IRON ARGHAW
929 subscribers
1.16K photos
424 videos
362 files
316 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
ЗÆРОНД ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ.

Дард фæндæгтæ... Нал мæ хъæуынц,
— Иххост сыл ныддæн.
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,
Иу фæндаг — мæрдтæм.

Дун-дунетыл цас фæхаттæн,
Мемæ уыд фæндыр.
Иу бон-иу сæндæтты бадтæн,
Иннæ бон — мæгуыр.

Чызджытæн? Куыннæма цагътон,
Фæлæ амонд нæй. —
Фембæлæм,— кæмæн-иу загътон,
Уый мыл худт хъæрæй.

Лæппутæ та — сау уаритæ
Симдтой-иу æмæ
Хъазгæмхасæн сау суаритæ
Баппæрстой мæнмæ.

Бауарзтон æхцайы зæлланг
Амонды хуызæн.
Хъазты-иу мæ уæнгты фæллад
Давдæй фæци сæн.

Дард рæтты, Хуыцауæй разы,
Арфæйаг фæдæн.
Балцвæндæгтæ адæм уарзын
Сахуыр кодтой мæн.

Хорзæй иртасын æвзæры,— Уыйбæрц дæр мæ фæрс.
Чи цæмæй куыдтæтæ цæры,
Хорз базыдтон æз.

Иутæм нæй æфсармы хъæстæ, Фæлæ ссардтой уарт:
Аразгæ бæрзонд ныхæстæй Амайынц сæ цард.

Давынц дыккæгтæ æууæнкæй,
Се ’цæг ном — æмбæхст.
Хурæнгæс чызджыты зæнгтæй
Нал фæисынц цæст.

Иннæтæ сæ сæртæг хъæртæй
Амарынц æгъдау.
Урс бæргæ систы сæ сæртæ,
Зæрдæтæ та — сау.

Цыппæрæм нæ лæууы дзыхъхъы,
Хахуыртæ фыссы.
Чи уæлдæр хицауы дзыппы
’Хцайы бардз тъыссы.

Фæлæ цасфæнды уæнт уыдон,
Хорз лæгтæ — фылдæр.
Растдзинад æмæ фыдæбон
Равзарынц уæддæр.

Зæхх — сæ Хуыцау, æмæ курынц,
Агурынц дзы сой.
Хоры зад хуымтæ сæм худынц,
Хоры хуым — фæллой.

— Чи цас федта, уыйбæрц зоны,—
Загъта-иу фыдæл.
Нал уыд Ир йæ дард бæлццонæн
Сæмбæлын æнхъæл.

Ракæсут-ма, урссæр хæхтæ,
Нал мæ зонут, ау!
О мæ фæндыр, цины зæлтæ
Иры зæххыл тау!

Дард фæндæгтæ...
Нал мæ хъæуынц,—
Иххост сыл ныддæн.
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,
Иу фæндаг — мæрдтæм.

ЧЕДЖЕМТЫ АХСАР.
#иронзарӕг