IRON ARGHAW
928 subscribers
1.16K photos
424 videos
362 files
316 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Чеджемты Ахсар
ХÆЛÆГ

Ис царды уæззау низ,
Уый хонынц хæлæг.
Хæлæгнизæй садис
Æнамонд хæрæг.

Йæхицæй хуыздæрмæ
Фырмæстæй тыдта.
Бæхы къæхты хъæрмæ
Уый кодта æрра.

Хылмондаг, тæлтæгæй
Йæ комы фынк калд.
Йæ гыццыл сæфтæгæй
Уыд алчи хъыгдард.

Уæд федта фырхъалæй
Бæх кафгæ куыд цыд,—
Зæххы цъар дæндагæй
Хæрынмæ æрцыд.

Ныууасыд, ныззылди,
Стæй райхъуыст хъæрзын:
«Ох, мæнæ цы зын у
Æфсургъмæ кæсын».

Æрлæмæгъ, æрхауди,
Æруагъта йæ сæр.
Йæ хъустыл ма уади
Бæхы къæхты хъæр.

Уæззау низ æнахуыр
Йæ хурхыл хæцыд,
Йæ йу цæст ныдздзагъыр,
Йæ иннæ æрцъынд.

Гъе уый дын йæ хъуыддаг,
Гъе уый дын йæ цард.
Æвзæр фосы мыггаг
Æвзæрæй ныммард.

Ӕмдзӕвгӕ кӕсы РЦИ-Аланийы адӕмон артист Колыты Владислав.
#ӕмдзӕвгӕ
#чеджемтыахсар
Дыгургом.
Forwarded from Mikhoshka