IRON ARGHAW
971 subscribers
1.22K photos
444 videos
373 files
327 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
ЗЫМÆДЖЫ ФÆДИСОН.
Фæззыгон сæлфынæг арвы бæрзондæй зæххы ныллæгмæ расайдта миты гæлæбутæ æмæ бæстæ урс-урсид адардта. Æрмæст ма Бур лæбырды бынмæ дурджын фæхстæ ранæй- рæтты тарæй зындысты. Мæнмæ та афтæ каст, цыма уый ивгъуыд сæрды хъарм баззад хуссæрттыл æмæ сыл миты гæлæбутæ тайынц... Фæлæ иу райсом уыцы сау тæппытæ дæр миты бын фесты.
Мæ зæрдæ тыхсти... Мæ зæрдæ цæуылдæр рысти... Кæддæры хурджын сæрды сыл мæ мад цы къахвæдтæ ныууагъта, уыдонæн кæд уазал у, мыййаг. Кæд хъæды кæрон, нæ картофы хуыммæ æввахс, мæ мад цы кæрдо бæласы бын бадти, уымæн йæ рæхснæг къалиутæ уæззау салфы бын ихæнриз кæнынц.
Уалдзæг ма тагъддæр куы ’рцæуид: мæ мады къахвæдтæ хур куыд батава, кæддæр цы бæласы бын улæфыд, уый рæхснæг къалиутæ та дидинæг куыд рафтауой. Кæд мæ зæрдæйы сагъæс иу гыццыл фæрогдæр уаид. Фæлæ нæ зонын, нæ зонын... Ивгъуыд боныл ма исты хур ракæса.

Видео @mikhoshka
#чеджемтыӕхсар
Бесценный дар, который каждый человек получает с самого рождения – его родной язык. Любовь к родному слову невозможно привить искусственно. Она приходит естественным путем – когда родители разговаривают с детьми, читают им сказки и стихи на родном языке.

Знание родного языка позволяет нам приобщиться к мудрости и духовному богатству наших предков, а его сохранение значит сохранить сам народ.

Саби а дунемæ куы ‘рбацæуы, уæд лæварæн айсы хæзнаты хæзна - мадæлон æвзаг. Йæ хистæртæй та аразгæ у, уыцы хæзнайæн цавæр аргъ кæндзæн, уый.

Зынаргъ хæлæрттæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Иумæйагæй бахъахъхъæнæм ирон æвзаг æмæ йын йæ аив зæлтæ бамынæг кæнын ма бауадзæм!
МАДЫ УДУÆЛДАЙ УАРЗТ. Хъæбулмæ ныййарæджы стыр уарзондзинады тыххæй бирæ хабæрттæ фехъусæн вæййы, бакæсæн ис аивадон литературæйы, фæлæ Дæргъæвсы комы Хынцæгæй Къæхтысæры æхсæн цы Къæцæлæппарæн дур ис, уыимæ баст æцæг хабар зæрдæйыл æндæрхуызон æмбæлы, зонд æндæрхуызон агайы.
Кæддæр, дам, нудæсæм æнусы дæргъæвсаг иу æрыгон ус йæ ноггуырд сывæллонимæ быдыры хъæутæй иуы, йæ цæгатмæ хуындæджы бадт. Сывæллон куы ныййардта, уæдмæ зымæг дæр ралæууыд, æмæ боныхъæды хорзмæ каст. Йæ цæгаты æгæр бирæ кæй фæстиат кодта, уый йæм худинаг каст, йæ лæджы мад æмæ фыдæй æфсæрмы кодта.
Иуахæмы, куы фæбон кодта, уæд Хъобанмæ цæуджытимæ фæбалц. Хъобанæй иунæгæй фистæгæй уыд йæ фæндаг. Хуссар Хынцæгмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ йыл схъызыд. Фæндаджы иуварс егъау дуры аууон балæууыд. Кæсы æмæ дзы байбынгонд. Йæ нымæтæй хуыд гуыр раласта, сывæллоны дзы батыхта, дуры хуылфы йæ йæ хъæбысы бакодта, зымæджы хъызтæй йæ йæ гуырæй бааууон кодта, афтæмæй æрбадт.
Уыцы хуызы сæ ссардтой, Хуссар Хынцæгæй бæлццон сывæллоны кæуын куы фехъуыста, уæд. Мад басыд æмæ амард, сывæллоны аирвæзын кодта йæ нымæтын гуыр æмæ буары хъармæй. Кæугæ, ниугæйæ йæ кадимæ бавæрдтой уæлмæрды, фæлæ йæ удуæлдай уарзт йæ хъæбулмæ цæры æнусты. Уæдæй фæстæмæ уыцы дуры цур къæцæл аппарын Дæргъæвсы комы ссис æгъдау. Цæмæй ма кæд искæуыл ам зымæгон схъыза, уæд ын арт скæнынæн фадат уа. Афтæ дур дæр рахуыдтой Къæцæлæппарæн дур.

#таурӕгъ
#цгъойтыхазби
Forwarded from Fedog : хабæрттæ иронау (Dziglo)
28 февралы 18.00 сахатыл Ирон драмон театры уыдзæн дыууæ стыр фыссæджы — Малиты Георги æмæ йæ фырт Васойы номарæн изæр «Фыдæй — фыртмæ». Мадзал арæзт цæуы сæ юбилейты фæдыл — Георгийы райгуырдыл æххæст кæны 135 азы, Васойыл та ацы аз сæххæст уыдаид 85 аз.
Изæрмæ бацæуæггаг фидын нæ хъæуы.
Табуафси, саккаг кæнут!
Forwarded from Region15.ru
📹 "Не подавай руку старшему первым"

"15-й Регион" продолжает публикацию цикла социальных роликов, посвященных этикету и традициям осетин.

@region15_ru
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
1) Бзаров Р.С. Наша Родина в прошлом Рассказы по истории Алании и России. 4 класс. 2013 г.
2) Бзарты Руслан. Нæ Райгуырæн бæстæйы истори. Алани æмæ Уæрæсе рагзаманты. 4 кълас. 2019 аз.
3) Бзарти Руслан. Нæ Райгурæн бæстæ евгъуд дзаманти. Радзурдтæ Алани æма Уæрæсей историйæй. 4 кълас. 2013 анз.
Агусти Алемань. Аланы в древних и средневековых письменных источниках. 2003 г.

Уникальное явление в алановедении — выход на русском языке книги каталонского ученого, профессора Агусти Алеманя Sources on the Alans.
В книге воссоздается вся историческая панорама и явственно прослеживается линия развития аланского общества, культура и жизнь которого отражена в ярких и красочных строках письменных источников.
Вплоть до настоящего времени лишь некоторые аспекты и периоды аланской истории были рассмотрены в ряде научных изданий. В настоящей книге представлен исчерпывающий свод всего имеющегося и доступного на данный период материала. В едином издании собраны многие письменные источники, дан их перевод и комментарий. Опираясь на сведения, приведенные в данной книге, последующие исследователи смогут более полно рассмотреть все аспекты истории алан.
Настоящее издание предназначено как для специалистов — историков, этнографов, археологов, политологов, так и для всех, кто интересуется историей древнего народа.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
⠀Скъуыддзаг Плиты Христофоры опереттӕйӕ «Терек поет».

Замана - Уӕрӕсейы адӕмон артисткӕ Билаонты Долорес,
Сайхан - Уӕрӕсейы адӕмон артист Бӕцӕзаты Юрий.
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Стӕг домбайы хъуыры дӕр фӕбады.

#ӕмбисонд
Forwarded from Люблю Осетию
Диадема (золото, аметист, альмандины, гранаты, бирюза, коралл, стекло), Сармато-аланская культура, I в.

Найдено: Курган Хохлач. Ростовская область, г. Новочеркасск, Россия

Государственный Эрмитаж, Санкт-Петербург
Неслучайно женский праздник приходится на весну. Как первые лучи солнца пробуждают всё живое, так и женщина является источником жизни, своим теплом и светом согревает тех, кто находится рядом с ней.

От её мудрости, терпения и усилий в большей мере зависят настроение в доме и семейное благополучие. Она может поддержать не только добрым словом, но и быть надежным тылом для своего спутника.

Удивительно, как в ней одновременно сочетаются хрупкость и сила. Потому что сегодня женщина не только заботится о семье, но и достигает внушительных успехов в профессии.

Дорогие женщины, поздравляю вас с 8 Марта! Всего вам самого доброго!

Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой: «Хорз сылгоймаг — хæдзары зæд». Уыцы ныхæстæ мæм тынг раст кæсынц. Сылгоймаджы лæггæдтæн аргъ нæй. Уый у царддæттæг, фæлмæн ныййарæг мад, Нарты Сатанайау бæркадкъух æфсин. Уый хъахъхъæны цæсты гагуыйау йæ бинонты амонд, ауды йæ уарзон адæмыл…

А дунейы хорзæй цы ис, уый Мады Майрæм Ирыстоны сылгоймæгтæн балæвар кæнæд! Амондджын ут!
Æрдз рæсугъд у йæ бирæвæрсыг хуызтæ æмæ змæлдæй. Йæ æдзæм æмæ сæрбихъуырæйттæй, йæ рæдау æмæ æгъатырдзинадæй. Æрдзы хъомыс бирæ у, фæлæ уæддæр сылгоймагæй рæсугъддæр, аивдæр, æмбæхст сусæгдзинæдтæй дзагдæр удгоймаг не скодта. Уæлдайдæр йæ миддунейы хæрзуылæн йæ хъуыддæгтæй, йæ митæй, йæ цæсгомыл æддæмæ куы æнхъæвза, уæд!

Нывгӕнӕг Дзӕнтиаты Юрий.

#цардыхъуыдытӕ
#цгъойтыхазби
Ирон æвзаджы программæ 1–11-æм кълæстæн. 2014 аз.

Программæ сарæзтой: Дзампаты Ларисæ, Дзасохты Фатимæ, Дзодзыккаты Зæидæ, Кокайты Ларисæ, Колыты Иринæ, Куыдзойты Анжелæ, Моурауты Маринæ, Пухаты Ларисæ, Саламаты Лидæ, Цопанты Ритæ.
Æнусон егъау бæлас куы рафæлдæхы, уæд йæ алыварс къаддæр бæлæстæ бацин кæнынц, йæ аууонæй фервæзтыстæм, зæгъгæ. Тыхдымгæтæй дæр сæ хъахъхъæдта, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæ вæййы, цалынмæ сæ ныууигъынц, уæдмæ. Уыцы уавæр хауы адæммæ дæр: сæ хуыздæр куы амæлы, уæд æвзæртæ бацин кæнынц, ныр разындзыстæм, зæгъгæ, ном сын кодта, ууыл нæ ахъуыды кæнгæйæ.

#цгъойтыхазби
#цардыхъуыдытӕ