СапÆ
1.17K subscribers
1.24K photos
285 videos
1.31K links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
Хуссар Ирысоны цӕрджытӕ шенгенаг визӕ райсынӕн ӕмбӕлынц зындзинӕдтимӕ

🔻Республикӕйӕ рацӕугӕ сылгоймагӕн ис уӕрӕсейаг паспорт, райста йӕ Мӕскуыйы. Цалдӕр боны размӕ та визӕ райсыны курдиатимӕ ӕрбацыд Италийы минӕварадмӕ. «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕ гӕххӕттытӕ Хуссар Ирыстоны кӕй нӕ райста, уый минӕвӕрады кусджытӕн боны 'рдӕг ӕмбарын кодта.

💬 «Минӕварады кусӕг Хуссар Ирыстоны кӕй райгуырдтӕн, уый йеддӕмӕ ницыуал уыдта. Паспорт Уӕрӕсейы минӕварады кӕй райстон, уый йын, бӕргӕ, ӕмбарын кодтон, фӕлӕ мӕ цыма нӕ хъуыста, уыйау. Ӕз ма Цхинвалмӕ дӕр бадзырдтон, цӕмӕй мын дӕнцӕджы хуызы гӕххӕттыты къам систой ӕмӕ сӕ ӕрбарвитой. Уым сӕ чи райсы, уыдонӕн дзы фыст вӕййы Уӕрӕсейы минӕвӕрады Хуссар Ирыстоны лӕвӕрд кӕй у, уый», — радзырдта сылгоймаг.

2023 азы авгуысты Европейаг Цӕдис рахаста уынаффӕ Хуссар Ирыстоны. Абхазы ӕмӕ Украинӕйы иуӕй-иу регионты цӕрджыты гӕххӕттытӕ Уӕрӕсейы кӕмӕн рафыстой, уыдонӕн шенгенаг визӕ рафыссыны хъуыддаг фӕцыбыр кӕнын. Сылгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныры онг ацы фарстамӕ уый бӕрц хъусдард нӕ уыд.

💬 «Ахӕм паспорттимӕ Европӕйаг бӕстӕтӕм адӕмы 0,01% ацӕуынц. Фӕлӕ кӕм райгуырдтӕн ӕмӕ фӕсарӕнтӕм цӕуынӕн паспорт Мӕскуыйы кӕй райстон, ууыл минӕварады кусӕджытӕ, цӕмӕдӕр гӕсгӕ, гуырысхо кӕнынц. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй зын сӕххӕстгӕнӕн хъуыддаг у. Европӕйаг бӕстӕтӕм мӕ бон ацӕуын уыдзӕн ӕви нӕ, уый мӕ паспорт Мӕскуыйы кӕй райстон, ууыл ӕууӕнкдзинадӕй аразгӕ у», — зӕгъы сылгоймаг.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Равдыст «Уӕрӕсе»-йы республикӕйы стендмӕ ӕрбацӕуджытӕ Леонид Якубовичы хъазты рамбылдтой Цӕгат Ирыстонмӕ балц

🔻Мӕскуыйы адӕмон хӕдзарады ӕнтыстдзинӕдты равдысты райдыдта туризмы мӕй. Абон дзы Цӕгат Ирыстоны стенды байгом республикӕйы туризмы рӕзт ӕвдисӕг экспозици. Бацӕттӕ йӕ кодта туристон оператор Eyes tour. Сӕ мадзӕлттӕ ахӕсдзысты 3 боны.

Фыццаг бон ӕрбацӕуджытӕ бацархайдтой Ирыстонимӕ баст викторинӕйы. Амыдта йӕ «Поле чудес»-ы ӕнӕивгӕ амонӕг Леонид Якубович. Чи ӕрбацыд, уыдонӕй равзӕрстой 3 адӕймаджы. Дзуапп радтын сӕ хъуыд 40 фарстӕн, баст уыдысты Ирыстоны истори, традицитӕ ӕмӕ ӕрвылбоны цардимӕ. Викторинӕйы архайджытӕ нӕ республикӕйы никуы уыдысты, фӕлӕ сӕ бон сси раст дзуӕппытӕ радтын. Ӕппӕты хуыздӕр йӕхи равдыста Кубанӕй рацӕугӕ, фӕлӕ Мӕскуыйы цӕрӕг Станислав. Рамбылдта дыууӕ адӕймагӕн 3 бонмӕ Цӕгат Ирыстонмӕ балц.

💬 «Рагӕй мӕ фӕндыд Ирыстонмӕ ацӕуын, бирӕ хорздзинӕдтӕ дзы фехъуыстон. Ныр мын ӕндӕр гӕнӕн нал ис, путевкӕ ис ӕмӕ абалц кӕндзынӕн. Республикӕимӕ хуыздӕр базонгӕ уыдзынӕн», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Станислав.

➡️ Ерысты иннӕ архайджытӕй иу дӕр ӕнӕ рӕвдыдӕй нӕ баззад, туроператор сӕ алкӕмӕндӕр скодта лӕвар. Леонид Якубовичӕн та Eyes tour ӕмӕ фысымуат Roots балӕвар кодтой Цӕгат Ирыстонмӕ къуыримӕ балц алыхуызон экскурситимӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Мӕскуыйы равдысты Ида Галич раргом кодта йӕ уарзондзинад Цӕгат Ирыстонмӕ

🔻Телеуынынады амонӕг ӕмӕ блогер равдысты уазджытӕн бацӕттӕ кодта видео. Абон адӕмон хӕдзарады ӕнтыстдзинӕдты равдысты райдыдта туризмы мӕй.

💬 «Салам. Ида Галич дӕн, телеуынынады амонӕг ӕмӕ блогер. Балцты цӕуын бирӕ уарзын, фӕлӕ мӕ уарзондӕр бынӕттӕй иу Цӕгат Ирыстон у. Уым райгуырдтӕн. Се 'ппӕты дӕр хонын ацы диссаджы бӕстӕ фенынмӕ, сымах дӕр ӕй, мӕнау, бауарздзыстут. Бауырнӕд уӕ — Ирыстонимӕ ӕмзӕрдӕ разындзыстут», — фӕсидтис ӕрбацӕуджытӕм Идӕ.

Равдысты уазджытӕн ма фадат уыд Цӕгат Ирыстонимӕ баст хъӕлдзӕг зонадон ерысты бацархайын. Хуыздӕрӕн Ида Галич скодта лӕвар — йӕ къухфыстимӕ мерч. Рамбылдта йӕ Владимир Лобанов Сыктывкарӕй.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Аргъӕутты Раст лæгмæ цавæр кæрдзынтæ уыд?
Anonymous Quiz
27%
Уæливыхтæ
22%
Æнтыдджынтæ
37%
Мыдамæстытæ
15%
Адджын гуылтæ
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — фӕстиуӕг.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Уӕрӕсейы сгуыхт артисткӕ Мыстулаты Иринӕйы райгуырды 80 азы бонмӕ Ӕрыдоны районы культурӕйы хӕдзары абон 17 сахатыл уыдзӕн мысӕн изӕр. Ӕрбацӕуӕн ис лӕвар.

🔸 Райсом уыдзӕн Ӕппӕтуӕрӕсеон зиу. Дзӕуджыхъӕуы администраци сфидар кодта горӕты кӕм ӕфснайдзысты, уыцы фӕзуӕттӕ. Бакӕсӕн ӕм ис ам. Кӕй фӕнды, уыдоны бон у ӕрбацӕуын ӕмӕ зиуы бацархайын, кӕнӕ та сӕ кӕртытӕ ӕмӕ хӕдзӕртты алыварс бафснайын.

🔸 Андиаты Сосланы номыл спортивон скъолайы райсом уыдзӕн гом турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй. Архайдзысты дзы 2012-2013 азты гуырд лӕппутӕ. Ерыстӕ райдайдзысты 10 сахатыл. Уыцы-иу рӕстӕг спортивон хъӕбысхӕсты тренировкӕтӕ кӕныны центры райдайдзӕн республикӕйы чемпионат дзюдойӕ.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уӕрӕсейаг уӕлдӕр скъола фӕуыны фӕстӕ, цхинвайлаг лицеисты фӕнды йӕ райгуырӕн горӕты ветеринарон клиникӕ байгом кӕнын

🔻Цхинвалы аивӕдты лицейы рауагъдон Къозаты Димӕ равзӕрста Хуссар Ирыстоны стӕм хатт чи ӕмбӕлы, ахӕм дӕсныйад — ветеринар. Йе 'мбӕлтты фылдӕр хай фӕнд кӕнынц Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институтмӕ бацӕуын. Лӕппу та — Тимирязевы номыл Уӕрӕсейы паддазахадон аграрон университетмӕ. Ныридӕгӕн дӕр фӕлварӕнтӕ радта ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ахуыргӕнӕндонӕй дзуаппмӕ.

Димӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй цӕрӕгойты йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уарзы. Суанг ма-иу ын йӕ дада дӕр гӕдыйы лӕппынты ӕмӕ къӕбылаты ӕрбахаста. Фидӕны дӕсныйад та уымӕн равзӕрста ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ахӕм специалисттӕ стӕм сты ӕмӕ нӕ фаг кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ, ахуыры фӕстӕ фӕнд кӕны сыздӕхын йӕ райгуырӕн горӕтмӕ ӕмӕ дзы ветеринарон клиникӕ байгом кӕнын.

Уарзон предметтӕ хими ӕмӕ биологиимӕ баст дӕсныйадтӕй, йӕ бон равзарын уыд цалдӕр. Уӕвгӕ, Уӕрӕсейы хӕдзар Хуссар Ирыстоны ӕрвылаз саразы Уӕрӕсейы уӕлдӕр скъолаты ахуыр кӕнынӕн конкурс. Димӕ дзы бацархайдта. Квотӕтӕм гӕсгӕ программӕ цалдӕр къӕпхӕнӕй конд у, радзырдта «Сапӕ»-йӕн Уӕрӕсейы хӕдзары разамонӕг Сергей Комиссаров.

💬 «Сывӕллӕтӕ сӕ гӕххӕтытӕ бадӕттынц ахуыр кӕнын сӕ кӕм фӕнды, уыцы ахуыргӕнӕндӕттӕм. Сӕ бон у ӕмӕ уой цалдӕр. Мах гӕххӕттытӕм ӕркӕсӕм ӕмӕ сӕ кӕд разыйӕ баззайӕм, уӕд сывӕллӕтты фыццаг къӕпхӕнмӕ бауадзӕм, фӕлварӕнтӕ радтынц», — зӕгъы Комиссаров.

Дыккаг къӕпхӕны сӕ гӕххӕттытӕм ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм ӕркӕсы сӕрмагонд къамис. Йӕ уӕнгтӕ сты Россотрудничествойы, Уӕрӕсейы минӕварады, республикӕйы ахуырады министрады ӕмӕ абитуриент кӕдӕм цӕуы, уыцы уӕлдӕр скъолайы минӕвар, стӕй равзӕрст дӕсныйад кӕмӕ хауы, уыцы министрады кӕнӕ ведомствойы минӕвӕрттӕ.

➡️ Фаг баллтӕ кӕмӕ нӕ разына, уыдоны бахӕссынц сӕрмагонд номхыгъдмӕ. Исчи куы нӕ бахауа, йӕ хъуыды куы аива, кӕнӕ ӕндӕр аххоссӕгтӕм гӕсгӕ ахуырмӕ куы нӕ рацӕуа, уӕд бадзурынц номхыгъды чи ис, уыдонмӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Сергей Меняйло бабӕрӕг кодта адӕмон хӕдзарады ӕнтыстдзинӕдты равдысты Цӕгат Ирыстоны стенд

🔻Республикӕйы разамонӕгӕн равдыст-форум «Россия»-йы стендыл сарӕзтой экскурси. Радзырдтой йын туристон оператор Eyes Tour ӕрбацӕуджытӕн цы программӕ бацӕттӕ кодта, уый тыххӕй. «Сапӕ» ма куыд фыста, афтӕмӕй компани Цӕгат Ирыстоны тыххӕй цы презентаци бацӕттӕ кодта, уый ахӕсдзӕн 3 боны.

Сергей Меняйлойы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕрмдӕсны Торчынты Альбинӕйы проект — скӕны республикӕйы историон объектты хӕрзгыццыл къопитӕ. Се 'хсӕн Суннитаг мӕзджыт, Ирон аргъуан, архитектор Шмидты хӕдзар ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ӕдӕппӕтӕй дӕсӕй фылдӕр сты.

Регионы разамонӕг ӕрмдӕсныйы проект схуыдта «тынг хорз истори» ӕмӕ бахаста фӕндон ахӕм хуызы Цӕгат Ирыстоны макет скӕнын.

➡️ Уымӕй уӕлдай ма Сергей Меняйло радта Аланийыл дзуӕрттӕ бафтауыны 1100 азы бонмӕ уагъд 25 ӕвзист ӕхцайы. Ратдзысты сӕ алыхуызон хъӕлдзӕг зонадон ерысты чи фӕуӕлахиз уа, уыдонӕн. Республикӕйы разамонӕг ма базонгӕ ӕрыгон нывгӕнӕгимӕ, уый та йын скодта йӕ портрет.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгатирыстойнаг туроператор йӕхи хардзӕй республикӕмӕ ӕрбаласдзӕн ӕфсӕддон операцийы архайджыты 50 сывӕллоны

🔻Ацы сӕрды Eyes Tour республикӕмӕ ӕрбаласдзӕн 50 сывӕллоны — сты Ярославлы облӕстӕй ӕфсӕддон операцийы чи архайы, уыцы ӕфсӕддонты цот. Ӕппӕт хӕрдзтӕ компани райста йӕхимӕ. Уый тыххӕй бадзырд бафыстой адӕмон хӕдзарады ӕнтыстдзинӕдты равдысты Мӕскуыйы.

💬 «Фӕнды нӕ иннӕ регионты ахӕм уавӕры чи ис, уыцы бинонты фарсмӕ ӕрбалӕууын. Сывӕллӕтты зӕрдӕтӕ барухс кӕнын ӕмӕ сӕ алӕмӕты рӕсугъд Ирыстонимӕ базонгӕ кӕнын», — радзырдта туроператор Eyes Tour-ы разамонӕг Джыкайты Алинӕ.

Равдысты Ярославлы облӕсты минӕвар уыд туризмы министр Гӕбуты Ольгӕ. Райгуырд Цӕгат Ирыстоны. Ахӕм социалон проекты хъӕппӕрис сӕм кӕй разынд, уый тыххӕй министр туристон фирмӕйӕ тынг фӕбузныг. Зӕрдӕ дары дарддӕры ӕмгуыстадыл.

💬 «Ахӕм фӕндоны тыххӕй Цӕгат Ирыстонӕн зӕгъын стыр бузныг. Куыд мӕм кӕсы, афтӕмӕй ӕфсӕддон операцийы архайджыты сывӕллӕттӕн ахсджиаг у не стыр бӕстӕимӕ зонгӕ кӕнын. Сывӕллӕтты бон кӕй у иннӕ регионтӕ ӕмӕ облӕсттӕ фенын, уый тынг хорз у», — бафиппайдта Гӕбуты Ольгӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: уазалы бӕгънӕг, хъармы тыхт. Цы у?
Anonymous Quiz
71%
Бæлас
16%
Къабускъа
9%
Дидинæг
4%
Мыды чыргъæд
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — срӕмыгъд.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 9-ӕм майы Дигорайы сӕйраг фӕзы равӕрдзысты районӕй Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ чи ацыд, уыдоны къамтӕ. Хӕсты архайджыты къамтӕ 5-ӕм маймӕ ӕрбахӕссын хъӕуы Дыгуры районы администрацийы ӕхсӕнадимӕ бастдзинады хайадмӕ. Къам хъуамӕ уа хорз ист, бӕлвырд фыст уой хӕстоны ном, фыды ном, мыггаг ӕмӕ йе 'фсӕддон цин.

🔸 Горӕтгӕрон районы райдыдта скъоладзауты 'хсӕн аив кӕсынӕй конкурс «Мадӕлон ӕвзаг». У ӕрвылазон, арӕзт вӕййы ирон ӕвзаг ӕмӕ литераторӕйы бонмӕ. Архайын дзы кӕй фӕнды, уыдоны 15-ӕм маймӕ хъӕуы литературон уацмыс кӕм кӕсынц, ахӕм видео ӕрбарвитын. Ӕркӕсдзысты йӕм жюрийы уӕнгтӕ. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Журнал «Дарьял» ӕмӕ интернетдӕттӕг организаци «М2 Коннект» гом кӕнынц фантастикон уацмысты конкурсы дыккаг сезон «Система знаков». Ныр дзы бацархайыны бар ис канд фысджытӕн нӕ, фӕлӕ нывгӕнджытӕн дӕр. Куыстытӕ бадӕттӕн ис 31-ӕм июльмӕ. Темӕтӕ, номинацитӕ ӕмӕ ӕндӕр информаци базонӕн ис ам.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕртӕ мӕймӕ Хуссар Ирыстоны фехӕлдтой 1,1 мин рӕмудзӕн ӕрмӕгӕй фылдӕр

🔻Сармадзанты нӕмгуытӕ канд 2008 азӕй фӕстӕмӕ нӕ баззадысты, се 'хсӕн разынынц зӕрӕдтӕ дӕр, фехъусын кодта «Сапӕ»-йӕн Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады саперты хайады хицау Харебаты Гарри.

💬 «Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрадмӕ куы ӕрбадзурынц сармадзаны нӕмыг ссардтой, зӕгъгӕ, уӕд бынатмӕ рацӕуӕм. Немӕ вӕййынц Мидхъуыддӕгты министрады ӕмӕ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты минӕвӕрттӕ дӕр. Нӕхимӕ радхӕссӕг сапер ис, фӕлӕ мӕхӕдӕг дӕр, куыд хицау, афтӕ ацӕуын. Бынаты уавӕрмӕ ӕркӕсӕм: срӕмудзынӕй тӕссаг куы уа, уӕд ӕй ӕдас ранмӕ раласӕм. Гилдзытӕ экспертизӕмӕ райсы Мидхъуыддӕгты министрад. Зӕгъӕм, ӕрӕджы Цъунары цы кассетон гӕрзӕг ссардтой, уый аластам полигонмӕ», — рассказал Харебаты Гарри.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕхдӕр ссарынц гилдзытӕ, фӕлӕ разынынц сармадзанты нӕмгуытӕ ӕмӕ танкты ныхмӕ минӕтӕ дӕр. 2024 азы фыццаг кварталы Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады специалисттӕ ссардтой ӕмӕ сӕдас кодтой 1141 рӕмудзӕн ӕрмӕджы.

💬 «Дӕнцӕгӕн, знон срӕмыгътам 4 ракетӕйы. Ссардтам сӕ горӕты коммуналон куыстытӕ кӕнгӕйӕ. Фӕткмӕ гӕсгӕ, кӕй ссарӕм, уыцы рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ къуыри нӕхимӕ сӕрмагонд ран вӕййынц. Куы сбирӕ вӕййынц, уӕд сӕ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты минӕвӕрттимӕ раласӕм ӕмӕ сӕ ӕфсӕддон полигоны фехалӕм. Ныффыссӕм акт дӕр», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн.

Тӕссаг рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ раласынӕн Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрадмӕ ис сӕрмагонд транспорт — пиротехникон «Газель». Хайады фыдбылызтӕ никуы 'рцыд. Ӕртӕ азы Хуссар Ирыстоны куыстой уӕрӕсейаг сапертӕ. Фӕлӕ Донецкы хӕстон цауты тыххӕй сӕ бон ссӕуын нӕ бацис. Уымӕ гӕсгӕ, Ленингоры алыварс фӕзуӕттӕ Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады специалисттӕ сӕхӕдӕг сыгъдӕг кодтой.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Зынгхуыссынгӕнджытӕ фондз метры бӕрзӕндӕй фервӕзын кодтой гӕдыйы лӕппыны

🔻Гыццылты цымыдисдзинадӕн кӕрон нӕ вӕййы. Афтӕ поселок Спутничы гӕдыйы лӕппын сбырыд фондз метры бӕрзӕнд бӕласы цъуппмӕ. Йӕ уынгӕг уасын ын фехъуыстой цӕрджытӕ ӕмӕ зынгхуыссынгӕнӕн службӕмӕ бадзырдтой.

Гыццыл рихиджын рӕсугъ ныхӕстӕм нӕ хъуыста, фӕлӕ йын йӕ зыр-зырӕй къалиуӕй ӕрхауын тӕссаг уыд.

Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты фӕдыл министрады зынгхуыссынгӕнджыты бахъуыд даргъ асинтыл схизын. Гӕдыйы лӕппыны сӕхимӕ куы баууӕндын кодтой, афтӕ уӕлӕмӕ тырнӕг цӕрӕгой сӕ къухты абадтис.

➡️ Ирвӕзынгӕнджытӕ йӕ дӕлӕмӕ ӕрхастой ӕмӕ йӕ радтой поселочы цӕрджытӕм. Тас ын нал у. Йӕ уынгӕг хъӕлӕс фӕлмӕнӕй раивта.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — зынгхуыссынгӕнӕг.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны чырыстон диныл хӕст адӕм бӕрӕг кӕнынц зазхӕссӕн

🔻Алайнаг Епархийы сӕйраг аргъуанмӕ адӕм райсомӕй цӕуынц. Алкӕй дӕр фӕнды бӕрӕгбоны бацархайын. Ацы бон уырнӕг адӕм ӕрымысынц Библийы фыст цау — Чырысти Иерусалиммӕ куыд бацыд, уый. Фӕлӕ пальмӕйы къалиуты бӕсты адӕм ӕрбахӕссынц хӕрис. Аргъуыдгонд хӕрисы къалиутӕ уырнӕг адӕм ахӕссынц хӕдзармӕ. Уырнӕнтӕм гӕсгӕ, иу абонӕй иннӕ абонмӕ у къона хъахъхъӕнæг.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: цыппар лӕгӕн иу худ. Цы у?
Anonymous Quiz
10%
Хæдзар
5%
Мусонг
76%
Стъол
9%
Нымæт
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Адӕймаг хъазӕн ӕмбал у: цӕгатирыстойнаг амалхъом адӕймаг ӕрмахуыр скодта хӕдзарон хъаз Паштеты

🔻Хъаз ӕрмахуыр скӕныны фӕндон Аланмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзынд. Зӕгъӕн ис, иу райсом райхъал ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕм уа хи хъаз. Ууыл рацыд мӕй. Ныр Паштет цӕры Аланимӕ ӕмӕ, къӕдзилау, йӕ фӕдыл цӕуы.

💬 «Уарзын балцты цӕуын. Уымӕ гӕсгӕ, хӕдзары цӕрӕгой дарын нӕ фӕнд кодтон. Адӕймагыл фӕцахуыр вӕййынц ӕмӕ семӕ куы нӕ уой, уӕд ӕнкъард фӕкӕнынц. Фӕлӕ иу хатт райхъал дӕн ӕмӕ мӕхицӕн уый сфӕнд кодтон. Ӕвӕццӕгӕн, рӕстӕг ӕрцыд. Ацыдтӕн ӕмӕ йӕ хӕрз гыццылӕй райстон. Ӕркӕсдзынӕн фӕндагыл йӕхи куыд дары, уымӕ дӕр. Фидӕны мӕ фӕнды йӕмӕ балц кӕнын», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Алан.

Амалхъом нӕлгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъазтӕ тынг зондджын сты. Куыдзы хуызӕн сӕ ис сахуыр кӕнӕн. Нырма уал Паштет ӕмбары ӕрмӕстдӕр «ардӕм рацу». Фӕлӕ куыд фӕстӕдӕр, афтӕ йӕ Алан фӕнд кӕны фылдӕр ныхӕстӕ ӕмбарын сахуыр кӕнын.

Паштет ӕмӕ Алан паркты ӕмӕ уынгты арӕх фӕтезгъо кӕнынц. Хъазы кой айхъуыст. Адӕм та ахӕм ӕрмахуыр цӕрӕгойыл дис кӕнынц. Аланы уырны — цыфӕнды цӕрӕгойы дӕр ис хӕдзары дарын ӕмӕ йӕ сахуыр кӕнын. Уӕд адӕймагӕн суыдзӕн ӕмбал.

💬 «Иуырдыгӕй, мӕ къухтӕм кӕй бахауд, уымӕй Паштетмӕ амонд бахудтис. Ничи йӕ бахӕрдзӕн. Фӕлӕ йыл хистӕртӕ дӕр дис кӕнынц, афтӕмӕй ма кӕд хъӕуты не сты. Адӕм цӕуыл сахуыр вӕййынц, афтӕ цӕрынц. Сӕ зӕрдӕ исты ног кӕнӕ ӕнахуыр куы фӕзӕгъы, уӕд сӕхицӕн сӕдӕ аххоссаджы ссарынц, цӕмӕй йӕ ма сӕххӕст кӕной, уый тыххӕй», — дзуры Алан.

➡️ Алан Паштетимӕ иумӕ цӕрынц. Хъаз ыл афтӕ ӕнувыд у ӕмӕ фынӕй дӕр йемӕ кӕны. Нӕлгоймаг нын куыд радзырдта, афтӕмӕй Паштет адӕмыл ахуыр у. Фӕлӕ ӕгӕр бирӕ куы вӕййынц, уӕд сӕ фӕтӕрсы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Сапæ» кæддæриддæр ис рухс фарсыл!

🔻Ацы къуыри нӕ хъайтар у хореограф Газайты Заремӕ. Канд фӕсивӕды нӕ ахуыр кӕны кафын, фӕлӕ ма хистӕр кары сылгоймӕгты дӕр.

Заремӕйы бинонтӕ иууылдӕр уыдысты музыканттӕ. Йӕ мад ӕмӕ хистӕр хо фӕндырдзӕгъдджытӕ сты.

💬 «Мӕнмӕ та кафын цыд. Хореографи мӕ тынг ӕлвӕста. Райдиан кълӕсты куы уыдтӕн, уӕд мӕхи кафджыты къордмӕ ныффыстон. Мӕ мадӕн та йӕ фыццаг репетицийы фæстæ радзырдтон», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Заремӕ.

Алы змӕлд дӕр Заремӕйӕн ӕнцон уадис. Уымӕ гӕсгӕ-иу дзы разамонджытӕ арӕх ӕппӕлыдысты.

💬 «Уӕд дӕр ӕй бӕлвырд ӕмбӕрстон хореограф кӕй суыдзынӕн, уый. Асӕй ныллӕг дӕн ӕмӕ мӕ профессионалон ансамбльтӕм нӕ райстаиккой. Педагогон куыст та мын уӕд дӕр дзӕбӕх уад: ме 'мбӕлттӕн иу кӕфтытӕ сӕвӕрдтон», — радзырдта Заремӕ.

Ӕнӕ аивадӕй йӕ бон нӕу. Суанг ма бинонтӕ иумӕ куы амбырд вӕййынц, уӕд сӕм ӕнӕмӕнг рауайы гыццыл концерт.

💬 «Аивад у мӕ цард. Йӕ ирддӕр хай та — хонгӕ кафт. Раст мыл цыма базыртӕ базайы, афтӕ вӕййын. Куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ куы кафай, уӕд диссаджы рӕсугъд у, дунейы йын ӕмбал нӕй», — зæгъы Заремæ.

Рубрикæ «Къуырийы хъайтар»-ы уæ зонгæ кæнæм нæ редакци æмæ бафысджытæ хуыздæрыл кæй банымадтой, уыцы адæймагимæ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM