IRON ARGHAW
978 subscribers
1.22K photos
446 videos
373 files
328 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Хъодзаты Æхсары уац «Ау, Елхоты онг дæр нæ хъæуы».
Журнал «Мах дуг», 2000 аз, №2.

Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ хъусын: «Ирон æвзаг Елхотæй дæлдæр нæ хъæуы». Æмæ хъуыды кæнын: зæххы цъарыл ма дыккаг ахæм адæм ис, махау сæр сæрмæ чи нæ хæссы? Дæ куыдзмæ цы номæй дзурай, адæм дæр æм уыцы номæй дзурдзысты. Мах дæр нæ Хуыцауы лæвар — не ’взаг — куыдзæмгад скодтам, æмæ нын æм иннæ адæмтæ дæр уыцы цæстæй кæсынц:
[дарддæр кæс æрвитæны]
ЕРЦЪОЙЫ ЦАД.
Тианетмӕ ӕввахс, Ерцъойы быдыр, раздӕры рӕстӕджы денджызы хуызӕн цад уыди, ӕмӕ дзы ахстон кодта стыр залиаг калм. Уый-иу кӕмдӕр цадӕн йӕ, былмӕ арӕх рахызт, фос-иу ӕскъӕфта ӕмӕ-иу сӕ хордта. Иу ахӕмы аскъӕфта Къобалайы аргъуаны нывонд фыстӕ ӕмӕ сӕ бахордта. Уымӕ гӕсгӕ Къобалайы аргъуаны дзуар йӕ нывондаг фысы сыкъатыл алмаситӕ бакодта ӕмӕ йӕ хӕцынмӕ рарвыста залиаг калммӕ. Залиаг калм фӕтарст ӕмӕ хӕхтӕм алыгъд. Цад басур ӕмӕ диссаджы быдыр фестад, ӕмӕ йӕ уӕлӕ адӕм ӕрцард. Залиаг калм та алыгъд, Имерет ӕмӕ Иры ӕхсӕн Хъвирилайы доны райдианы цы стыр цад ис, уым бамбӕхсти. Уымӕ гӕсгӕ ацы цад ӕмӕ йӕ алфамбылай цы хъӕу ис, уый дӕр Ерцъо схуыдтой.

#таурӕгъ
ЦЕРЕКАТЫ АСЛӔМБЕДЖЫ ӔМБИСОНД.
Лӕцы хъӕуы цӕрӕг Церекаты Аслӕмбегӕн уыд авд хосдзау фырты. Иу хатт йӕ авд фыртимӕ ныккарста Хабыцты Емхъуыдзы уыгӕрдӕн. Емхъуыдз уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд йе стыр хъама сцыргъ кодта.
Аслӕмбег йӕ фырттимӕ ссивынӕй куы ’рцӕйцыд, уӕд Емхъуыдз сӕ размӕ бабадт. Ӕвиппайды рагӕпп ласта Емхъуыдз: «Цӕмӕн мын ныккарстат мӕ иунӕг уыгӕрдӕн», зӕгъгӕ.
Церекаты Аслӕмбег йӕ фырттимӕ сфӕнд кодта Емхъуыдзы фӕнӕмын. Басырдтой йӕ. Куыддӕр ӕм Аслӕмбег багӕпп ласта, афтӕ йын Емхъуыдз хъама йӕ артӕнты атъыста, ӕмӕ йӕ фӕмард кодта. Иӕ фыррттӕ йӕм иугай тахтысты ӕмӕ сӕ Емхъуыдз сау фӕтӕн хъамайӕ касы карст скодта. Сӕ фыд ма цыдӕр сдзурынмӕ хъавыд, фӕлӕ йын Емхьуыдз, йӕ ӕртӕнты дыккаг хатт хъама ацӕвгӕйӕ, загъта:
— Налӕттӕ! Федтат, мӕгуыр лӕджы уыгӕрдӕн тыхӕй куыд карстӕуы. Уый уын Аслӕмбеджы уыгӕрдӕны карст! Уӕ хуызӕттӕ ныр кӕд зонд базониккой!»
#таурӕгъ
Калоты Хазби
ДИДИНÆГ ФЕДТОН

Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл...
Дидинæг худти, йæ сæрæй куывта,
Уалдзыгон райсом йæ рæууон æнгасæй
Бæстæн æрвыста йæ цинад, йæ пъа...
Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл...

Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл,
Дидинæгау мæм æркасти мæ цард.
Рæзын æз дæр æмæ хуримæ хъазын,
Быдырты гауыз — мæ хуыздæр хæлар.
Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл...

Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл,
Йе 'рттиваг къуырфы мæ зæрдæ ныххауд.
Йе 'рттиваг цупал мæ былтæм æртасыд,
Бамбæрстон: цард у мæлæтæн æвгъау.
Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл...

1940 аз.
#иронзарӕг
Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырди 1921 азы августы Цæгат Ирыстоны, Захъамæ æввахс чысыл хæххон хъæу Байыкомы. 1934 азы каст фæци Къостайыхъæуы авдазон скъола æмæ бацыди кусæг факультетмæ. Фæстæдæр Хазби ахуыр кодта Калачы паддзахадон университеты, стæй раивта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты литературой хайадмæ. Институт каст фæуын ын нæ бантысти – райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Æфсадмæ ацыд институты фæстаг курсæй 1941 азы августæй 1942 азы сентябрмæ ахуыр кодта Сталинграды облæсты Камышины танкистты скъолайы, сси кæстæр лейтенант. Хæцæг æфсадмæ ацыди 1942 азы октябры.
Уыди танк Т-34-ы командир.
   1943 азы афицер Калоты Хазби йæ цард нывондæн æрхаста бæсты сæрвæлтау – Курскы сырхзынг къæлæт кæй хуыдтой, уыцы ран знæгтимæ æвирхъау тох кæнгæйæ басыгъди танчы мидæг. Мæйы фæстæ йыл хъуамæ сæххæст уыдаид дыууæ 'мæ ссæдз азы. Поэт ныгæд ис Курскы облæсты Обояны районы, Красная Полянæ, зæгъгæ, уыцы хъæуы.
   Хазби æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ уацмыстæ мыхуыры цæуын байдыдтой ирон газеттæ æмæ æурналты 1936 азæй фæстæмæ. Хæсты агъоммæ Хазби ныффыста драмæ «Бæтæйы фырттæ», фронты уæвгæйæ та – пьесæ «Тугдæын фæндаг».
   1956 азы Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны хицæнæй рацыдысты Хазбийы фыстытæ. Чиныдæы ном хуынди «Хуры тын». Йæ уацмысты тæккæ æххæстдæр æмбырдгонд дæиппы уагъд æрцыди 1976 азы – ис дзы æмдзæвгæтæ, фыстæдæытæ, пьесæтæ. Йæ поэзи зындгонд у уырыссаг чиныгкæсæгæн дæр (кæс чиныг «Советские поэты, павшие в Великой Отечественной войне». Сери «Поэты библиотекæ». Чиныгуадзæн «Советон фыссæг», 1965).
    Чиныгуадзæн «Современник»-ы та йæ фыстытæ рацыдысты Кочысаты Мухарбегимæ иумæ, «Побратимы», зæгъгæ, ахæм номимæ 1973 азы.

#калотыхазби
ӔДЫЛЫ УАЗӔГ(Аргъау)

Иухатт фурды кӕрон сӕмбӕлд Уыгыл доны мыст.
Дзуры: «Рацу мӕм фысыммӕ, Фен-ма мын мӕ куыст.

Ӕз ӕппӕт дӕтты паддзахӕн
Рагӕй дӕн фыййау...
Охх, охх, никуы федтон ахӕм Бонджын царды ’гъдау.

Уымӕ ис ыстыр хӕдзӕрттӕ,
Дисӕн сӕ хӕссынц.
Се ’рттиваг ӕвзистын сӕртӕй Сгъалытӕ кӕсынц.

Еургуыбын кӕфы дзидзайӕ
Ие стыр къӕбиц - дзаг.
Ехх, ныр дӕр мӕ фындзыл уайы Дардӕй хус ысмаг!

Уӕдӕ йӕм рӕгъӕуттӕ цас и! Бонджындӕр кӕм и!
Ӕрдзӕй, иу цыбыр ныхасӕй, Арфӕгонд фӕцис...

Ӕмӕ цом... Дзӕгъӕл цы бадӕм? Цом, мӕ дзырдмӕ хъус.
Афонмӕ та зарынц адӕм
Нард фынджы уӕлхъус.

Бацӕудзыстӕм хъазгӕ иумӕ Уылӕнты ’хсӕн мах.
Ма тӕрс, ахӕм фурды риуыл Ничима ныссагъд.

Ӕз бынмӕ цӕудзынӕн дурау,
Мемӕ, уыг, ды дӕр.
Ӕмӕ нӕм фӕзындзӕн хурау
Иу ӕвзист къӕсӕр.

Донычызджытӕ нӕ размӕ Рауайдзысты тагъд.
Хъаздзысты: «Мӕн у, мӕн уарзы»...
«Уыг мӕнмӕ куы ’рхауд»...

Бахиздзыстӕм иу хӕдзармӕ,
Рухсы цъыртт дзы нӕй... Фергъуыйау уыдзынӕ тары Фӕхсынты тӕфӕй.

Ӕмӕ февзӕрдзӕн нӕ разы Куывд... Хӕр-иу дє фаг...-
Уыджы цӕстытыл ысхъазыд Диссаджы хъуыддаг.

Хорз, зӕгъгӕ, фӕстагмӕ загъта, Донмӕ дын ныххызт,
Ие стыр базыртӕ ысцагъта - Басхуыста йӕ мыст.

Ахъуырдухӕнтӕ ма кодта... Бамынӕг сӕ хъӕр.
Ӕмӕ хинӕйдзаг ныххордта
Уыджы ’нӕзонд сӕр...

1939 азы 3 декабр.
#калотыхазби
Дæ лымæнтæй дæ иутæ куы фауой, иннæтæ куы стауой, уæд дæ фауджытæм хæстæг балæуу, де стауджытæй дарддæр ацу. (Талмуд)

#гӕдиатысекъа
#зондджынлӕгтыныхӕстӕ
РУВЫНЫ ЗАРӔГ.
Уа-рӕйда, рувын райдыдтой!
Кусгӕ ут, кусгӕ ут, лӕппутӕ!
Ей, кусгӕ, кусгӕ ут, ей!

Уӕ-рӕйдӕ, рӕйдӕ, уӕ-рӕйдӕ!
Размӕ ут иума, лӕппутӕ!
Къӕпитӕ рӕуӕгдӕр рахӕссут!

Размӕ ут, размӕ, мӕ хуртӕ!
Рувӕнтӕ рӕуӕгдӕр рахӕссут!
Кӕрдӕджы размӕ рарувут!

Уӕ-рӕйдӕ, рӕйдӕ, уӕ-рӕйдӕ!
Рарувӕм цырддӕр, лӕппутӕ'!
Фастейӕ чи зайа, худинаг!

Рӕуӕгӕй кӕронмӕ цӕугӕ ут, ей!
Кӕрӕттӕм рӕвдздӕрӕй цӕугӕ ут!
Кӕроны улӕфгӕ кӕндзыстӕм!

#иронзарӕг
ФЫДЫ УАЙДЗӔФ.
Иу лӕг йӕ бирӕ фынӕйгӕнаг магуса фырттӕм афтӕ дзуры:
— Абон райсомӕй ӕз раджыгомау сыстадтӕн, ӕмӕ кӕсут, мӕнӕ туман ссардтон. Дзӕгъӕлы нӕ дзурынц — раджы бадӕг ӕвӕсмон у, зӕгъгӕ.
Фырттӕй йын иу хуыссӕгхъӕлдзӕгӕй, йӕ ком ивазгӕйӕ, афтӕ зӕгъы:
— Баба! Уыцы туман, дӕуӕй раздӕр чи сыстад, уымӕй ахаудта.

Дзгойты Хадзумары ныхӕстӕй йӕ ныффыста Торчынты Таймураз 2003 азы.
#ӕмбисонд
Мӕ зӕрдӕ дын тӕбӕгъыл ӕрбахастон
Мӕхицӕй ӕнӕхӕдзар куы сарӕзтон
'Хсӕвӕй-бонӕй ӕз дӕ уындмӕ фӕбӕллын
Дӕ уарзтӕй таригъӕдтагӕй куы мӕлын...

О чызга-а-ай, мауал ма мӕ хъаз
Баззайын ӕмбисӕхсӕвмӕ стыр уынджы
О хуыцау, кӕм ис амонд мӕгуыр лӕджы
Баззайын ӕмбисӕхсӕвмӕ стыр уынджы
О хуыцау, кӕм ис амонд мӕгуыр лӕджы

Арвитин дӕм минӕвӕрттӕ, о мӕ бон
Фӕлӕ уый кӕмӕн бауыдзӕнис йӕ бон
Уадз фехъуса мӕ зарджытӕ дӕ бӕлон
Уый фарнӕй мӕ уарзондзинад бакодтон

О чызга-а-ай, мауал ма мӕ хъаз
Баззайын ӕмбисӕхсӕвмӕ стыр уынджы
О хуыцау, кӕм ис амонд мӕгуыр лӕджы
Баззайын ӕмбисӕхсӕвмӕ стыр уынджы
О хуыцау, кӕм ис амонд мӕгуыр лӕджы

Бацӕуын та ӕз ӕввахс мӕ балконмӕ
Мӕ зӕрдӕ куы нал фӕкӕсы мӕ коммӕ
Фенын дзы дӕ мады бирӕгъ цӕстӕнгас
Бацӕуы мӕ зӕрдӕйы ӕвирхъау маст
#иронзарӕг
Кодзырты Дзӕрӕхмӕты зарӕг.
Кодзырты Дзӕрӕхмӕт уыди цыппӕрдӕсаздзыд лӕппу. Иу хатт Заманхъулы фӕсивӕд сӕхи сцӕттӕ кодтой мӕнӕу ласынмӕ Мӕздӕгӕй, ӕмӕ Дзӕрӕхмӕт дӕр семӕ ацыди. Заманхъулӕй куы рафардӕг сты, уӕд Кискеммӕ ӕввахс сӕм мӕхъхъӕлон абырджытӕ ӕрбалӕбурдтой, ӕмӕ сын сӕ бӕхтӕ исынмӕ хъавыдтой. Фӕсивӕд сӕ гӕрзтӕ аппӕрстой, ӕрмӕст Дзӕрӕхмӕт нӕ басаст, уый сыл ралӕууыд мӕхъхъӕлон абырӕджытыл, цалдӕры дзы амардта, ӕмӕ ахӕлиу сты мӕхъхъӕл. Йӕхӕдӕг дӕр зын цӕфтӕ фӕци, фӕстӕмӕ ма рараст ис, мӕрдты ма сӕ хъӕумӕ сласта, фӕлӕ куыддӕр Заманхъулмӕ ӕрбахӕццӕ, афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр уӕззау цӕфтӕй фӕмард.
#таурӕгъ
КОДЗЫРТЫ ДЗÆРÆХМÆТЫ ЗАРӔГ.
Абон Мæздæгмæ фæцæуæм!
Æллæх æмæ, цы кæнæм?
Уæй, уæ-уæй, Мæздæгмæ, зæгъ, фæцæуæм…
Кодзырты Дзæрæхмæт!
Ей, уæй тох!

Абон Мæздæгмæ цæудзыстæм…
Уæй, сырх мæнæутæ ласынмæ!
Уæ, уæ-уæй, Мæздæгмæ, зæгъ, фæцæуæм…
Кодзырты Дзæрæхмæт!
Ей, уæй тох!

Уæй-уæй, горæты дохтыртæ…
Уæй, æнæ мæлгæ дæндаг дæр нæ бæттынц!
Уæ, уæ-уæй, Мæздæгмæ, зæгъ, фæцæуæм…
Кодзырты Дзæрæхмæт!
Ей, уæй тох!
#иронзарӕг
Forwarded from Агуындæ