IRON ARGHAW
976 subscribers
1.22K photos
446 videos
373 files
328 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Forwarded from Фидиуӕг
🖥 Рацыд журнал "Мах дуг" -ы радон номыр. Тагъд уӕм хӕццӕ кӕндзӕн! Чи йӕ нӕ рафыста, уыдонӕн та йӕ сӕ бон балхӕнын у дуканитӕ: "Аллон-Биллон", "Забава" ӕмӕ "Сказка"-йы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
1929 аз. Хохы цӕрджытӕ сӕхи фыссынц кӕнынц колхозонты номхыгъды.

#журналмахдуг #рагонкъамтӕ
ЦАРЦИАТЫ РАВЗÆРД

1. Царциаты равзæрд
Уæд иу ахæм арвы дуар фегом вæййы, уарын райдайы æмæ къæвда къæрта кæлæгау ныккæлы, арвы тыгъдадыл цыхцырæгтæ равзæрди. Уый Хуыцау йе ’мвынгонтимæ бадти æмæ кæй нуæзтой, иннæйы калдтой.
Хуыцауы фынгыл бадтысты зæдтæ æмæ дауджытæ æмæ уыдоны æмбæлттæ. Уым уыдысты Хур æмæ Мæй дæр, фæлæ расыгæй Хуыцауы хонгæ уæвджытæ æрра митæ куы кодтой, уæд уыдон фæтæргай сты æмæ сæхи райстой. Уæды заманы æхсæв æмæ бон нæ уыдысты. Иугæндзон рухс уыди дуне. Хур æмæ Мæй радыгай тавтой зæдты, дауджыты, уыдоны æмбæлтты.
Хуыцау та рæгъытæ кæны, фæлæ акасти æмæ йæ хуынды нал уыдысты Хур æмæ Мæй. Хуыцау фæрсы:
— Уæдæ Хур æмæ Мæй цы фесты, кæдæм фæцыдысты?
Зæдтæй йæм чидæр бадзырдта:
— Табу дæхицæн, Хуыцау, фæлæ фæцыдысты.
Хуыцау сæм фидиуæг фервыста. Фидиуæг Хурмæ ахæццæ ис æмæ йын зæгъы:
— Хуыцау дæм сиды.

Дарддæр кæс ам👇👇👇
https://vk.com/wall-217634055_1037

#журналмахдуг #царциата
Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы бонмæ журнал «Мах дуг» расидт конкурс «Фыстæг Къостамæ».

Бафæлвар ды дæр дæхи, рахæс дæ хъуыдытæ гæххæтмæ, зæгъ дæ зæгъинæгтæ ирон адæмы фæтæгæн, радзур ын дæ цинтæ æмæ дæ хъыгтæ, байгом кæн дæ зæрдæйы дуæрттæ...

Архайджытæ кармæ гæсгæ дих цæудзысты дыууæ къордыл:
14 азæй 35 азмæ;
36 азæй уæлæмæ.

Домæнтæ:

Фыстæг хъуамæ фыст уа ирон æвзагыл. Текст мыхуыргондæй æртæ сыфæй фылдæр ма уæд. Æнæмæнг дзы фæбæлвырд кæнын хъæудзæн авторы тыххæй æрмæг: мыггаг æмæ ном, кæд райгуырд, кæм цæры æмæ цы кусæг у, уый. Скъоладзауты  фæбæрæг кæнын хъæудзæн кæцы скъолайы ахуыр кæнынц,  ахуыргæнæджы ном æмæ мыггаг.

Конкурсы къæпхæнтæ:

    1-æм июлæй 15-æм сентябрмæ фыстæг æрбарвитын хъæудзæн  нæ электрон адресмæ: mahdug@mail.ru  «КЪОСТА-165» дзы фæнысан кæнгæйæ;
   16-20-æм сентябры къамисы уæнгтæ сбæрæг кæндзысты уæлахиздзауты;
     Уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцæудзысты октябры мæйы, Къостайы номыл литературон-поэтикон изæр «Весь мир мой храм»-ы Дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Фыстæджытæ мыхуыргонд æрцæудзысты журналы 11-æм номыры – Къостайы номыл сæрмагонд рауагъды;
     Къамисы уæнгтæ ма хуыздæртыл цы фыстæджытæ банымайой, уыдон та уагъд æрцæудзысты хицæн къаннæг чиныгæй. 

Бæлвырддæр æрмæг базонæн уыдзæн журналы сайты, нæ сæрмагонд фæрстыл  Телеграм-канал æмæ ВК-йы. 

#ЖурналМахДуг #Конкурс #Коста #ФыстæгКъостамæ #уæлахизУ
УАСÆДЖЫ ТАУРÆГЪ

Раджы кæддæр Уасæгæн йæ боцъо æмæ йæ къоппа уыдысты урс-урсид. Миты гæлæбуйы хуызæн.
Иу сæумæрайсом куыроймæ фæндагыл уасæг ссардта хоры нæмыг. Замманай хоры нæмыг!
— Хъо-хъо-хъо-хъо!!! — басидт кæрчытæм.
Кæрчытæ æзфæраздæронæй тахтысты алырдыгæй. Фæлæ Уасæг хоры гага ахордта йæхæдæг. Æмæ тынг фæхудинаг. Æмæ тынг фефсæрмы. Йæ боцъо, стæй йæ къоппа сырх-сырхид афæлдæхтысты. Зырзыраг дидинæджы хуызæн.

ЧЕДЖЕМТЫ Геор сывæллæттæн

#журналмахдуг #сывæллæттæн #радзырд