Дзуарыхъӕумӕ хӕстӕг фӕдзӕхст бынаты 90 гектары адих кодтой
🔻 Уыцы хъуыддаг 2013-2014-ӕм азты ӕрцыд — радзырдта уацхӕсджытӕн Сергей Меняйло. Йӕ ныхасмӕ ма бафтыдта ӕрдз хъахъхъӕнӕн бынӕтты уымӕн уӕвын кӕй нӕй, уый.
💬 «Хъӕдтӕ бахъахъхъӕнын ӕмӕ закъоны домӕнтӕ ӕххӕст кӕнын — прокуратурӕмӕ ахӕм курдиатимӕ фӕсидтыстӕм. Куыд ӕй ӕмбарын, афтӕмӕй хӕстӕгдӕр рӕстӕг фендзыстӕм тӕрхондоны уынаффӕтӕ ӕмӕ ӕвдисӕн уыдзыстӕм аххосджынты ӕфхӕрдӕн», — загъта Меняйло.
Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, Алагиры районы разамынд бар кӕй радта Фыййагдоны хи фермерон хӕдзарад саразынӕн. Фӕлӕ 2022 азы бафыстой зӕххытӕ ауӕй кӕныны бадзырд.
💬 «Уый тыххӕй ӕфхӕрд ӕрцӕудзысты, уый хъусын кодтон. Уыцы ран лӕбырдтытӕй тӕссаг у. Цыфӕнды архайд дӕр дзы нӕй кӕнӕн. Фыдбылызмӕ расайынӕн дзы бирӕ нӕ хъӕуы. Кӕддӕр ма афтӕ Южныйы поселочы бакодтой», — загъта Сергей Меняйло.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, Алагиры районы разамынд бар кӕй радта Фыййагдоны хи фермерон хӕдзарад саразынӕн. Фӕлӕ 2022 азы бафыстой зӕххытӕ ауӕй кӕныны бадзырд.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
СапÆ
Дзӕуджыхъӕумӕ хӕстӕг автобусимӕ фӕндаггон фыдбылызы хъыгдард баййӕфтой 13 адӕймаджы 🔻 Фӕндаггон фыдбылыз ӕрцыд федералон трассӕйы 12-ӕм километрыл. Светофоры цур кӕрӕдзийы скъуырдтой Беслӕнӕй Дзӕуджыхъӕумӕ цӕуӕг автобус ӕмӕ «Луидор». Автобус скъӕрдта 59-аздзыд…
Александр Бастрыкин бадомдта автобус цы фӕндаггон фыдбылызы бахауд, уый тыххӕй доклад
🔻 Уӕрӕсейы Слестгӕнӕн комитеты разамонӕг Александр Бастрыкин Валерий Усовӕн бахӕс кодта автобус цы фӕндаггон фыдбылызы бахауд, уыцы хъуыддаг куыд иртӕст цӕуы, уый тыххӕй доклад бацӕттӕ кӕнын.
💬 «Социалон хызӕгты ис 2024 азы 22 апрелы цы фӕндаггон фыдбылыз ӕрцыд, уый тыххӕй ӕрмӕджытӕ. Дзӕуджыхъӕуӕй Беслӕнмӕ федералон фӕндаджы 12-ӕм километрыл автобус ӕмӕ машинӕ кӕрӕдзийы скъуырдтой. Хъыгдард дзы баййӕфтой цалдӕр адӕймаджы, се 'хсӕн 3 сывӕллоны. Аластой сӕ медицинон уагдӕттӕм», — фехъусын кодтой Слестгӕнӕн комитеты.
➡️ Ныртӕккӕ хъуыддаг цӕуы бӕрӕггонд бӕлццӕттӕ ласыны домӕнтӕ ӕмбӕлгӕ уагыл кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ис 175 кандидаты, сӕ цыппӕрӕм хай сты сылгоймӕгтӕ
🔻 Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстыты чи архайдзӕн, уыдон сарӕзтой съездтӕ ӕмӕ сбӕлвырд кодтой кандидатты кӕронбӕттӕн номхыгъдтӕ. «Сапӕ» сӕм ӕркаст ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй 175 кандидатӕй 133 сты нӕлгоймӕгтӕ, 42 та сылгоймӕгтӕ.
Партион номхыгъдтӕм ӕмӕ иумандатон зылдтӕй ӕппӕтӕй фылдӕр сылгоймӕгтӕ ис парти «Ныхас»-ы номхыгъды. Сӕ раздзог у Бесаты Зитӕ. Йемӕ ма уыдзӕн ноджы фондз сылгоймаджы. Фондз сылгоймаджы ис Коммунистон партийы, цыппар — «Фыдыбӕстӕ»-йы номхыгъдты. Иннӕ партитӕй фӕйнӕ дыууӕ сылгоймаджы. Хицӕн кӕны Мулдарты Гаррийы парти «За справедливость». Сӕ кандидатты 'хсӕн иунӕг сылгоймаг дӕр нӕй.
➡️ Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны парламенты 3 сылгоймаджы йеддӕмӕ нӕй.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Партион номхыгъдтӕм ӕмӕ иумандатон зылдтӕй ӕппӕтӕй фылдӕр сылгоймӕгтӕ ис парти «Ныхас»-ы номхыгъды. Сӕ раздзог у Бесаты Зитӕ. Йемӕ ма уыдзӕн ноджы фондз сылгоймаджы. Фондз сылгоймаджы ис Коммунистон партийы, цыппар — «Фыдыбӕстӕ»-йы номхыгъдты. Иннӕ партитӕй фӕйнӕ дыууӕ сылгоймаджы. Хицӕн кӕны Мулдарты Гаррийы парти «За справедливость». Сӕ кандидатты 'хсӕн иунӕг сылгоймаг дӕр нӕй.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хаццон.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:
🔸 25-ӕм апрелы Мӕздӕджы доны хӕдзарады цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кӕй цӕудзысты, уый аххосӕй 9.30-10.00 сахатмӕ Садовыйы уынджы ӕмӕ 14.00-14.30 сахатмӕ Крупновайы уынгты дон нӕ уыдзӕн. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.
🔸 Фӕткмӕ гӕсгӕ абон 10 сахатӕй 17 сахатмӕ электрон тых нӕ уыдзӕн Дзӕуджыхъӕуы Чапаевы уынджы 17-ӕм хӕдзары. Ӕппӕт фарстаты фӕдыл ӕрбадзурӕн ис «Россети»-йы комкоммӕ телефоны номырмӕ: 8-800-220-0-220.
🔸 Цӕгат Ирыстоны бирӕвӕрсыг центр ныммыхуыр кодта бӕрӕгбӕтты сӕ куысты фӕтк. 29-ӕм апрелы филиалтӕн у кусгӕ бон, 30-ӕм апрелы — цыбыр бон, 1-ӕм майы та улӕфӕн бон.
🔸 Интеллектуалон клуб «Альбус» ӕххӕст кӕны проект «Это наша победа». Уыдзӕн хъазт «Что? Где? Когда»-йы хуызы конд. Хонынц ӕм ӕнӕкоммерцион ӕмӕ коммерцион куыстуӕтты, ведомствоты, ахуыргӕнӕндӕтты командӕты. Хъазты фарстытӕ баст уыдзысты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстимӕ. Зонадон ерыстӕ уыдзысты 3-ӕм майы ресторан «Ирыстоны», райдайдзысты 16 сахатыл.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цхинвалы дыууӕ ӕфсымӕрыл хӕцӕнгарз чи систа, уыцы ӕфсӕддон операцийы архайӕг йӕхӕдӕг ӕрбацыд милицӕмӕ
🔻 30-аздзыд Г. Вадим ӕрбацыд милицӕмӕ ӕмӕ барвӕндонӕй йӕ дамбаца радта. Ныртӕккӕ нӕлгоймагимӕ кусынц барадхъахъхъӕнджытӕ.
➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй къуыри размӕ ӕфсӕддон операцийы архайджытӕй иу, йӕ хӕдзармӕ отпусчы 'ссӕугӕйӕ, дамбацайӕ фехста 33 ӕмӕ 46-аздзыд дыууӕ ӕфсымӕры. Ахӕм мийы аххоссагыл банымадтой ӕфсӕддон йӕ маст иста, зӕгъгӕ. Ома, цалынмӕ службӕ кодта, уӕдмӕ йын ӕфсымӕртӕ йӕ фыды бафхӕрдтой.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы кӕй амардтой, уыцы Дыгъуызты Русланы бинонтӕ домынц ног экспертизӕ
🔻 Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2023 азы 2-ӕм июны Доваторы уынджы хӕдзары кӕрты Сӕлбиты Олег йӕ сыхаг Дыгъуызты Русланы кардӕй барӕхуыста. 10 хаттӕй йӕ фылдӕр ныццавта. Цалдӕр боны фӕстӕ нӕлгоймаг рынчындоны амардис. Сӕлбийы-фыртыл та байгом кодтой уголовон хъуыддаг, азымджын ӕй кӕнынц адӕймаг амарынӕй.
Уыцы рӕстӕг кӕрты хъазыд Русланы цыппар сывӕллоны кӕстӕр — 12-аздзыд Николай. Лӕппумӕ йӕ райгуырдӕй зӕрдӕйы низ ис. Йӕ фыды йын амардтой, уый куы федта, уӕд йӕ уавӕр фӕфыддӕр. Чызджытӕй иумӕ та ӕвзӕр низ ис, сӕ фыды куы бавӕрдтой, уый фӕстӕ йӕ уавӕр февзӕрдӕр.
💬 «Сывӕллӕтты ӕнӕниздзинад тынг фӕцудыдта. Цард цыма дыууӕ дихы фӕцис, уыйау. Психиатрион рынчындоны экспертты къамис сын сывӕрдта диагноз — посттравматическое стрессовое расстройство, зӕгъгӕ. Сӕ фыдимӕ цы 'рцыд, уый фӕстиуджытӕ сты. Фӕлӕ цас уӕззау сты, уый специалисттӕ нӕ ныффыстой», — зӕгъынц хъыгдардбаййафджытӕ.
Афтӕмӕй та специалистты хатдзӕгтӕй аразгӕ у уголовон хъуыддаджы ма дыууӕ фыдракӕнды фӕзындзӕн ӕви нӕ, уый: дыууӕ сывӕллоны ӕнӕниздзинадӕн уӕззау зиан ӕрхӕссыны тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ, зианджынтӕ домынц дыккаг экспертизӕ скӕнын, фӕлӕ слестгӕнӕг нӕ разы кӕны.
💬 «Кӕй нӕ разы кӕны, уый раст нӕу. Федералон закъоны домӕнтӕ халы. Психикӕ куы фӕцуды, уӕд уый ӕнӕниздзинадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзыны. Хъӕуы ног экспертизӕ саразын, фӕлӕ ӕндӕр медицинон уагдоны», — зӕгъынц Дыгъуызтӕ.
➡️ Ӕрмӕг цӕттӕгӕнгӕйӕ, Слестгӕнӕн комитетӕй «Сапӕ»-йӕн сӕ хъуыдытӕ нӕ фехъусын кодтой.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Уыцы рӕстӕг кӕрты хъазыд Русланы цыппар сывӕллоны кӕстӕр — 12-аздзыд Николай. Лӕппумӕ йӕ райгуырдӕй зӕрдӕйы низ ис. Йӕ фыды йын амардтой, уый куы федта, уӕд йӕ уавӕр фӕфыддӕр. Чызджытӕй иумӕ та ӕвзӕр низ ис, сӕ фыды куы бавӕрдтой, уый фӕстӕ йӕ уавӕр февзӕрдӕр.
Афтӕмӕй та специалистты хатдзӕгтӕй аразгӕ у уголовон хъуыддаджы ма дыууӕ фыдракӕнды фӕзындзӕн ӕви нӕ, уый: дыууӕ сывӕллоны ӕнӕниздзинадӕн уӕззау зиан ӕрхӕссыны тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ, зианджынтӕ домынц дыккаг экспертизӕ скӕнын, фӕлӕ слестгӕнӕг нӕ разы кӕны.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирысоны цӕрджытӕ шенгенаг визӕ райсынӕн ӕмбӕлынц зындзинӕдтимӕ
🔻 Республикӕйӕ рацӕугӕ сылгоймагӕн ис уӕрӕсейаг паспорт, райста йӕ Мӕскуыйы. Цалдӕр боны размӕ та визӕ райсыны курдиатимӕ ӕрбацыд Италийы минӕварадмӕ. «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕ гӕххӕттытӕ Хуссар Ирыстоны кӕй нӕ райста, уый минӕвӕрады кусджытӕн боны 'рдӕг ӕмбарын кодта.
💬 «Минӕварады кусӕг Хуссар Ирыстоны кӕй райгуырдтӕн, уый йеддӕмӕ ницыуал уыдта. Паспорт Уӕрӕсейы минӕварады кӕй райстон, уый йын, бӕргӕ, ӕмбарын кодтон, фӕлӕ мӕ цыма нӕ хъуыста, уыйау. Ӕз ма Цхинвалмӕ дӕр бадзырдтон, цӕмӕй мын дӕнцӕджы хуызы гӕххӕттыты къам систой ӕмӕ сӕ ӕрбарвитой. Уым сӕ чи райсы, уыдонӕн дзы фыст вӕййы Уӕрӕсейы минӕвӕрады Хуссар Ирыстоны лӕвӕрд кӕй у, уый», — радзырдта сылгоймаг.
2023 азы авгуысты Европейаг Цӕдис рахаста уынаффӕ Хуссар Ирыстоны. Абхазы ӕмӕ Украинӕйы иуӕй-иу регионты цӕрджыты гӕххӕттытӕ Уӕрӕсейы кӕмӕн рафыстой, уыдонӕн шенгенаг визӕ рафыссыны хъуыддаг фӕцыбыр кӕнын. Сылгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныры онг ацы фарстамӕ уый бӕрц хъусдард нӕ уыд.
💬 «Ахӕм паспорттимӕ Европӕйаг бӕстӕтӕм адӕмы 0,01% ацӕуынц. Фӕлӕ кӕм райгуырдтӕн ӕмӕ фӕсарӕнтӕм цӕуынӕн паспорт Мӕскуыйы кӕй райстон, ууыл минӕварады кусӕджытӕ, цӕмӕдӕр гӕсгӕ, гуырысхо кӕнынц. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй зын сӕххӕстгӕнӕн хъуыддаг у. Европӕйаг бӕстӕтӕм мӕ бон ацӕуын уыдзӕн ӕви нӕ, уый мӕ паспорт Мӕскуыйы кӕй райстон, ууыл ӕууӕнкдзинадӕй аразгӕ у», — зӕгъы сылгоймаг.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
2023 азы авгуысты Европейаг Цӕдис рахаста уынаффӕ Хуссар Ирыстоны. Абхазы ӕмӕ Украинӕйы иуӕй-иу регионты цӕрджыты гӕххӕттытӕ Уӕрӕсейы кӕмӕн рафыстой, уыдонӕн шенгенаг визӕ рафыссыны хъуыддаг фӕцыбыр кӕнын. Сылгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныры онг ацы фарстамӕ уый бӕрц хъусдард нӕ уыд.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Равдыст «Уӕрӕсе»-йы республикӕйы стендмӕ ӕрбацӕуджытӕ Леонид Якубовичы хъазты рамбылдтой Цӕгат Ирыстонмӕ балц
🔻 Мӕскуыйы адӕмон хӕдзарады ӕнтыстдзинӕдты равдысты райдыдта туризмы мӕй. Абон дзы Цӕгат Ирыстоны стенды байгом республикӕйы туризмы рӕзт ӕвдисӕг экспозици. Бацӕттӕ йӕ кодта туристон оператор Eyes tour. Сӕ мадзӕлттӕ ахӕсдзысты 3 боны.
Фыццаг бон ӕрбацӕуджытӕ бацархайдтой Ирыстонимӕ баст викторинӕйы. Амыдта йӕ «Поле чудес»-ы ӕнӕивгӕ амонӕг Леонид Якубович. Чи ӕрбацыд, уыдонӕй равзӕрстой 3 адӕймаджы. Дзуапп радтын сӕ хъуыд 40 фарстӕн, баст уыдысты Ирыстоны истори, традицитӕ ӕмӕ ӕрвылбоны цардимӕ. Викторинӕйы архайджытӕ нӕ республикӕйы никуы уыдысты, фӕлӕ сӕ бон сси раст дзуӕппытӕ радтын. Ӕппӕты хуыздӕр йӕхи равдыста Кубанӕй рацӕугӕ, фӕлӕ Мӕскуыйы цӕрӕг Станислав. Рамбылдта дыууӕ адӕймагӕн 3 бонмӕ Цӕгат Ирыстонмӕ балц.
💬 «Рагӕй мӕ фӕндыд Ирыстонмӕ ацӕуын, бирӕ хорздзинӕдтӕ дзы фехъуыстон. Ныр мын ӕндӕр гӕнӕн нал ис, путевкӕ ис ӕмӕ абалц кӕндзынӕн. Республикӕимӕ хуыздӕр базонгӕ уыдзынӕн», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Станислав.
➡️ Ерысты иннӕ архайджытӕй иу дӕр ӕнӕ рӕвдыдӕй нӕ баззад, туроператор сӕ алкӕмӕндӕр скодта лӕвар. Леонид Якубовичӕн та Eyes tour ӕмӕ фысымуат Roots балӕвар кодтой Цӕгат Ирыстонмӕ къуыримӕ балц алыхуызон экскурситимӕ.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Фыццаг бон ӕрбацӕуджытӕ бацархайдтой Ирыстонимӕ баст викторинӕйы. Амыдта йӕ «Поле чудес»-ы ӕнӕивгӕ амонӕг Леонид Якубович. Чи ӕрбацыд, уыдонӕй равзӕрстой 3 адӕймаджы. Дзуапп радтын сӕ хъуыд 40 фарстӕн, баст уыдысты Ирыстоны истори, традицитӕ ӕмӕ ӕрвылбоны цардимӕ. Викторинӕйы архайджытӕ нӕ республикӕйы никуы уыдысты, фӕлӕ сӕ бон сси раст дзуӕппытӕ радтын. Ӕппӕты хуыздӕр йӕхи равдыста Кубанӕй рацӕугӕ, фӕлӕ Мӕскуыйы цӕрӕг Станислав. Рамбылдта дыууӕ адӕймагӕн 3 бонмӕ Цӕгат Ирыстонмӕ балц.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Мӕскуыйы равдысты Ида Галич раргом кодта йӕ уарзондзинад Цӕгат Ирыстонмӕ
🔻 Телеуынынады амонӕг ӕмӕ блогер равдысты уазджытӕн бацӕттӕ кодта видео. Абон адӕмон хӕдзарады ӕнтыстдзинӕдты равдысты райдыдта туризмы мӕй.
💬 «Салам. Ида Галич дӕн, телеуынынады амонӕг ӕмӕ блогер. Балцты цӕуын бирӕ уарзын, фӕлӕ мӕ уарзондӕр бынӕттӕй иу Цӕгат Ирыстон у. Уым райгуырдтӕн. Се 'ппӕты дӕр хонын ацы диссаджы бӕстӕ фенынмӕ, сымах дӕр ӕй, мӕнау, бауарздзыстут. Бауырнӕд уӕ — Ирыстонимӕ ӕмзӕрдӕ разындзыстут», — фӕсидтис ӕрбацӕуджытӕм Идӕ.
Равдысты уазджытӕн ма фадат уыд Цӕгат Ирыстонимӕ баст хъӕлдзӕг зонадон ерысты бацархайын. Хуыздӕрӕн Ида Галич скодта лӕвар — йӕ къухфыстимӕ мерч. Рамбылдта йӕ Владимир Лобанов Сыктывкарӕй.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Равдысты уазджытӕн ма фадат уыд Цӕгат Ирыстонимӕ баст хъӕлдзӕг зонадон ерысты бацархайын. Хуыздӕрӕн Ида Галич скодта лӕвар — йӕ къухфыстимӕ мерч. Рамбылдта йӕ Владимир Лобанов Сыктывкарӕй.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Аргъӕутты Раст лæгмæ цавæр кæрдзынтæ уыд?
Anonymous Quiz
27%
Уæливыхтæ
22%
Æнтыдджынтæ
37%
Мыдамæстытæ
15%
Адджын гуылтæ
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — фӕстиуӕг.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:
🔸 Уӕрӕсейы сгуыхт артисткӕ Мыстулаты Иринӕйы райгуырды 80 азы бонмӕ Ӕрыдоны районы культурӕйы хӕдзары абон 17 сахатыл уыдзӕн мысӕн изӕр. Ӕрбацӕуӕн ис лӕвар.
🔸 Райсом уыдзӕн Ӕппӕтуӕрӕсеон зиу. Дзӕуджыхъӕуы администраци сфидар кодта горӕты кӕм ӕфснайдзысты, уыцы фӕзуӕттӕ. Бакӕсӕн ӕм ис ам. Кӕй фӕнды, уыдоны бон у ӕрбацӕуын ӕмӕ зиуы бацархайын, кӕнӕ та сӕ кӕртытӕ ӕмӕ хӕдзӕртты алыварс бафснайын.
🔸 Андиаты Сосланы номыл спортивон скъолайы райсом уыдзӕн гом турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй. Архайдзысты дзы 2012-2013 азты гуырд лӕппутӕ. Ерыстӕ райдайдзысты 10 сахатыл. Уыцы-иу рӕстӕг спортивон хъӕбысхӕсты тренировкӕтӕ кӕныны центры райдайдзӕн республикӕйы чемпионат дзюдойӕ.
Къам: @fotoleela
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Къам: @fotoleela
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уӕрӕсейаг уӕлдӕр скъола фӕуыны фӕстӕ, цхинвайлаг лицеисты фӕнды йӕ райгуырӕн горӕты ветеринарон клиникӕ байгом кӕнын
🔻 Цхинвалы аивӕдты лицейы рауагъдон Къозаты Димӕ равзӕрста Хуссар Ирыстоны стӕм хатт чи ӕмбӕлы, ахӕм дӕсныйад — ветеринар. Йе 'мбӕлтты фылдӕр хай фӕнд кӕнынц Цӕгат Кавказы хӕххон-металлургон институтмӕ бацӕуын. Лӕппу та — Тимирязевы номыл Уӕрӕсейы паддазахадон аграрон университетмӕ. Ныридӕгӕн дӕр фӕлварӕнтӕ радта ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ахуыргӕнӕндонӕй дзуаппмӕ.
Димӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй цӕрӕгойты йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уарзы. Суанг ма-иу ын йӕ дада дӕр гӕдыйы лӕппынты ӕмӕ къӕбылаты ӕрбахаста. Фидӕны дӕсныйад та уымӕн равзӕрста ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ахӕм специалисттӕ стӕм сты ӕмӕ нӕ фаг кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ, ахуыры фӕстӕ фӕнд кӕны сыздӕхын йӕ райгуырӕн горӕтмӕ ӕмӕ дзы ветеринарон клиникӕ байгом кӕнын.
Уарзон предметтӕ хими ӕмӕ биологиимӕ баст дӕсныйадтӕй, йӕ бон равзарын уыд цалдӕр. Уӕвгӕ, Уӕрӕсейы хӕдзар Хуссар Ирыстоны ӕрвылаз саразы Уӕрӕсейы уӕлдӕр скъолаты ахуыр кӕнынӕн конкурс. Димӕ дзы бацархайдта. Квотӕтӕм гӕсгӕ программӕ цалдӕр къӕпхӕнӕй конд у, радзырдта «Сапӕ»-йӕн Уӕрӕсейы хӕдзары разамонӕг Сергей Комиссаров.
💬 «Сывӕллӕтӕ сӕ гӕххӕтытӕ бадӕттынц ахуыр кӕнын сӕ кӕм фӕнды, уыцы ахуыргӕнӕндӕттӕм. Сӕ бон у ӕмӕ уой цалдӕр. Мах гӕххӕттытӕм ӕркӕсӕм ӕмӕ сӕ кӕд разыйӕ баззайӕм, уӕд сывӕллӕтты фыццаг къӕпхӕнмӕ бауадзӕм, фӕлварӕнтӕ радтынц», — зӕгъы Комиссаров.
Дыккаг къӕпхӕны сӕ гӕххӕттытӕм ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм ӕркӕсы сӕрмагонд къамис. Йӕ уӕнгтӕ сты Россотрудничествойы, Уӕрӕсейы минӕварады, республикӕйы ахуырады министрады ӕмӕ абитуриент кӕдӕм цӕуы, уыцы уӕлдӕр скъолайы минӕвар, стӕй равзӕрст дӕсныйад кӕмӕ хауы, уыцы министрады кӕнӕ ведомствойы минӕвӕрттӕ.
➡️ Фаг баллтӕ кӕмӕ нӕ разына, уыдоны бахӕссынц сӕрмагонд номхыгъдмӕ. Исчи куы нӕ бахауа, йӕ хъуыды куы аива, кӕнӕ ӕндӕр аххоссӕгтӕм гӕсгӕ ахуырмӕ куы нӕ рацӕуа, уӕд бадзурынц номхыгъды чи ис, уыдонмӕ.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Димӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй цӕрӕгойты йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уарзы. Суанг ма-иу ын йӕ дада дӕр гӕдыйы лӕппынты ӕмӕ къӕбылаты ӕрбахаста. Фидӕны дӕсныйад та уымӕн равзӕрста ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ахӕм специалисттӕ стӕм сты ӕмӕ нӕ фаг кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ, ахуыры фӕстӕ фӕнд кӕны сыздӕхын йӕ райгуырӕн горӕтмӕ ӕмӕ дзы ветеринарон клиникӕ байгом кӕнын.
Уарзон предметтӕ хими ӕмӕ биологиимӕ баст дӕсныйадтӕй, йӕ бон равзарын уыд цалдӕр. Уӕвгӕ, Уӕрӕсейы хӕдзар Хуссар Ирыстоны ӕрвылаз саразы Уӕрӕсейы уӕлдӕр скъолаты ахуыр кӕнынӕн конкурс. Димӕ дзы бацархайдта. Квотӕтӕм гӕсгӕ программӕ цалдӕр къӕпхӕнӕй конд у, радзырдта «Сапӕ»-йӕн Уӕрӕсейы хӕдзары разамонӕг Сергей Комиссаров.
Дыккаг къӕпхӕны сӕ гӕххӕттытӕм ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм ӕркӕсы сӕрмагонд къамис. Йӕ уӕнгтӕ сты Россотрудничествойы, Уӕрӕсейы минӕварады, республикӕйы ахуырады министрады ӕмӕ абитуриент кӕдӕм цӕуы, уыцы уӕлдӕр скъолайы минӕвар, стӕй равзӕрст дӕсныйад кӕмӕ хауы, уыцы министрады кӕнӕ ведомствойы минӕвӕрттӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Сергей Меняйло бабӕрӕг кодта адӕмон хӕдзарады ӕнтыстдзинӕдты равдысты Цӕгат Ирыстоны стенд
🔻 Республикӕйы разамонӕгӕн равдыст-форум «Россия»-йы стендыл сарӕзтой экскурси. Радзырдтой йын туристон оператор Eyes Tour ӕрбацӕуджытӕн цы программӕ бацӕттӕ кодта, уый тыххӕй. «Сапӕ» ма куыд фыста, афтӕмӕй компани Цӕгат Ирыстоны тыххӕй цы презентаци бацӕттӕ кодта, уый ахӕсдзӕн 3 боны.
Сергей Меняйлойы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕрмдӕсны Торчынты Альбинӕйы проект — скӕны республикӕйы историон объектты хӕрзгыццыл къопитӕ. Се 'хсӕн Суннитаг мӕзджыт, Ирон аргъуан, архитектор Шмидты хӕдзар ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ӕдӕппӕтӕй дӕсӕй фылдӕр сты.
Регионы разамонӕг ӕрмдӕсныйы проект схуыдта «тынг хорз истори» ӕмӕ бахаста фӕндон ахӕм хуызы Цӕгат Ирыстоны макет скӕнын.
➡️ Уымӕй уӕлдай ма Сергей Меняйло радта Аланийыл дзуӕрттӕ бафтауыны 1100 азы бонмӕ уагъд 25 ӕвзист ӕхцайы. Ратдзысты сӕ алыхуызон хъӕлдзӕг зонадон ерысты чи фӕуӕлахиз уа, уыдонӕн. Республикӕйы разамонӕг ма базонгӕ ӕрыгон нывгӕнӕгимӕ, уый та йын скодта йӕ портрет.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Сергей Меняйлойы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕрмдӕсны Торчынты Альбинӕйы проект — скӕны республикӕйы историон объектты хӕрзгыццыл къопитӕ. Се 'хсӕн Суннитаг мӕзджыт, Ирон аргъуан, архитектор Шмидты хӕдзар ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ӕдӕппӕтӕй дӕсӕй фылдӕр сты.
Регионы разамонӕг ӕрмдӕсныйы проект схуыдта «тынг хорз истори» ӕмӕ бахаста фӕндон ахӕм хуызы Цӕгат Ирыстоны макет скӕнын.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгатирыстойнаг туроператор йӕхи хардзӕй республикӕмӕ ӕрбаласдзӕн ӕфсӕддон операцийы архайджыты 50 сывӕллоны
🔻 Ацы сӕрды Eyes Tour республикӕмӕ ӕрбаласдзӕн 50 сывӕллоны — сты Ярославлы облӕстӕй ӕфсӕддон операцийы чи архайы, уыцы ӕфсӕддонты цот. Ӕппӕт хӕрдзтӕ компани райста йӕхимӕ. Уый тыххӕй бадзырд бафыстой адӕмон хӕдзарады ӕнтыстдзинӕдты равдысты Мӕскуыйы.
💬 «Фӕнды нӕ иннӕ регионты ахӕм уавӕры чи ис, уыцы бинонты фарсмӕ ӕрбалӕууын. Сывӕллӕтты зӕрдӕтӕ барухс кӕнын ӕмӕ сӕ алӕмӕты рӕсугъд Ирыстонимӕ базонгӕ кӕнын», — радзырдта туроператор Eyes Tour-ы разамонӕг Джыкайты Алинӕ.
Равдысты Ярославлы облӕсты минӕвар уыд туризмы министр Гӕбуты Ольгӕ. Райгуырд Цӕгат Ирыстоны. Ахӕм социалон проекты хъӕппӕрис сӕм кӕй разынд, уый тыххӕй министр туристон фирмӕйӕ тынг фӕбузныг. Зӕрдӕ дары дарддӕры ӕмгуыстадыл.
💬 «Ахӕм фӕндоны тыххӕй Цӕгат Ирыстонӕн зӕгъын стыр бузныг. Куыд мӕм кӕсы, афтӕмӕй ӕфсӕддон операцийы архайджыты сывӕллӕттӕн ахсджиаг у не стыр бӕстӕимӕ зонгӕ кӕнын. Сывӕллӕтты бон кӕй у иннӕ регионтӕ ӕмӕ облӕсттӕ фенын, уый тынг хорз у», — бафиппайдта Гӕбуты Ольгӕ.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Равдысты Ярославлы облӕсты минӕвар уыд туризмы министр Гӕбуты Ольгӕ. Райгуырд Цӕгат Ирыстоны. Ахӕм социалон проекты хъӕппӕрис сӕм кӕй разынд, уый тыххӕй министр туристон фирмӕйӕ тынг фӕбузныг. Зӕрдӕ дары дарддӕры ӕмгуыстадыл.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: уазалы бӕгънӕг, хъармы тыхт. Цы у?
Anonymous Quiz
71%
Бæлас
16%
Къабускъа
9%
Дидинæг
4%
Мыды чыргъæд
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — срӕмыгъд.
⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM