IRON ARGHAW
963 subscribers
1.22K photos
441 videos
373 files
326 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн. 1999 аз.

Ирон адæмы бæрæгбæттæ æмæ æгъдæуттæ... Уыдон сты адæмы æнусон хæзнатæ, адæмы удварны гуырæн суадæттæ...
«Ирон æгъдæутты» чиныг æхсызгонæй бакæсдзысты скъоладзаутæ æмæ студенттæ, ахуыргæндтæ æмæ æппæт чиныгкæсджытæ: ирон адæмы удварн зынаргъ кæмæн у, ирон адæмы хъысмæт йæ зæрдæмæ хæстæг чи айста, уыдон се ’ппæт дæр.
Forwarded from ХОХ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хох - Узник

Фрагмент песни, написанной на стихотворение Александра Сергеевича Пушкина

ИСТИННЫМ узникам совести посвящается👋🏻
Темырханты Сослан, 1922:

«Алы адӕм дӕр царды куыд ӕмбары, уый раргом кӕны йе ’взаджы фӕрцы йӕ аргьӕутты, йӕ таурӕгьты, йӕ кадджыты, йӕ зарджыты, йе ’мбисӕндты, ӕмӕ уыдон сты йӕхи зонды суадон. Уыдон цас хъӕздыгдӕр сты, цас хуыздӕр ӕвдисынц царды йӕ алы хуызты, цас хуыздӕр иртасынц сау ӕмӕ рухс, уыйас хуыздӕр ӕмбарын кӕнынц царды адӕмӕн: уыйбӕрц та адӕм хъаруджындӕр кӕнынц. Адӕмы ӕвидигӕ зонды суадонӕй кӕцы адӕмы ног фӕсивӕд нуазынц сӕ фаг, уыдон сахъ ӕмӕ уӕздан вӕййынц, ӕдӕрсгӕ архайынц, сӕ удӕн нӕ тӕрсынц, ӕмӕ сӕ фӕллойӕ, ӕхсарӕй скӕнынц с’адӕмӕн ном. Фӕлӕ зондамонӕг ӕмӕ ныфсдӕттӕг таурӕгътӕ ӕмӕ кадджытӕ кӕцы адӕмӕн ныууагътой йӕ фыдӕлтӕ, уый уыцы зонды суадонӕй куынӕ ’фсада йӕ цоты, уӕд йе сӕфт ӕрцыди
».

#темырхантысослан
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Мады ном» Челдыты Вадим, Кумаритаты Тенгиз.

#иронзарӕг
МАДЫ НОМ

Куы араст вæййæм дард балцы нæ кæртæй,
Куы скъуырæм искуы фæндагыл нæ къах,—
Дæ сау дзыкку ысурс вæййы нæ мæтæй
Æмæ вæййæм дæ иунæг катай мах.

Ныййарæг мад, ныййарæг мад, дæ номыл
Мæ цинтæ ’мæ мæ сагъæстæ бæттын.
Æз федтон хур дæ къухтæй хуыд хæдоны,
Дæ хуыд дзабырты базыдтон цæуын.

Нæ рухс фæндты дын рæстæджы уынæрмæ
Цъæх арвы тынæй къабатæ хуыйæм.
Нæхи сæртæ ысурс вæййынц, уæддæр ма
Нæ мадæлтæн сывæллæттæ вæййæм.

Тæхудиаг, йæ цин æмæ рæвдыдæй
Кæмæн бантыст дæу самондджын кæнын.
Фæлæ нын хай куы нал вæййы дæ уындæй,
Уæд, ехх, мæ бон, куыд тынг зын у цæрын.

Ныййарæг мад, ныййарæг мад, дæ номыл
Мæ цинтæ ’мæ мæ сагъæстæ бæттын.
Æз федтон хур дæ къухтæй хуыд хæдоны,
Дæ хуыд дзабырты базыдтон цæуын.

ЧЕДЖЕМТЫ АХСАР
#иронзарӕг
Гостиев К.И. Народные традиции и обычаи осетин. Пути их совершенствования. 1990 г.

Книга посвящена анализу национальных традиций, обычаев и новых обрядов; формам и методам, которые, на взгляд автора, могли бы способствовать их совершенствованию. Книга рассчитана на широким круг читателей и может быть использована в лекционной пропаганде. Она содержит большой фактический материал.
Къарджиаты Бекызæ. Ирон æгъдæуттæ. 1991 аз.
Хъодзаты Æхсары редакцигондæй.

Книга Б. Каргиева — ценный этнографический труд, в ней подробно описываются праздничные, похоронные и другие обряды осетинского народа, родословная которого восходит к скифам, сарматам и аланам.
Традиции и обычаи осетин — это необычный, неповторимый сплав язычества и христианства. Они представляют интерес как для специалистов-этнографов, так и для широкого круга читателей.
ИРОН ДИН.

Ирӕн сӕ фылдӕр чырыстон хонынц, сӕ къаддӕры та — пысылмон. Фӕлӕ ир зӕрдиагӕй ӕрмӕст сӕ ирон диныл хӕцынц, сӕ рагон фыдӕлтӕ сын кӕй бафӕдзӕхстой, ӕмӕ рухсмӕ разӕнгард чи кӕны, ныфс сын чи дӕтты царды тохы.
Ир сӕ уыцы диныл цӕугӕйӕ аргьуантӕ нӕ кӕнынц, динамонджытӕ нӕ дарынц, гуымиртӕн нӕ кувынц. Сӕ аргъуан у Хуыцауы рухс дуне, къухӕйгонд аргъуантӕй се ’ппӕттӕй дӕр рӕсугъддӕр чи у ӕмӕ уды бӕрзондмӕ чи тындзын кӕны.
Сӕ динамонӕг сты сӕ уыцы таурӕгътӕ, зарджытӕ, аргъӕуттӕ, ӕмбисӕндтӕ, уацмыстӕ, цардӕн йӕ сау ӕмӕ йӕ урс ӕмбарын гӕнгӕйӕ хорз ӕмӕ уӕздан цы у, уымӕ сӕ разӕнгард чи кӕны ӕмӕ сӕ зӕрдӕ кӕмӕй барухс вӕййы, ныфс сӕ кӕмӕй бацӕуы, куы фӕкӕлынц, уӕд дӕр сӕ сӕ къахыл чи слӕууын кӕны. Ир кӕнынц куывдтӕ сӕ дзуӕрттӕн, ӕмӕ, куывдмӕ чи ӕрӕмбырд вӕййы, уыдон хистӕр скувы, раарфӕ кӕны, стӕй мӕгуырӕй, бонджынӕй ӕмвынг ӕрбадынц ӕмӕ, сӕ дзуӕртты номыл минас гӕнгӕйӕ, кадӕг, зарӕггӕнджытӕм дӕр байхъусынц, ӕхсӕны хъуыддӕгты кой дӕр ракӕнынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕты дуӕрттӕ байгом вӕййынц, сӕ удтӕ бӕрзондмӕ тындзын райдайынц...
Иры ма гье уыцы куывдтӕ иумӕйаг кӕнынц, кӕннод ӕгасӕй дӕр алырдӕм ахӕциккой, уымӕн ӕмӕ, кӕдӕй Ирон паддзахад бабын ӕмӕ Иры ӕхсар асасти, уӕдӕй ардӕм сӕ знӕгтӕ кӕрӕдзиуыл ардаугӕйӕ ӕддӕгмидӕг кӕнынц. Бирӕ бӕллӕхтӕ бавзӕрстой ир, бирӕ хатт сӕ зынӕгтӕ былгӕронмӕ бацӕйтардтой, стӕй, гӕмӕх айнӕг къӕдзӕхтӕ алырдыгӕй кӕм кӕсынц, зӕй ӕмӕ хур лӕджы фӕллой кӕм сафынц, цӕрын ӕмӕ кусын зын кӕм у тынг, сӕ уыцы хӕхбӕстӕ фыдӕбонӕй мардысты, фӕлӕ сӕ ирон дины фӕрцы сӕхимӕ ардтой ногӕй-ногмӕ ныфс, сӕхи дӕлӕмӕ нӕ уагътой, зындзинӕдтӕй-иу куы сулӕфыдысты иучысыл, уӕд та-иу ногӕй сӕхиуыл схӕцыдысты, размӕ-иу сӕхицӕн фӕндаг айгӕрстой.

Темырханты Сослан.
1922 азы 20 мартъи, Дзӕуджыхъӕу.
#темырхантысослан.
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Спектакль "Хъӕздыг хӕдзар", артист Сабанты Тамерлан.

#иронтеатр
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Кæсы Цæгат Ирыстоны адæмон артист æмæ Уæрæсейы сгуыхт артист Бытъæты Роберт.
Рагон æмæ нырыккон ирон æгъдæуттæ. 2008 аз.

Чиныгмæ хаст æрцыдысты Къарджиаты Бекызæйы цымыдисаг этнографион очерктæ æмæ этюдтæ рагон ирон æгъдæутты тыххæй, стæй 2007 азы Цхинвалы æппæтирон адæмы 6-æм радон съезд нырыккон ирон æгъдæутты тыххæй цы къаннæг чиныг сфидар кодта, уый.
Цаллаев Х.К. Традиции и обычаи осетин. 1993 г.

От редактора.
Традиции и обычаи осетин.
Понятия «традиция» и «обычай».
Обычай гостеприимства (история и современность).
Осетинская свадьба.
Похоронные обряды.
Традиционные представления осетин о религии.
Заключение.
Раздӕр хӕйрӕджытӕ ӕргом цыдысты. Мӕхиуыл ӕрцыд ахӕм цау. Нӕ сывӕллӕттӕн тебӕйы фыхтон картӕфтӕ. Хӕринаг куы сцӕттӕ, уӕд сӕ къусӕй ӕрӕмбӕрзтон, мӕхӕдӕг нӕ сыхӕгтӕм бауадтӕн (сывӕллӕттӕ уым хъазыдысты). Цас рӕстӕг рацыдаид, нӕ зонын, фӕлӕ нӕхимӕ куы ӕрбацыдыстӕм, уӕд кӕсын, ӕмӕ мӕ тебӕ йӕ бынаты нал ис. Сывӕллӕттӕн ӕхсыр ӕмӕ нартхоры кӕрдзын бахӕрын кодтон ӕмӕ схуыссыдысты. Мӕхӕдӕг дӕр мӕхи хуыссӕныл ӕруагътон, фӕлӕ нӕ фынӕй кӕнын, тӕрсын цӕмӕйдӕр. Ӕхсӕв мыл куыд атахт, уый зонгӕ дӕр нал бакодтон.
Райсомӕй нє дыууӕ гыццыл роды хизынмӕ атардтон. Обауы цурмӕ куы бахӕццӕ дӕн, уӕд кӕсын, ӕмӕ - къудзиты мӕ тебӕ. Фыццаг ӕм нӕ уӕндыдтӕн хӕстӕг бацӕуын, фӕлӕ мӕхи фӕныфсджын кодтон ӕмӕ йӕ систон. Ӕвнӕлд ӕм ӕппындӕр нӕ уыд, кардӕй картӕфтӕ куыд змӕстон, афтӕ кард дӕр тебӕйы хуылфы лӕууыд. Кӕд мын исчи кӕлӕнтӕ скодта, зӕгъгӕ, ахъуыды кодтон ӕмӕ тебӕ хӕдзармӕ нал ахастон.
Фӕстӕдӕр ацы хабар радзырдтон, нӕ хъӕугӕроны цы зӕронд дӕсны ус цардис, уымӕн. Уый мын загъта, дӕ хӕринаг, дам, дын хӕйрӕг ахаста, фӕлӕ тебӕйы кард кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы комдзаг дӕр нӕ акодта.

Радзырдта йӕ 60-аздзыд сылгоймаг Дзугкойты Заретӕ. Ныффыстой йӕ Дзуццаты Амыран ӕмӕ Колоты Зӕирӕ, Дзӕуджыхъӕу, декабрь, 1992 аз
.
#хӕйрӕджыхабӕрттӕ