Комкоммæ
179 subscribers
13 photos
3 links
Раст æй ныффысс!
Download Telegram
Channel created
Channel photo updated
Хъыгагӕн, ирон ӕвзаг ныртӕккӕйы фӕлтӕртӕ ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр зонынц, ӕмӕ ахӕм уавӕрты, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цауддӕрмӕ цӕуы фысгӕ ныхасы хъӕд дӕр. Ирон ӕвзаг чи уарзы, иронау кӕсыныл ӕнувыд чи у, уыдон ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты, цас рӕдыдтӕ ис нырыккон ирон текстты — газет уа, журнал ӕмӕ афтӕ дарддӕр.
Ӕмӕ сфӕнд кодтам саразын ацы канал ӕмӕ дзы адӕмы рӕгъмӕ хӕссын, ирон текстты мидӕг цы алыхуызон рӕдыдтыл ӕмбӕлдзыстӕм, уыдон.

Табуафси, саккаг нæм кæнут!
https://t.me/ironaurast
👍133🔥2
Ацы азы «Рæстдзинад»-ы 162-æм номыры (5 сентябрь) рацыдис мæнæ ацы уац.
Ис дзы цалдæр рæдыды.
Фыццагдæр æфцæджытæ кавказаг не сты, фæлæ сты КавказыКавказы æфцæджытæ, Кавказы хæхтæ, Кавказы быдыртæ.
Дыккаджы та, тексты ныхас цæуы æфцæгыл нæ, фæлæ рагъыл.
Большой Кавказский хребет — Кавказы Стыр рагъ.
Газеты та цæмæдæр гæсгæ «Стыр Кавказаг æфцæг».
👍173🔥1
2023 азы 19 сентябры номыр.

Æнæтæхæг цыдæр, æвæццæгæн, тæхгæ дæр нæ кæндзæн.
Чи зоны, «æнæтæхæг»-ы бæсты хуыздæр уаид ÆНÆПИЛОТ.
Æнæпилот аппарат. Кæнæ та дрон. :-)
👍133😱1
Ӕрдӕбон ацы рагон уац ногӕй редакци кӕнын куы байдыдтон, уӕд бафиппайдтон иу рӕдыд — мах сахуыр стӕм дзурын "Китайаг фӕз". Дзырды кӕрон -аг ам рӕдыд у. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ирон ӕвзаджы миногоны ацы фӕсӕфтуанӕй пайда чындӕуы бӕлвырд фӕткоймӕ гӕсгӕ:
1) Фӕз кӕцыдӕр адӕмыхаттӕй нӕ вӕййы. Китайаг адӕмы дӕр нӕу (мах у);
2) Кӕцон у, кӕнӕ кӕцӕй у, афтӕ дӕр зӕгъӕн нӕй — ӕнӕзмӕлгӕ бынат у, Китайӕ уый не 'рластой.

Фӕз (уынг, парк) вӕййы кӕйдӕр кӕнӕ цӕйдӕр номыл. Ома, бынаты ном фыссын хъӕуы гуырынон хауӕны.
Пожарскийы номыл уынг — Пожарскийы уынг (кӕй номыл?)
Ирыстоны номыл уынг — Ирыстоны уынг (цӕй номыл?)

Китайаг ӕфсӕддонтӕ сӕ цард радтой советон хицаудзинады сӕрвӕлтау, уый тыххӕй сӕ номыл байгом кодтой обелиск, сӕ ном хӕссы фӕз. Кӕй номыл у фӕз? Китайӕгты номыл. Афтӕмӕй хъуамӕ хуыйна "Китайӕгты фӕз". Уый тыххӕй тексты ацы фыст сраст кодтон.

Уый хуызӕн дӕр:
Мӕскуыйаг уынг - Мӕскуыйы уынг
Дзæуджыхъæуккаг уынг - Дзæуджыхъæуы уынг
———
горӕтаг горӕты уынг (афтек, скъола)
👍23
Нæ фыццаг уацы бын иу комментатор ныффыста, зæгъгæ, æфцæджытæ нæ, фæлæ æфцджытæ.
Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы дзырды (æфцæг) бирæон нымæцы формæ амæй-ай нымаддæр авторты текстты æмбæлы цалдæр хуызы — æфцæджытæ, æфцджытæ, æфцгуытæ æмæ ма суанг æфцæгтæ (кæс нывтæм).
Растдæр куыд уаид фыссын, уый филологтæ хуыздæр зонынц, фæлæ цыфæндыйæ дæр нормæйыл нымад у, орфографион дзырдуаты куыд фыст у, уыцы формæ. Уым та амынд у афтæ: æфцæг — æфцæджытæ.
👍103
💬 📝
Ехх, ацы дыууæ дзырды иумæ...

Кæддæр, кæддæр æрцыдтæн нæ институты рауагъдады офисмæ... Хм... 🤔

Кæддæр, кæддæр... Фæхъæуы дзурын
Лæджы дыууæ хатты «кæддæр»,
Куы райсы радзырды бындурæн
Фыдæлтæн рох таурæгъы сæр...
(Къоста, Плиты Грисы ивд)

Ахæм зæронд нæ дæн, уый тыххæй иу "кæддæр" аппардзынæн æмæ ногæй райдайдзынæн...

Кæддæр æрцыдтæн нæ институты рауагъдады офисмæ... (Ам хъазæн ныхасæн афтæ фыссын райдыдтон. 😊 Фæлæ кæцыдæр дзырдтæ кæрæдзиимæ æцæгæйдæр нæ фидауынц æмæ уый у мæ ныхасы сæр.)

Алы студентæн уыдис бар æмæ фадат рауагъдады ног чингуытæ асламдæрæй æлхæнын. Æрцыдтæн æмæ иу ацæргæ сылгоймагмæ дзурын: "Дæ хорзæхæй, равдис мын уæ прейскурант". Уый ныддис кодта: "Абонсарæй цы фæсивæд нæм уыди, уыдонæй дæу йеддæмæ, ацы дзырдæй ничи спайда кодта. Студенттæ алы хатт дæр «прайс» æрдомынц".

Дзырд прайс йæ зæрдæмæ нæ цыди, æцæгæлон æм касти. Уыимæ ма, дзурын хъæуы "прайс-лист". "Прейскурант" дæр æрбайсгæ дзырд у, фæлæ мах фæлтæр ууыл ахуыр уыдыстæм. Нысан кæны "базайрæгты æмæ сæ æргъты номхыгъд (бæрæгуат)". Цæмæй рæдыдтимæ дзурын æмæ фыссын ма фæцахуыр уæм, уый тыххæй дзырды нысаниуæг рох кæнын нæ хъæуы. Сылгоймагæн куы загътаин "æргъты прейскурант мын равдис", уæд уый рæдыд уыдаид — æнæ æргътæ прейскурант нæ вæййы. Ам дзырд "æргъты" лексикон æгъдауæй уæлдай у. Уыцы дыууæ дзырды иумæ æвæрæн нæй. Уый хуыйны плеоназм — нысаниуæг фæлхат кæныны рæдыд (ныхасы аипп). Плеоназм грекъаг æвзагæй тæлмац кæнынц куыд "уæлдайдзинад".

Плеоназммæ хæстæг лæууы æндæр стилистикон формæ — тавтологи ("сойджын сой", "рихиджын рихи").
Зæгъæн ис, тавтологи у, æнæбафиппайгæ кæмæн нæй, ахæм плеоназм.

Ирон æвзагмæ уырыссаг плеоназм кæнæ тавтологи æнæмбаргæйæ куы тæлмац кæнынц, уæд арæх рæдыд дæр баззайы:

æнæфидгæ лæвар
мæхи автобиографи
мæ куысты коллегæтæ
(оптималондæр системæ)
иууыл оптималон вариант
сæрибар ваканси
æргъты прайс-лист
зæрдылдарæн сувенир
æнæнхъæлæджы сюрприз
хицæн хицæндзинад
иумæ (иумæйаг) æмгуыст
асиныл уæлæмæ схизын
уæлæмхасæн бонус
ивгъуыдыл ностальги
(ахæм) рæстæджы æмгъуыдмæ

Ноджы ма, лексикон æгъдауæй нæ фидауынц ахæм дзырдбæстытæ:
аслам (зынаргъ) æргътæ
æргътæ фæасламдæр сты
фæзынаргъдæр кæнын æргътæ
æмæ а.д.
Уый дæр логикон рæдыд у, фæлæ арæх æмбæлы. Кæд уырыссаг æвзаджы ахæм рæдыд ныффидар ис, уæд æй æнæмæнгæй ирон æвзагмæ дæр бахæссын хъæуы?

"Зынаргъ аргъæй æлхæнын" æви "зынаргъæй æлхæнын"?

Дуканимæ æрбацæуджытæм æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг конкурстæ, лæвæрттæ, уыимæ ма аслам æргътæ. (iryston_tv)

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизæн Советон Цæдисы цæрджытæ зынаргъ аргъ бафыстой, уый дызæрдыггаг нæу. (iryston_tv)

Курорты æргътæ фæзынаргъдæр сты. (iryston_tv)

Арæзтадон æрмæджыты æргътæ фæасламдæр сты. (iryston_tv)

Тъехты Алан экономикæйы министрмæ бахатыд, цæмæй рæстæгыл бакусой нефты продуктты æргътæ фæасламдæр кæныны фарстайыл. (xurzarin_ru)

"Фæасламдæр кодтой" (цы?) [ам зæгъын хъæуы базайраджы ном]:
"фæасламдæр кодтой бензин", кæнæ "бензины аргъ фæкъаддæр кодтой".

высокая цена - стыр аргъ, бӕрзонд аргъ

низкая цена - чысыл аргъ, ныллӕг аргъ

повысить цену - аргъ фӕфылдӕр кӕнын, фӕбӕрзонддӕр кӕнын

понизить цену - аргъ фӕкъаддӕр кӕнын, фӕныллӕгдӕр кӕнын

"стыр аргъ ноджы фӕфылдӕр кодтой" кӕнӕ
"бӕрзонд аргъ ноджы фӕбӕрзонддӕр кодтой"

"чысыл аргъ ноджы фӕкъаддӕр кодтой" кӕнӕ
"ныллӕг аргъ ноджы фӕныллӕгдӕр кодтой"

——————————
Уæлæмхасæн:

Иу зæрдылдарæн сувенир балæвар кодтой республикæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгæн дæр. (alaniatv_ru)

Дарддæр афтæ иумæйаг æмгуыст куы кæнæм, уæд нæ къухы æнтыстдзинæдтæ кæй бафтдзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

Дзæуджыхъæуы администраци æмæ парчы разамындимæ иумæ æмгуыст кæнæм. (iryston_tv)

Цыбыр рæстæджы æмгъуыдмæ Фарныхъæуы йæ дуæрттæ байгом кæндзæн ног культурæйы галуан.
👌5👍4🔥3
Фидар лӕу Чырыстон Лӕг!

Раст та уаид афтӕ:
Фидар лӕуу, чырыстон лӕг!
👍12👎1
Ног азы хорзах уӕд!

Раст та уаид афтӕ:
Ног азы хорзӕх уӕ уӕд!
👍5🤯5👎4
🤫🫢
😐9🙈4🤣3😁1
Фыст у:
Де’мӕ.
Раст уаид:
Демӕ
(ӕнӕ апострофӕй)
👍251