Forwarded from ЧИНЫГДОН «БÆРЗÆФЦÆГ»
Кусов Г.И. Я хочу вам доверить тайну. 1992 г.
Г.И. Кусов — автор получивших признание читателей книг «Поиски краеведа», «Вокруг Коста», «Малоизвестные страницы Кавказского путешествия А С. Пушкина». В новой книге «Я хочу Вам доверить тайну», он рассказывает о путешествиях энтузиастов в горах Северного Кавказа. Они записывают легенды кавказских гор, разыскивают таинственные знаки и рисунки, оставленные предками на стенах башен.
• Вместо предисловия.
• Легенды Кавказских гор. Есть такая земля Даргавс.
• Некоторые рассуждения о Даргавской горной долине, почерпнутые за время экспедиции.
• Легенды из семейного архива.
• Картина на Гудских скалах.
• Загадка Дзивгисской крепости.
• Легенда о княгине Дарий.
• В ауле Теп Трусовского ущелья.
• Знаки, оставленные предками. Белый греческий замок.
• Пляшущие человечки Цмыти.
• Следы легендарных богатырей.
• Парси в осетинском ауле.
• Эпилог.
Forwarded from Цӕра (Цæра)
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
СÆМÆН
———
«сæмæн» — «ось»
———
«Сомихæй диссаджы аслам Хёндай æртардтон, æмæ дын дыккаг бон йæ фæстаг сæмæн дыууæ дихы куы æрбаиуд!»
Литературон дæнцæг:
«Сӕмӕн сӕрст куы уа, уӕд цалх хъинц нӕ кӕны.»
«Хурхӕтӕны» Ӕгъуызарты Ӕхсарбег

КУЫД ӔРЛЫГЪДЫСТЫ ХЪӔЦМӔЗТӔ ХЪЕУСЕЛТМӔ.
Хъӕцмӕзтӕ ӕппӕты фыццаг цардысты Нузалы. Фӕстагмӕ сын Цъӕйы хъӕуимӕ табидз ахаста. Нӕ фыдӕл Бисолтан амардта саг. Цъӕйаг, Цъӕхлӕг, зӕгъгӕ, йӕ размӕ бабадт ӕмӕ йын ӕй тыхӕй иста. Ахаста сын хъаугъа. Дзырд дзырд асайдта ӕмӕ фӕстагмӕ Бисолтан Цъӕхлӕгӕн загъта: «Цӕй райгас ӕй кӕнӕм ӕмӕ йӕ дардӕй рауадзӕм, кӕд дӕумӕ ӕрлидза, уӕд дӕу уӕд, кӕд мӕнмӕ, уӕд та—мӕн». Саг райгас кодтой, рауагътой йӕ ӕмӕ ӕрлыгъдис Бисолтанмӕ.
Цъӕхлӕг уӕддӕр не сразы ис.
Уӕд та йын Бисолтан зӕгъы: «Цӕй, аргӕвдӕм ӕй ӕмӕ кӕд йӕ фӕрск фугӕйӕ разына, уӕд мӕн уӕд, кӕд нӕ,—уӕд та дӕу». Аргӕвстой саджы ӕмӕ та Бисолтан рамбылдта. Фӕлӕ уый фӕстӕ Цъӕхлӕг уӕддӕр фыдгӕнӕг уыд ӕмӕ саджы байста. Бисолтан мӕстджынӕй раздӕхт.
Фӕндагыл ыл амбӕлд Уастырджы. Бисолтан ын йӕ хъуыддӕгтӕ куы радзырдта, уӕд ын Уастырджи афтӕ, цӕмӕннӕ йӕ амардтай, зӕгъгӕ. Уастырджы куы базыдта, Бисолтанмӕ нӕмыг нал ис, уӕд ын йӕ лулӕйы ныффу кодта ӕмӕ топп сифтыгъд.

Бисолтан раарфӕ кодта Уастырджыйӕн, асырдта Цъӕхлӕджы фӕстейӕ ӕмӕ йӕ амардта. Стӕй йӕ уый адыл сыстад Нузалӕй ӕмӕ ардӕм ӕрлыгъд.
Радзырдта йӕ Дзауы районы Хъеуселты хъӕуы цӕрӕг 60 азыккон колхозон Хъӕцмӕзты Бесо, фысгӕ та йӕ ныккодта этнограф Цыбырты Людвиг 1961 азы июлы мӕйы.
#таурӕгъ
Радзырдта йӕ Дзауы районы Хъеуселты хъӕуы цӕрӕг 60 азыккон колхозон Хъӕцмӕзты Бесо, фысгӕ та йӕ ныккодта этнограф Цыбырты Людвиг 1961 азы июлы мӕйы.
#таурӕгъ
Forwarded from KрыльяTV Осетия
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ирон дайджест №26
Омикрон-штамм Ирыстоны, Дзæуджыхъæуы администраци æхца цæуыл кусынц, нæ республикæйы чиновниктæ мæгуыр кæй сты æмæ æндæр хабæрттæ дыууын æхсæзæм ирон дайджесты.
Омикрон-штамм Ирыстоны, Дзæуджыхъæуы администраци æхца цæуыл кусынц, нæ республикæйы чиновниктæ мæгуыр кæй сты æмæ æндæр хабæрттæ дыууын æхсæзæм ирон дайджесты.
Forwarded from ЧИНЫГДОН «БÆРЗÆФЦÆГ»
Джусойты Нафи. Царды æвидигæ сагъæс. 2009 аз.
Нæй адæймагæн лæгау цæрæн, йæ адæмы ивгьуыд рохуаты куы ныууадза, уæд. Æцæг, æрвыл бон дæ мид-зæрдæйы ивгъуыдыл мæт кæн, уый дæр бæллиццаг нæу. Хуыздæр мæм кæсы уый зæрдыл дарын æмæ хаттæй-хатт фарнау мысын...

This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ансамбль «Симд»
Ой, чызгай, рæсугъд чызгай, ой,
Колхозон чызг, рæсугъд чызгай, ой.
Ерыс куысты цæрдæг-цæрдæг, ой,
Махæн чызгай нæ фæллайы, ой.
Зараг дымгæ, Нæртон фæззæг, ой,
Зад мæнæу дзы ныффæйлауы, ой.
Урс дæллаг хъуыр, къæлæт æрфыг, ой,
Сахъ лæппуйы зæрдæйы зынг, ой.
Фарны колхоз у хорз зæхджын, ой,
Махæн чызгай сырх хорзæхджын, ой.
Ой, чызгай, рæсугъд чызгай, ой,
Цардамонд уа дæ уды хай, ой.
#иронзарӕг
Ой, чызгай, рæсугъд чызгай, ой,
Колхозон чызг, рæсугъд чызгай, ой.
Ерыс куысты цæрдæг-цæрдæг, ой,
Махæн чызгай нæ фæллайы, ой.
Зараг дымгæ, Нæртон фæззæг, ой,
Зад мæнæу дзы ныффæйлауы, ой.
Урс дæллаг хъуыр, къæлæт æрфыг, ой,
Сахъ лæппуйы зæрдæйы зынг, ой.
Фарны колхоз у хорз зæхджын, ой,
Махæн чызгай сырх хорзæхджын, ой.
Ой, чызгай, рæсугъд чызгай, ой,
Цардамонд уа дæ уды хай, ой.
#иронзарӕг
Forwarded from Карточный Домик: Россия
Forwarded from ЧИНЫГДОН «БÆРЗÆФЦÆГ»
== Дзасохты Музаферы разныхасæй ==
Ныртæккæ уæ къухмæ цы чиныг райстат, уый ныффыста Уырымты Зоя. Рагацау æй зæгъæм: Зоя фыссæг нæ уыд, нæ уыд журналист дæр, фæлæ уарзта адæмы, адæмы чи фæуарзы, уымæ та вæййы бирæ рæсугъд хъуыдытæ æмæ рухс бæллицтæ. Цæмæй уыцы æнкъарæнтæ иннæтæм дæр фæхæццæ уой, уый тыххæй та сæ радзурын фæхъæуы. Радзурынæй ноджы хуыздæр та у уыдон гæххæтты æвджид бакæнын, уымæн æмæ сæ уæд фылдæр адæм бакæсдзысты, фылдæр адæммæ фæхæццæ уыдзысты...
Адæммæ уарзондзииад равдисынæн æппæты хуыздæр фадæттæ ахуыргæнæджы дæсныйад дæтты, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд иæ фæрæдийдзыстæм. Чи зоны, Зоя дæр ахæм дæсныйад уымæн равзæрста. Бирæ азты йæ зонындзинæдтæ, йæ зæрдæйы хьарм фæлæвæрдта рæзгæ фæлтæрæн. Сæдæгæй лæппутæ æмæ дзы чызджытæ райгондæй баззадысты æмæ йын йæ ном абон дæр æмæ райсом дæр мысдзысты æхсызгонæн.
Зояйы, йæ фæлладуадзæн рæстæг куы ралæууыд, уæддæр æнцад бадын нæ бафæндыд, нæ бафæндыд, зæгьгæ, нæ бафæрæзта æмæ, кæд йе ’нæниздзинад зæрдæзæгьгæ нæ уыд, уæддæр йæхицæн хæсыл нымадта, цы адæмы ’хсæн хьомыл кодта, кæимæ куыста æмæ æмбæлд, уыдоны тыххæй иннæтæн дæр радзурын. Афтæмæй фыссын райдыдта газеттæм. Уæлдай уарзон цæстæй йæм ракастысты «Рæстдзинад»-ы редакцийы, комкоммæ та Тепсыхьоты Зоя. Журналист æмæ ахуыргæнæг кæрæдзийы бамбæрстой æмæ сæ хæлардзинад æмгуыстмæ рахызт. Уыцы æмгуыст та йæ фæстæ бирæ хорз фæстиуджытæ ныууагьта. Уырымон Ирыстоны дзыллæтæн радзырдта йæ зонгæтæ æмæ хæстæджыты фæзминаг хьуыддæгты тыххæй æмæ сæ кьорд азты дæргьы æхсызгонæй кастысты газеткæсджытæ.
Ацы чиныг чи бакæса, уыдон базонгæ уыдзысты бирæ хорз адæмимæ. Зоя кæимæ æмбæлди, кæимæ куыста, уыдоны сурæттæ уæ цæстытыл ауайдзысты æмæ, мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй арфæ кæндзыстут сæ ныффыссæгæн, сæрыстыр уæвæн кæмæй ис, ахæм адæмы цардимæ уæ кæй базонгæ кодта, уый тыххæй.
Зоя йæ фыстыты архайы йæ зонгæтæ æмæ къабæзты удыхъæд раргом кæныныл, æмæ йын уыцы хъуыддаг æнтысгæ дæр кæны. Фæлæ уыцы иу рæстæг чиныгкæсæг базондзæни, Уырымты чызг йæхæдæг цавæр адæймаг у, уый дæр, уымæн æмæ, искæй тыххæй дзургæйæ, адæймагæн йæхи цæстæнгас, йæхи миниуджытæн дæр æнæ раргомгæнгæ нæ вæййы.
Чиныджы тыххæй бæлвырддæр радзурæн дæр ис, фæлæ йæ уæхæдæг куы бакæсат, уæд хуыздæр уыдзæн. Ноджыдæр ма йæ иу хатт зæгъын: базонгæ уæ кæндзæн бирæ фæзминаг адæймæгтимæ. Базондзыстут, сæ ныффыссæг йæхæдæг дæр фæзминаг кæй уыд. Фæзминаг — йæ цардæй, йе ’гъдауæй, йæ намысæй.
Forwarded from ЧИНЫГДОН «БÆРЗÆФЦÆГ»
Хачирти А.К. Аланика — мудрость народа (Жемчужины и самоцветы народной философии). Книга вторая. 1999 г.
Книга освещает жизненный смысл философских изречений народных мыслителей, мудрости, заключенных в афоризмах, поговорках, пословицах и притчах, имеющих хождение в сознании осетинского народа, злободневных и для нас, современников, и для потомков.