IRON ARGHAW
927 subscribers
1.15K photos
416 videos
362 files
310 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Вышла песня в моем исполнении на стихи Коста «Ракæс»
.
Видеоряд из фильма "Возвращение Коста"
.
Жду ваши комментарии ☺️
Forwarded from Фидиуӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Ӕнӕ ирон ӕвзаг нал ис ирон адӕм дӕр ӕмӕ ахуыр кӕнут ӕмӕ дзурут иронау!

@ironkanal
Forwarded from Фидиуӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Фарн уӕм бадзурӕд нӕ Ирыстоны адӕм!

1 октябры Дыгургомы уыдзӕн стыр бӕрӕгбон Уастырджийы куывд!

Ӕмӕ уегасмӕ дӕр хонӕг стӕм!

Иумӕйагӕй бакувӕм нӕ сугъзӕрин Уастырджимӕ, хорз ахъаз нын кӕнӕд!

@ironkanal
Forwarded from Фидиуӕг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Рыздӕхут лӕппутӕ, рыздӕхут нӕхимӕ! Сымах стут цардӕн йӕ рӕсугъддӕр фӕрдгуытӕ! Сӕмбӕлут дзӕбхӕй уӕ хъарм хӕдзӕрдтыл!

Уадз ӕмӕ кафой нӕ тырысайыл зӕринхуры тынтӕ ӕмӕ кува Ирыстон ӕртыгай кӕрдзынтӕй!

@ironkanal
Forwarded from Фидиуӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Сухумы абон абхазаг ӕмӕ адыгаг тырысатимӕ хастой ирон тырыса дӕр.

Ацы хъуыддагӕй нӕ абхазон ӕфсымӕртӕ бахахх кодтой ирӕтты ӕххуысс сӕ Фыдыбӕстӕйон хӕсты гуырдзыйы ныхмӕ.

@ironkanal
МӔ МАД ЧАБÆХАНЫ НЫХÆСТӔ.
Тыхлæвæрд мæ ракодтой... Къæйныхгомау чызг уыдтæн, арæх мæ надтой бинонтæ. Дыууæ азы фæцардтæн Бызы мæ мады ’рвадæлтæм — Бутатæм, мæхи æмбæхстон... Хъазтмæ дæр нæма цыдтæн, афтæмæй мæ моймæ лæвæрдтой Хъайттатæн...Тыхлæвæрд мæ кодтой. Сиахс куы ’рбацыд, уæд бамбæхстæн. Куы нæ куымдтон, уæд мæ мæ фыд мардта.
— Нæ уыдзæн ацы хъуыддаг, амар мæ дæ хъамайæ, — загътон ын æз.
Радтой мæ уæддæр. Мæ кармæ гæсгæ мыл сауджын дæр нæ аргъуыдта (аргъуыдтой æхсæрдæсаздзыдæй).
Ирæд бафыстой Хъайттатæ мæ фыдæн 2 хъуджы, 42 фысы, 18 туманы. Хуын куы ’рбахастой, уæд бамбæхстæн. Æртæ боны нæм фесты хуындзаутæ. Æнæ мæн фенгæ нæ цыдысты. Ме ’фсымæр мæ æртыккаг бон къуымбилты ссардта. Агургæ та мæ кодта къуымбилты сагойæ, фæрæхуыста мæ æмæ ныхъхъæр кодтон.
Цы кæныс, «Теууæдз», зæгъгæ, йыл фæхъæр кодтон æмæ скуыдтон. Ралыгътæн. Сиахс Тотырбег фæтæргай æмæ быдырмæ алыгъд. Æрыдонмæ, Цогойтæм, йæ мады ’рвадæлтæм...
Уый фæстæ нын нæ цард баиу кодтой.

Хъайттаты С. Х.«Ирон хабæрттӕ»– Дзæуджыхъæу: Ир, 2009
Forwarded from Борисовна (Позывной "Пантера"🇷🇺)
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🆘️🆘️🆘️
Всем добрый вечер.
Сумма сбора - 342.000р.
ФОНД СБОР НЕ ВЕДЕТ!
ФОНД ПОМОГАЕТ,ПО ФАКТУ ЛИЧНОГО ОБРАЩЕНИЯ СУПРУГИ ГЕОРГИЯ.
ВСЕ СРЕДСТВА- ПЕРЕВОДИТЬ НА КАРТУ СУПРУГИ.
Карта указана на видео.
Огромное всем спасибо.
ВСЯ ИНФОРМАЦИЯ - @fati.tedeeva
Пожалуйста, делайте репост.
Это очень важно.
Спасибо.
Forwarded from Фидиуӕг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Кæддæр Ирыстоны алы комы дæр уыд кадæггæнджытæ, таурæгъгæнджытæ.

Уыцы æвзæрст лæгтæн-иу Хуыцауæй уыд лæвæрд стыр æмæ кадджын курдиат – зæрдыл фидарæй дарын фыдæлтыккон таурæгътæ æмæ сæ зынаргъ фæрдгуыты бастау дарддæр дæттын фæлтæрæй фæлтæрмæ.

Ахæм лæгтæй иу у Ходыхъæуккаг Едзиты Андрей. Цы бирæ таурæгътæ бахъуыды кодта йæ сабибонты, хистæртæм хъусгæйæ, уыдон абон дæр хорз зоны.

@ironkanal
Forwarded from Фидиуӕг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Æнкъард зарæг ирон адæмы стыр трагедийы тыххæй.

Фыццаг хатт телеуынынады "Уацамонгæ" зары "Туркмæ цæуæг ирон мухаджирты зарæг".

🤍❤️💛 @ironkanal
ÆЛГЪЫСТ.
Даредзантæм уыд хорз цæхæрадон. Уыдысты бирæ æфсымæртæ, æмæ сæ æфсымæртæй иу уыд Домбай. Иу заман сæ дыргъдонмæ фæцахуыр сты уæйгуытæ — авд æфсымæры. Уыдон цыдысты цæхæрадонмæ дыргьтæ хæрынмæ. Уæд иу бон къулбадæг ус Даредзантæн бафидис кодта: «Гъе-уæууæй Даредзантæ, фесæфат, фесæфат, дæлæ та уын уæ цæхæрадоны куы хизынц уæйгуытæ, гæджанытаты хуытæ!» (Афтæ уæйгуыты хуыдтой). Уæд Даредзанты Домбай рацыд уæйгуытæм æмæ сæ марынтæ байдыдта. Сæ бæрзæйыл сын-иу цирхъ авæрдта, æмæ-иу сæр ахауд.
⬇️⬇️⬇️
Фæлæ та-иу сæртæ фæстæмæ аныхæстысты. Уæд уæйгуыты хо дзуры Домбаймæ: «Тагьддæр сыл фæнык æрбакалут, мауал сæ лыгтæ кæнут». Æмæ афтæ кæнын куы байдыдтой, уæд сæртæ нал ныхæстысты. Уæйгуытæн сæ хо Даредзанты ус уыд æмæ йæ уæйгуытæ, йе ’фсымæртæ, исгæ кодтой. Домбай ныццагъта уæйгуыты, æмæ ма дзы фæстагмæ иу баззад — уый уыд авдсæрон. Ацы уæйыг куырдта, цæмæй йын йæ сæр ныууадзой, йæ фæндыл Даредзантæ куы нæ сразы сты, уæд сæ ралгъыста: «Хæрз сæфт фæут, Даредзантæ, уæ мыггагæй иу дæр куыд нæ уал баззайа». Уый куы айхъуыста сæ хо, уæд та сæм дзуры: «Тагъд ыл фæнык бакалут, кæннод ма истытæ зæгъдзæн — ноджыдæр ма уæ ралгъитдзæн, æмæ уæйгуытæн сæ æлгъыст цæуаг у». Æмæ йыл уайтагъддæр фæнык бакалдтой æмæ ницыуал загъта. Фæлæ Даредзантыл йæ æлгъыст æрцыд æмæ бабын сты.

Хъайттаты С. Х.«Ирон хабæрттӕ»– Дзæуджыхъæу: Ир, 2009.

#даредзантыкадджытӕ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ирон театры хӕзнадонӕй! Спектакль "Усгур Гаци"-йӕ. Уӕхӕнӕз-Балаты Валодя. Гаци - Бирӕгъты Къоста.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хаджеты Таймураз…
Forwarded from Фидиуӕг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📚 Алы ирон адӕймаджы дӕр фӕфӕнды Къостайы рухс номӕн исты лӕггӕдты бацӕуын, бабуц ӕй кӕнын, ирдӕй йын равдисын йе 'сфӕлдыстад, ӕнкъарӕнджынӕй йын рахӕссын йӕ сагъӕстӕ.

Журнал "Мах дуг" -ы кусджытӕ дӕр сфӕнд кодтой ӕмзиууонӕй Къостайы ӕмдзӕвгӕ "Тӕхуды" бакӕсын!

Бафӕлвар ды дӕр де' мкусджытимӕ!

#журналмахдуг
#къоста #тӕхуды
@ironkanal
Г. В. БАЕВ — КОСТА ХЕТАГУРОВУ.
Мæ уарзон æрдхорд, нæ Иры æнхъæлцау æмæ рæбинаг цæджындз, Хетæджы фырт Къоста!
Æппын дын нæма у афон рабадын? Цавæр сæфты низ дыл бахæцыдис! Тагъд, нæ цæргæс, дæ райгуырæн уарзон хæхтæм ратæх æцæгæлон дард бæстæтæй æмæ дæ сызгъæрин хæтæлæй тохы зарæг ныккæ нæ Ирæн! Рагæй æнхъæлмæ кæсæм мах дæ диссаг зарджыты чиныгмæ. Бафæллад хъиамæтты астæу мæгуыр ирон зæрдæ! Дæ зарджытæ æлутоны хуызæн фæуыдзысты нæ мæгуыр адæмæн. Цæмæй тæрсыс, нæ иунæг æгъдынцой!?
Æгъгъæд нын у, дæ чиныджы куы ссарæм: «Хъуыбады»,«Æвсати», «Мæ Иры фæсивæд»,«Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг кæуæгау фæзына мыййаг!»,«Чи дæ?», «Кипиани, рухсаг»,«Хъазтæ», «Рувас»—чысыл рæсугъд чиныг уыдзæн, æмæ дзы иу дыууæ мин екземпляры джыппы ауадздзыстæм æмæ йæ алырдæм æрвитдзыстæм, суанг фæсхох Ирмæ!
Стыр рухс уыдзæн уыцы чиныг нæ дзыллæйы зæрдæйæн! Чи фыссы, уыцы фæсивæд тыхджындæр сæ зæрдæ ратдзысты уыцы стыр хъуыддагмæ. Æппындæр хардзы тыххæй гуызаввæ ма кæ, уымæн æмæ ахæм стыр хъуыддаджы тыххæй æхца ссардзыстæм...
1898 аз.
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ныфс
Хетӕгкаты Къоста
Кӕсы - РЦИ-Аланийы адӕмон артист Битарты Алыксандр

#журналмахдуг
Заслужи нагрудный знак Æ-тест!

Ко дню рождения Хетæгкаты Къоста на сайте ОО "Ирон Федерация" www.ironfed.ru вновь запущено он-лайн тестирование на знание осетинского литературного языка "Æ-тест".
ПЕРВЫЕ 1000 человек!!!, успешно прошедшие тестирование вновь получат именные награды от имени Миннаца РСО-Алания - нагрудные знаки отличия "Æ-тест" - литой металлической осетинской буквы "æ" в золотом, серебрянном или бронзовом исполнении (в зависимости от результата тестирования) и именные удостоверения к ним.
Тестирование проводится третий год подряд. В 2019-2022-х годах его прошли свыше  18 тысяч человек. География участников охватывает многие субъекты РФ, Турцию, США, страны Западной Европы и бывшего СССР.
Правовое сопровождение мероприятия осуществляет АНО "Республиканский центр правовой поддержки "Аттикус".
В этом году также добавлен новый блок тестовых вопросов.

Тестирование можно пройти по ссылке:  https://ironfed.ru/ae-test/

Наши каналы в Телеграм:
https://t.me/ironfederacy

https://t.me/centeratticus