IRON ARGHAW
976 subscribers
1.22K photos
446 videos
373 files
328 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
4 февраля 2021 года на «Постнауке» вышла статья Арсения Выдрина об осетинском языке.
Это потрясающее дельное введение в язык для всех, кто с ним мало знаком или вообще ничего не представляет об осетинском. Много отличных примеров, много грамматики, а не «вот вам три приветствия, один анекдот, длинное слово и странный звук», к чему нередко сводятся представления языков.
Всем рекомендую. В осетинских иллюстрациях кое-где встречается "ӕе" — это опечатка редактирования, должно быть "ӕ" просто.
Forwarded from IrystonTV
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🟨 Абырджыты тыххæй таурæгътæ Едзиты Андрей сæ хæдзары хистæртæй фехъуыста, æмæ сæ уый та махæн радзырдта.
❄️❄️❄️❄️❄️❄️❄️❄️

Знаете ли вы предания об абреках? Тогда садитесь и слушайте: легенду рассказывает служитель святилища Андрей Едзиев.

#Нысантæ

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Forwarded from рухс_ссудз
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Æмвæнд, æмзонд адæмæн хох дæр нæ лæууы!
Forwarded from Борисовна (Позывной "Пантера"🇷🇺)
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🗣 ПОЖАЛУЙСТА, ПОСМОТРИТЕ ВИДЕО ДО КОНЦА.
Сбор продолжается.
🆘️🆘️🆘️ 2202206142414296
Вера Борисовна А.
Либо по номеру 9627475445 СБП
С пометками "МАШИНА", "ДРОН", "ФОРМА"
Огромное всем спасибо.
ЗА КАЖДЫЙ РУБЛЬ.
Буду благодарна за репосты🆘️🆘️🆘️
Forwarded from Фидиуӕг
📚ФÆНДЫ МÆ МÆН...

Фæнды мæ мæн, цæмæй нæ Иры
Мæгуыр лæг царды уаг æмбара.
Фæнды мæ мæн, цæмæй нæ Иры
Лæджы фæллой йæ кад ыссара.

Фæнды мæ мæн, цæмæй нæ Иры
Рæстдзинад адæммæ куыд хъара.
Фæнды мæ мæн, цæмæй нæ Иры
Нæ тых,нæ фæнд,нæ сæр нæ бар уа.

Гæдиаты Цомахъ
☄️Хъусынгæнинаг!

🙂Куыд зонут, афтæмæй Хетæгимæ фыссæм комикс æмæ нæ тынг хъæyы нывгæнæг.

👀Нæ хъуыдыйы ис къорд рæмбырд кæнын æмæ Президенты грантты ерысмæ бадæттын куырдиат.

‼️Уæ хорзæхæй, кæд искæй зонут кæнæ, мыййаг, уæхи фæнды бацархайын, фехусын мын æй кæнут далдæр ныхасгæнæн æфтауæны!
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
* * *
Ӕртӕ лымӕны ис мӕнӕн,
Нӕ сӕ фауын фыдуындӕй.
Ӕртӕ налатӕн нӕй тӕрӕн
Мӕ цард ӕмӕ мӕ фынтӕй.
Уырны мӕ, уарзынц мӕ ӕгӕр,
Кӕм и зӕххыл хуыздӕртӕ!
Фӕлӕ хӕзгулӕй дӕр кӕддӕр
Фӕсӕлӕт вӕййы зӕрдӕ.
Мӕ лӕмӕгъ базыдтой – фӕлмӕн
Рӕвдауынц мӕн дзӕбӕхӕй.
Уӕддӕр мӕ рухс уарзонӕй мӕн
Цӕмӕн кӕнынц ӕнӕ хай?
Ӕрбадт мӕ нывӕрзӕны Маст,
Мӕ разы кафы Катай,
Ӕнкъард мӕ дӕлфӕдтӕй ыскаст,
Фӕсур сӕ, цу, дӕ уатӕй!
Сӕ бынӕй ацъелф ласын ӕз,
Уӕддӕр мӕ тагъд ыссарынц.
Нӕ арын гаццатӕн фӕрӕз,
Зӕлдаг дзылар мыл дарынц.
1996 аз

#журналмахдуг
#джыккайтышамил
Спешим вам сообщить о нашем предстоящем творческом вечере, который состоится 25 февраля 19:00 в Камерном театре «Школа кино и театра». @shkit_vladikavkaz
Адрес пр. Коста 220а
.
Билеты можно приобрести на сайте ШКиТа https://quicktickets.ru/vladikavkaz-teatr-shkit/s30
СТОНГ БИРÆГЪ.
Уæлвæзы быдыры хызтысты фырытæ, афтæмæй сæм кæцæйдæр бирæгъ фæзынди æмæ сын загъта:
— Ныртæккæ уæ хæрдзынæн!
Фырытæн сæ уд ауади, фæлæ ма афтæ зæгъынц бирæгъæн:
— Раздæр нæ кæй хæрдзынæ?
— Ууыл уæхæдæг бафидаут!
— Цæй, уæдæ, мах дугъы рауайдзыстæм æмæ нæ фæстийæ чи баззайа, уый-иу раздæр бахæр.
—Хорз, рауайут!
Фырытæ фæйнæрдæм фæцыдысты æмæ сæхи рауагътой бирæгъмæ æмæ йæ ныггуыппытæ кодтой.
Бирæгъæн, мæгуыр, йæ фæрстæ батæбæкк сты æмæ дæлбылмæ атылдис, фӕсад иу дзæвгар, стæй та сивгъуыдта хуссармæ. Хуссары хызтысты родтæ æмæ та сын бирæгъ афтæ зæгъы:
⬇️⬇️⬇️
—Хæргæ уæ кæнын!
Родтæ йæм дзурынц:
— У, дæ рын бахæрæм, зарын ма нæ уæддæр бауадз.
— Цæй, ныззарут,—загъта бирæгъ.
Родтæ ныббогъ-богъ кодтой. Хъæу фæфæдис сты. Бирæгъæн та адæм йæ фæрстæ ныххостой, афтæмæй та аирвæзти. Фæсад та иу дзæвгар, стæй уæд сивгъуыдта хъæдмæ. Хъæды хызти сугдзауы хæрæг æмæ та йæм басхъæл ис бирæгъ.
— Ды та мын кæдæм ирвæздзынæ?! Хæргæ дæ кæнын ныртæккæ!
— 0, дæ рын бахæрон, ды ма мæ ацы уæззау уæргътæй куы фервæзын кæнис, æмæ æз дæ фæхъхъау куы фæуин! Æрмæст мæ зæвæты иу зæгæл ис æмæ дæ хъуыры куы фæбада.
— Æмæ йын раласæн нæй?
— Цæуылнæ, уæгъд у.
— Уæдæ радар дæ сæфтæг.
Хæрæг дард фæхаста сæфтæг æмæ дзы бирæгъы сæрæн ахъаззаг цæф фæкодта. Бирæгъ мæскъмæ атылдис æмæ уым: ныммарди. Абон дæр ма йын йæ мард зулчъытæ хæрынц.

#аргъау
БРЫТЪИАТЫ ЗАРИФФÆ – 105 АЗЫ

ТЕАТР, МА ФЕРОХ КÆН ДÆ ХЪÆБУЛЫ…
Цард æнæхъæнæй дæр фæлварæн у. Фæлæ фæлварæнтæ алыхуызон вæййынц. Иутæн – уæлæнгай гæрæнтимæ, иннæтæн – æдзух ныфссæттæн цæлхъытимæ. Цас курдиатджындæр, æхсæнадæн дæ фæрныг хъуыддæгтæй пайдадæр уай, уыйас фылдæр фыдæвзарæнтæм æнхъæлмæ кæс. Уымæн, æмæ хæлæггæнджытæ сыгъдæг уды тырнæнтыл фæнык байзæрынц…
Ахæм хъуыдытæм æрцæуы адæймаг, УСФСР-йы адæмон артисткæ æмæ аивæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Брытъиаты Зарифæйы хъысмæтыл йæ цæст ахæсгæйæ. Йæ номдзыд фыд Брытъиаты Елбыздыхъо ирон театры бындурæвæрæн æвзартæ куыд тыдта, афтæ йæ цардæй ахицæн. Зариффæйыл уæд цыппар азы йеддæмæ нæ цыд, æмæ йе ‘ртæ ‘фсымæримæ йæ дохтыр-мад Хъазыбегты Ольгæйы æвджид баззад. Баззад, æмæ рæз хаста, цæмæй фыццаг ирон режиссеры хуызы уыцы æвзартæ цæрæддзаг фæкæна.
Æниу йæ курдиат ахæм бирæвæрсыг уыд, æмæ сценæйыл йæхи хорз хатгæйæ фæлварæнтæ радта… Мæскуыйы дирижаблтæ аразæн институтмæ, математикæйæ иттæг хорз зонындзинæдтæ равдисгæйæ. Иучысыл фæкъуыхцы æрмæст историйæ, æмæ фæстæмæ йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрцыд. Ирон чызгæн æнахуыр ахуыргæнæндонмæ бахауд, зæгъгæ, уæддæр бæлвырд у – аивад фæуæлахиз уыдаид. Йæ фыццаг спектакль сæвæрыны фæлтæрæн 12-аздзыдæй кæм скодта, уым сценæйыл ног æмæ ног фæлгонцтæ нывæндыны æвæджиауы мидтых цы хъуамæ фæуыдаид…
1938 азы Мæскуыйы рабфачы 19-аздзыд рауагъдон сси ГИТИС-ы режиссерты факультеты Алексей Поповы æрмадзы ахуыргæнинаг. Фæстæдæр куыд мысыд, афтæ сæ ахуыргæнæг йæ хъомылгæнинæгтæй сарæзта дунейы æппæты амондджындæр адæймæгтæ. Йæ ныййарæг мады æмрæнхъ æй нымадта, хуыздæр миниуджытæй йæ чи фæхайджын кодта, йæ хъарутыл æй чи баууæндын кодта, ахæм зæххон зæдыл.
Гъе, фæлæ диплом райсынмæ фæндаг æгæрон даргъ рауад. Фыдыбæстæйы Стыр хæст уал ын радта æфсæддон бастдзинады къабазы цæуæнтыл ахизыны бардзырд. Фæстæгты рæнхъыты кæй нæ баззад, уымæн æвдисæн – майдантæ «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» æмæ «Æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй».
1944 азы раивта йе ‘фсæддон дарæс сфæлдыстадон кусæджы «пæлæзæй» æмæ уайтагъд Алагиры театр сарæзта. Уый фæстæ Федор Кноррейы «Встреча в темноте»-мæ гæсгæ спектакль сæвæрдта, диплом бахъахъхъæдта, æмæ йæ райгуырæн Ирон театрмæ цæттæ режиссерæй æрыздæхт.
Йæ райгуырæн уымæн, æмæ дзы йæ хъарутæ хæсты размæйы дугæй, студентæй фæлвæрдта. Ныр сфæлыста спектакль Константин Треневы пьесæ «Любовь Яровая»-мæ гæсгæ. Театры хуыздæр актертæ Тæбæхсæуты Бало, Икъаты Серафин, Хъариаты Тамарæ, Цæлыккаты Мæирбег, Туменаты Еленæ æмæ иннæты афтæ арæхстджынæй æрбангом кодта, æмæ сæ иумæйаг куыст хуыздæрты æмрæнхъ нымад æрцыд УСФСР-йы сфæлдыстадон фæсивæды театрты æркасты.
Уый уыд 1947 азы. Дарддæр – Борис Лавреневы «Разлом», Ярослав Галаны «Под золотым орлом», Борис Чирсковы «Победители», Юрий Буряковскийы «Юлиус Фучик». Афæдз йеддæмæ нæ рацыд, афтæмæй ЦИ АССР-йы аивæдты сгуыхт архайæг, актер Тотраты Бесæ ныффыста, национ театры кæй фæзынд фидар сфæлдыстадон къахдзæфтæ кæнæг фыццаг профессионалон режиссер.
1950 азы Брытъиаты Зариффæ сси Ирон театры сæйраг режиссер, уый фæстæ ахæм бынаты куыста Уырыссаг театры. Йæхи æвдыста арф зонындзинæдтимæ домаг, фæлæ раст разамонæгæй. Алы спектакль дæр-иу райрæзт, цы ног комулæфт æм хаста, уый руаджы. Актертæй æнгом къордтæ арæзта, уый иу хъуыддаг у, фæлæ ма драматургтимæ дæр архайдта – темæтæ сын лæвæрдта, сæ уацмыстæ цавæр хъуамæ уой, уый сын дзырдта, семæ «хъуыддаджы быцæуы» руаджы сæ театрæн хъæугæ фæндагыл арæзта. Æмæ æдзух ахуыр кодта, фæлтæрддзинад иста куыд хистæр актертæй, афтæ Ирон театры фыццаг режиссер Еленæ Марковайæ дæр. Æмæ фæзындысты Шекспиры, Лопе де Вегайы, Карло Гольдонийы, Фридрих Шиллеры, Александр Островскийы, Хетæгкаты Къостайы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Уырыймæгты Езетханы, Мамсыраты Дæбейы, Туаты Дауыты, Плиты Грисы, Хъайттаты Сергейы уацмыстæм гæсгæ æвæрд спектаклтæ.
Театры реформатор Константин Станиславский дзырдта, Хуыцауæй режиссеры курдиатæй чи фæхайджын, уый йæ куыст, аивадуарзæгмæ, цы дуджы цæры, уым хъæугæ хъуыдытæ æвзæрын кæныны бындурыл кæй аразы. Брытъиаты Зариффæ уыцы уагæвæрдæн æххæстæй дзуапп лæвæрдта, æмæ аивадиртасæг Нелли Данилова зæрдæрухсæй фыста, режиссерæн йæ зæрдæйы цы æвзонг удгоймаджы арт судзы, уый руаджы нырма бирæ хæрзты кæй бацæудзæн царды райдзастдæр цинхæссæн – аивадæн. Фæлæ… хъайтарон трагедитæ, психологон драмæтæ æмæ цыргъзонд комедитæ æвæрыны тырнæнтæ аскъуыдтой æнусты дæргъæн азтæ ахæстоны. Йæ уарзон Ирыстонæн лæггад кæнынæй чи не ‘фсæст, уыцы æвæджиауы курдиаты хицау сылгоймагыл ныххуырстой социалистон фæллой хæлæттаггæнæджы уаргъ. Æппæтцæдисон театралон æхсæнады Цæгатирыстойнаг хайады сæргъы лæугæйæ бирæ фембæлдтытæ, конференцитæ, гастролтæ арæзта. Финансон фæзилæнтæм йæ хъус уыйас нæ дардта, хатт-иу гæххæттытыл репетицийы рæстæг уайтагъд йæ къух авæрдта æмæ… йæ сæрæн ницы зонгæйæ фыдгæнæгæй агæпп ласта. Цас адæмæн фæкодта хорздзинæдтæ, æмæ йыл уыдон та æмхуызонæй гадзрахатæй рацыдысты, аххосджын нæу, уый зонгæйæ. Йæ фарсхæцджытæ та разындысты Михаил Ульянов, Рубен Симонов, Георгий Товстоногов, Василий Лановой, йæ ахуыргæнæджы фырт Андрей Попов, Расул Гамзатов, Ирыстоны æмæ сыхаг республикæты культурæйы кусджытæй чидæртæ.
«Ирыстон мын ныридæгæн ахæстоны гæрстæхсæг, дзаумæттæ æмпъузæг æмæ дуаргæсы куыстытæ мæ бæрны бакодта, æмæ тынг хорз арæхсын. Мæ райгуырæн бæстæ мæ сæрыстыр уæд!» – мæстæлгъæд худгæ фыста Брытъиаты Зариффæ йе цæг иузæрдион хæлар, аивадиртасæг Маринæ Литвиненкомæ. Уый йæ цардæмбал, ахуыргонд-экономист æмæ политикон архайæг Чъерджиаты Хазбиимæ бæргæ архайдта ссæрибар æй кæныныл, фæлæ уый зын хъуыддаг уыд.
Фыстæджыты ма ис ахæм хъуыдытæ дæр, зæгъгæ, йæ «хæрзгæнджыты» фæндыд театрæй йæ атонын, æмæ сын кæй бантыст – здæхын æм йæ зæрды нал уыд. Бамбæрста, фыдæвзарæнтæ хорздзинад тауджытыл къæвдайау кæй уарынц, уымæн æмæ саузæрдæ адæм суанг сæ амæттаджы удварн фæкайын дæр сæ дзæцц сæ уд хонынц. Фыста, куы ссæрибар уа, уæд адæмæй искуыдæм хохы цъупмæ кæй фæлиддзæн. Бынтон та йæ уый мардта, æмæ йын йæ фыссæг-фыдыл дæр цъыф кæй калдтой, йæ фæллæйттæ йын дзыллæ, литературæ æмæ театры аккаг кæй нæ хуыдтой.
Фæскъæвда кæддæриддæр хур бон ракæны. Цыппар азæй фылдæры фæстæ цардæфхæрд сфæлдыстадон кусæгæн дæр райгуырæн бæстæйы зæххыл ныддæлгом уæвыны фадат фæци. Ницæй тыххæй бафхæрдта уый йæ чызджы, фæлæ йæм æрыздæхт, æмæ ма йæхимæ суанг, фыдбылызы кæй аххосæй бахауд, уыдонæн салам дæттыны хъару дæр ссардта. Балæууыд Гæлæуты Анатолийы фарсмæ – уый Аивæдты училищейы Ирон театры студи сарæзта æмæ уым актеры дæсныйад амонын райдыдта. Ахуыргæнæгæн нæ бæззын, зæгъгæ, уæзданæй дзырдта, фæлæ йæ йæ хъомылгæнинæгтæ тынг уарзтой йæ адæймагон æмæ профессионалон миниуджыты тыххæй.
…Ирон театры æмбæрзæн йæ куыстыл фæстаг хатт «саудыдта» 1995 азы. Уæд ма равдыстæуыд йæ спектакль Ходы Камалы пьесæ «Рухсанæ»-мæ гæсгæ.
«Дыууæ сæдæ спектаклы бæрц сæвæрдтон. Комедитæ бæргæ уарзтон, фæлæ мæ цард фылдæр драмæ æмæ трагедитæм здæхта. Амондджын уæвын цы у, зæгъгæ, мæ фæрсыс, æмæ зæгъын – бирæ йын нæ хъæуы. Зæрдæйæ æмæ удæй адæмимæ æнгом баст у, æмæ уый фаг у. Хорздзинад кæнынмæ арæхс, уымæй ма фæллай», – дзырдта Брытъиаты Зариффæ йæ царды фæстаг азты журналист Гокъоты Ксеняйæн. Йæ 80 азы бæрзæндæй акаст, æрæййæфта стыр советон паддзахады сæфт æмæ йемæ – культурæйыл гадзрахатæй рацæуыны заман. Ууыл куыдта æдзух йе ‘фхæрд зæрдæ. Йæ хъуыдытæ та-иу æй сценæмæ ахастой, йæ сæнтты актерты архайдмæ каст. Æмæ йæ миднымæр дзырдта: «Театр, ма ферох кæн дæ хъæбулы…»

#журналмахдуг #БрытъиатыЗариффæ