Forwarded from ЧИНЫГДОН «БÆРЗÆФЦÆГ»
Галазов А.Х. - Пережитое - 2002.djvu
12.2 MB
Хъуды абырджытæ – Telegraph
https://telegra.ph/Hudy-abyrdzhyt%C3%A6-12-13

Telegraph
Хъуды абырджытæ
Уыдис æрæгвæззæг. Адæм сæ фæззыгон куыст фесты æфснайд. Аивгъуыдта хуызивæн бон. Кæрдæг бур-бурид афæлдæхт æмæ æрбаруад, сыфтæр азгъæлди, æмæ хъæд быгъдæгæй баззади. Цъæх мигъ йæхи нал иста уæлæмæ кæмттæй. Æрæввахс сты зымæджы æнкъард бонтæ. Ацы рæстæджы…
ХЪУДЫ АБЫРДЖЫТЫ ЗАРӔГ.
Ломисы сӕрӕй,
Нӕ худтӕ райсӕм.
Цомут, знӕгтӕй
Нӕ тугтӕ райсӕм,
Ой, Цыппу,
Дзӕнӕты бадай.
Уӕлӕ Ходзы
Уадиты уасӕг.
Мах фондзӕй
Ломисы уазӕг.
Ой, Сугъар,
Дзӕнӕты бадай.
Уӕртӕ Хъудӕн
Ӕнгуыр-ӕндон.
Ӕнӕнцой фӕуа
Нӕ гуырӕн бон.
Ой, Гайти,
Дзӕнӕты бадай.
Сомихаджы байраг
Къуци хуыдтой.
Хъуды абырджытӕ
Сармадзаны нӕмыг
Пурти хуыдтой.
Ой, Цыппу,
Дзӕнӕты бадай.
Гуры чырынтӕ
Цъӕх авг суагътой,
Хъуды мӕсгуытӕ
Цъӕх арт суагътой,
Ой, Сугъар,
Дзӕнӕты бадай!
Чиныг «Хуссар Ирыстоны фольклор». Сталинир, 1936 аз.
#иронзарӕг

ТАЛГЪИК-НАИБ (Хæххон дзуапп).
Зæронд цæцæйнагæн, хъæбатыр фæдисон Иналæн йæ мæлæты бонтæ æрцыдысты...
Йæ усмæ бадзырдта:
- Æфсин, бацу Талгъик-наибмæ æмæ йын зæгъ — нæ лæппу Умар Слепцов-генылармæ хасты фæци, — ракурæд уымæй, цæмæй йæ фенон мæ адзалы сахат.
Мæгуыр ус наибы раз æрбалæууыд, сау кæлмæрзæн йæ сæрæй систа, йæ разы зæххыл æй æрæвæрдта æмæ йын радзырдта йæ лæджы ныхас.
— Хорз, цæугæ фарнимæ. Мæ бон цы уа, уый бакæндзынæн, — загъта хъæбатыр Талгъик-наиб.
Уыцы сахат арвыста йæ барджытимæ чиныг уырысы сæрдармæ Слепцов-генылармæ.
Слепцов бадзырдта уыцы лæппумæ.
— Дæ зæронд фыд дæм сиды, рынчын у. Уадзын дæ Мартанмæ. Дзырд мын ратт, фæстæмæ кæй æрбацæудзынæ.
— Мæ фыд Иналы фырт кæм дæн, уым ма тæрс, фæстæмæ мæ ардæм хъæуы! - загъта бæзæрхыг цæцæйнаг, салам радта æмæ араст сæхимæ.
Зæронд фыды баныгæдта.
Йæ мады дзыназынмæ, йæ кæуынмæ нал фæкаст — дыккаг бон райсомы сæуæхситтæй æрбалæууыд Умар Слепцовы дуармæ.

— Сахъ лæппу, дæ фыд Иналы фырт кæй дæ, уый базыдтон, нæ ныхас уæзданæй сæххæст кодтай. Кæнын дæ сæрибар, цæугæ дæ хæдзармæ. Ацы чиныг та Талгьик-наибмæ ратт.
Хорз бæх, саргъ-æвзист арæзт, ног дзаума — алцæмæй ифтонгæй йæ рарвыста.
Слепцов йæ чиныджы фыста: «Талгъик, имам Самилы наиб! Тæхудиаг дæ, ахæм сагсур хъæбатыр фæсивæды хицау чи у! Салам æмæ арфæ дæм æрвитын. Уæгъд æй кæнын дæ хатырæн».
Хъæбатыр Талгъик, йæ карды ферттывдæй кæмæн рызтысты уырысы æфсæдтæ,— чиныг бакаст, ахъуыды кодта æмæ загъта йæ лæгтæн:
— Тагъд хохæй ракæнут дыууадæс хъазахъхъаджы, хасты нæм чи фæци... Хуыздæр бæхтæ, хæстон барезгæн цы хъæуы, хуыздæр гæрзтæ æмæ дзаума сын раттут, афтæмæй сæ уырысы сæрдармæ барвитут.
Иу райсом Слепцовы дуармæ æрбалæууыдысты цæцæны хистæртæ — семæ дыууадæс хъазахъхъаджы. Ракалдысты адæм, æфсæдтæ, хицæуттæ. Цинæн кæрон нал уыди: чи йæ фырты базыдта, чи йе ’фсымæры, чи йæ мойы.
Слепцов рацыд. Цæцæны хистæр æм чиныг радта.
Слепцов хъæрæй бакаст: «Уырысы сæрдар, Слепцов-генылар! Талгъик, Цæцæны наиб, салам æмæ арфæ дын æрвиты æмæ зæгьы: уырыс, уæ иу уæздан хъуыдцаг мах, цæцæн, бафидынхъом уыдзыстæм дыууадæс уæздан хъуыддагæй».
Фиппаинӕгтӕ.
Талгъик-наиб. Мыхуыр уыд: газ. «Ног цард», 1920, 18 июлъ, № 2. Йæ ныффыссæджы фæсномыг — Нарт. Уацмыс йæ мидис æмæ йæ аивадон æууæлтæй у фольклорон. Ацы таурæгъы бындурыл фыст у Джыккайты Шамилы поэмæ «Намыс».
Талгъик-наиб— имам Шамилы наиб, цæцæйнаг, Кавказы хæсты хъайтар.
Слепцов — паддзахы инæлар, йæ номыл баззад станицæ Слепцовская Цæцæн-Мæхъхъæлы.
М а р т а н — Цæцæны ис 2 хъæуы: Ачхой Мартан æмæ Урус Мартан.
#таурӕгъ

Forwarded from ХОХ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Посвящается каждой ёлке, срубленной ради ее двухнедельного созерцания во всякой мишуре🎄
Я считаю это дикостью.💆🏻♂️
А потом наблюдать это «хвойное кладбище».
Если кому-то так хочется видеть их на новый год у себя дома или на улицах нашего города, призываю переходить на искусственные.
Запах не тот? Можно купить свечи с запахом хвои.
А лучше пойти в лес и там, обняв их, вдохнуть полной грудью этот божественный аромат. Там они на своём месте☝🏻
Пусть здравый смысл восторжествует💪🏻
Прошу максимальный репост, друзья👋🏻
P.S. свечи можно сразу ректальные👌🏻
#ямыёлки🎄

Знаур Айдаров. Жизнь и подвиг. 2018 г.
Составитель и редактор — Тамерлан Техов.

В 2019 году исполняется 130 лет со дня рождения революционера, не представлявшего свою жизнь без своего народа. Мы должны быть благодарными потомками, а не Иванами, не помнящими родства. К истокам нас возвращает и издание, осуществленное по инициативе общественного деятеля Льва Лалиева, данным подарком всей Осетии вносящего очередной вклад в патриотическое воспитание молодежи. Издание будет интересно и всем тем, кто интересуется историей родного края.
Помощь в сборе материала оказали глава Ардонского района РСО-Алания Владислав Тотров, глава администрации Знаурского района РЮО Инал Габараев и профессор Людвиг Чибиров.
Ансамбль «Симд»
«Козаты Раздены зарæг»
Музыка Джаттиты Анисим, ныхӕстӕ Козаты Исидор.
Ой, фæдис бацыди,
Тох! Куы нæм сиды нæ уарзон Ир.
Цæй-ма, фæцæуæм тохмæ
’Хсарæй
Æзнаджы ныхмæ, ой.
Базард:
Ой, мæлæтæй нæ тæрсæм,
Нал фæразæм нæ адæмы рисс.
Тох! Сæрибар æрхæссæм,
Иры амонд нæхи бæрны и.
Ой, нæ рад æрцыди,
Тох! Фæдисæй растад Хуссар Ир.
Цомут, лæппутæ, цæрдæг,
Ралæууыд тохы рæстæг, ой.
Базард:
{Ой, хъæбатыр Разденыл
Зарæг сисæм бæрзонддæр уæдæ.
Тох! Нæ Иры иу фендыл
Уыд мæлæтмæ салдатау цæттæ.} x2

Forwarded from Новая школа осетинского языка
Ирон æвзагимæ баст телеграм каналтæм ма иу бафтыд. Саккаг æм кæнут æмæ-иу уæхи Судзаг æвгзагмæ бафыссут.
Telegram
Цӕра
[]
САНАТЫ СЕМ
Адæмон таурæгъмæ гæсгæ, Санаты Сем райгуырд 250 азы размæ Захъагомы Санаты хъæуы. Йæ фыды ном хуынд Бердыхъ, уыди Санахъоты хæрæфырт. Иннæ адæмон таурæгътæм гæсгæ та царди æмæ амарди Уæллаг Хъæнийы, Хохы Санибайы æмæ ма Цымытийы дæр. Цымытийы сæрмæ иу, фосдарæнтæ ныр дæр ма хонынц Санаты дарæнтæ. Уæдæ Хохы Санибайы сæрмæ та ныгæд ис йæхи фæндонмæ гæсгæ. Сем йæ мæлæт зыдта æмæ йæ мæлæн бонмæ бирæ куынæуал баззад, уæд Хохы Санибайы хистæрты бафæдзæхста: «Куы амæлон, уæд-иу мæ баныгæнут хъæуы сæр, æмæ уын мæрдты æгъдауæй дæр æххуыс кæндзынæн». Афтæ бæргæ бакодтой, фæлæ Семæн йæ ингæн кæм ис, уый абон ничиуал зоны. Хорзы алчидæр йæхи хоны, æмæ Сем дæр ссис æппæтадæмон, таурæгъон.

САНАТЫ СЕМЫ ӔМБИСӔНДТӔ.
Санаты Семы æмхæрæфырт Къабузты царди. Йæ ном — Уарихъан. Санаты Сем фæсхохæй рацыд æмæ Челиатыл æрхызтис Едысмæ. Акастис, æмæ бæстæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдис. Санаты Сем загъта: «Ацы бæстæ алцæмæй дæр æххæст у, фæлæ дзы сылгоймаджы хъæлæба нæ цæуы, æмæ дзы бæркад никуы уыдзæн». Æцæгдæр, Едысы бæркад сæфт у.
Санаты Сем Къабузтæм куы ’рцыд, уæд йе ’мхæрæфырт Уарихъан мусы най кодта. Тынг хорз бон уыди. Арвыл иу мигъы къæм нæ уыди. Санаты Семæн къæлæтджын рахастой æмæ йæ æрбадын кодтой. Сем загъта:
— Уарихъан, дæ най бафснай, кæннод дын æй къæвда фесафдзæн.
Уый йын загъта:
—Ау, æмæ арвыл мигъы къæм куынæ ис, уæд цæй къæвдатæ кæныс?
— Æз дын афтæ зæгъын, æмæ дæ бар дæхи, — загъта Сем.
Уалынмæ къæвда ныццавта æмæ най былмæ акалдта.
Уарихъан æрфарста Санаты Семы: — Гъе, ме ’мхæрæфырт, цы таурæгъ дæм ис?
Санаты Сем загъта:
— Æз кæсгон æлдармæ уыдтæн æмæ иу хъуыддагæй фæрæдыдтæн. Къамбец æрбацæйцыд, æмæ æз загътон:
— Ацы къамбецæн йæ гуыбыны рæуæд ис, æмæ уыцы рæуæдæн йæ ныхыл, йæ дыууæ сыкъайы æхсæн, урс тæпп ис.
Æлдар мын загъта:
— Сем, ды фæрæдыдтæ. Уыцы рæуæдæн йæ дымæджы кæрон урс у, æмæ урс уымæй у.
— Схæснаг кодтам. Къамбецы аргæвстой, æмæ йæ гуыбыны ахæм разынди: йæ дымæджы кæрон урс, йæ ныхыл æвæрдæй. Æлдар мæ æмбылдта.
Санаты Сем иу аргъуанмæ бацыди. Аргъуан адæмæй йедзаг уыди. Сем загъта:
— Ацы аргъуан кæлдзæн, æмæ сæфдзыстут.
Адæм загътой:
— Ацы лæг сайды фæци, цытæ дзуры?
Уалынмæ аргъуан нытътъæнг ласта æмæ ныккалди. Адæм фесæфтысты.
#ӕмбисонд

Forwarded from Цӕра (Цæра)
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Афганистаны уавæр... фæйед!
Цавæр дзырдæй ис спайда кæнын ֲæдзухы къæрмæг(затычка) «йæд»-ы бæсты?
[дæнцæг]
(стилон къуындæг хæлафджын æрдæгпокер — цы джибур æм кæсы, уымæн)
— Цыдæр æндыгъд кæстытæ мæм кæныс!?
— Дæ сæры фарсæн дын иу гæрах авæр! Сылкъи дæ, æви цы дæ?
[литературон дæнцæг]
«Кӕронмӕ ӕлхъывд, цыбыр хъуыдыйӕдтӕ, фӕлӕ дуджы ӕндыгъд уавӕрӕй йемыдзаг».
«Чиныг — царды айдӕн». Ӕлборты Хадзы-Умар.

КУЫРТТАТЫ ФЫЙЙÆУТТÆ.
Раджы кæддæр Куырттаты фыййæуттæ схъал сты: уазал дзыкка нал хордтой, сау фысы ’хсыр нал цымдтой.
Иухатт бирæгъ æрцахстой æмæ йæ удæгасæй бастыгътой, афтæмæй йæ суагътой. Бирæгъ Хъæриуы хохы сæрмæ ссыд æмæ уырдыгæй ниудта; бон-иу хурæнтæфæй йæ буар ныххус, æмæ- иу йæ хъæр кæмттæ арыдта; æртæ боны Хъæриуы сæрæй фæниудта, стæй æнтæфæй йæ буар ахус, æмæ йæ уд систа.
Цыппæрæм бон фыййæуттыл фыдæхсæв скодта, тыгъдызæй уарын ихæмхæццæ фæндæгтæ хаста, арв нæрыди, цæхæртæ калдта, зæхх æнкъуыст, хæхтæ рызтысты, фос иу ран нал лæууыдысты, уылæнтæ кодтой; фыййæуттæ сæ фос лæгæтмæ баскъæрдтой æмæ лæгæты бацыдысты. Лæгæты дуарыл стыр айнæгхох къæй æрирвæзт æмæ фыййæуттыл лæгæты дуар сæхгæдта.
Дыккаг бон сæм адæм фæдисы ацыдысты, фæлæ лæгæты дуар-айнæг цасдæр къахтой, уыйас айнæг дæлдæрæй-дæлдæр цыд. Бирæ фæцархайдтой, æмæ куы ницы бафæрæзтой, уæд сæ ныууагътой. Æрмæст ма лæгæтæй æддæмæ хъуыст фыййæутты хъарджытæ:

«Уæ, мæгуыр нæ бон, уæ, мæгуыр нæ зæхх, Сæхгæдта махыл æнусы къæдзæх».
Иукъорд бонты сæ уынæр хъуыст, стæй бамыр сты, хох сæ аныхъуырдта. Æнæгъдауæй бирæгъы дæр ма хъыгдар.
#таурӕгъ
#гӕдиатысекъа