ДЗӔРӔХЫ КОМ.
Слонатӕ, дам, Хъулгъайӕ ралидзгӕ сты. Галуан дӕр сын ис Дорризты (Дуррипш). Хӕмӕтхъанатӕ, Цуратӕ, Лианатӕ, Ахуриатӕ — иууылдӕр сты ирон адӕм. Дзӕрӕхы комӕй куы лыгъдысты ирон адӕм, уӕд ма дзы чи баззад, уыдон сты. Уыдон иууылдӕр ирӕттӕ сты, фӕлӕ уым баззадысты ӕмӕ смӕхъхъӕлон сты.
Дзӕрӕхы комы ис ахӕм нӕмттӕ: Гуммардон — хъӕу, суадон, Дӕллаг ӕрдуз — ӕрдуз хохыл, Уӕллаг ӕрдуз — ӕрдуз хохыл, Хъӕдцагъд ӕрдуз. Уыцы нӕмттӕ мӕхъхъӕлонау ничи ӕмбары.
Ирон хӕрӕфырт Цицкиаты Ӕрци-Ӕмдон Хадзыйы фырты ныхӕстӕй йӕ 1966 азы ныффыста Цагъаты Анастасия Бӕлтайы. ЦИГСИИ-йы архив.
#таурӕгъ

Æз æнхъæл дæн, æмæ Лæг хорз куы кæна, уæд уымæй хуыздæр цард нæй; æмæ нæй уымæй хуыздæр хъæлдзæгдзинад, æцæг куы хъуыды кæна, хорз кæй кæны, уый. Ацы хорз амонд æз бавзæрстон æмæ уымæн æвдисæн лæууы мæ намыс. (Сократ)
#зондджынлӕгтыныхӕстӕ
#гӕдиатысекъа
#зондджынлӕгтыныхӕстӕ
#гӕдиатысекъа
Дыууæ ’фсымæры уыд: иу хъæздыг уыди паддзахады куысты, иннæ та йæ къухты фæллойæ цард.
Хъæздыг æфсымæр иухатт мæгуырдæрæн афтæ зæгъы:
— Ды дæр паддзахады куысты цæуылнæ бацæуыс, цæмæй фервæзай уыцы тыхст мæгуырдзинадæй.
Уымæн мæгуыр æфсымæр загъта:
— Æмæ ды цæуылнæ кусыс, цæмæй фервæзай æгад цагъара- дæй? Зондджынтæ загътой: сызгъæрин рон куы дарай æмæ ис- кæмæн цагъар куы уай, уымæй хуыздæр у, дæхи уды фæллойæ афтид кæрдзыны къæбæр куы хæрай, уæд. Цагъарады бæрæгæн мæ къухтæ мæ риуыл авæр-авæры бæсты мæ къухтæй чъыр æмæ æлыг змæнтдзынæн.
#ӕмбисонд

Forwarded from Ирон чиныг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Чеджемты Георы радзырд "Чичи æхсæв бонмæ куыд фæбадти радиойы телыл" кæсы Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Черчесты Дианæ. Ацы æмæ æндæр уацмыстæм уæ бон у байхъусын мобилон æфтуан "Ирон чиныг"-ы.
Слушайте аудиокниги и аудиоспектакли на осетинском языке в приложении ИРОН ЧИНЫГ, которое доступно бесплатно в PlayMarket и AppStore.

Forwarded from 5 слов на осетинском
«Судзаг æвзаджы» радон рауагъды Цæра æвзары францаг драматург Эдмон Ростаны хъуыстгонд
пьесæ «Сирано де Бержерак». Ирон æвзагмæ йæ раивта Джыккайты Шамил.
1) ЗУЛАИВ: [а] «Зыны зулаивæй, йæ иу къул у фæстаг декораци». [б] «Йæ уæлæ фыййауы дарæс, йæ
сæрыл зулаивæй конд шляпæ розæтимæ».
2) КЪАХЦ: Йæ дзыппæй сисы цырагъы къахц, ссудзы йæ, пъолыл æй æрныхасы.
3) ÆВЗÆН: «Бæз-бæз кæны... æвзæн!»
4) РÆСÆН: Зæгъ мын, кæм бадынц рæсæны лæгмартæ?
5) ТÆССОНД: Авджын дуарæй фæзынынц кæйдæр фæлахс æмæ тæссонд æндæргтæ.
6) ÆМБÆР
Ныллыстæг кæн æхсæртæ,
Æркæн ыл цъус сæкæр,
Æхсырæн та йæ сæртæ
Мыддонимæ æмбæр.
7) ТЫХТОНА КÆНЫН: Дæ капитан... дæуæй кæны тыхтона. Æгæр къæйных у, басæтт ыл,– ныфсхаст.
8) ТÆФСÆГ: Дæ къух куыд ризы! Уый тæфсæг у. Фæрынчын дæ!..
9) МÆЦКЪОР, ТЫФХЪÆД: Къулыл схылд мæцкъор; балкъоныл тыхсы тыфхъæд.
10) КАРКАСИТÆ КÆНЫН: Дуэнья (каркаситæ кæнгæйæ)
https://www.youtube.com/watch?v=zdccn3zZBRA

YouTube
Сирано де Бержерак I Судзаг æвзаг
Францусаг хъайтартæ Джыккайты Шамилы æвджид иронау дæр сдзырдтой. Уыдонæй хæдтулгæты æрлæууæны рæсæны чи бабадт, уый «Судзаг æвзаджы» ног рауагъды.
«Сирано де Бержерак» Джыккайты Шамилы тæлмацы ис равгæнæн ацы æрвитæныл: https://vk.com/barzafcag?w=wall-33833481_2896…

ТУЛДЗ ӔМӔ МӔЦКЪОР.
Айнӕг къӕдзӕхау ӕнӕ тасгӕ лӕууыди хъӕды астӕу зӕронд Тулдз. Бирӕ къӕвдатӕ ӕмӕ хуртӕ, бирӕ уадтӕ ӕмӕ зилгӕдымдтӕ федта уый йӕ царды бонты. Уады цӕфтӕй йӕ алыварс ӕндӕр бӕлӕстӕ гӕбазгай фӕйнӕрдӕм хаудтой, фӕлдӕхтысты бындзарӕй. Уыдон-иу уайтагъд азӕронд сты, ахаудтой-иу ӕмӕ сӕ бынӕтты ӕвзӕрыдысты ног талатӕ. Фӕлӕ Тулдз лӕууыди ӕмӕ лӕууыди, царди ӕмӕ царди, кӕд райгуырди, цалӕм сӕдг азы йыл цыди, уый йӕхӕдӕг дӕр нал зыдта. Иу уалдзыгон бон йӕ хӕдразы суади зӕххӕй Мӕцкъор, иу- къорд бонтӕм ыл атыхсти ӕмӕ уӕлӕмӕ цӕуыныл фӕци.
— Кӕс дӕхимӕ, Тулдз, фӕсурын дӕ! — фӕхъӕр кодта Мӕцкъор.
Тулдз ницы сдзырдта. Мӕй дӕр нӕ рацыди, афтӕ Мӕцкъор, Тулдзыл тыхсгӕйӕ, йӕ сӕрты акасти, суади ма иучысыл ӕмӕ йӕм ӕркасти бынмӕ.
— Гъы, хъал Тулдз, исты-ма зӕгъыс? Нӕ дӕ сӕййӕфтон, дӕ сӕрты нӕ акастӕн? Уый ӕз дӕн, ӕз — Мӕцкъор!
— О ӕдылы къоппа! — сдзырдта Тулдз. — Дє хуызӕттӕ ӕз бирӕ федтон мӕ царды бонты. Нӕма ралӕудзӕн зымӕг, афтӕ, уыдтӕ-нӕ уыдтӕ, уый бӕрӕг дӕр нал уыдзӕн.
#коцойтыарсен

Forwarded from ЧИНЫГДОН «БÆРЗÆФЦÆГ»
Хъодзаты Æхсары уац «Ау, Елхоты онг дæр нæ хъæуы».
Журнал «Мах дуг», 2000 аз, №2.
Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ хъусын: «Ирон æвзаг Елхотæй дæлдæр нæ хъæуы». Æмæ хъуыды кæнын: зæххы цъарыл ма дыккаг ахæм адæм ис, махау сæр сæрмæ чи нæ хæссы? Дæ куыдзмæ цы номæй дзурай, адæм дæр æм уыцы номæй дзурдзысты. Мах дæр нæ Хуыцауы лæвар — не ’взаг — куыдзæмгад скодтам, æмæ нын æм иннæ адæмтæ дæр уыцы цæстæй кæсынц:

[дарддæр кæс æрвитæны]
ЕРЦЪОЙЫ ЦАД.
Тианетмӕ ӕввахс, Ерцъойы быдыр, раздӕры рӕстӕджы денджызы хуызӕн цад уыди, ӕмӕ дзы ахстон кодта стыр залиаг калм. Уый-иу кӕмдӕр цадӕн йӕ, былмӕ арӕх рахызт, фос-иу ӕскъӕфта ӕмӕ-иу сӕ хордта. Иу ахӕмы аскъӕфта Къобалайы аргъуаны нывонд фыстӕ ӕмӕ сӕ бахордта. Уымӕ гӕсгӕ Къобалайы аргъуаны дзуар йӕ нывондаг фысы сыкъатыл алмаситӕ бакодта ӕмӕ йӕ хӕцынмӕ рарвыста залиаг калммӕ. Залиаг калм фӕтарст ӕмӕ хӕхтӕм алыгъд. Цад басур ӕмӕ диссаджы быдыр фестад, ӕмӕ йӕ уӕлӕ адӕм ӕрцард. Залиаг калм та алыгъд, Имерет ӕмӕ Иры ӕхсӕн Хъвирилайы доны райдианы цы стыр цад ис, уым бамбӕхсти. Уымӕ гӕсгӕ ацы цад ӕмӕ йӕ алфамбылай цы хъӕу ис, уый дӕр Ерцъо схуыдтой.

ЦЕРЕКАТЫ АСЛӔМБЕДЖЫ ӔМБИСОНД.
Лӕцы хъӕуы цӕрӕг Церекаты Аслӕмбегӕн уыд авд хосдзау фырты. Иу хатт йӕ авд фыртимӕ ныккарста Хабыцты Емхъуыдзы уыгӕрдӕн. Емхъуыдз уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд йе стыр хъама сцыргъ кодта.
Аслӕмбег йӕ фырттимӕ ссивынӕй куы ’рцӕйцыд, уӕд Емхъуыдз сӕ размӕ бабадт. Ӕвиппайды рагӕпп ласта Емхъуыдз: «Цӕмӕн мын ныккарстат мӕ иунӕг уыгӕрдӕн», зӕгъгӕ.
Церекаты Аслӕмбег йӕ фырттимӕ сфӕнд кодта Емхъуыдзы фӕнӕмын. Басырдтой йӕ. Куыддӕр ӕм Аслӕмбег багӕпп ласта, афтӕ йын Емхъуыдз хъама йӕ артӕнты атъыста, ӕмӕ йӕ фӕмард кодта. Иӕ фыррттӕ йӕм иугай тахтысты ӕмӕ сӕ Емхъуыдз сау фӕтӕн хъамайӕ касы карст скодта. Сӕ фыд ма цыдӕр сдзурынмӕ хъавыд, фӕлӕ йын Емхьуыдз, йӕ ӕртӕнты дыккаг хатт хъама ацӕвгӕйӕ, загъта:
— Налӕттӕ! Федтат, мӕгуыр лӕджы уыгӕрдӕн тыхӕй куыд карстӕуы. Уый уын Аслӕмбеджы уыгӕрдӕны карст! Уӕ хуызӕттӕ ныр кӕд зонд базониккой!»