдонӕй фыранк ис цыппӕрӕм бынаты. Уымӕй стырдӕр сты ӕрмӕстдӕр домбай, тигр ӕмӕ ягуар. Фӕлӕ йӕ къӕдзил иннӕтӕй даргъдӕр у. Уый руаджы йӕ бон у 6-7 метры гӕпп кӕнын. Цуанон сырдӕн та уый хорз у.

➡️ Фыранк Ирыстоны цӕрджытӕн ӕмӕ уазджытӕн уарзон сырд у. Кӕд сӕ ӕрдзы фенын алкӕй бон нӕу, стӕй тӕссаг дӕр у, уӕд Дзӕуджыхъӕуы астӕу цы згъӕр фыранктӕ ис, уыдоны фарсмӕ алчидӕр зӕрдиагӕй сисы къам.

Иу ныхасӕй — фыранк, уарзӕм дӕ!

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM