IRON ARGHAW
933 subscribers
1.21K photos
437 videos
368 files
324 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Forwarded from zærvatkk
Премьера
Forwarded from IrystonTV
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дауыраты Дамиры публицистон уацмыстæ чысыл не сты, ирдæй æвдисынц авторы курдиат. Ацы рауагъдæн райстам йæ чиныг «Уыцы зондджын тугдзых» æмæ дзы иу къорд дзырды равзæрстам.

📺Смотрите новый выпуск программы «Судзаг æвзаг» 15 июля в 20:30
на телеканале «Осетия-Ирыстон».
МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ ХÆЙРÆГ.
Раджы ма, раджы цардис æмæ уыдис иу мæгуыр лæг. Цардис зæххы куыстæй æмæ йæ бирæ бинонты ницы цух уагъта. Йæ хуымы гæппæл афтæ хæрзбæстон куыст кодта, æмæ йын иу хоры æрцыдæй, иннæ хоры æрцыдмæ фагæй уæлдайдæр кодта. Хæйрæгмæ дис кастис, мæгуыр лæг ахæм хъæздыг тыллæг куыд райсы. Иуахæмы сфæнд кодта мæгуыр лæгыл фембæлын. Уыд сæрды тыллæг æфснайыны рæстæг. Мæгуыр лæг йæ хуым карста.
Хæйрæг йæ уæлхъус æрбалæууыд. Салам ын радта æмæ йын афтæ зæгъы:
- Бирæ бæстæтыл фæзылдтæн, фæлæ ахæм хор æрзайгæ никуыма федтон. Куы аулæфис æмæ куы аныхас кæниккам. Мæгуыр лæг бамбæрста хæйрæг æй кæй сайдзæн, йæ хоры бæркад ын кæй ахæсдзæнис, уый, æмæ йын афтæ зæгъы:
- Абон мæ не ’вдæлы. Кæд дæ мемæ аныхас кæнын фæнды, уæд анымай къуырийы бонтæ æмæ дзы уæлдай кæцы бон разына, уыцы бон æрбацу æмæ аныхас кæндзыстæм.
Хæйрæг ацыд æмæ къуырийы бонтæ нымайы куы размæ, куы фæстæмæ, æмæ дзы уæлдай бон не ссардта æмæ уыцы бонæй мæгуыр лæджы æмгæрæтты нал ацыд.
⬇️⬇️⬇️
Афтæ мæгуыр лæг йæ зонды фæрцы фервæзтис хæйрæгæй.

#аргъау
#дудайтыгерсан
Forwarded from Цӕра (Цæра)
Дауыраты Дамиры чиныг «Уыцы зондджын тугдзых»-æй равзæрстон къорд дзырды:

*ТУАЦЪÆ: «Туацъæйы суадон — мæ тæрсæн бынат»
*АУÆЗТ: «Махæн-иу Даргъдонуайæн бацауазынæй хуыздæр мацы ратт»
*ХЪОРГЪ: «Фæндагыл бирæгъы хъоргъыл сæмбæлдысты, ныббырыдысты дзы æмæ йын йæ лæппынты рахастой»
*ДЖИДÆ: «Йæ иунæг ныфс — йæ фарсыл баст джидæ фæрæт»
*НУК: «Фæлæ куыройы нуктæй иуыл йæ тъæпп фæцыд æмæ йæ уый бынмæ йæ фæдыл аскъæфта»
*ГУЫФФÆ:«Иу машинæйы гуыффæйы кæттагæй æмбæрзт мæнæуыл нæхи ауагътам»
*МÆСКЪ:«Мæсчъы адагæй чысыл фалдæр»
*УИРАГ: «Фæндаджы былыл дзæгьæл æппæрст уираг дурыл æй сцыргь кодта»
*ÆМБАТЪÆ: «Хосы æмбатъæйы сæр хуыссæм, уынæртæм хъусæм»
*ГÆБЫНА: «Æхсæвы чысыл рагæбына кодта»
*ÆРГЪÆВÆГ: «Ме ’нгуылдз уазал æргъæвæгыл æрæвæрдтон».
https://www.youtube.com/watch?v=mQreE55iRS4
НОГ ДАВÆГ.
Иу лæг давджыты цардмæ бабæллыди æмæ ауæй кодта йæ исбон иууылдæр. Ссардта йæхицæн саргъ, бæх, топп æмæ арасти æвзæргæнджытимæ.
Æмбисæхсæв иу хæдзармæ бацыдысты, æмæ сæ хæдзары хицау топпæй рагæрах кодта. Нæмыг ног давæджы сæрыл сæмбæлди; уæд æм йе ’мбæлттæ фæлæбурдтой æмæ йæ хъæугæронмæ ахæццæ кодтой, æрæвæрдтой йæ. Иу йæ къух цæфы атъыста æмæ фæрсы:
— Цымæ йын йæ магъз бахъыгдардтаид, йæ магъз?
Уæд æм цæф лæг йæхæдæг дзуры:
— Нæ, уымæ кæцæй бахæццæ, магъз дзы ӕппындæр куыннæ ис.
— Ау, уый та «уыд? Магъз та дзы куыннæ ис?
— Нæй, уым магъз куы уаид, уæд мæ бындуртæ нæ ныууæй кодтаин æмæ мæнæ ацы ран, кæйдæр хъæугæрон, æмбисæхсæв куыдзы мард нæ кæнин.

,,Ирон хъæлдзæг ныхæстæ æмæ фыдæлты æмбисæндтæ". Берлин— Дэæуджыхъæу, 1924, ф. 9.
Forwarded from Woodwork_galau (***Valek)
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Подведём итог проделанной работы …))
ХЪÆДДЗАУ.
Иу фæззыгон бон зæронд ацæргæ лæг йæ лæппуйæн афтæ зæгъы:
- Зымæг æрæввахс кæны æмæ нæ суг æрласын хъæуы хъæдæй.
Лæппу йæ галтæ уæрдоны баифтыгъта æмæ араст хъæдмæ. Стыр æгæндæг хъæды астæу йæ галты су- агъта æмæ хизынц фæззыгон цъæнут кæрдæгыл. Иучысыл аулæфыд, стæй уæрдонæй райста йæ фæрæт. Фæкомкоммæ хъæддзау иу бæрзонд рæхснæг бæласмæ æмæ загъта:
- Ацы бæлас мæ ’гас зымæг рахæсдзæнис.
Бæласмæ аныр бавнала калынмæ, афтæ йæм бæлас æрдзырдта:
- Хорз хъæддзау, мæ тæригъæды ма бацу. Ма мæ ракал, хорз дын нæ рауайдзæн.
Хъæддзау хорзау нал фæцис. Æрбадт, йæ фæрæт йæ фарсмæ æрæвæрдта æмæ сагъæссаг хъуыдыты аныгъуылд.
Уæд та йæм бæлас ногæй æрдзырдта:
- Бауадз мæ цæрын, æрæййафон зæронды бонтæ. Уæлæ дæ алыварс бæрзонд зæронд бæлæстæ. Ралыг кæнын дын сæ нæ хъæуы. Рафæлдах сæ къухæй æмæ дæ уæрдон байдзаг кæн.
Хъæддзау йæ уæрдон байдзаг кодта æмæ рафардæг. Изæры йæ фыдæн бæласы хабар радзырдта. Уæд ын йæ фыд афтæ зæгъы:
- Зæронд бæлæстæ се ’нус батыдтой. Базæронд сты. Зæронд та мæлæты нысан у. Зæххыл æнæмæлгæ дуне нæй, мæ хур. Мах цардау, бæлæсты цард дæр афтæ у.
Уæдæй фæстæмæ хъæддзау рæзæн, æвзонг бæлас никуыуал ракалдта æмæ фæдзуры:
- Æрдзы сусæгдзинæдтæ уыйбæрц бирæ сты æмæ сæ адæймаг нæма базыдта... Кæронмæ.

#дудайтыгерсан
#радзырд
Forwarded from Осетия - [æ]
Старик #осетин Картина Вадима Каджаева.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуыджыхъӕуы Гергиты В. номыл аивӕдты колледжы ирон адӕмон инструментты ансамбль.

Ирон кинонывтыл ист мелодитыл сюитӕ.

#иронзӕлтӕ
ХЕТÆДЖЫ ТЫХХÆЙ.
Раджы заман Кæсæджы бæсты цардис Инал. Иналæн уыд æртæ фырты: Хетæг, Биаслан æмæ Тасолтан. Хетæг кодта чырыстон дин. Æфсымæртæ йæм уый тыхкæй фæхæрам сты æмæ райдыдтой зилын, цæмæй Хетæджы амарой.
Хетæджы мыггаг, сæ хæстæджытæ бауынаффæ кодтой, цæмæй се ’хсæн мауа чырыстон дингæнæг. Ацы хабар Хетæгæн бамбарыи кодта йæ хæлар. Хетæг уый бамбаргæйæ бæхыл абадт æмæ ралыгъдис. Ие ’фсымæртæ куы базыдтой, Хетæг алыгъд, уый, уæд йæ фæдыл фæфæдис сты æмæ йæ Æрджынарæгмæ фæсырдтой Хетæг æрбаирвæзт Суадагмæ. Уæд æм хъæдæй фехъуысти хъæр: «Хетæг хъæдмæ», зæгъгæ.
Фæлæ йæм Хетæг ахъæр кодта: «Хетæгæн йæ бон хъæдмæнал у, фæлæ хъæд Хетæгмæ». Уый адыл хъæды æрдуз Бирæгъзæнджы сæр хъæдæй фæхицæн æмæ Хетæг кæм уыд, уым æрбадти. Хетæг фервæзтис йе ’знæгтæй. Уым иу афæдзы бæрц фæцард. Уый фæстæ, йæхицæн куыд тарстис, уымæ гæсгæ балыгъд, Уæлладжыры коммæ. Бацыди Зæрæмæджы хъæуы , цæрæг Бигъуыламæ. Бигъуыла йын иукъорд азты фæстæ радта йæ чызджы æмæ цæрæнбынат, Нарыхъæу кæм ис, уым.
Ацы зæххы сбæрæг кодта Хетæг йæхæдæг, байтыдта дзы хоры мыггаг æмæ фæззæг (хорз куы ’рзадис, уæд йæ зæрдæмæ тынг бацыд. Уымæ гæсгæ, Бигъуыла дæр радта Нары бæстæ Хетæгæн.

Радзырдта йæ Гиоты Никъолоз Джисойы фырт, 110- аздзыд, 10 июль;1932 аз, Бабиаты хъæу. Ныффыста йæ Цæллагты М., ЦИНИИ-йы архив, фольклор г№ 23, папкæ 15, ф. 30.
Forwarded from PAN CAUCASUS
Герои осетинской мифологии. Иллюстрации Игоря Лотиева.

#арт