IRON ARGHAW
933 subscribers
1.21K photos
437 videos
368 files
324 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
МАДЫ ÆЛГЪЫСТ.
Мæ фыд Увæдзæй йæ æрыхъуыстон... Фыдæлтæ, дам, куыд дзырдтой, афтæмæй Хъæрæгъæцы, уымæй уæлæмæ — Урсдоны доны фæйнæфарс, Фадау æмæ Соппæры тъæпæнты раздæр Ногъа цардысты. Кæд уыди — мæгъа. Уæд Ир, æвæццæгæн, ацы рæтты нæма уыдысты.
Гъемæ, цæмæйдæриддæр, иу хатт Ногъайæн сæ чындзытæй иуы судзгæ маст бацыди: авдæнмæ йын йæ сывæллоны къухмæ чидæр гæккуырийы мард баппæрста, æмæ йæ уый дæр йæ дзыхы бакодта. Афтæмæй йæ хъуырьг фæбадт æмæ амарди. Мад æй никæмæн схъæр кодта, бамбæхста йæ.
Сусæгæй хуыцаумæ йæ тæригъæдтæ фæхъардта, кæмæн цы кодтон, зæгъгæ, стæй донмæ рацыд. Иæ гогоны дон систа æмæ ралгъыста: «Ацы зæххыл абонæй фæстæмæ лæппу усгур ма кæнæд, чызг — чындздзон чызг, рæуæд гал ма суæд... Ацы зæхх авд хатты хъæууат фæуæд!» — йæхæдæг дон асæххæтт ласта. Хæдзармæ афтид гогонимæ баздæхт.
Æхсæвы йе ’дзард сывæллоны йæ хъæбысы систа æмæ, цы фæци, уый бæрæг нал сси.
Зæрæдтæ-иу, æцæгдæр, дзырдтой: «Ацы зæхх æлгъыст у, авд хатты хъæууат фæци — авд адæмы фæлтæры дзы æрцард æмæ сыл 111 дзы цард никуы ’рхæцыд. Æмæ-иу фæлыгъдысты...» Ногъайæн ма ныр дæр сæ мæсыг æмæ сæ зæппæдзтæ Къорайы сæрмæ Фадауы рагъыл зынынц. Мады æлгъыст цæуаг у.
Гъе, ахæм таурæгъ дæр ис.

Агъиианы ныхæстæ, Цæрукъаты Ал. фыст, 1970 азы, 17 май, г. Орджоникидзе.

#таурӕгъ
Forwarded from Ирон чиныг
«Базон-базон» – это мобильное приложение-викторина на осетинском языке, цель которого сохранение осетинского языка и повышение интереса жителей Осетии к культурному наследию родного края. Задача пользователя отвечая на тестовые задания набрать наибольшее количество баллов и возглавить рейтинг.

Тематика заданий в приложении связана с такими областями национальной культуры как театр, кино, художественное искусство, литература, язык, история, география, музыка, спорт и многое другое. Некоторые задания основаны на изображениях искусства или фотографиях.

Скачать приложение "Базон-базон" можно в PlayMarket и AppStore: https://bazon.ironapps.ru/download
Forwarded from Mountain region.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
лето в Осетии это отдельный вид искусства 🏔💫

ледники🏔 водопады 💦 альпийские луга
Forwarded from vladislav totraty
Самый верхний, самый красивый Згид🙌🏻😊
Создан дополнительный канал в Телеграм — Русско-осетинский разговорник Харума Таказова в аудио-формате. Пока загружено 36 тем. Раз в неделю будут добавляться 1-2 новые. Брошюру можно скачать в формате дежавю или приобрести в книжных магазинах.
Булæмæргъ æмæ уæрцц

Булæмæргъ загъта уæрццæн:
— Хорз кæй зарын, уый тыххæй
Мæн ахæсты фæдарынц,
Телтæй быд чыргъæдæй
Мæн ракæсын нæ уадзынц.

— Ехх! — загъта бынæй уæрцц. —
Дæ зарæджы аххос у,
Дæ бырынкъыл хæц!
Маргæ дæ кæй нæ кæнынц, уый хорз,
Ахæстоныл хъæц.

* * *
Хатт зарæг дæр бæззы,
Хатт зарынæй дæр тæрс,
Фадат дын куы уа дзурынæн,
Уæд зæгъынæн дæр бæзз.

Гæдиаты Секъа
Forwarded from Mountain region.
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Доброе Кармадонское утро☀️🏔

Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд Ирон адӕм 💫
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ирыстоны цæрджытæ бæрæг кæнынц Хетæджы Уастырджийы бон æмæ уæ йæ хорзæх уæд! Абон ын йæ рухс кувæндонмæ нæ республикæйы алы къуымтæй цæудзысты сæдæгай адæймæгтæ, æргом ын кæндзысты сæ зæрдиагдæр бæллицтæ! Алкæй куывдтытæ дæр дзæбæхæй æрцæуæнт!

Ирыстоны хъæбултæй бирæтæ сты хæсты быдыры æмæ сæ Уастырджи йæ рахиз базыры бын бакæнæд, фыдбылызæй сæ хъахъхъæнæд! Нæ лæппутæ дзæбæхæй сæ хæдзæрттыл сæмбæлæнт, сæ Райгуырæн зæххмæ уæлахизимæ æрыздæхæнт!

Дорогие друзья, от всего сердца поздравляю с днём святого покровителя Хетага! Пусть на каждого из вас снизойдёт милость Уастырджи, а наша маленькая Осетия будет под его надёжной защитой! Мира, благополучия и добра!
ГАКК-ГУКК — ЛЕКЦИКӔСӔГ.

Уыд Гакк-гукк мадæлты æмбырдмæ
Хуынд уазæг: мæргътæн лекци каст.
Цъырдта къафеттау й’ алы дзырд дæр,
Куы-иу дзы нал хъуысти сыбыртт дæр,
Куы та-иу райдыдта цъæхахст...

—Мад у нæ ныййарæг! — фæдзæхста,—
Мад хъуамæ не ’хсæн уа нымад!..
Уæлдай бæрзонд та сты йæ хæстæ,—
Мад у лæггад кæнынæй мад!

Æмæ дын амонынмæ баздæхт.
Æмбæла, нæ—уæддæр фырдзырд:
Куыд хъæуы ахстон бийын уалдзæг,
Æмæ куыд уадзын хъæуы къуыртт...

Бæргæ, Дзывылдары кой нал хъуыд,
Фæлæ æнæ зæгъгæ дæр ц’ и,
Дзæбæх ын ацагъта йæ пакъуы,
Æмæ йæ лекци каст фæци.

Хъæд сæнкъуыст къухæмдзæгъдæй иууыл.
Зæххыл ма уый хуызæн кæм уыд?!
Нæ лектор фервæссыд йæхиуыл,
Ысхъæл, сæрбæрзондæй лæууыд...

Ыстæй та уæд йæхи æнхъæлæй
Дзывылдары къуыртмæ фæраст...
Кæмдæр та аппæрста дзæгъæл айк
Æмæ та ногæй лекци каст...

Багаты Лади «Ирон зӕрдӕхудт»
Ирон лӕг куы схъӕздыг уа, уӕд кӕнӕ лӕг мары, кӕнӕ хуыцаумӕ мӕсыг амайы.

#ӕмбисонд
Forwarded from zærvatkk
Премьера
Forwarded from IrystonTV
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дауыраты Дамиры публицистон уацмыстæ чысыл не сты, ирдæй æвдисынц авторы курдиат. Ацы рауагъдæн райстам йæ чиныг «Уыцы зондджын тугдзых» æмæ дзы иу къорд дзырды равзæрстам.

📺Смотрите новый выпуск программы «Судзаг æвзаг» 15 июля в 20:30
на телеканале «Осетия-Ирыстон».
МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ ХÆЙРÆГ.
Раджы ма, раджы цардис æмæ уыдис иу мæгуыр лæг. Цардис зæххы куыстæй æмæ йæ бирæ бинонты ницы цух уагъта. Йæ хуымы гæппæл афтæ хæрзбæстон куыст кодта, æмæ йын иу хоры æрцыдæй, иннæ хоры æрцыдмæ фагæй уæлдайдæр кодта. Хæйрæгмæ дис кастис, мæгуыр лæг ахæм хъæздыг тыллæг куыд райсы. Иуахæмы сфæнд кодта мæгуыр лæгыл фембæлын. Уыд сæрды тыллæг æфснайыны рæстæг. Мæгуыр лæг йæ хуым карста.
Хæйрæг йæ уæлхъус æрбалæууыд. Салам ын радта æмæ йын афтæ зæгъы:
- Бирæ бæстæтыл фæзылдтæн, фæлæ ахæм хор æрзайгæ никуыма федтон. Куы аулæфис æмæ куы аныхас кæниккам. Мæгуыр лæг бамбæрста хæйрæг æй кæй сайдзæн, йæ хоры бæркад ын кæй ахæсдзæнис, уый, æмæ йын афтæ зæгъы:
- Абон мæ не ’вдæлы. Кæд дæ мемæ аныхас кæнын фæнды, уæд анымай къуырийы бонтæ æмæ дзы уæлдай кæцы бон разына, уыцы бон æрбацу æмæ аныхас кæндзыстæм.
Хæйрæг ацыд æмæ къуырийы бонтæ нымайы куы размæ, куы фæстæмæ, æмæ дзы уæлдай бон не ссардта æмæ уыцы бонæй мæгуыр лæджы æмгæрæтты нал ацыд.
⬇️⬇️⬇️
Афтæ мæгуыр лæг йæ зонды фæрцы фервæзтис хæйрæгæй.

#аргъау
#дудайтыгерсан
Forwarded from Цӕра (Цæра)
Дауыраты Дамиры чиныг «Уыцы зондджын тугдзых»-æй равзæрстон къорд дзырды:

*ТУАЦЪÆ: «Туацъæйы суадон — мæ тæрсæн бынат»
*АУÆЗТ: «Махæн-иу Даргъдонуайæн бацауазынæй хуыздæр мацы ратт»
*ХЪОРГЪ: «Фæндагыл бирæгъы хъоргъыл сæмбæлдысты, ныббырыдысты дзы æмæ йын йæ лæппынты рахастой»
*ДЖИДÆ: «Йæ иунæг ныфс — йæ фарсыл баст джидæ фæрæт»
*НУК: «Фæлæ куыройы нуктæй иуыл йæ тъæпп фæцыд æмæ йæ уый бынмæ йæ фæдыл аскъæфта»
*ГУЫФФÆ:«Иу машинæйы гуыффæйы кæттагæй æмбæрзт мæнæуыл нæхи ауагътам»
*МÆСКЪ:«Мæсчъы адагæй чысыл фалдæр»
*УИРАГ: «Фæндаджы былыл дзæгьæл æппæрст уираг дурыл æй сцыргь кодта»
*ÆМБАТЪÆ: «Хосы æмбатъæйы сæр хуыссæм, уынæртæм хъусæм»
*ГÆБЫНА: «Æхсæвы чысыл рагæбына кодта»
*ÆРГЪÆВÆГ: «Ме ’нгуылдз уазал æргъæвæгыл æрæвæрдтон».
https://www.youtube.com/watch?v=mQreE55iRS4
НОГ ДАВÆГ.
Иу лæг давджыты цардмæ бабæллыди æмæ ауæй кодта йæ исбон иууылдæр. Ссардта йæхицæн саргъ, бæх, топп æмæ арасти æвзæргæнджытимæ.
Æмбисæхсæв иу хæдзармæ бацыдысты, æмæ сæ хæдзары хицау топпæй рагæрах кодта. Нæмыг ног давæджы сæрыл сæмбæлди; уæд æм йе ’мбæлттæ фæлæбурдтой æмæ йæ хъæугæронмæ ахæццæ кодтой, æрæвæрдтой йæ. Иу йæ къух цæфы атъыста æмæ фæрсы:
— Цымæ йын йæ магъз бахъыгдардтаид, йæ магъз?
Уæд æм цæф лæг йæхæдæг дзуры:
— Нæ, уымæ кæцæй бахæццæ, магъз дзы ӕппындæр куыннæ ис.
— Ау, уый та «уыд? Магъз та дзы куыннæ ис?
— Нæй, уым магъз куы уаид, уæд мæ бындуртæ нæ ныууæй кодтаин æмæ мæнæ ацы ран, кæйдæр хъæугæрон, æмбисæхсæв куыдзы мард нæ кæнин.

,,Ирон хъæлдзæг ныхæстæ æмæ фыдæлты æмбисæндтæ". Берлин— Дэæуджыхъæу, 1924, ф. 9.
Forwarded from Woodwork_galau (***Valek)
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Подведём итог проделанной работы …))