IRON ARGHAW
978 subscribers
1.22K photos
446 videos
373 files
328 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Forwarded from Mikhoshka
Рукский перевал
ЛАРСАГ ХЪУЫДАЙНАТ ӔМӔ ИНАЛДЫЙЫ ЗАРӔГ.
Хъуыдайнат ӕмӕ Иналды рацыдысты Ларсӕй Кӕсӕгмӕ балцы фос кӕнынмӕ ӕмӕ афӕдз фӕхаттысты Хъӕсемы хъӕды. Фӕстӕмӕ куы сцӕйцыдысты, уӕд Ӕрджынарӕджы Дзылаты раз бонасадӕн скодтой. Хъуыдайнат ламаз кодта, Иналдыта бӕхтӕ хызта. Уалынмӕ Исламаты хъӕдӕй барджытӕ ӕрбазындысты. Иналды тагъд ӕрбауад ӕмӕ Хъуыдайнатмӕ дзуры:
— Дӕ ламазыл батагъд кӕн, далӕ фыдбылызы барджытӕ ӕрбацӕуынц.
Уӕд Хъуыдайнат куы зӕгъы:
— Ламазыл уӕлдай тагъд кӕнӕн нӕй, Хуыцау цы саккаг кодта, уый уыдзӕн.
#таурӕгъ
ЛАРСАГ ХЪУЫДАЙНАТ.
Ӕз, дам, ларсаг дӕн, Хъуыдайнат,
Ларсаг, дам, Дзаххотты фырт
Хъуыдайнат, ой!
Дӕлӕ Кӕсӕджы хъал ӕлдар
Терчы былты йе ’фсымӕртимӕ ссӕуы
Тых кӕнынмӕ, Хъуыдайнат, ой! — Йӕ мардзӕ, мӕ кӕстӕр Еналды, фӕуадз дӕ ламаз
Ӕмӕ сӕ размӕ фӕдисы цӕуын хъӕуы, ой!
Рӕвдз-ма ракӕнут мӕ цъӕх бӕх, кӕстӕртӕ,
Радавут мӕ хъримаг, ме ’хсаргард, мӕ хъама,
Сӕ размӕ, ой, сӕ размӕ, ой,
Ӕгады бӕсты мӕлӕт хуыздӕр у, Еналды, ой!
Тох, дам, бацайдагъ, лӕппутӕ, ой!
Кӕсгон ӕлдар йӕ саргъӕй атахти,
Ӕфсад та гӕрзтӕ сӕвӕрдта,
Ӕмӕ сӕм хъӕбатыр Хъуыдайнат куы дзуры:
— Макуыуал-иу ссӕут Ирыстонмӕ тых кӕнынмӕ,
Кӕннод уӕ мадӕлтӕ ӕмӕ фыдӕлтӕм нал ныццӕудзыстут, ой...
#иронзарӕг
Адӕймаджы цард уалдзыгон дидинӕгау у.

#ӕмбисонд
Чи уӕ фылдӕр ссардзӕн дзырдтӕ?

#сӕрсӕттӕн
Forwarded from PAN CAUCASUS
Осетинка, 1883 г.

#осетины
Forwarded from Ирон чиныг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Айларты Михалы æмдзæвгæ "Сычъи". Кæсы йæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист æмæ Уæрæсейы сгуыхт артист Бытъæты Роберт.

Ацы æмæ æндæр уацмыстæм уæ бон у байхъусын мобилон æфтуан "Ирон чиныг"-ы.

_____________________________

Слушайте аудиокниги и аудиоспектакли на осетинском языке в приложении ИРОН ЧИНЫГ, которое доступно бесплатно в PlayMarket и AppStore. Активная ссылка на странице профиля.

#ИронЧиныг #Осетия #Алания #Ирыстон #Alania #РСОАлания #Владикавказ #ЮОР #Цхинвал #ирон #ossetian #иронаудзур #аивад
ХАЛОН ÆМÆ ЦÆРГÆС.

Цæргæс æмæ халон
Лымæнтæ скодтой,
Æнæ кæрæдзийы
Къæбæр нæ хордтой.

Цæргæс халонæн
Кодта лæвæрттæ,
Сæгуыты фиутæ,
Саджы уæлдæрдтæ.

Уæддæр ма халон
Фæлмæнтæ ’взæрста,
Хæйттæ фæсаууон
Йæ рæтты ’фсæрста.

Цæргæс æм дзуры,
Халонæй куры:
«Цы кæныс, халон?
Бирæ дæ уарзын,

Фæлæ дæ хъалон,
Мыййаг, нæ дарын.
Хæйттæ мæ цы ’мбæхсыс?
Фаг дын куы ис лæвар.

Кæд афтæ кæныс,
Уæд цæр дæхи бар».
Ныппæррæст ласта
Цæргæс, сфардæг,

Халоны ныууагъта
Хæдмæлты уазæг.

#ӕмбисонд
#гӕдиатысекъа
Доны кӕсаг сурмӕ схаудта
Ой, уӕ-рӕйдӕ, сурмӕ схаудта
Чызджы тӕргӕйттӕ взагмӕ 'рхаудтой,
Ой уӕ-рӕйдӕ, уӕ-рӕйдӕ, рӕйдӕ, ой

Кафаг лӕппу нын нӕуӕндаг
Хъӕугӕрӕтты мын йӕ фӕндаг
Чызджы тӕргӕйттӕ взагмӕ 'рхаудтой
Ой, уӕ-рӕйдӕ, уӕ-рӕйдӕ, рӕйдӕ, ой

Дысоны мӕйрухс дысоны
Уый та мын ме 'нцой фӕхаста
Чызджы тӕргӕйттӕ взагмӕ 'рхаудтой
Ой, уӕ-рӕйдӕ, уӕ-рӕйдӕ, рӕйдӕ, ой

Дысоны рӕсугъд дысоны
Уый та мын мӕ уд фӕхаста
Чызджы тӕргӕйттӕ взагмӕ 'рхаудтой
Ой, уӕ-рӕйдӕ, уӕ-рӕйдӕ, рӕйдӕ, ой
#иронзарӕг
Ханыкъаты Никъа (1874-1954) Нарты Кадджыты кадӕггӕнӕг, йӕ къухы дыууадӕстӕнон фӕндыр, Згъуыбиры хъӕу, Ручъы ком.
ДЗӔРӔХЫ КОМ.
Слонатӕ, дам, Хъулгъайӕ ралидзгӕ сты. Галуан дӕр сын ис Дорризты (Дуррипш). Хӕмӕтхъанатӕ, Цуратӕ, Лианатӕ, Ахуриатӕ — иууылдӕр сты ирон адӕм. Дзӕрӕхы комӕй куы лыгъдысты ирон адӕм, уӕд ма дзы чи баззад, уыдон сты. Уыдон иууылдӕр ирӕттӕ сты, фӕлӕ уым баззадысты ӕмӕ смӕхъхъӕлон сты.
Дзӕрӕхы комы ис ахӕм нӕмттӕ: Гуммардон — хъӕу, суадон, Дӕллаг ӕрдуз — ӕрдуз хохыл, Уӕллаг ӕрдуз — ӕрдуз хохыл, Хъӕдцагъд ӕрдуз. Уыцы нӕмттӕ мӕхъхъӕлонау ничи ӕмбары.

Ирон хӕрӕфырт Цицкиаты Ӕрци-Ӕмдон Хадзыйы фырты ныхӕстӕй йӕ 1966 азы ныффыста Цагъаты Анастасия Бӕлтайы. ЦИГСИИ-йы архив.
#таурӕгъ
Æз æнхъæл дæн, æмæ Лæг хорз куы кæна, уæд уымæй хуыздæр цард нæй; æмæ нæй уымæй хуыздæр хъæлдзæгдзинад, æцæг куы хъуыды кæна, хорз кæй кæны, уый. Ацы хорз амонд æз бавзæрстон æмæ уымæн æвдисæн лæууы мæ намыс. (Сократ)

#зондджынлӕгтыныхӕстӕ
#гӕдиатысекъа
Forwarded from Mikhoshka
Осенняя Дигория