СапÆ
1.17K subscribers
1.24K photos
285 videos
1.31K links
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуккаг лицеисттӕ 9 ӕвзагыл сахуыр кодтой зарӕг «Катюшӕ»

🔻Сӕхи къуыримӕ бацӕттӕ кодтой. Алы бон дӕр физикон-математикон лицейы ахуырдзаутӕ зарӕг дыууӕ ӕвзагыл ахуыр кодтой, радзырдта «Сапӕ»-йӕн къласы разамонӕг Джиоты Лейлӕ.

💬 «Сӕ фонетикӕмӕ гӕсгӕ равзӕрстам ирон, уырыссаг, кӕсгон, хъалмыхъхъаг, тӕтӕйраг, тувинаг, удмуртаг, марийаг ӕмӕ чувашаг ӕвзӕгтӕ. Бацархайдтон цӕмӕй сывӕллӕттӕ ныхӕстӕ ӕнцонӕй бахъуыды кӕной, ууыл», — зӕгъы педагог.

Цӕмӕй скъоладзаутӕ ныхӕстӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ дзурой, уый тыххӕй Лейлӕмӕ фӕкастысты иннӕ регионты ахуыргӕнджытӕ. Семӕ базонгӕ ӕппӕтуӕрӕсеон конкурс «Учитель года»-йы финалы.

➡️ Сӕйраг цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ фесты. Ныртӕккӕ къласы разамонӕг кусы, цӕмӕй ахуырдзауты зард иттӕг хорз уа, ууыл. Зарӕг «Катюша» акӕндзысты ӕфсӕддон-патриотон фестивалы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Роспотребнадзор домы цӕмӕй тӕрхондон сӕхгӕна Дзӕуджыхъӕуы 11-ӕм скъолайы фарсмӕ тамакойы дукани

🔻Республикон Роспотребнадзоры управленийы специалисттӕ Дзӕуджыхъӕуы скъолатӕм хӕстӕг цы тамакоты дуканитӕ ис, уыдоныл сарӕзтой рейд.

Се 'хсӕн Чкаловы номыл уынджы 23-ӕм хӕдзары дукани. Ис 11-ӕм скъолайы фарсмӕ. Республикон Роспотребнадзоры управленийы специалисттӕ арвыстой гӕххӕттытӕ тӕрхондонмӕ, цӕмӕй дуканийы тамако ӕмӕ никотинхъӕстӕ продукци ма уӕй кӕной, уый тыххӕй курдиатимӕ.

Рейды рӕстӕг скъолатӕм хӕстӕг ма рабӕрӕг кодтой ноджы 3 дуканийы. Амалхъом адӕм фидарӕй зӕгъынц тамако кӕй нӕ уый кӕнынц, уый.

Роспотребнадзоры специалисттӕ сын сӕ куыстмӕ биноныгдӕрӕй ӕркастысты: хъалонисӕн оргӕнтӕй ӕмӕ барадхъахъхъӕнджытӕй бацагуырдтой бӕлвырд информаци. Тамако кӕй уӕй кӕнынц, уый кӕд рабӕрӕг уа, уӕд сӕ тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ, сӕхгӕнын кӕндзысты.

Дуканитӕй иу ис Пашковскийы уынджы сывӕллӕтты музыкалон скъолайы цур, иннӕ дыууӕ дуканийы та Гугкаевы уынджы 38-ӕм скъолайы фарсмӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
«Слепые кони Фортуны»: мӕскуыйаг театр «Эрмитаж» ирон театры равдисдзӕн Гӕздӕнты Гайтойы романмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакль

🔻24 апрелы Цӕгат Ирыстонмӕ гастрольтимӕ ссӕудзӕн театр «Эрмитаж». Гӕздӕнты Гайтойы роман «Призрак Александра Вольфа»-мӕ гӕсгӕ спектакль Уӕрӕсейы фыццаг хатт сӕвӕрдтой. Схуыдтой йӕ «Слепые кони Фортуны».

Аивадуарзджытӕ базонгӕ уыдзысты XX-ӕм ӕнусы райдианы Уӕрӕсейы ӕмӕ 30-ӕм азты Парижы цардимӕ. Эмигрант-уацхӕссӕг суанг Граждайнаг хӕсты рӕстӕгӕй йӕ зӕрдӕйы дары стыр сусӕгдзинад. Ӕдзух ӕй фӕдылдзу кӕны кӕй амардта, уыцы адӕймаджы сурӕт. Спектакль «Слепые кони Фортуны» ныртӕккӕ ӕвдисынц мӕскуыйаг сценӕйыл, фӕлӕ Дзӕуджыхӕуы цӕрджытӕ Александр Вольфы сурӕты фендзысты Уалыты Гивийы. 19-ӕм апрелы йӕ архайдимӕ спектакль равдисдзысты Мӕскуыйы дӕр.

Режиссер-ӕвӕрӕг Михаил Левитин Гӕздӕнты Гайтоимӕ базонгӕ республикӕйы культурӕйы раздӕры министр Атайты Мадинӕ ын фыссӕджы уацмысты ӕмбырдгонд куы балӕвар кодта, уӕд. Театр «Эрмитаж»-ы аивадон разамонӕг Левитин куыд зӕгъы, афтӕмӕй ацы уацмыс тынг бауарзта.

💬 «Пьесӕ куы ныффыстон, уӕд уайтагъд Вольфы рольмӕ Гивийы фӕхуыдтон. Уый нӕ, фӕлӕ мӕ фӕндыд цӕмӕй спекталь дӕр Гиви сӕвӕра, фӕлӕ ӕнӕвдӕлон уыд. Уӕд ыл мӕхӕдӕг бакуыстон. Вольфы ролы чи хъазы, уый ныртӕккӕ рынчын у ӕмӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ацӕуын йӕ бон нӕ бауыдзӕн. Гивийы ӕххуыс бацагуырдтон, Мӕскуымӕ ссыдис ӕмӕ тынг хорз репетици кӕны. Гиви — мӕ хуыздӕр студент у, хорз ӕрдхӕрдтӕ систӕм. Тынг хорз мӕ ӕмбары», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Михаил Левитин.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — фӕдылдзу.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 20 ӕмӕ 21-ӕм апрелы Дзӕуджыхъӕуы уыдзӕн къӕдзӕхтыл бырынӕй бӕлвырд хуыз «Боулдеринг»-ӕй гом чемпионат. Ерыстӕ цӕудзысты Rockstar-ы залы. 16 азы кӕуыл сӕххӕст, уыдонӕй дзы алкӕй бон дӕр у бацархайын. Хи срегистраци кӕнӕн ис ам.

🔸 Дзӕуджыхъӕуы аразынц трамвайтӕ скъӕрджытыл ахуыр кӕныны курсытӕ. Ахӕсдзысты 7 мӕйы. Уыцы рӕстӕг студенттӕн фиддзысты фӕцӕрынӕн ӕппынкъаддӕры бӕрцы ӕмхуызон стипенди. Ахуыры фӕстӕ сӕ мызд уыдзӕн 35 мин сомы, уыдзӕн сын уӕлӕмхасӕн отпуск ӕмӕ льготӕтимӕ пенси.

🔸 Цӕгат Ирыстоны 30 нӕлгоймаджы райстой ноггуырд сывӕллонмӕ кӕсынӕн отпуск. Уыцы бар ис сывӕллон кӕмӕн ис, уыцы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕндӕр. Йӕ мыздӕй уӕлдай ма йын фиддзысты пособитӕ дӕр. Ноггуырд сывӕллоны ныййарджытӕй дарддӕр ма сывӕллонмӕ зилынмӕ отпусчы ацӕуыны бар ис нанатӕн ӕмӕ дадатӕн. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

Къам: @fotoleela

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Беслӕны йӕ бырӕттӕ контейнерты фарсмӕ чи ныууадзы, уыдоны райдыдтой ивар кӕнын

🔻Ивары бӕрц у 500 сомы. Ныридӕгӕн ӕфхӕрд баййӕфтой дӕсгай адӕймаджы. Сӕ фылдӕр контейнерты цур ныууагътой арӕзтадон, кӕнӕ ӕндӕр стыр бырӕттӕ.

💬 «Коммуналон службӕты кусджытӕ камерӕмӕ гӕсгӕ, сбӕрӕг кӕнынц ставд ӕмӕ стыр бырӕттӕ чи ӕрбаласы, уыдоны. Сӕ машинӕты номыртӕ сын барадхъахъхъӕнджытӕм арвитынц ӕмӕ афтӕмӕй фӕткхалджыты бӕрӕг кӕнынц. Рафыссынц сын ивар. Кӕд ӕмӕ адӕймаг йӕ бырӕттимӕ дзӕкъул контейнеры нӕ ныппӕрста, фӕлӕ йӕ йӕ фарсмӕ сӕвӕрдта, уӕд та бадзурынц участокӕн дзуаппдӕттӕг пъӕлицӕйагмӕ. Дарддӕр ӕгъдаухалджытимӕ уый фӕкусы», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Татраты Харитон

Бырӕттӕ ӕппарыны фӕтк дыккаг хатт чи фехала, уый бахъӕудзӕн ивар 1000 сомы бафидын. Фӕлӕ ахӕм цаутӕ нӕма рабӕрӕг.

💬 «Уый ма хорз уымӕй у ӕмӕ контейнертӕ байдзаг сты ӕви нӕ, уый камерӕтӕм гӕсгӕ зыны. Афтӕмӕй бырӕттӕ афоныл аласынц», — зӕгъы Татраты Харитон.

➡️ Ӕдӕппӕтӕй Беслӕны ис 25 быронкалӕн бынаты. Камерӕтӕ уал сӕвӕрдтой ӕртӕ контейнерӕйы фылдӕр кӕм ис, уым.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Милицӕ агуры Цхинвалы дыууӕ ӕфсымӕрыл хӕцӕнгарз чи систа, ӕфсӕддон операцийы уыцы архайӕджы

🔻Знон изӕрӕй милицӕйы радхӕссӕг хайадмӕ фехъусын кодтой: медицинон центры исӕн хайадмӕ ӕрбаластой зынгхъӕстӕ хӕцӕнгарзӕй цӕфтимӕ 33 ӕмӕ 46-аздзыд нӕлгоймӕгты. Хӕцӕнгарзӕй ӕхст уыдысты сӕ агъд ӕмӕ фад.

Рагагъоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ сыл ӕхсын райдыдта Цхинвалы цӕрӕг Г. Вадим. Ӕрӕджы ссыд сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийӕ, ис отпусчы. «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй ӕфсӕддон нӕлгоймӕгтӕй йӕ маст иста. Зӕгъгӕ, цалынмӕ службӕ кодта, уӕдмӕ йын йӕ фыды бафхӕрдтой.

➡️ Милицӕйӕ хъусын кӕнынц: фыдбылызы бынаты слестгӕнджытӕ ссардой дыууӕ гилдзы, чи зоны сты Макаровы дамбацайӕ. Чи ӕхста, уый агурынц.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Сывӕллӕтты республикон рынчындоны операци скодтой йӕ ӕйчытӕ гуыбыны кӕмӕн баззадысты, ахӕм сывӕллонӕн

🔻5-аздзыд лӕппу райгуырдис дыууӕрдыгӕй дӕр абдоминальный крипторхизм кӕй хонынц, ахӕм низимӕ. Уыимӕ йын ӕппӕты уӕззаудӕр патологийы хуыз ис. Куы райгуырд, уӕд йӕ ӕйчытӕ мӕхстӕттӕм не 'рцыдысты, фӕлӕ йӕ гуыбыны баззадысты.

💬 «Мах рахиз айкыл куыстам. Цӕмӕй йӕ мӕхстӕттӕм бакӕнӕм, уый тыххӕй лапароскопийӕ спайда кодтам. Гуыбыны цъар ӕртӕ раны хӕрзгыццыл алыг кодтам, эндоскопон камерӕ дзы бакодтам ӕмӕ афтӕмӕй архайдтам хирургион инструменттӕй. Уый фӕстӕ рахиз айк мӕхстӕттӕм ӕрластам», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн рынчындоны урологийы хайады сӕргълӕууӕг Асхаб Шидаев.

Асхаб Шидаев спайда кодта ног сӕрмагонд хирургион ӕрхъуыдыдзинадӕй. Йӕ фӕрцы айк мӕхстӕттӕм ӕрласын тагъддӕр ис. Сӕйрагдӕр та адӕймагӕн йӕхи дадзинтӕй пайда кӕнгӕйӕ. Хуымӕтӕджы операци куы кӕнай, уӕд тӕссаг у сывӕллоны ӕйчытӕ бахъыгдарынӕй (15%-20%). Чи зоны, фидӕны ӕнӕзӕнӕг суа. Хи дадзинтимӕ операцитӕ лӕппутӕн дзӕвгар къаддӕр зиан хӕссынц.

💬 «Ахӕм операцитӕ арӕх не 'мбӕлынц. Мах спайда кодтам адӕймаджы тынг чи нӕ хъыгдары, лыг кӕнын кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм методӕй. Уый руаджы цалдӕр сахаты фӕстӕ лӕппу йӕхӕдӕг сыстад ӕмӕ йӕ бон уыд ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй цӕуын», — радзырдта нын уролог.

Уый размӕ сывӕллонӕн йӕ галиу айк ӕруадзынӕн операци скодтой Санкт-Петербурджы. Фӕлӕ сын дадзины дӕргъ кӕй не сфаг, уымӕ гӕсгӕ йын ӕй дӕлӕмӕ ӕххӕстӕй не 'руагътой.

💬 «Фӕстӕдӕр ын нӕ дохтыртӕ йӕ галиу айкыл дӕр скӕндзысты операци. Раздӕр иу ахӕм диагнозимӕ сывӕллӕтты ӕрвыстам федералон клиникӕтӕм. Ныр рынчындоны урологон хайады лапороскопийӕ пайда кӕнын райдыдтам ӕмӕ рынчынтӕн нӕхӕдӕг ӕххуыс кӕнӕм. Нӕ фӕндты ис ног кусӕнгӕрзтӕ балхӕнын ӕмӕ уый руаджы нӕ авналӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнын», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн сывӕллӕтты республикон рынчындоны.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — мӕхстӕттӕ.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн:

🔸 Абон 10 сахатӕй 17 сахатмӕ Дзӕуджыхъӕуы электрон тых нӕ уыдзӕн Гастеллойы уынджы 156-170-ӕм, Гончаровы уынджы 139-161-ӕм, Налцыккаг уынджы 38-48-ӕм, Тургеневскийы уынджы 110-122-ӕм хӕдзӕртты. Бӕлвырддӕр информаци базонӕн ис ам.

🔸 Абон цалцӕггӕнӕн куыстыты аххосӕй 9 сахатӕй 17 сахаты онг дон нӕ уыдзӕн Беслӕны, Мӕздӕджы ӕмӕ станицӕ Луковскойы уынгты. Сӕ номхыгъд базонӕн ис ам.

🔸 Республикӕйы дарддӕр исынц Цӕгат Ирыстоны номӕй нысангонд бадзырдмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнынмӕ кӕй ӕрвитдзысты, уыдон 'хсӕн конкурсмӕ гӕххӕттытӕ. Кусгӕ бонты сӕ 14 сахатӕй 17 сахаты онг ӕрбахӕссӕн ис Бутырины уынджы 7-ӕм хӕдзармӕ 22 ӕмӕ 23-ӕм кабинеттӕм. Хъӕугӕ гӕххӕттыты номхыгъд фенӕн ис ам.

🔸 20-ӕм апрелы Дзӕуджыхъӕуы уыдзӕн «Библионочь». Национ чиныгдон бацӕттӕ кодта сӕрмагонд программӕ «Читаем всей семьей». Бацӕттӕ кодтой сывӕллӕттӕн ирхӕфсӕн мадзал «Наукомания», «Hikond»-ы армукъа ӕмӕ дӕсныйадӕвдисӕг ахуыртӕ. Программӕ ӕххӕстӕй бакӕсӕн ис ам.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны хъалонисӕн службӕйы инспекторы азымджын кӕнынц амалхъом адӕмӕй гӕртам исынӕй

🔻Федералон хъалонисӕн службӕйы хайӕдтӕй иуы раздӕры инспекторыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг гӕртам исыны тыххӕй, хъусын кӕнынц республикӕйы Слестгӕнӕн комитетӕй.

Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2019-ӕм азӕй 2023 азы онг инспектор амалхъом адӕмӕй домдта ӕхца, цӕмӕй сӕ хъалонтӕй суӕгъд кӕна, уый тыххӕй. Афтӕмӕй уыцы рӕстӕгмӕ бакуыста 330 мин сомы. Хъуыддаджы та рабӕрӕг авд цауы.

➡️ Хъалонисӕн инспекторы ӕрцахстой.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Прокуратурӕйӕ курынц Цӕгат Ирыстоны 300 зӕххы хайы куыд дихгонд ӕрцыдысты, уый сбӕрӕг кӕнын

🔻Паддзахадон исбоны министрад прокуратурӕмӕ арвыста 11 фыстӕджы иу курдиатимӕ — 292 зӕххы хайы кадастры закъонмӕ гӕсгӕ сӕвӕрдтой ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕныны тыххӕй. Уымӕй уӕлдай дихгонд, хаццоны лӕвӕрд ӕмӕ уӕйгонд куыд ӕрцыдысты, уыцы фарста. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдта министр Тедеты Руслан.

💬 «Зӕххы хӕйттӕ сты Дзӕуджыхъӕуы, стӕй Алагиры, Дыгуры, Горӕтгӕрон, Кировы ӕмӕ Мӕздӕджы районты. Ӕппӕт гӕххӕттытӕ балӕвӕрдтам прокуратурӕмӕ, дарддӕр сыл уыдон кусдзысты. Республикӕйы сӕргълӕууӕджы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, бӕрӕг кӕнӕм зӕхх куыд дихгонд ӕрцыд, уыцы фарста. Ныры онг кӕй рабӕрӕг кодтам, уыдон сӕ гыццыл хай сты», — загъта министр.

➡️ Ацы азы 1-ӕм январӕй йӕ тыхы бацыд бӕлвырд закъон. Йӕ домӕнтӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны районты администрацитӕн зӕххы хӕйттӕ уарыны бар нал ис. Уыцы хӕс сӕвӕрдтой паддзахадон исбоны министрадыл. Республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло ведомствойӕн бахӕс кодта прокуратурӕимӕ иумӕ зӕххыты ревизи скӕнын.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Тӕрхонгӕнӕгимӕ фембӕлды фӕстӕ Цхинвалы цӕрӕгыл бахъаст кодтой

🔻Цхинвалы тӕрхонгӕнӕг горӕты цӕрджытӕй иуыл милицӕмӕ ныффыста хъаст. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй нӕлгоймаг уыд мӕстыгӕр ӕмӕ йӕ бафхӕрдта. Ныр барадхъахъхъӕнджытӕ бӕрӕг кӕнынц нӕлгоймаг тӕрхонгӕнӕгимӕ йӕхи куыд дардта, уый — фехъусын кодтой «Сапӕ»-йӕн.

Нӕлгоймаг «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй тӕрхонгӕнӕджы уынаффӕмӕ йӕ адвокатимӕ бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кастысты, фӕлӕ дзӕгъӕлы. Уымӕ гӕсгӕ йӕм ӕрбацыдысты. Ныхасгӕнгӕйӕ йын бауайдзӕф кодта, йӕхи семӕ ӕвзӕр кӕй дары, уый тыххӕй. Уыцы ныхасыл тӕргонгӕнӕг смӕсты ӕмӕ сыл милицӕмӕ бахъаст кӕнынӕй ӕртхъирӕн кӕнын райдыдта.

➡️ Барадхъахъхъӕнджытӕ нӕлгоймагимӕ фембӕлдысты ӕмӕ сын ӕмбарынгӕнӕн гӕххӕт ныффыста.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Йӕ адӕмы сӕрыл Абхазовы ӕфсӕдты ныхмӕ чи сыстад?
Anonymous Quiz
39%
Алыккаты Хазби
14%
Тлаттаты Чермен
23%
Кочиты Бега
24%
Томайты Мæхæмæт
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Фыццаг сортыл мӕ хӕрӕфырты ном сӕвӕрдтон»: цӕгатирыстойнаг агрономмӕ дидинджыты 500 хуызӕй фылдӕр ис ӕмӕ ӕрхъуыды кӕны ног хуызтӕ

🔻Камбилеевкӕйы цӕрӕг Музаты Сергей зайӕгойтимӕ 20 азӕй фылдӕр архайы. Йӕ хъармуӕтты фенӕн ис бӕлӕстӕ ӕмӕ гагадыргътӕ дӕр. Фӕлӕ сӕйраг бынат ахсынц дидинджытӕ — 500 хуызӕй йӕм фылдӕр ис. Ныртӕккӕ Сергейы дидинджытӕ канд республикӕйы цӕрджыты зӕххы хӕйттӕ нӕ аив кӕнынц. Фенӕн сӕ ис дуканиты, ресторанты ӕмӕ фысымуӕтты. Баиу ма кӕны алы хуызтӕ, афтӕмӕй ӕрзайын кӕны ногтӕ. Йӕ хъармуаты ис ӕмбал кӕмӕн нӕй ахӕм петуниты ӕмӕ гортензиты хуызтӕ.

💬 «Ай мӕ цард у. Бирӕты бӕллиц вӕййы цӕмӕй сын сӕ уарзон хъуыддаг ӕфтиаг хӕсса. Ӕз уымӕй амондджын дӕн. Исты куы нӕ фӕуайы, уӕд ахъуыды кӕнын алцыдӕр ныууадзон, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мӕ маст тагъд ссӕуы ӕмӕ та ногӕй дысфӕлдӕхтӕй кусын райдайын», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Сергей.

Зайӕгойты куыст Сергей ӕвдӕм къласӕй кӕны. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ уымӕ биологийы ахуыргӕнӕг сразӕнгард кодта. Дидинджыты тыххӕй афтӕ цымыдисагӕй дзырдта ӕмӕ ӕвзонг лӕппуйы зӕрдӕ нал фӕлӕууыд. Фӕлӕ уӕды скъоладзаумӕ дидинджыты ӕвзартӕн ӕхца кӕцӕй уыд?

💬 «Фӕсурокты-иу ӕфснайынмӕ барӕй баззадтӕн. Мӕхи фӕстиат кодтон ӕмӕ-иу ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ куы ацыдысты, уӕд ӕз та кълӕстыл зылдтӕн ӕмӕ дидинджыты ӕвзартӕ ӕмбырд кодтон», — зӕгъы Сергей.

Скъолайы фӕстӕ Сергей сахуыр кодта агрономыл. Уыцы-иу рӕстӕг хӕдзары зайын кодта алыхуызон дидинджытӕ. Фӕстӕдӕр сфӕнд кодта йӕ зӕрдӕйӕн уарзон хъуыддаг йӕ куыст куыд суа. Балхӕдта бирӕ талатӕ ӕмӕ ӕвзартӕ.

💬 «Алцы уайтагъд нӕ рауад. Иуӕй-иу дидинджытӕн нӕ ӕрдзон уавӕртӕ нӕ бӕззадысты, иннӕтӕ адӕмы зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты. Ахъуыды кодтон ӕмӕ сабыргай мӕ бӕллиц ӕххӕст кӕнын райдыдтон. Мӕхӕдӕг петунитӕй цы фыццаг ног хуыз рауагътон, уый тар хъӕдабӕйы хуызӕн уыдис. Мӕ хӕрӕфырты ном ыл сӕвӕрдтон. Уӕдӕй бирӕ рӕстӕг рацыд, фӕлӕ уыцы петуни, раздӕрау, мӕ уарзон у», — радзырдта нын Сергей.

➡️ Хӕстӕгдӕр рӕстӕг Сергей фӕнд кӕны дидинджыты хуызтӕ ӕмӕ сӕ нымӕц фӕфылдӕр кӕнын.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: урс мӕсыджы бур ӕхсин. Цы у?
Anonymous Quiz
16%
Хур æмæ мигътæ
72%
Айк
7%
Дидинæг
4%
Мыды чыргъæд