IRON ARGHAW
978 subscribers
1.22K photos
446 videos
373 files
328 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
ӔДЫЛЫ УАЗӔГ(Аргъау)

Иухатт фурды кӕрон сӕмбӕлд Уыгыл доны мыст.
Дзуры: «Рацу мӕм фысыммӕ, Фен-ма мын мӕ куыст.

Ӕз ӕппӕт дӕтты паддзахӕн
Рагӕй дӕн фыййау...
Охх, охх, никуы федтон ахӕм Бонджын царды ’гъдау.

Уымӕ ис ыстыр хӕдзӕрттӕ,
Дисӕн сӕ хӕссынц.
Се ’рттиваг ӕвзистын сӕртӕй Сгъалытӕ кӕсынц.

Еургуыбын кӕфы дзидзайӕ
Ие стыр къӕбиц - дзаг.
Ехх, ныр дӕр мӕ фындзыл уайы Дардӕй хус ысмаг!

Уӕдӕ йӕм рӕгъӕуттӕ цас и! Бонджындӕр кӕм и!
Ӕрдзӕй, иу цыбыр ныхасӕй, Арфӕгонд фӕцис...

Ӕмӕ цом... Дзӕгъӕл цы бадӕм? Цом, мӕ дзырдмӕ хъус.
Афонмӕ та зарынц адӕм
Нард фынджы уӕлхъус.

Бацӕудзыстӕм хъазгӕ иумӕ Уылӕнты ’хсӕн мах.
Ма тӕрс, ахӕм фурды риуыл Ничима ныссагъд.

Ӕз бынмӕ цӕудзынӕн дурау,
Мемӕ, уыг, ды дӕр.
Ӕмӕ нӕм фӕзындзӕн хурау
Иу ӕвзист къӕсӕр.

Донычызджытӕ нӕ размӕ Рауайдзысты тагъд.
Хъаздзысты: «Мӕн у, мӕн уарзы»...
«Уыг мӕнмӕ куы ’рхауд»...

Бахиздзыстӕм иу хӕдзармӕ,
Рухсы цъыртт дзы нӕй... Фергъуыйау уыдзынӕ тары Фӕхсынты тӕфӕй.

Ӕмӕ февзӕрдзӕн нӕ разы Куывд... Хӕр-иу дє фаг...-
Уыджы цӕстытыл ысхъазыд Диссаджы хъуыддаг.

Хорз, зӕгъгӕ, фӕстагмӕ загъта, Донмӕ дын ныххызт,
Ие стыр базыртӕ ысцагъта - Басхуыста йӕ мыст.

Ахъуырдухӕнтӕ ма кодта... Бамынӕг сӕ хъӕр.
Ӕмӕ хинӕйдзаг ныххордта
Уыджы ’нӕзонд сӕр...

1939 азы 3 декабр.
#калотыхазби
Дæ лымæнтæй дæ иутæ куы фауой, иннæтæ куы стауой, уæд дæ фауджытæм хæстæг балæуу, де стауджытæй дарддæр ацу. (Талмуд)

#гӕдиатысекъа
#зондджынлӕгтыныхӕстӕ
РУВЫНЫ ЗАРӔГ.
Уа-рӕйда, рувын райдыдтой!
Кусгӕ ут, кусгӕ ут, лӕппутӕ!
Ей, кусгӕ, кусгӕ ут, ей!

Уӕ-рӕйдӕ, рӕйдӕ, уӕ-рӕйдӕ!
Размӕ ут иума, лӕппутӕ!
Къӕпитӕ рӕуӕгдӕр рахӕссут!

Размӕ ут, размӕ, мӕ хуртӕ!
Рувӕнтӕ рӕуӕгдӕр рахӕссут!
Кӕрдӕджы размӕ рарувут!

Уӕ-рӕйдӕ, рӕйдӕ, уӕ-рӕйдӕ!
Рарувӕм цырддӕр, лӕппутӕ'!
Фастейӕ чи зайа, худинаг!

Рӕуӕгӕй кӕронмӕ цӕугӕ ут, ей!
Кӕрӕттӕм рӕвдздӕрӕй цӕугӕ ут!
Кӕроны улӕфгӕ кӕндзыстӕм!

#иронзарӕг
ФЫДЫ УАЙДЗӔФ.
Иу лӕг йӕ бирӕ фынӕйгӕнаг магуса фырттӕм афтӕ дзуры:
— Абон райсомӕй ӕз раджыгомау сыстадтӕн, ӕмӕ кӕсут, мӕнӕ туман ссардтон. Дзӕгъӕлы нӕ дзурынц — раджы бадӕг ӕвӕсмон у, зӕгъгӕ.
Фырттӕй йын иу хуыссӕгхъӕлдзӕгӕй, йӕ ком ивазгӕйӕ, афтӕ зӕгъы:
— Баба! Уыцы туман, дӕуӕй раздӕр чи сыстад, уымӕй ахаудта.

Дзгойты Хадзумары ныхӕстӕй йӕ ныффыста Торчынты Таймураз 2003 азы.
#ӕмбисонд
Мӕ зӕрдӕ дын тӕбӕгъыл ӕрбахастон
Мӕхицӕй ӕнӕхӕдзар куы сарӕзтон
'Хсӕвӕй-бонӕй ӕз дӕ уындмӕ фӕбӕллын
Дӕ уарзтӕй таригъӕдтагӕй куы мӕлын...

О чызга-а-ай, мауал ма мӕ хъаз
Баззайын ӕмбисӕхсӕвмӕ стыр уынджы
О хуыцау, кӕм ис амонд мӕгуыр лӕджы
Баззайын ӕмбисӕхсӕвмӕ стыр уынджы
О хуыцау, кӕм ис амонд мӕгуыр лӕджы

Арвитин дӕм минӕвӕрттӕ, о мӕ бон
Фӕлӕ уый кӕмӕн бауыдзӕнис йӕ бон
Уадз фехъуса мӕ зарджытӕ дӕ бӕлон
Уый фарнӕй мӕ уарзондзинад бакодтон

О чызга-а-ай, мауал ма мӕ хъаз
Баззайын ӕмбисӕхсӕвмӕ стыр уынджы
О хуыцау, кӕм ис амонд мӕгуыр лӕджы
Баззайын ӕмбисӕхсӕвмӕ стыр уынджы
О хуыцау, кӕм ис амонд мӕгуыр лӕджы

Бацӕуын та ӕз ӕввахс мӕ балконмӕ
Мӕ зӕрдӕ куы нал фӕкӕсы мӕ коммӕ
Фенын дзы дӕ мады бирӕгъ цӕстӕнгас
Бацӕуы мӕ зӕрдӕйы ӕвирхъау маст
#иронзарӕг
Кодзырты Дзӕрӕхмӕты зарӕг.
Кодзырты Дзӕрӕхмӕт уыди цыппӕрдӕсаздзыд лӕппу. Иу хатт Заманхъулы фӕсивӕд сӕхи сцӕттӕ кодтой мӕнӕу ласынмӕ Мӕздӕгӕй, ӕмӕ Дзӕрӕхмӕт дӕр семӕ ацыди. Заманхъулӕй куы рафардӕг сты, уӕд Кискеммӕ ӕввахс сӕм мӕхъхъӕлон абырджытӕ ӕрбалӕбурдтой, ӕмӕ сын сӕ бӕхтӕ исынмӕ хъавыдтой. Фӕсивӕд сӕ гӕрзтӕ аппӕрстой, ӕрмӕст Дзӕрӕхмӕт нӕ басаст, уый сыл ралӕууыд мӕхъхъӕлон абырӕджытыл, цалдӕры дзы амардта, ӕмӕ ахӕлиу сты мӕхъхъӕл. Йӕхӕдӕг дӕр зын цӕфтӕ фӕци, фӕстӕмӕ ма рараст ис, мӕрдты ма сӕ хъӕумӕ сласта, фӕлӕ куыддӕр Заманхъулмӕ ӕрбахӕццӕ, афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр уӕззау цӕфтӕй фӕмард.
#таурӕгъ
КОДЗЫРТЫ ДЗÆРÆХМÆТЫ ЗАРӔГ.
Абон Мæздæгмæ фæцæуæм!
Æллæх æмæ, цы кæнæм?
Уæй, уæ-уæй, Мæздæгмæ, зæгъ, фæцæуæм…
Кодзырты Дзæрæхмæт!
Ей, уæй тох!

Абон Мæздæгмæ цæудзыстæм…
Уæй, сырх мæнæутæ ласынмæ!
Уæ, уæ-уæй, Мæздæгмæ, зæгъ, фæцæуæм…
Кодзырты Дзæрæхмæт!
Ей, уæй тох!

Уæй-уæй, горæты дохтыртæ…
Уæй, æнæ мæлгæ дæндаг дæр нæ бæттынц!
Уæ, уæ-уæй, Мæздæгмæ, зæгъ, фæцæуæм…
Кодзырты Дзæрæхмæт!
Ей, уæй тох!
#иронзарӕг
Forwarded from Агуындæ
Цыргъ æхсаргард уæлахиз кæны мах знагыл. Хорз ахуырдзинад ирвæзын кæны мах фыдбылызæй.

#гӕдиатысекъа
#зондджынлӕгтыныхӕстӕ
Forwarded from ХОХ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хох - Balcy Zaræg

Let’s go balcmæ, æfsymærtæ!
Iwmæ wæm💪🏻

Песня написана на стихотворение великого Коста Хетагурова.
Он хотел обьединить наш народ и я сделаю все, что в моих силах, чтобы продолжить его дело.

Песня доступна для скачивания на всех цифровых площадках👌🏻

#хох#balcyzaræg#балцызарæг#allyouneedisxox#владхохойти
БАЛЦЫ ЗАРÆГ

Цæйут, æфсымæртау,
Раттæм нæ къухтæ
Абон кæрæдзимæ,
Иры лæппутæ!..

Скæнæм нæ тырыса
Дзыллæйы номæй.
Рухсмæ æнæзивæг
Цомут æнгомæй!..

Растдзинад уарзынæй
Скæнæм нæ фæндаг...
Гъе, мардзæ, магуса!
Фесæф, нæуæндаг!..
ХӔМЫЦАТЫ ХӔМЫЦЫ ТАУРӔГЬ.
Иу чызджы бирӕ курджытӕ уыдис. Йӕ авд ӕфсымӕры алы хъӕумӕ ныххабар кодтой. Чызг касти йӕ мӕсыгӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ ничи цыди. Ӕфсымӕртӕ сарӕзтой фынг, ӕмӕ йӕ йӕ бӕхыл чи рахастаид ӕнӕ фезмӕлгӕ, уымӕн лӕвӕрдтой сӕ хойы. Фӕлӕ никӕй армы ӕфтыди уыцы хъуыддаг. Хӕмыцаты гыццыл Хӕмыц, хохаг лӕг, йӕхи барӕвдз кодта ӕмӕ курджыты ’хсӕн балӕууыди. Ныззылди йӕ бӕхыл, фынг фелвӕста ӕмӕ йӕ рӕвдз нывӕрдта, ӕмӕ чызг рахаста йӕ райгуырӕн бӕстӕм — Стыр Дыгурмӕ. Ацы дунейы йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады фӕллӕйттӕ чи фыста? Хӕмыцаты гыццыл Хӕмыц — хорз сӕ схаста сӕ рамӕлӕтмӕ.

Езеты М. ныхӕстӕй йӕ ныффыста Хӕмыцаты Тамарӕ 1961 азы Гӕлиаты. ЦИГСИИ-йы архив, ф. 420, п.117.
#таурӕгъ
ХӔМЫЦАТЫ ХӔМЫЦЫ ЗАРӔГ. Стыр хъӕздыг
Тасолтанты Тасолтан базӕронд. Ӕрӕмбырд кодта йӕ авд фырты: «Мӕнӕй пайда нал ис. Бавӕрут мӕ.
Уӕ иунӕг хойы дӕтгӕйӕ хъӕздыгдзинадмӕ ма бабӕллут.
Лӕгдзинад кӕмӕ ис, ахӕмӕн ӕй раттут, —
Ногъайӕ сӕдӕ бӕхы хъуамӕ ӕртӕра».
Бавӕрдтой кадимӕ Тасолтаны. Рацыд рӕстӕг. Цӕуынц курджытӕ.
Цӕуынц кусджытӕ.
Абадт йӕ бӕхыл Хӕмыцаты Хӕмыц.
Ӕрцъыччытӕ йӕ кодта.
Ӕрбатардта Тасолтанты Тасолтаны уӕрӕх кӕртмӕ сӕдӕ бӕхы:
Фыды бӕх, мады бӕх, сиахсы бӕх.
Нӕ йӕм хизы уӕладзыгӕй хъал Фатъимӕт.
Иннӕрдӕм сӕвӕрдта Хӕмыц йӕ саргъ.
Ӕрхызт Фатъимӕт. «Дӕ саргъ сӕвӕрынӕн куы нӕ дӕ,
Бӕхыл бадынӕн — афтӕ,
Уӕд дӕ цӕй ус курыны мӕт ис?»
«Сӕвӕр мын ӕй». — Сӕвӕрдта йӕ. «Ӕххӕст-ма мын бӕхыл бадын дӕр ацамон!»
Абадти.
Цы ма хъуыд чысыл Хӕмыцы, — Афардӕг ӕй кодта.
Бауарзтой кӕрӕдзийы.
Иучидӕр бафидис кодта Тасолтанты Тасолтаны фырттӕн: «Стыр Дыгуры уын уӕ хойы мӕрзӕг ӕмӕ къӕхтӕхсӕгӕй дары».
Ссыдысты авд ӕфсымӕры. Ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фехстой. Бацыдысты Фатъимӕтмӕ.
«Цӕмӕн мӕ фенамонд кодтат? » «Цом», — зӕгъы хистӕр. Акӕнон, дам, мӕ дзаумӕттӕ.
Ӕрӕгмӕ куы цыд, уӕд кӕстӕр бӕрӕггӕнӕг бацыд.
Амардта йӕхи йӕ лӕджы фӕстӕ Фатъимӕт.

Ныффыста йӕ Голиаты Ванойы фырт Умар.
#иронзарӕг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Адӕмы сфӕлдыстад, адӕмы хӕзна Хӕмицати минкъий Хӕмиц.

#адӕмысфӕлдыстад